kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Рацыд ?рм?г бафидар к?нын. (Ныхасы х?йтт?).

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. (Ныхасы хæйттæ)

Урочы хæстæ.1)скъоладзауты дзырдуатон сконд фæхъæздыгдæр кæнын;

                        2)скъоладзауты ахуыр кæнын миногонтæн æмæ мивдисджытæн 

                         антонимтæ арын;

                         3)скъоладзауты ахуыр кæнын  анограммæтæ аразын;

                          4) æмуидаг дзырдтимæ кусын.

Цæстуынгæ æрмæг.Смарт – фæйнæг, скъоладзаутæм- тетрæдтæ æмæ 

                                  чингуытæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Рацыд ?рм?г бафидар к?нын. (Ныхасы х?йтт?).»

Пълан

Темæ. Рацыд æрмæг бафидар кæнын. (Ныхасы хæйттæ)

Урочы хæстæ.1)скъоладзауты дзырдуатон сконд фæхъæздыгдæр кæнын;

2)скъоладзауты ахуыр кæнын миногонтæн æмæ мивдисджытæн

антонимтæ арын;

3)скъоладзауты ахуыр кæнын анограммæтæ аразын;

4) æмуидаг дзырдтимæ кусын.


Цæстуынгæ æрмæг.Смарт – фæйнæг, скъоладзаутæм- тетрæдтæ æмæ

чингуытæ.


Урочы цыд.

1.Организацион хай.

Скъоладзауты цæттæдзинад сбæрæг кæнын урокмæ, зæрдыл æрлæууын кæнын, куыд хъæуы кусын мультимедион кабинеты,уый.


2.Темæ зæгъын сывæллæттæн.

Сывæллæттæ йæ кæсынц хъæрæй иумæ. (Слайд №1)

-Ракæсут экранмæ. Зæгъут цы уынут? Цавæр дамгъæтæ сты? Цæмæ сты æвæрд дыууæ хуызы фоныл? (Слайд№2)

Дзуаппытæ: ацы дамгъæтæ нысан кæнынц фæлмæн æмæ хъæбæр æмхъæлæсонтæ.

-Ракæсут нæ бирæуæладзыгон хæдзармæ , кæцыйы æрцæрын кодтам æмхъæлæсон дамгъæтæ. Цæмæ сты дамгъæтæ Г æмæ К иу уæладзыгыл?

Дзуаппытæ: ацы дамгъæтæ сты æмкъай æмхъæлæсонтæ. …


3.Миногонтимæ куыст. (Слайд №3)

-Цавæр у гæды экраныл? Зæгъут, дзырдтæ,кæцытæй ис схонæн нæ гæдыйы.

Дзуаппытæ:гæды у (цавæр?) фæныкхуыз, хъулæттæ, фæлмæн, хæмпус, хъæлдзæг, цымыдисгæнаг, хъуырна, худæндзаст, тыхджын, цъæхцæст…


4.Антонимтимæ куыст. (Слайд №4-8)

-Кæй уынут нывы ?Зæгъут цавæр у чызг æмæ цавæр у къулбадæг ус?

(Хæларзæрдæ- фыдзæрдæ, æвзонг –зæронд, рæсугъд – фыдуынд).

- Цавæр сты нывы лæгтæ?

(нард-мæллæг , фыдхуыз)

-Чызджытæ та цавæртæ сты?

(гыццыл стыр)

-Куыд ис схонæн чызджыты ?

(рынчын – æнæниз)

-Фыццаг лæппуйæн куыд ис схонæн? (гуыбыр)

-Дыккаджы та? (раст, хæрзконд)

Хъомыладон куыст.

(Сывæллæттæ 8 слайд фенгæйæ дзурдзысты алыхуызон дзуаппытæ.Сараздзыстæм ацы ран хъомыладон куыст : беседæ, куыд хъæуы бадын партæйы фарсмæ ,куыд цæуын хъæуы , цæмæй нын уа рæсугъд уæнгты сконд, цыд,цæмæй нæ цæсты рухс ма фæкъаддæр уа.


5.Мивдисджытимæ куыст (Слайд №9-11)

-Цы ми кæны чызг?Цы аразы лæппу?

(Схизы асинтыл – æрхизы асинтыл).

Иннæ нывтимæ дæр ахæм куыст.(кæуы – худы, ссуайы – æруайы)


6.Физминуткæ. Æхгæнын проекторы экран.

-цæстытæн аразын гимнастикæ, цæмæй баулæфой.

Стæй къухтæ æмæ къæхтæн.

Къах лæууы, лæууы, лæууы! -Сывæллæттæ лæууынц сæ бынæтты.

Къах цæууы, цæуы, цæуы! -Сывæллæттæ зылды цæуынц.

Къæхтæ згъорынц, згъорынц,згъорынц!-Згъорынц сæ бынæтты.

Къæхтæ кафынц, кафынц,кафынц! -Кафынц сæ бынæтты.

О мæ къæхтæ! -Æрдзуццæг кæнынц,æрбахъæбыс кæнынц сæ къæхтæ.

Гыццыл къæхтæ,

О!-

Цæст кæсы,кæсы ,кæсы -Къух ныхыл авæрынц æмæ фæлгæсынц дыууæрдæм.

Хъустæ хъусынц хъусынц,хъусынц!- Æрмттæ хъустыл авæрынц.

Ме ‘взаг! Банцай! -Æнгуылдз дзыхыл авæрынц.




7.Æмуидаг дзырдтимæ куыст.(Слайд №12)

Æркæсут нывтæм .Цавæр дзырдтæ дзы ис? Бакæсут сæ .(Слайд№13)

Дзырдтæн иухуызон кæцы хай у?

Беседæ скæнын хъæды тыххæй . Куыд хъæуы хъахъхъæнын хъæд, цы пайда у, хи куыд хъæуы дарын хъæды, …


8.Дзырдтæ кæсы хорз чи кæсы , ахæм скъоладзау.Уый фæстæ хизынц фæйнæгмæ æмæ аразынц схемæтæ маркерæй.

ХЪÆД

ХЪÆДЫН

ХЪÆДДАГ

ХЪÆДХОЙ

ХЪÆДДЗАУ

ХЪÆДМÆ

9.Тетрæдты куыст (Слайд №14-15)

Ссарут миногонтæн антонимтæ .

САУ-

ФÆЛМÆН-

НОГ-

ÆРРА-

РÆСУГЪД-

ТУАГ-

ХЪÆЛДЗÆГ-

ТÆНÆГ-

10.Фæивут иу дамгъæ дзырды æмæ саразут ног дзырд.(Слайд №16-17)

Хох-хор,хос

Уасæг-уазæг


11.Бакæсут анограммæтæ (Слайд№18-19)

Фыс –сыф.

Сæр -рæс


12.Слайд №20. Стыр бузныг. Хатдзæг скæнын.

-Цы фæцыдис уæ зæрдæмæ урочы?

-Цы уæм фæкаст зын хæслæвæрдтæй?

3




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 4 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Рацыд ?рм?г бафидар к?нын. (Ныхасы х?йтт?).

Автор: Томаева Лейла Владимировна

Дата: 11.01.2016

Номер свидетельства: 275029


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства