kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Райгуырæн бæстæ – мад, фыдау, искæй бæстæ – фыды фыртау. (Мамысараты Темырболаты «Сагъæстæ» - м гæсгæ)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы  нысантæ: 1. Фыссæджы сæрмагонд æууæлтæ равзарын. Мамсыраты Темырболаты сæйрагдæр фæзилæнтыл æрдзурын.

                                  2.Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын, уд хъæздыг цы миниуджытæй вæййы, уыдонмæ арфдæр цæстынгас.

                                  3. Скъоладзауты фæлтæрын хъуыды кæныныл, алы архайдæн дæр раст аргъ кæныныл. Ахуырдзауты дзургæ ныхасы хъæрзхъæддзинадыл кусын.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Райгуырæн бæстæ – мад, фыдау, искæй бæстæ – фыды фыртау. (Мамысараты Темырболаты «Сагъæстæ» - м гæсгæ)»

Хозиты Эльвирæ

Кучиты Юрийы номыл

27-æм астæуккаг скъолайы,

ирон æвзаг æмæ

литературæйы ахуыргæнæг


Ирон литературæйы урок

9- ӕм кълас

Урочы темæ: Райгуырæн бæстæ – мад, фыдау, искæй бæстæ – фыды фыртау. (Мамысараты Темырболаты «Сагъæстæ» - м гæсгæ)

Урочы нысантæ: 1. Фыссæджы сæрмагонд æууæлтæ равзарын. Мамсыраты Темырболаты сæйрагдæр фæзилæнтыл æрдзурын.

2.Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын, уд хъæздыг цы миниуджытæй вæййы, уыдонмæ арфдæр цæстынгас.

3. Скъоладзауты фæлтæрын хъуыды кæныныл, алы архайдæн дæр раст аргъ кæныныл. Ахуырдзауты дзургæ ныхасы хъæрзхъæддзинадыл кусын.

Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ.

Цæстуынгæ æрмæг æмæ техникон фæрæзтæ:

1. Мамсыраты Темырболаты къам.

2. Æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ.

3. Равдисын компьютерæй Ирыстоны æрдзы нывтæ.

4. Зарджытæ « Нæ Ирыстон», «Иры бæрæгбон».

Урочы метод:

Урок – лекци.

Урок – беседæ.

Урочы эпиграф: « О ме схъомылгæнæг Ирыстон,

Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ.

Ды дæ мæнæн мæ фыд, ды дæ мæнæн мæ мад.

Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн,

Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?»

Плиты Харитон


Урочы цыд.

I. Ахуыргæнæджы ныхас:

- Уæ бон хорз! Абон нæм урочы ис уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм.

Ды искуы федтай дидинæфтыд фæзтæ,

Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?

Уый у мæ Ир, мæ райгуырæн хæхбæстæ,

Зæххы фидауц, Дунейы фарны къуым.

(Баситы Мысост)

«Фыдыбæстæ – ныййарæг мад». Адæймаг куы сывзæрд, уæдæй фæстæмæ нæ загъта уымæй, рæсугъддæр ныхас. Адæймаг йæ Райгуырæн бæстæ йæ мад куы схуыдта, уæдæй уæздандæр æмæ куырыхондæн никуы уыд.

Мотивацион уавæр : Нæ урок мæ райдайын фæнды чысыл беседæйæ. Зæгъут ма, цæмæй хъуыстгонд у Ирыстон?

1 скъоладзау; Ирыстон хъуыстгонд у йæ бæрзонд хæхтæй, йæ урсдзыкку æхсæрдзæнтæй, йæ дидинæфтыд быдыртæй, йæ сыгдæг суадæттæй. Уæлдай кад та скодтой Ирыстонæн йæ фæзминаг хъæбултæ.

Фарст: Кæй зонут Ирыстоны зындгонд адæмæй?

1 сколадзау; Æз зонын Хетæгкаты Къостайы. Уый у ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бындурывæрæг, фыссæг, нывгæнæг, адæмы бартыл тохгæнæг.

2 скъоладзау; Абайты Васо у Ирыстоны номдзыд хъæбултæй иу. Уый уыдис стыр ирон ахуыргонд.

скъоладзау; Плиты Иссæ у ирон адæмы хуыздæр фырттæй иу, Советон Цæдисы дыууæ хаты Хъæбатыр, Монголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр.

скъоладзау; Туаты Ольга – фыццаг ирон сылгоймаг - профессор.

скъоладзау; Фадзаты Арсен, Андиаты Сослан, Дудараты Вероникæ, Гергиты Валерий, Адырхаты Светланæ – æппæтæй дæр ном скодта нæ Ирыстонæн.

Ахуыргæнæг: Хорз у, кæй зонут нæ Ирыстоны номдзыд адæмы. Сывæллæттæ, хæдзармæ уын бахæс кодтон ныффыссын чысыл нывæцæн « Цæмæн уарзын æз мæ фыдыбæстæ?». Бакæсут ма сæ.

(3-4 нывæцæны бакастыты, равзæрстам сæ)

II. Ног æрмæгмæ рахизын.

Ахуыргæнæг: Ног æрмæгмæ рахизыны агъоммæ мæ фæнды, цæмæй нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, райдайæн кълæсты Ирыстоны тыххæй цы уацмыстæ ахуыр кодтам, уыдон.

Скъоладзау: Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ», Цæрукъаты Алыксандры æмдзæвгæ «Æцæгæлон бæсты».

(Равдисын слайдтæ Ирыстоны æрдзыл компютерæй)

Ахуыргæнæг:

Уæдæ, сывæллæтæ, куыд бамбæрстат, афтæмæй абон мах нæ урочы ныхас кæндзыстæм Мамсыраты Темырболаты фыст æмдзæвгæимæ « Сагъæстæ».

Фыссæджы уасмысты æвдыст цæуынц ирон адæмы цардуæвынады ахсджиаг фарстата.

Сывæллæттæ, нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Мамсыраты Темырболаты биографии цыбыртæй.

Скъоладзауты презентации Мамсыраты Темырболаты цардвæндаджы тыххæй.

Мамсыраты Осмæны фырт Темырболат райгуырд 1843 азы Мамсыраты хъæуы (Джызæлдоны). Фæстæдæр Мамсыраты бинонтæ ралыгъдысты Бруты хъæумæ. 12 –аздзыдæй Темырболат бацыд ахуырмæ Бетырбухы кадетон корпусмæ æмæ 1860 азы йæ фæци ахуыр корнеты цинæй.

1865 азы Мамсыраты Темырболат æвзонг лæппуйæ (22 аздзыдæй) алыгъдис йæ мады ῾фсымæр Къуындыхаты Муссæйы (инæлар) фæндæй Туркмæ.

Ахуыргæнæг: Цæмæн афтыд Мамсыраты Темырболат Туркмæ?

Скъоладзау 1: Ир Уæрæсейы паддзахадимæ баиу сты барвæндæй. Фæстæдæр, Уырысы хæдхæцæг йæ колониалон режим æвæрын куы райдыдта, уæд бирæ адæмтæ растадысты йæ ныхмæ, уæлдайдæр та пысылмон диныл лæуд адæм. Уыцы хæст ныддаргъ ис - дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр фæцыд. Фондз æмæ ссæдз азы хæсты сæргъ лæууыд (1834 – 1859) Шамиль - имам, дин æмæ æфсады хистæр.

Скъоладзау 2: Састы бынаты чи баззад, уыдонæй иутæ сæ мастисыны фæдыл, протесты хуызы, лыгъдысты се ῾мдин туркмæ, чи та йæ кард цыргъ кодта, æфсоны сæрыл лæууыдысты, растынмæ сæ бирæ нæ хъуыд. Туркæн пайда уыд ацы хабар – уыцы кавказаг адæм кæддæридтæр цæттæ уыдаиккой уæрæсейы ныхмæ хæцынмæ. Уырысы паддзахадæн дæр уыд пайда, уымæн æмæ хæрам адæмæй сцух уыдаид æнæнцой, тохыл лæуд Кавказы адæмтæ ныссабыр уыдаиккой.

Скъоладзау 1: Афтæмæй, дыууæрдыгæй дæр кодтой ардауæн куыст, цæмæй Кавказы пысылмон дзыллæты Туркмæ алидзын кодтаиккой.

Ацы сайæн ми аразджытæй иу уыд Куындыхаты инæлар Муссæ. Темырболаты мады ῾ фсымæр. Уый бирæ адæмы алидзын кодта йемæ 1865 азы. Лыгъд адæмимæ уыд Темырболат дæр.

Ахуыргæнæг: Куыд цард Темырболат Турчы, цы куыста, цæмæй дардта йæхи, йæ бинты? Ацы фæрстытæ цымыдисаг сты, æмæ табуафси бакæсæм

(презентацимæ)

Ахуыргæнæг: Темырболатæн йæ фыццаг æмдзæвгæ «Сагъæстæ» Турчы ирæн сси зарæг. Æмдзæвгæйы мах сæмбæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ. Равзарæм ма сын сæ нысаниуджытæ.

(Фæйнæгыл дзырдтæ…… Дзырдты равзæрсты фæстæ ахуыргæнæг аив дзуры æмдзæвгæ).

Хæррæгъ – останки

Æдыхæй – æнæ хъару (слабый)

Ысхъынцымхъом – печалится, горевать

Залым – деспот, тиран

Цæуæт – цот

Æнхъæлцау – надежда, опора

Дуа – куывд (араб дзырд)

III. Ног æрмæг ныффидар кæнын.

( 2 – 3 ахуырдзауы кæсынц æмдзæвгæ)

Раттын фæрстытæ

Фарст: Куыд бамбæстат æмдзæвгæйы мидис?

Дзуапп: Поэтæн йе сфæлдыстады райдиан йæ хъуыдытæ, иууылдæр лыгъды трагедийыл баст уыдысты.

Ахуыргæнæг:

Раст загъыс, ацы æмдзæвгæйы уынæм лыгъд адæмы трагедии. Фæлæ ма адæмæн сæ трагедии уый мидæг уыд, æмæ сын нал уыд фæстæмæ раздæхыны фадат.

Фарст: Цавæр бынат ахсы æмдзæвгæйы райгуырæн бæстæйы фæлгонц?

Дзуапп: Ацы æмдзæвгæйы ахсджиаг бынат ахсы райгуырæн бæстæ, уымæн æмæ лыгъд адæмæн фæстæмæ раздæхæн сæ срайгуырæн бæстæмæ нал уыд фадат.

Фарст: Цæмæй уацмыс аивдæр уа, зæрдæмæ хуыздæр бахъара, уый тыххæй цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?

Дзуапп: Барæнтæ, эпитеттæ, олицитворение æмæ рефренæй

Фарст: Цæуыл ахуыр кæны ацы æмдзæвгæ мах?

Дзуапп: Фыдыбæстæ уарзын, адæмы ныммаййын.

Фарст: Куыд хонынц йæ бæстæ чи уарзы, уыцы адæймаджы?

Дзуапп: Патриот.

Фарст: Цавæр синонимтæй æмæ антонимтæй спайда кæндзыстут дзырды «Фыдыбæстæ»?

Дзуапп:

Синонимтæ

Антонимтæ

Райгуырæн бæстæ

Æцæгæлон бæстæ

Фарст: Цæмæ хонæм «Фыдыбæстæ»?

Дзуапп: Нæ фыдæлтæ нын цы зæхх ныууагтой, уый.

Фарст: «Райгуырæн бæстæ», цæмæ йæ хонæм афтæ?

Дзуапп: Адæймаг кæм райгуыры, кæм схъомыл вæййы, уый хонæм райгуырæн бæстæ.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, æз уын бахæс кодтон ацы урокмæ æрæмбырд кæнын æмбисæндтæ Фыдыбæстæйы тыххæй. Бакæсут ма сæ.

Æмбисæндтæ кæсынц

Дард бæлцон йæ райгуырæн бæстæм куы рыфты, уæд ног райгуырæгау вæййы.

Æнахуыр бæсты æлдарæй дæр зын у.

Хæдзар нæ, фæлæ мусонг аивын дæр зын у.

Райгуырæн бæстæ æвзæр нæ вæййы, æвзæр, кад ын чи нæ фæкæны, уыцы хъæбултæ вæййынц.

Фæнды дæ Фыдыбæстæ ауæй кæн, фæнды дæ мады.

Фыдыбæстæ чи нæ уарзы, ууыл макуы баууæнд.

Ахуыргæнæг: Бирæ æмбисæндтæ ис Фыдыбæстæйыл, æмæ уыдон æппæтдæр дзурæг сты, куыд уарзон æмæ адджын у. Сымах бон цæмæй у равдисын уæ уарзондзинад?

Дзуапп: Нæ хорз ахуырæй, нæ рæсугъд æгъдауæй.

Ахуыргæнæг: Разы дæн уемæ. Æгъдау, зонд кæмæ уа, уый скæндзæн йæхицæн дæр æмæ йæ бæстæйæн дæр кад. Хъуамæ алчидæр ууыл архайа.

Хатдзæгтæ:

- Нæ урочы тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыд?

- Цæуыл нæ ахуыр кæны Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæ?

- Цы райстат абоны урокæй уæхицæн?

- Цæуыл нæ ахуыр кæныныц ахæм уацмыстæ?

Ахуыргæнæг: Кæронмæ нæ урок æрхæццæ æмæ мæ фæнды Плиты Харитоны . ныхæстæй зæгъын:

« О ме схъомылгæнæг Ирыстон,

Æз дæн дæуæн дæ туг, дæ хъæстæ.

Ды дæ мæнæн мæ фыд, ды дæ мæнæн мæ мад.

Æнæ дæу састбазыр цæргæс дæн,

Æнæ дæу циу мæ цард, мæ кад?»















Зам. директора по УВР МБОУ СОШ № 27

им . Ю.С. Кучиева Кадзаева Л.А.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс

Автор: Хозиева Эльвира Черменовна

Дата: 12.05.2019

Номер свидетельства: 509886


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Курсы ПК и ППК для учителей!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства