kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Синонимтæ 9 къла

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ:      Лексикон, фразеологон æмæ грамматикон синонимтæ.

Ныхасы сæр:   Бинонты фарн.

Нысæнттæ:           

Ахуырадон-зонадон:       

                                          1.Фæарфдæр кæнын скъоладзауты  зонындзинæдтæ

                                       синонимты тыххæй;цӕмӕй  сӕ тексты ӕнцонӕй зоной          

                                       ссарын.            

                                   2. Синонимон рæнхъыты руаджы фӕхъӕздыгдӕр ӕмӕ  

                                       фæаивдæр кæнын скъоладзауты ныхас.

Рӕзынадон:               скъоладзаутӕм рӕзын кӕны лӕмбынӕгдзинад,

                                        логикон хъуыдыкӕнынад;  сахуыр сӕ кӕнын раст

                                        хатдзӕгтӕ кӕныныл.

Хъомыладон:                 мадæлон æвзаджы бындурыл сывæллæты цымыдис               

                                      кæнын бинонты кад æмæ фарн хъӕхъхъӕнынмӕ.

Урочы хуыз:                 ног зонындзинæдтæ базоныны æмæ бафидар кæныны          

                                       урок.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Синонимтæ 9 къла»

11


Ирон æвзаджы урок 9 къласы.

(Гом урок)

Темæ: Лексикон, фразеологон æмæ грамматикон синонимтæ.

Ныхасы сæр: Бинонты фарн.

Нысæнттæ:

Ахуырадон-зонадон:

1.Фæарфдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ

синонимты тыххæй;цӕмӕй сӕ тексты ӕнцонӕй зоной

ссарын.

2. Синонимон рæнхъыты руаджы фӕхъӕздыгдӕр ӕмӕ

фæаивдæр кæнын скъоладзауты ныхас.


Рӕзынадон: скъоладзаутӕм рӕзын кӕны лӕмбынӕгдзинад,

логикон хъуыдыкӕнынад; сахуыр сӕ кӕнын раст

хатдзӕгтӕ кӕныныл.

Хъомыладон: мадæлон æвзаджы бындурыл сывæллæты цымыдис

кæнын бинонты кад æмæ фарн хъӕхъхъӕнынмӕ.

Урочы хуыз: ног зонындзинæдтæ базоныны æмæ бафидар кæныны

урок.

Урочы музыкалон фон: уӕздан ирон кафты мелоди.



Партӕтыл: бæрæггæнæн сыфтæ(карточкӕтӕ); ныв «Ирон

Ныхасы»

Куысты хуызтæ: коллективон, индивидуалон.

Техникон мадзæлттæ: медиа проектор, презентаци,

Урочы цыд

I. Орг. хай.

Ахуыргæнæг:

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ æмæ нæм æгас цæут, нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ!

- Сбадут. Уæхи урокмæ æрцæттæ кæнут.

Урочы мотиваци:

1 слайд. Арæх ис фехъусæн: «Иу бон дæр æнæ исты базонгæйæ ма арвит».

Рагон ирон æмбисонд та афтæ зæгъы: «Лæг бонæн дзырд куы нæ хъуса, уæд къуырма кæны». Цымæ цæмæн фæзæгъынц афтæ, ӕмӕ цы хъуыды бавӕрдтой ацы ӕмбисонды нӕ фыдӕлтӕ?

1- аг скъоладзау:( Ныв: «Ныхас»)

Бæрæг у, нæ фыдæлтæ стыр аргъ кæй кодтой иудзинад ӕмӕ зонындзинæдтæн. Æмӕ куыннӕ, кӕд ӕмӕ сӕ иу цы бынат кодта, сӕ уынаффӕдон ӕмӕ сӕ тӕрхондон цы ран. уыдис, уый сӕрыстырӕй хуыдтой Нарты Ныхас !

2- аг скъоладзау:

Афтӕ мӕм кӕсы, цыма ацы æмбисондæй нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕдонтӕн ныууагътой.иудзинад æмæ зонындзинæдтæм бæллыны код.

Ах.-г: Уæдæ бавдæлæм, бацархайæм æмæ нæ фыдæлты æрвыстæг, нæ фыдæлты фæдзæхст сæххæст кæнæм æмæ зонындззинæдты фæндагыл ацæуæм, ахæцæм!

О-о, дзæгъæлы нæ загътон иумæ ацы æмхуызон дзыртæ: бавдæлæм-бацархайæм; фыдæлты æрвыстæг - фыдæлты фæдзæхст; ацæуæм-ахæцæм. Ацы дзырдтæн сæ нысаниуæг у хæстæг, хицæн кæнынц æрмæстдæр стилистикон ахуырстæй.

Фарст: Куыд хонæм ахæм дзырдтæ? Раст, синонимтæ, æмæ абон нæ ныхас уыдзæн синонимты тыххæй.



II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ах.-г: Ног æрмæгмæ рахизыны размæ нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм рацыд æрмæг. Ацы хъуыддаг бахæс кодтон æртæ ахуырдзауæн, уыдон бацæттæ кодтой презентаци. Байхъусæм сæм. Табуафси !

Чызджытæ: « Уæ бон хорз!( Сæхи амонынц). Мах нæ презентации схуыдтам «Фаттæ æмæ нысантæ», ома фатты хуызы фæрстытæ уадздзыстæм, дзуаппытæй та хъуамæ мысантæм раст бахауæм.

2 слайд. Презентаци «Фаттæ æмæ нысантæ»


Фаттӕ- фӕрстытӕ


Дзуаппытӕ- мысантӕ


1.

Цы у лексикæ?


Æвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ аразынц лексикæ.



2.

Стилистикæ ахуыр кæны æвзаджы нывæфтыд мадзæлттæ æмæ стильтæ.



Цы ахуыр кæны стилистикæ?




3.


Цы амоны практикон стилистикæ?




Практикон стилистикæ амоны, æвзагæй æхсæнадон царды раст куыд пайда кæнын хъæуы., бæрæг кæны ныхасы стильтæ.



4.

Стиль у æвзаджы ахæмхуыз, кæцы сæвзæры ныхасы уавæртæм гæсгæ.



Цы хонæм стиль?




5.

Цавæр дзырдтæ сты иумæйаг литературон кæнæ нейтралон?


Бæрæг стильмæ чи нæ хауы,.фæлæ кæмæй пайда кæнынц æппæт стильты дæр.



6.

Наукон, публицистикон, официалон-хъуыддагон, аивадон литературон, дзургæ ныхасы.






Цавæр стильтæ ис ирон æвзаджы?



6

:

6




Ах-г.: Бузныг, чызджытæ! Хъазыны хуызы нын нæ зæрдыл æрлæууын кодтат рацыд æрмæг.

3слайд. Зынӕмбарæн дзырдтæ.

Нæ урочы сæмбæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ æмæ сын сæ нысаниуæг равзарæм:

Аудын – мæт кæнын(заботиться)

Бархийæ – фæндонæй

Нывæфтыд–аив,(узорчатый)

Фæлгъауын–равдисын,(пробовать, показывать)

Фæлгъуыз - оттенок

4 слайд. Эпиграф.

Ах-г: Нæ урокæн эпиграфæн райстам ирон зындгонд фыссæг Хуыгаты Сергейы ныхæстæ: «Не΄ взаг! æмæ йыл цы арф хъуыды нæй рафæлгъауæн æмæ йыл цы удæнкъарæн нæй равдисæн!»

Æцæгæйдæр, нæ мадæлон æвзагыл бирæ æнкъарæнтæ ис равдисæн, æрмæстдæр ыл дзур æмæ дзур! Нæ урочы кæрон та нæ эпиграфмæ раздæхдзыстæм æмæ мын зæгъдзыстут, разы стут фыссæджы хъуыдыимæ .

5 слайд. Кæддæр зындгонд уырыссаг фыссæг К.Паустовский фыста:

«Многие русские слова сами по себе излучают поэзию, подобно тому, как драгоценные камни излучают таинственный блеск ».

Ацы ныхæстæ æнæхъæнæй ахæссæн ис ирон ӕвзаджы синонимтæм дæр. Синонимты руаджы нæ ныхас кæны аивдæр, ирддæр, бæлвырддæр, æххæстдæр.

( Аивдæр, ирддæр, бæлвырддæр, æххæстдæр - сты синонимтæ)

6 слайд.

III. Ног æрмæг.

Ах.- г: Ныффыссут абоны нымæц, къласы куыст æмæ урочы темæ:

«Лексикон, фразеологон æмæ грамматикон синонимтæ».

Нæ абоны урочы: 1) фæарфдæр кæндзыстæм нæ зонындзинæдтæ

синонимты тыххæй, цӕмӕй сӕ тексты

ӕнцонӕй ссарын нӕ бон уа, нӕ ныхасы та

дзы раст пайда кӕнӕм;

2) базондзыстæм, синонимон рæнхъыты

руаджы куыд аивдæр æмæ ирддæр кæны нæ

ныхас;

3) мадæлон æвзаджы бындурыл сбæрæг

кæндзыстæм, куыд ахсджиаг хъуыддаг у

бинонты кад æмæ фарн бæрзонд кæнын.

Синонимтæ(бердз. – æмхуызон) сты сæ нысаниуджытæ æмхуызон кæнæ хæстæг кæмæн сты, ахæм дзырдтæ.

Чиныгимæ куыст. Байгом кæнут уæ чингуытæ 122 фарсы æмæ сæххæст кæнæм 1-аг фæлтæрæн: хъуыдыйæдты ссарын æмæ рафыссын синонимтæ, бамбарын сын кæнын сæ нысаниуджытæ.(Сбæрæг кæнын скъоладзауты куыст).

Ах-г: Синонимтæ арæх аразынц синонимон рæнхъытæ.Уыцы рæнхъытæ фæбæлвырдæр кæнынц архайд æмæ архайды фæлгъуызтæ. Синонимон рæнхъытæй дзурæджы ныхас фæирддæр æмæ фæтынгдæр вæййы.

1.Хæс: Фенæм,уый афтæ у, æви нæ «цæстуынгæ æрмæгыл».

Фæйнæгмæ рацæуынц 4 ахуырдзауы, сæ къухты фыст дзырдтæ нывтимæ: згъорын, уайын, тæхын, лидзын.

Зæгъæм, мад йæ лæппуйы кæдæмдæр æрвиты æмæ йæ тагъд кæны. Куыд хъуамæ фезмæла лæппу, кæцы архайдæй хъуамæ райдайа, цæмæй фæтагъддæр уа?(Къласæн æхъæнæй аразы раст вариант -(уайын, згъорын, лидзын, тæхын).

7 слайд. Фæйнæгыл:



Ах.-г: Иртасынц лексикон, фразеологон æмæ грамматикон синонимтæ.





Синонимтæ

лексикон

фразеологон

грамматикон



8слайд. Ах –г: Лексикон синонимтæ вæййынц:



Лексикон синонимтæ









Æххæст(абсолютон) –ӕмхуызон сты сӕ мидис ӕмӕ сӕ стилистикон. ахуырстӕй:(архаизмтæ)


Аэроплан-(тæхæн машинæ);хъæрдамгъæ- хъæлæсон; бончиныг – боныг.

Семантикон-

(идеографион)- хицӕн кӕнынц сӕ иумӕйаг нысаниуӕджы

фæлгъуызтæй:


Дынджыр-егъау;

гыццыл–чысыл;(фӕлӕ-!

æмбæлттæ- лымӕнтӕ.)

Стилистикон- ӕввахс мидис, фӕлӕ фембӕлынц алыхуызон ныхасы. хуызты:

Хæрын-(нейтралон),

фӕлӕ- æмпулын- æвдæрзын, ӕууилын. Дзургӕ ныхасы.




9слайд. . Ах –г: Ис фразеологон синонимтæ дæр:

Фразеологон синонимтæ.


Æнгом дзырдбæстытæ, кæцытæ хицæн кæнынц сæ нысаниуæджы фæлгъуызтæй(оттенки):



Цæстытæ ныццавта- цæстытæ нæ исы – цæстыт ырухс;

Зæрдæйы ныххаудта – зæрдæмæ цæуы – зæрдæйы дидинæг.
















2.Хæс: Къордтæй куыст(карточкæтимæ):

Скъоладзаутæ дих кæнынц 3 къордыл æмæ карточкæты аразынц ацы фразеологизмтӕн синонимон рӕнхъытӕ.

Удæй арт цæгъды- Кæрæдзийы ратон-батон кæнынц –

Мæстæй марын - Фарс хæцын -

Цинæй мæлы – Цæст дарын –

Зæрдæ ныддур – Зæрдæмæ цæуын –

Амонд хæссы - Цух нæ уадзы –



Ах.- г:(Бæрæг кæны къордты куыст чи тагъддæр æрхаста раст дæнцæгтæ).

10 слайд. Ах. –г: Лексикон синонимтæй уæлдай ма ис грамматикон

синонимтæ:

Грамматикон синонимтæ.


Сæ нысаниуджытæ æмхуызон сты, сæ грамматикон формæ та – алыхуызон:


Сæ фæдыл – сæ фæстæ;

Базарын – зарын райдайын.

1 –аг скъоладзау:

Нæ ныхасы сæр у бинонты кад æмæ фарн.

Махæй алчи дæр рацыд бинонтæй, алкæй хæдзары дæр нæ ис йæхи домæнтæ, йæхи æгъдау, йæхи фæтк. Нæ фыдæлтæй нын баззад бинонты кад æмæ фарн цæсты гагуыйау хъахъхъæнын.

2-аг скъоладзау:

Æмæ кæд нырма мах æрыгæттæ стæм æмæ уыйас арф нæма хъуыды кæнæм бинонты кад æмæ фарныл, уæддæр архайæм нæ бинонты кад æмæ фарн бæрзонд кæныныл, æгад митæ кæнын та сæрмæ нæ хæссыныл бацархайдзыстæм..

Ах.- г: «,Æнгом бинонтæ цард арынц, æнгом цуанонтæ саг марынц», афтæ зæгъы ирон æмбисонд. Ныртæккæ бакæндзыстæм иу куысты хуыз -синонимон рæнхъытæ сараздзыстæм æмæ уыдоны руаджы базондзыстæм, цавæр миниуджытæ райсиккат уемæ царды фæндæгтыл, цæмæй уат фæрнджын бинонтæ, цавæртæ та нæ.

11 слайд.

3.Хæс: ссарут ахæм синонимтæ, кæцытæ æвдисынц: иуæрдыгæй – кадджын бинонты миниуджытӕ, иннæрдыгæй - æгад бинонты. . Сбӕрӕг кӕнут синонимты хуызтӕ.

Кады нысæнттæ

Æгады нысæнттæ

1.

Æгъдауджын цот -

Æнæгъдау цот –

2.

Хистæрæн кад кæнын –

Хистæрæн æгъдау нæ дæттын-

3.

Фæллой уарзын -

Магуса уæвынг -

4.

Кæрæдзийыл аудын-

Кæрæдзийы не ΄мбарын -

5.

Фæлмæнæй дзурын -

Дзæгъæл митæ кæнын-

6.

Кæстæртæм кæсын -

Дзæгъæлдзу кæнын -

7.

Кæрæдзийæн æххуыс кæнын-

Кæрæдзийы хъыг дарын -

8.

Хиуыл хæцын -

Дзæгъæлдзырд кæнын -

9.

Коммæ кæсын -

Хивæнд митæ кæнын -

10.

Уазæг уарзын -

Уазæгæн мидæмæ нæ зæгъын -





Лæвæрд дзырдтæй спайда кæнут.

Уæздан, æдзæсгом, куыстуарзон, мæт кæнын, нымайын,, нæ хатыр кæнын, нæ нымайын, цæст дарын, кæрæдзийы къухæй куыст исын, æнæуаг митæ, уæздан, уæлдай ныхас кæнын, дзæгъæл цæуын, къæбæрдæттон, кæрæдзи не΄мбарын, уазæгæн мидæмæ нæ зæгъын, адæмæй иппæрдæй цæрын, кæрæдзимæ къух бадарын,уæлдай ныхас кæнын

4. Хӕс. Къордтӕ кӕрӕдзийы куыстытӕ сбӕрӕг кӕнынц

12 слайд. IV. Физминутка.

V. Æрмӕг бафидар кӕнын

13 слайд. Текст «Æрдзы хъæбысы».



5. Хæс: Тексты хъуыдыйӕдтӕ синонимон рӕнхъытӕй баххӕст кӕнут:

Æрдзы хъæбысы.

1. Æрдзы рæсугъддзинадмæ кæсгæйæ лæппутæ ныхъхъус …...сты, иу сыбыртт дæр сæ никæмæй …. 2. Сæ алфамблай мит хурмæ æрттывдтытæ кодта, хæхты цъуппытæ … калдтой. 3. Арв уыди цъæх –цъæхид. ….., иу мигъы гæбаз дæр ыл никуы уыд. 4. Уазал зымӕгон дымгæ рог кодта адӕймаджы уæнгтæ, æмæ лæппутæ, цингæнгæйæ, сæ риуты дзаг улæфыдысты … уæлдæфæй. 5. Куыд раст бакодтой лæппутæ, сæ уарзон хæхтæм кæй æрбацыдысты! 6. Ахæм хъару, ахæм тых сын æндæр ран чи раттаид!

14 слайд. Хъазт « Академик»

6.Хæс. 3 къордыл фæдих уыдзыстæм æмæ сбæрæг кæндзыстæм, чи нæ зондджындæр у. Лæвæрд дзырдтæм 5 минутмæ ссарут синонимтæ ӕмӕ семӕ цыбыр хъуыдыйӕдтӕ саразут. Чи тагъддæр æмæ фылдæр дæнцæгтæ æрхæсса, уымæн ратдзыстæм худ – символикон «Академикы худ». Нæ уазджытæ та нын феххуыс кæндзысты «Академик »-ы сбæрæг кæнынмӕ.

Ныхъхъус -(ныссабыр, бамыр.)

Хъаруджын – тыхджын...

Рæсугъд – аив..

Хорз - дзæбæх..

Къона - хæдзар.

Згъоры –лидзы…

Фæллойуарзаг – кусаг..

15 слайд. Æмбисæндтæ.

7. Хӕс: Æмбисæндты нысаниуӕг бамбарын кӕнын синонимон рӕнхъыты руаджы.

1. Æвзаг дур дæр халы -(сӕтты)

2. Адæймаджы аххостæ йе’ взагæй вæййынц.-(Йе΄ взаджы тыххӕй).

3. Цыбырзонд адæймагæн даргъ æвзаг вæййы.( дзӕгъӕлдзырд ӕмӕ дам-думтӕгӕнаг вӕййы.

4. Цалынмæ кард хастой, уæдмæ æвзаг хурх алыг кодта(зӕрдӕ скъахта).

16 слайд. Эпиграф. Диссаджы арф хъуыдытӕ ӕмӕ куыд аив ӕвзагӕй загъд ӕрцыдысты! Мемӕ разы стут? Æмӕ уӕдӕ нӕ бон у зӕгъын нӕ эпиграфы фӕстӕ: «Не΄ взаг! æмæ йыл цы арф хъуыды нæй рафæлгъауæн æмæ йыл цы удæнкъарæн нæй равдисæн!»

17 слайд. VI. Хатдзӕгтӕ - Рефлекси:

Абон ныхас кодтам лексикӕйы рӕсугъддӕр хай – синонимты тыххӕй.

1. Цы базыдтат ногӕй урочы?

2. Цавӕртӕ вӕййынц синонимтӕ?Цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
3. Цы уӕм фӕкасти цымыдисаг?
4. Цавӕр куысты хуызтӕ уӕм фӕкастысты ӕнцондӕр ?
5. Цавӕр куысты хуызтӕ уӕм фӕкастысты зындӕр?


18 слайд. VII. Хæдзармӕ куыст.

1. Ныффыссын сочинени –миниатюра « Мӕ бинонты хуыздӕр миниуӕг».

2. Саразын синонимон рæнхъытæ ацы дзырдтӕн.:

1. Æнæхатыр 2. Хуымæтæг 3. Барвæндонæй

Ах.- г: Бузныг уе΄ппӕтӕн дӕр! Абон цы зонындзинӕдтӕ райстат нӕ урочы, уыдон уын царды ӕххуыс кӕнӕнт. Биинонтӕй зынаргъдӕр царды ницы ис, ӕмӕ уе΄ппӕты бинонтӕ дӕр фӕрнӕйдзаг уӕнт!

Фӕнды мӕ, цӕмӕй уӕхӕдӕг скӕнат аргъ уӕ куыстӕн ӕмӕ сӕвӕрат кӕрӕдзийӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ.

19 слайд.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Синонимтæ 9 къла

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 05.11.2016

Номер свидетельства: 355574


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства