kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

: «Райгуырœн бœстœ мадау адджын у. Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ. Сœрмагонд номдарты растфыссынад».

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темœ:

«Райгуырœн бœстœ мадау адджын у. Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ».

Урочы эпиграф:

«Ды дœ мœ цин, мœ цардамонд,

Фыдыбœстœ, дœуœй

 Мœнœн зынаргъдœр, адджындœр,

 Нœ уыдис œмœ нœй».

  (Кочысаты Мухарбег)

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«: «Райгуырœн бœстœ мадау адджын у. Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ. Сœрмагонд номдарты растфыссынад».»




Хъайттаты Ларисæ,

Алагиры 5-æм скъолайы ахуыргæнæг



Ирон æвзаджы урок 5-œм къласы



Урочы темœ: «Райгуырœн бœстœ мадау адджын у. Иумœйаг

œмœ сœрмагонд номдартœ. Сœрмагонд номдарты

растфыссынад».

Урочы темœ:

«Райгуырœн бœстœ мадау адджын у. Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ».

Урочы эпиграф:

«Ды дœ мœ цин, мœ цардамонд,

Фыдыбœстœ, дœуœй

Мœнœн зынаргъдœр, адджындœр,

Нœ уыдис œмœ нœй».

(Кочысаты Мухарбег)

Урочы нысантæ:

1.Бацамонын иумœйаг œмœ сœрмагонд номдарты œмбарынад œмœ растфыссынад;

2. бакусын дзургœœмœ фысгœ ныхасы рœзтыл;

3.райгурœн бœстœмœ уарзондзинад гуырын кœнын.

Урочы хуыз:ног œрмœг амоныны урок.

Урочы фœлгонц:

слайдтœ, сыфтæ къордты куыстæн,

хуызджын нывтæ, музыкалон фœрœз.



Урочы цыд:

I. Бацœттœгœнœн рœстœг.

1.Скъоладзауты сразœнгард кœнын урочы архайынмœ.

Ахуыргœнœджы ныхас: Уœ бон хорз, сывœллœттœ!Балœвар ма кœнут уœ кœрœдзийœн мидбылхудт, ма ферох кœнут нœ уазджыты дœр!!!

Царды бирœ хœзнатœ ис. Фœлœ уыдоны астœу ис дыууœ сœйраг хœзнайы, кœцытœ сты зœрдœйœн œппœтœй адджындœр œмœ зынаргъдœр. Уыдон сты Мад œмœ Фыдыбœстœ. «Райгуырœн бœстœ мадау адджын у» - загъы ирон œмбисонд.Сымах та цавœр œмбисœндтœ зонут? (дзурынц œмбисœндтœ)Ахуыргœнœг:Арбакœсут ма нывмœ (1 слайд.).

…Ныртœккœ къуыппœй фœуœле уыдзынœн, сзындзœн мœм хъœу. Мœ царды хуыздœр бонтœ кœм арвыстон,уый. Зœрдœ риуы œнахуыр гуыпп-гуыпп скодта… Цœрœг, дам, дзы нал ис… Ау?! Афтœмœй стыр хъœу уыд кœддœр. Чи зоны, искœй кœрты ма дзы – йœ къодах œнœ саст, йе йœ сигœц сисы рœбын… Ǣмœ ахœм стыр хъœу ныр œдзœрœг… Фœхœццœ йœм кœнын. Алырдœм кœсын: мœнœ Дœлгъœуы хуымтœ. Джыккайты цœндœй фœуœле дœн… Сзынд Фœсхъœу, Хъœуы мœсыг, Фœсдагом. Къостайы ныхœстœ хъусты ныййазœлыдысты:

«… Мœ цœстысыг донау мызти,

Мœ зœрдœ фыр цинœй рызти,

Куы скастœн нœ цъитиджын хœхтœм».

Сзынд хъœу иууыл. Сзынд… œцœгœйдœр œдзœрœг хъœу. Фœлœ кœд цыфœнды œдзœрœг уыд, уœддœр риумœ œнахуыр œхсызгон тын баирвœзт, зœрдœ ныррухс… Бадын, кœсын мœ райгуырœн хъœумœ.

(Хъайттаты Сергейы радзырд «Адзœрœг хъœу»- œй ист скуыддзаг).

-Цы œвдисы ацы рœнхъыты автор? (уарзондзинад райгуырœн хъœумœ)

Ахуыргœнœг:Сывœллœттœ, мœнœн дœр мœ райгуырœн хъœу у «Цъамад». «Цъамад» у Уœлладжыры комы рœсугъддœр хъœутœй иу… Ǣмœ кœд ныр Алагиры цœрын, уœддœр мœ райгуырœн хъœу у зœрдœйœн адджындœр. Адœймаг рухс дунемœ кœм фœзынд, йœ фыццаг къахдзœфтœ кœм акодта, уыцы зœххœй адджындœр œмœ зынаргъдœр нœй.

-Сымахœн та уœ райгуырœн хъœу цавœр у? (Алагир,Црау…)

-Цавœр горœттœ œмœ хъœутœ ма зонут Ирыстоны?(Беслœн,Джызœл..)

-Цавœр кœлгœ дœттœ зонут Ирыстоны?(Терк,Цраудон...)

-Цы дзырдтœ ранымадтат, уыдон цавœр ныхасы хœйттœ сты? (Номдартœ)

-Ацы дзырдтœ хуымœтœг номдартœ не сты.Абонœй фœстœмœ сœ хондыстœм сœрмагонд номдартœ(дзуаппытæ фыссынц тетрæдты).

- Ныр та œрхœссут уœхи дœнцœгтœ

-Цы сœрмагонд номдартœ ранымадтат, \уыдон иумœ иу дзырдœй куыд зœгъœн ис?(скъоладзаутœ,œмбœлттœ,чызджытœ,лœппутœ..)

-Ацы дзырдтœ та сты – иумœйаг номдартœ. Иумœйаг номдартœ сты бирœ иумыггаг предметты нœмттœ: къаба, хох, дур….

-Нæ абоны урочы темæ цавæр у?(Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ)

II .Ног æрмæгыл куыст:

1.«Райгуырœн бœстœ мадау адджын».

2. Грамматикон темæ: «Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ. Сœрмагонд номдарты растфыссынад».

(Чиныгимœ куыст цœуы)

Скъоладзауты хатдзœг:Номдартœ вœййынц иумœйаг œмœ сœрмагонд. Иумœйаг номдартœ сты бирœ иумыггаг предметты нœмттœ. Сœрмагонд номдартœ та сты, хицœн предметтыл се мхуызон предметтœй сœ хицœн кœныны тыххœй цы нœмттœ ис,уыдон. Сœрмагонд номдартœ фыссын хъœуы стыр дамгъœйœ(слайд).

Ахуыргœнœг:(слайд)Нœ урочы раздœр цы текст кастœн, уым ссарæм сœрмагонд номдартœ(Фœсхъœу,Фœсдагом,Дœлгъœу,Къостайы..),иумœйаг номдартœ(хъœу,кœрт,зœрдœ…)

-Куыд фыст сты сœрмагонд номдартœ?(стыр дамгъœйœ)



3.Къордты куыст:

1-аг къорд:

а) Саразын хъудыйад (темœ: Ирыстон), б) Цавœр ирон газеттœ œмœ журналтœ зонут?

2-аг къорд:

а) Саразын хъудыйад (темœ: Уœлладжыры ком), б) Къостайы œмдзœвгœтœй ныффыссут цалдœр (3-4)

3-аг къорд:

а) Саразын хъуыдыйад (темœ: Уœлахизы бон), б) Цавœр хъуыстгонд адœмты нœмттœ хœссынц уœ горœты уынгтœ?

Ахуыргœнœг: Куысты мидœг цавœр номдартœй спайда кодтат?(Иумœйаг œмœ сœрмагонд номдартœ

4.Синквейн:

Номдар

  • Иумœйаг œмœ сœрмагонд

  • Ǣвдисы предмет, кœны тасындзœг, ис ын нымœц

  • Хъуыдыйады мидœг вœййы арœхдœр сœйрат

  • Ныхасы хай

IIIрмаг бафидар кœныныл куыст.

  1. (проектон куыст «Ирон чызджытœ»-йœ скъуыддзаг)

Кœй зœрдыл нœ лœууы Алагиры цœрджытœй зонддзаст, хœрзœгъдау, сабыр ирон чызг Баситы Чабахан? Уый каст фœцис литературон факультет Цœгат Ирыстоны педагогон институты œмœ куыста ахуыргœнœгœй Алагиры.

Хœслœвœрдтœ текстмœ:

а) Чи уыд Баситы Чабœхан?

б) Рафыссын вазыгджын сœрмагонд нœмттœ.

в) Зœгъут, цавœр дамгъœтœй фыст цœуынц ахœм нœмтты хœйттœ?

Скъоладзауты хатдзœг:(слайд) Вазыгджын сœрмагонд нœмттœй иутœн се ппœт хœйттœ дœр фыссын хъœуы стыр дамгъœйœ,иннœтœн та сœ кœцыдœр хай кœнœ хœйттœ фыст вœййынц чысыл дамгъœйœ(чиныгимœ куыст).

2.Тест

1. Цы республикœйы цœрыс, уый ном куыд у:

а) Ирыстон;

б) Гуырдзыстон.

2. Кœцы коммœ хауы уœ цœрœн бынат:

а) Куырттаты;

б) Уœлладжыры ком;

в) Хъуды ком.

3. Цавœр цыртдзœвœнтœ зонут уœ горœты:

а) Ǣфсымœрон ингœн;

б) Баситы Чабœханы цыртдзœвœн;

в) Сталины цыртдзœвœн.

4. Цавœр уынг у сœйраг уœ горœты:

а) Ленины уынг;

б) Къостайы уынг;

в) Сталины уынг.

5. Цавœр хъœутœ ис Дзœуджыхъœу œмœ Алагиры астœу:

а) Суадаг, Джызœл;

б) Бирœгъзœнг, Дзуарыхъœу;

в) Хœтœлдон, Майрœмадаг;

6. Дзуœппытœ цавœр номдартœй арœзт сты:

а) Иумœйаг;

в) Сœрмагонд.










































3.Кластер.



4. Эпирœфмœ раздœхын.

Цавœр œнкъарœнтœ нын œвдисынц Кочысаты М. рœнхъытœ?

(скъоладзауты ныхœстœм байхъусын)

IV .Урочы кœронбæттæн.

Рефлекси:(слайд)

- Нæ урочы нысан цавæр уыдис?

- Сæххæст æй кодтам?

-Абон урочы базыдтон...

-Урочы мæ зæрдæмæ фæцыдысты ахæм куысты хуызтæ….

- Мæ зонындзинæдтæ мæ бахъæудзысты….



V.Хœдзармœ куыст (слайд)

Чысыл нывœцœн «Ма уарзон хъœу». Сœрмагонд номдартœй спайда кœнын.

Урочы кœрон.

Ахуыргœнœг: Сывœллœттœ, мœнœн ма мœ зœрдœ мœ райгуырœн хъœумœ œхсайы œмœ йын баххуыс кœнœм (ватмœныл хъœуы ныв). Цœмœй йœм у нœ бон фœкœсын? (скъоладзаутыхъуыдытœм байхъусын)

-Хъœу œдзœрœг у, œмœ дзы хœдзœрттœ самайœм.Уœ хœдзœртты нывтыл ныффыссут арфœйы дзырдтœ- номдартœ.(Скъоладзаутœ ныхасынц нывыл хœдзœрттœ)



Цард фарн бœркад œгъдау

амонд иудзинад уарзондзинад...







Ахуыргœнœг:Бузныг!Тынг рœсугъд! Бахъœлдзœг мын кодтат мœ райгуырœн хъœу!Ǣдзœрœг нал у! Адœймаг хъуамœ уарза œмœ хъахъхъœна йœ райгуырœн къона. Уый алы адœймагœн дœр у йœ хœс. Бузныг!






Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс

Автор: Кайтова Лариса Максимовна

Дата: 17.11.2021

Номер свидетельства: 591728


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства