kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Открытый урок по теме "Ад?мон кафты ад?мы з?рд? ис"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан: – Ирыстоны истори, культурæ, нæ рагфыдæлты цардыуаг хуыздæр базонынмæ тырнындзинад æмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын.

                              – Гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты уарзондзинад адæмон сфæлдыстад, национ аивад æмæ культурæмæ.

 

Æрмæг:  Мультимединон презентаци. Кафаг къордты хуызистытæ. Зындгонд нывгæнæг Тугъанты М. ныв «Нарты куывд».

 

Урочы эпиграф:  Нæ ирон гуыппкафт фесæфæн дын ма уа!

                                Дæумæ кæсынæй не ’фсæды мæ цæст.

                                Дæ зæлгæ фæндыр хурæй уæд æфсæст,

                                Йæ фарн æдзухдæр дунейыл куыд тауа.

Урочы дзырдуат:

Зилахар – Нарты хъазæн, тыхæвзарæн фæзбыдыр. Нартæ фат æмæ æрдынæй, кардæй æмæ цирхъæй, бæхтыл дугътæ уадзынæй, кафын æмæ зарынæй сæ кæрæдзийы кæм æвзæрстой, цуаны кæдæм цыдысты, ахæм бынат. Хъазæн фæз – афтæ дæр ма йæ хуыдтой.

Цоппай – раджы-иу арв искæй куы æрцавта, уæд æрвдзæф адæймагыл кæугæ нæ кодтой. Фæлæ-иу кæрæдзийы фæстæ æрлæугæйæ заргæ  æмæ кафгæ зылдысты йæ алыварс. Уацилламæ-иу куывтой. Уыцы æгъдау хуындис цоппай.

Уацилла – Елиа (дыг.) – хоры æмæ æрвнæрды бардуаг. Уациллайы кувæндæттæ сты Цæгат æма Хуссар Ирыстоны дæр. Сæ сæйрагдæр у Тыбау Уацилла. Дæргъæвсгомы, Тыбауы хохы сæр. Уациллайы бæрæгбон вæййы сæрды хурхæтæны мæйы. Дзуары лæгтæ Уациллайæ фæкурынц бæркад, хорæрцыд æмæ хорз фадат йæ бафснайынæн.

Уацамонгæ – Ацамонгæ, Амонгæ. Нартамонгæ – диссаджы къус нарты эпосы. Уацамонгæйы дарынц Алæгаты хæдзары. Уацамонгæмæ ис нарты хъæбатырты лæджыхъæд рабæрæг кæныны тых. Стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисæг нарты хъæбатыртæй-иу йæ лæгдзинады тыххæй куывды бон раст чи радзырдтаид, уымæн-иу йæ былтæм æмбисонды Уацамонгæ йæхæдæг йæхи систа.

Алæмæт – дзуринаг диссаг. Æрцæуы æргъæутты, таурæгъты, кадджыты

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Открытый урок по теме "Ад?мон кафты ад?мы з?рд? ис"»













Урочы темæ: Адæмон кафты адæмы зæрдæ ис


Урочы нысан: – Ирыстоны истори, культурæ, нæ рагфыдæлты цардыуаг хуыздæр базонынмæ тырнындзинад æмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын.

– Гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты уарзондзинад адæмон сфæлдыстад, национ аивад æмæ культурæмæ.


Æрмæг: Мультимединон презентаци. Кафаг къордты хуызистытæ. Зындгонд нывгæнæг Тугъанты М. ныв «Нарты куывд».


Урочы эпиграф: Нæ ирон гуыппкафт фесæфæн дын ма уа!

Дæумæ кæсынæй не ’фсæды мæ цæст.

Дæ зæлгæ фæндыр хурæй уæд æфсæст,

Йæ фарн æдзухдæр дунейыл куыд тауа.


Урочы дзырдуат:


Зилахар – Нарты хъазæн, тыхæвзарæн фæзбыдыр. Нартæ фат æмæ æрдынæй, кардæй æмæ цирхъæй, бæхтыл дугътæ уадзынæй, кафын æмæ зарынæй сæ кæрæдзийы кæм æвзæрстой, цуаны кæдæм цыдысты, ахæм бынат. Хъазæн фæз – афтæ дæр ма йæ хуыдтой.


Цоппай – раджы-иу арв искæй куы æрцавта, уæд æрвдзæф адæймагыл кæугæ нæ кодтой. Фæлæ-иу кæрæдзийы фæстæ æрлæугæйæ заргæ æмæ кафгæ зылдысты йæ алыварс. Уацилламæ-иу куывтой. Уыцы æгъдау хуындис цоппай.


Уацилла – Елиа (дыг.) – хоры æмæ æрвнæрды бардуаг. Уациллайы кувæндæттæ сты Цæгат æма Хуссар Ирыстоны дæр. Сæ сæйрагдæр у Тыбау Уацилла. Дæргъæвсгомы, Тыбауы хохы сæр. Уациллайы бæрæгбон вæййы сæрды хурхæтæны мæйы. Дзуары лæгтæ Уациллайæ фæкурынц бæркад, хорæрцыд æмæ хорз фадат йæ бафснайынæн.


Уацамонгæ – Ацамонгæ, Амонгæ. Нартамонгæ – диссаджы къус нарты эпосы. Уацамонгæйы дарынц Алæгаты хæдзары. Уацамонгæмæ ис нарты хъæбатырты лæджыхъæд рабæрæг кæныны тых. Стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисæг нарты хъæбатыртæй-иу йæ лæгдзинады тыххæй куывды бон раст чи радзырдтаид, уымæн-иу йæ былтæм æмбисонды Уацамонгæ йæхæдæг йæхи систа.


Алæмæт – дзуринаг диссаг. Æрцæуы æргъæутты, таурæгъты, кадджыты

Урочы цыд:

Интерактивон фæйнæгыл урочы темæ.

1-аг слайд

Ахуыргæнæджы разныхас: Кафт у рагон аивад. Афтæ рагон æмæ кæд фæзынд, уыцы рæстæг бæлвырдæй сбæрæг кæнæн дæр нæй. Æвæццæгæн, музыкæ æмæ кафт дунейыл иумæ фæзындысты. Мингай азты размæ дæр-иу рагон адæм лæгæтты къултыл арæзтой кафаг адæймæгты сурæттæ.

(Дарддæр куыст цæуы ахуыргæнæджы презентаци «Адæмон кафты адæмы зæрдæ ис»-ы бындурыл.)

3-аг слайд Нывтæ (бердзенты историйæ, хохы фæхстыл)

Уæды заманты адæмы уырныдта, музыкæ æмæ кафтмæ знагæй бахизыны æмæ рынчыны низæй сдзæбæх кæныны тых кæй ис, уый. Уымæ гæсгæ, дины бæрæгбæтты рæстæг кафыдысты сæрмагонд кæфтытæ.

Кафтыты æвдыст æрцыд куысты цин, тохы тызмæгад æмæ хъæбатырдзинад, сгуыхты рæсугъддзинад, нæрæмон цин æмæ хъæлдзæг бахудт, уæздандзинад, æхсидгæ зæрдæйы уаг æмæ алыхуызон æвзаг, арф фæлгонцтæ æмæ сюжеттæ, эмоционалон ахорæнтæ кæнынц аив æмæ зæрдæисгæ ирон адæмон кæфтыты.

Кафты бындур у аив, пластикон змæлд, алы кафты дæр ис йæхирдыгон здæхтытæ, хицæндзинад. Кафты руаджы ис бирæ цыдæртæ равдисæн. Æппæт адæмтæм дæр кафт арæх вæййы цардæй ист цау æвдисæг ныв.

Не ’ппæт дæр æй зонæм кафынæн музыкæ кæй хъæуы, уый. Цæй зæлтæм кафыдысты адæм раджы заман?

– Гуымсæг инструменттæ æмæ зарæджы зæлтæм.

Ирон адæм та цавæр инструментты зæлтæм кафыдысты?

- Ирыстоны адæм арæхдæр кафыдысты хъисын фæндыры зæлтæ, уадындзы цагъд æмæ зарæджы хъырнынмæ.

4-æм слайд Ныв. Музыканттæ


Цæмæй хицæн кæны кафыны музыкæ иннæ музыкалон жанртæй?

Зындгонд уырыссаг фыссæг Гоголь кафты тыххæй фыста: «У одного народа танец бешеный, у другого – спокойный; у одного напряженный, тяжелый, у другого легкий, воздушный. И в каждом из них неповторимый темп, ритм, характер движений. А национальный костюм, в котором исполняется танец, – также дополняет его характер».

Ирыстоны, заргæ æмæ музыкалон-поэтикон аивадау, адæмон кæфтытæ баст сты сæ цæрдыуаг æмæ æгъдæуттимæ æмæ сты ирон адæмон культурæйы ахсджиагдæр хай. Нæ фыдæлтæ бахъахъхъæдтой æмæ нæм æнусты сæрты æрхæццæ кодтой кафыны аивад.

Ирон кафты равзæрды уидæгтæ сты тынг рагон. Кафт ирæттæм рагæй дæр уыд æнæмæнг элемент æппæт бæрæгбæтты дæр. Хæрзконд, цæрдæг лæппутæ цухъхъаты, гуырвидауц чызджытæ разкъæртты – афтæмæй фæкæнынц ирон кафт.

Нæртон симд

Гуыппырсартæ симынц…

Фæндыры зæлтæ

Æврæгъты онг сисынц

Нæртоны зæрдæ…



Нæ рагфыдæлты царды кафтæн цы нысаниуæг уыд, ууыл дзурæг сты нæ адæмы героикон эпос «Нарты кадджытæ». Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм кадæг «Нарты симд»-æй скъуыддзаг.

«Зилахары – быдыры хъазæн лæгъзы, уыцы гуыпп æмбырд сты Нарты фæсивæд. Симд самадтой уыдон хъазæн лæгъзы. Симгæ та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлдысты, сау хъæды бæлæстæ фæстытæ кодтой, зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта».

Цæй фæдыл самадтой симд Нарты гуыппырсартæ?

Ныртæккæ та кæм ис Зилахары быдыр?

Цавæр кæфтытæ ма кафыдысты æмæ кафынц ирон адæм?

– «Чызджыты кафт», «Хонгæ», «Зилгæ», Цоппай», «Чепена», «Хъаматимæ кафт», «Хъæбатырты кафт».

– Ирон кæфтытæ дих кодтой дыууæ хайыл: дзыллон (массовые) кæфтытæ æмæ къæйттæй (парные) кæфтытæ.



Равдисæм ма схематикон æгъдауæй цавæр къордтыл дих кодтой ирон кæфтытæ:

5-æм слайд


Дзыллон кæфтытæ Къæйттæй кæфтытæ



«Цоппай» «Зилгæ кафт»


«Симд» «Хонгæ кафт»


«Чепена»



«Чызджыты кафт»


«Хъæбатырты кафт»

«Хъаматимæ кафт

Дзыллон кæфтытæ рагзаманты ритуалон характер кæй хастой, уымæн æвдисæн уыд кафт «Цоппай».

– Æрлæууын ма кæнæм нæ зæрдыл цавæр кафт у «Цоппай», кæд-иу æй кафыдысты адæм?

“Цоппай” у ирон кæфтытæн сæ рагондæрыл нымад. Ацы кафты равзæрд баст у æрдзон фæзындтæ, æрвнæрд æмæ арвæрттывд адæймаджы стыр тас куы уагътой, уыцы замантимæ. Лæджы-иу арв куы ныццавта, уæд-иу ыл кæуын не 'мбæлди.

Æрвнæрды бардуаг Уациллайы номыл уыдис бæрæг фæтк – цоппай, ома-иу æрвдзæф лæджы алыварс заргæйæ зылдысты адæм.

Цоппай ма ноджыдæр хуыдтой хус рæстæг сыхаг хъæутыл кафгæ æмæ заргæйæ зилыны æгъдау.

6-æм слайд Тугъанты М. ныв «Цоппай»


Цоппай-цоппай, æрвдзæвды цоппай,

Цоппай-цоппай, бæркады цоппай,

Цоппай-цоппай, Хуыцауы тыххæй.

Цоппай-цоппай, дзуары тыххæй.


Нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ сæ бæрæгбоны урс уæлæдарæсы, раст ма зæронд лæгтæ дæр тæркъкъæвдайы рæстæг цыдысты, æрвдзæвд кæм фæмард, уыцы бынатмæ, заргæйæ æмæ алыхуызон музыкалон инструменттыл цæгъдгæйæ. Стыр зылд-иу скодтой æмæ къæйттæй æртæ зылды æркодтой зианы алыварс. Уый фæстæ-иу мард кæм уыд, уырдæм æрбакодтой дыууæ æнæифтыгъд галы, Уайтагъд-иу сæ уæрдоны сифтыгътой, æрвдзæвды-иу ыл æрывæрдтой æмæ галты ауагътой тыгъд быдыры. Сæхæдæг-иу сæ фæстæ араст сты заргæйæ æмæ кафгæйæ. Галтæ-иу кæм æрлæууыдысты, уым æй баныгæдтой. Хæстæг-иу дзы бæлас куы уыди, уæд-иу æй схуыдтой Уациллайы бæлас. Алы аз дæр-иу æрвдзæвды мæлæн бон йæ хæстæджытæ бæласы бын кусарт акодтой, Уацилламæ-иу скуывтой.


Алы адæмыхатмæ дæр ис бирæ диссаджы кæфтытæ, фæлæ йын уыдон æхсæн æппæтæй уарзондæр вæййы æрдзон уавæртæм гæсгæ йæ культурæ, (удварны æууæлтæ), цардыуаг, æгъдау æмæ истори ирддæрæй кæм разынынц, уый.

Ирон кæфтытæн сæ тæккæ рагондæр æмæ зындгонддæр у къайон-дзыллон кафт «Симд».

Раджы заман Ирыстоны «Симд» кафыдысты дыууæ хуызы иу хуынди «Нæртон симд» иннæ та «Тымбыл симд». Зæгъут ма цæмæй хицæн кодтой сæ кæрæдзийæ?

Нарт цы «Симд» кафыдысты, уый хуыдтой «Нæртон симд». Зындгонд нывгæнæг, этнограф, Нарты кадджытæ иртасæг Тугъанты Махарбеджы ныхæстæм гæсгæ йæ кафыдысты Ногбоны æхсæв æрыгон, тыхджын нæлгоймæгтæ «дыууæ уæладзыгæй», иутæ лæууыдысты иннæты уæхсчытыл æмæ афтæмæй симдтой. Хуыдтой ма йæ «æддæгуæлæ кафт» дæр. Кафджытæ сабыргай зылдысты арты алыварс куы рахиз, куы галиуæрдæм. Уыцы кафт-иу уыди, цалдæр хъæуы цæрджытæ-иу цы бæрæгбæттæм æрæмбырд сты, уыдоны кæронбæттæн.

7-æм слайд Харебаты А. ныв «Нæртон симд»,

– Таурæгъмæ гæсгæ, незаманты нæ хæхты бынаты уыди тыгъд быдыр. Уым-иу æрæмбырд сты хъæбатыр нæртон адæм сæ зонд, тых æмæ арæхстдзинад бавзарынмæ. Ерысты фæстæ-иу сбадтысты фынгтыл æмæ таурæгътæй сæхи ирхæфстой.

Иухатт симды куы бацыдысты, уæд сæм æнæнхъæлæджы æрбалæбурдта знаг. Фæлæ нарты гуыппырсартæ сæ кафын нæ ныууагътой. Симд æрдæгыл аскъуыныны бæсты мæлæт хуыздæр, загътой уыдон æмхуызонæй, æмæ кафгæ-кафын фидар къæдзæхтæ фестадысты. Знаг йæ ных ныссаста уыцы къæдзæхтыл. Афтæ, таурæгъмæ гæсгæ, фæзындысты нæ хæхтæ.

8-æм слайд видеоклип анс. «Алан»


Абон та арæхдæр цавæр симд кафынц?


9-æм слайд Харебаты Д. ныв «Тымбыл симд»,


- Абон арæхдæр кафынц «Тымбыл симд». Кафты бацæуынц сылгоймæгтæ дæр, нæлгоймæгтæ дæр. Кафджыты нымæц хъуамæ уа къайон, уымæн æмæ чызджытæ æмæ лæппутæ фæкафынц къæйттæй. Симд фæкафынц сабыргай, кæрæдзи къухтыл хæцгæйæ. Тымбыл лæуд æркæнынц æмæ куы рахизырдæм, куы галиуæрдæм кафынц заргæйæ.

Куыдфæстæмæ кафты темп фæтагъддæр вæййы.


10-æм слайд

Отрывок песни на экране

Æрсимут-ма тымбыл симдæй!

О, рæйдæ, о, рæйдæ!

Тымбыл симдæй, æнгом симдæй!

О-ри-о-ри, о-ри-о-рæй-дæ!

Уæнгтæй рæуæг, къæхтæй сабыр,

О-рæй-дæ, о-рæй-дæ!

Тымбыл симдæй, къæрцц-къæрцц симдæй,

О-ри-о-ри, о-ри-о-рæй-дæ!


11-æм слайд анс. «Алан»-ы къам Симд кафгæйæ


Нæ адæмы цавæр миниуджытæ рабæрæг вæййынц «Симд»-ы?

Æмткæй райсгæйæ «Симд» æвдисы нæ адæмы хуыздæр миниуджытæ: дзыллæйы иудзинад æмæ кæрæдзийы æмбарынад.


Аивадон литературæйы цавæр уацмысты сæмбæлдыстæм симды æрфыстыл? Чи сты сæ автортæ? Æрхæссут ма дæнцæгтæ.

Хетæгкаты Къостайы поэмæ «Хетæджы».


Дунейы чызджытæ симды лæууыдысты,-

Ай дзы хæрзарæзтдæр, ай дзы рæсугъддæр!

Гъе уæддæр дзыллæтæ иууылдæр кастысты

Зæронд Солтаны чызджытæм æдзухдæр…


Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-ы


Цæуы къæрццæмдзæгъд:

У хъазт йæ тынгыл.

Лæууынц æмгуыппæй

Чызгæй, лæппуйæ…

Ирон адæм сæхи зонынхъом куы фесты, уæдæй нырмæ кафынц «Симд». Раст ма Туркаг хæсты рæстæг XIX æнусы 70-æм азты дæр æфсады фенæн уыд ирон хæстон фæсивæд «æддæгуæлæ симд» куыд кафыдысты, уый.

Ацы рагон дзыллон кафт ныронг дæр ма дисы ’фтауы адæмты. Бакæсут ма цы зæгъынц симды тыххæй алы адæмыхæттыты минæвæрттæ.


Интерактивон фæйнæгыл:

12-æм слайд

Что я видел! Гениальный танец. Танец Божеств! Только одним этим танцем я познакомился с народом создателем «Симда». У них самая богатая хореографическая культура во всем мире.

Серж Лифарь

Да здравствует «Симд» – танец, который выражает рыцарство, чистоту чувств, мужество и благородство. Да здравствует такой народ, да здравствует такое искусство!

Д. Алексидзе

13-æм слайд Ансамбль «Алан» видеоклип кафт«Симд»



Цавæр дзыллон кæфтытæ ма кодтой ирон адæм?


14-æм слайд Харебаты А. ныв «Чепена»,

Уой,уой, чепена,

Галиу къахæй чепена,

Уой,уой, чепена!

Чепена дæр чи нæ ’ркæна,

Уой, уой, чепена!


- “Чепена” у рагон хъæлдзæг кафт. Уый фæкафынц æрмæстдæр нæлгоймæгтæ, хъæлдзæг, бирæ хъазæн ныхæстæ цы зарæджы ис, уый заргæйæ. Кафт фæамоны цыргъзонд, зарынмæ дæсны адæймаг. Кафтмæ хæссæн ис алыхуызон худæджы здæхтытæ. Зæгъæм, кафджытæ æвиппайды фæпырх вæййынц, уазджытæй искæмæн исты хъазæн митæ акæнынц, стæй та фæстæмæ амбырд вæййынц.


15-æм слайд видеоклип кафт «Чепена»,

- Дзыллон кæфтытæм ма хауы «Чызджыты кафт» дæр. Фæкафынц æй 8 кæнæ фылдæр чызджы. Уый у хъæлдзæг музыкалон сценкæ. Кафты уыдон æвдисынц диссаджы пластикæ æмæ арæхстдзинад.


16-17-æм слайдтæ анс. «Алан»-ы къам, видеоклип «Чызджыты кафт»


Дзыллон кæфтытæй уæлдай ма мах дзырдтам «Къæйттæй кæфтыты» тыххæй дæр.

Цавæр кæфтытæ хауынц ацы къордмæ та?


- «Зилгæ кафт» арæзт у æртæ хайæ æмæ домы кафджытæй стыр арæхстдзинад. Фыццаг хай чызг æмæ лæппу кафынц уæзданæй, сабыргай хиуылхæцгæйæ. Дыккаг хай у лæппуйы кафт. Уый фæкафы тынг тагъд. Чызг уыцы рæстæг фæлæууы æнцад æмæ уæздан æмдзæгъд фæкæны. Æртыккаг хай та чызг æмæ лæппу фæкафынц иумæ рæстæмбис темпæй.

18-æм слайд Къам анс. «Маленький джигит»

-Къæйттæй кæфтытæм хауы адæмы уарзондæр кафт «Хонгæ» дæр.

Фæкафынц æй чызг æмæ лæппу. Ленкгæнæгау змæлгæйæ, сæ къахфындзтыл лæугæйæ чызг æмæ лæппу фæкафынц кæрæдзийы комкоммæ. Чызг дæр æмæ лæппу дæр кæнынц уæздан хиуылхæцгæ кафт.


19-æм слайд Къам анс. «Алан», «Хонгæ кафт»


- «Хонгæ» – уарзондзинады кадæг. Рагзаманты лæппуйæн йæ бон æргомæй зæгъæн нæ уыдис йæ уарзондзинады æнкъарæнтæ чызгæн. Æмæ сын кафт æххуыс кодта кæрæдзийæн сæ зæрдæйы уаг бамбарын кæнынæн. Лæппу йæ къахфындзтыл дæрддыл æрзилы кафгæ-сиргæ бацæуы чызгмæ æмæ йын йæ сæрæй æркувы, цымæ йын афтæ зæгъынмæ фæхъавы, цом мемæ, æз дын алæмæттаг дунейы рæсугъддзинад фенын кæнон. Чызг йæ цæнгтæ фæйнæрдæм айвазы маргъы базыртау æмæ раст денджызы хъазау йæ къахфындзтыл ленк кæнгæ рацæуы.

Хонгæ – сыгъдæгдæр æфсармы ныхас…

Æргомдæр æфсæрмыйы сусæг…

Уæд иу ызмæлд цас зæгъы цас! –

Зæрдæ та цæстæнгасæй хъусæг.

Фидараты Руслан

20-æм слайд Видеоклип «Хонгæ»


Къæйттæм кæфтытæм ма хауынц «Хъаматимæ кафт» æмæ «Хъæбатырты кафт» дæр. Цы зонут ацы кæфтыты тыххæй та. Куыд сæ кафыдысты ирон адæм?

21-æм слайд Къам «Хъаматимæ кафт»


- «Хъаматимæ кафт» кафгæ у кæм сабыр, кæм тагъд темпæй, Фæкафынц æй дыууæ лæппуйы. Хъаматæ вæййынц сæ къухты, сæ фæсрæтты тъыст, сæ цухъхъаты æмбæхст, сæ дæндæгты æхсæн æлхъывд. Кафгæ-кафын хъаматæ бæрæг фæткыл æрцæуынц зæххы сагъд. Лæппутæ æрзылдтытæ кæнынц хъаматы æхсæнты, нæ сыл бандзæвынц, афтæмæй.


22-æм слайд видеоклип«Хъаматимæ кафт»



23-æм слайд Харебаты А. ныв «Хъæбатырты кафт»


- Раджы заман-иу ирон адæмы арæх бахъуыд сæ сабыр куыст ныууадзын, цæмæй сæхи знæгтæй бахъахъхъæной, уый тыххæй. Уыцы хæстон цаутæ-иу уый фæстæ æвдыстой таурæгъты, зарджыты æмæ кæфтыты. Кафты æвдыст цыди хæстонты хъару, цæрдæгдзинад, стæй хæцæнгарзæй куыд арæхсынц, уый. Хæстонты тызмæг цæсгæмттæ æвдисынц тых æмæ æхсар. Раст сыл цыма уæззау уарт æмæ кард уæз дæр нæ кæнынц, афтæ зыны. Лæппутæ-хæстонтæ тымбыл зилынц, тохы ныв æвдисгæйæ. Уый у «Хъæбатырты кафт».

24-25-æм слайдтæ Къам ансамбль «Алан», видеоклип «Хъæбатырты кафт»


- Зындгонд куыд у, афтæмæй ирон адæмæн сæ иунæг бæрæгбон дæр æнæ кафтæй нæ цыди. Сæ диссаджы фæндыры зæлтæ æмæ къах-къухтыл кафт æнкъуысын кодтой зæхх æмæ хæхтæ, куыд дзурынц, афтæмæй ма-иу зæдтæ æмæ дауджытæ дæр æдæрсгæйæ нæ кастысты Нарты гуыппырсарты кæфтытæм. Æркæсæм ма Тугъанты Махарбеджы конд ныв «Нарты куывд»-мæ.


26-æм слайд Тугъанты М. ныв «Нарты куывд»


Кæй базыдтат уæ уарзон хъайтартæй ацы нывы?

Ранымайут-ма цавæр музыкалон инструменттæ уынут ацы нывы?

– Хъисын фæндыр, уадындз, дыууадæстæнон фæндыр.

«Райгас» кæнут ацы ныв тексты ныхæстæй.


Байдыдта кафын Сослан дæр. Уый дæр фыццаг зæххыл æркафыд. Дисы бацыдысты æгас Нарт, афтæ хорз скафыд. Стæй уыцы кафгæйæ схызтис фынгмæ. Иууыл диссаг та фынгыл уыдис йæ кафт: фынджы былтыл-иу цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус дæр нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй; стæй йæм уыйæппæт адæм сæ кæрдты фындзтæ хæрдмæ арæзтæй бадардтой, æмæ уыдоныл кафын байдыдта, раст-иу сыл куыройы цалхау æрзылдис.

Алæгатæ рахастой Нарты цыппæрхъусыг Уацамонгæ, ронгæй йæ тæккæ дзагæй, æмæ загътой:

Уацамонгæ йæ сæрыл чи сæвæра æмæ афтæмæй чи скафа, æнæ акалгæйæ, хуыздæр кафæг уый уыдзæнис.

Сæвæрдта йæ Сослан йæ сæрыл æмæ байдыдта кафын. Ноджы диссаджы кафт та ныр скодта Сослан, – Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ акалд.


Цымæ цавæр хъуыды бавæрдта нывгæнæг йæ нывы?


Махарбег йæхæдæг куыд фыссы, афтæмæй йæ ныв сарæзта Нарты кадæг «Сослан Бедухайы куыд æрхаста», стæй царды цы ерыс-кафтæн уыди æвдисæн уыдонмæ гæсгæ.

Бæстондæр ма раргом кæнæм ацы хабар.

«Мæ ныв «Нарты куывд»-ы, – фыссы Махарбег , – æз райстон кадæг «Сослан Бедухайы куыд ракуырдта»-йæ ахæм скъуыддзаг, Нарты гуыппырсартæ Сослан æмæ Челæхсæртæг ерыс кæнынц фыццаг фынгыл, стæй бæгæныйы стыр кæхцы былтыл кафынæй. Æз мæхæдæг иу хатт уыдтæн æвдисæн, ахæм ерыс-кафтæн. Иу йæ сæрыл сæвæрдта бæгæныйы дзаг кæхц, афтæмæй кафыд, иннæ сгæпп кодта фынгмæ æвгтæ йæ сæрыл, афтæмæй.

Уыцы аив, рæсугъд, сæрæн, арæхстджын фæсивæды кафтмæ кæсгæйæ йæ æз сфæнд кодтон бахæссын мæ ныв «Нарты куывд»-мæ, уымæн æмæ мын мæ цæстытыл ирдæй ауайын кодта Нарты куывды æрфыст.»


Цавæр хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта ацы ныв нæ рагфыдæлты тыххæй?

Нывы æвдыст æрцыд ахæм диссаджы кафт, йæ аивдзинадæй йæхимæ чи ’лвасы. Нывы Сослан иунæгæй нæ кафы, фæстаг пъланы мах уынæм нæртон дыууæуæладзыгон симд. Ирдæй дзы æвдыст цæуынц ирон адæмы истори, сæ царды уаг, сæ культурæ.


Хатдзæгтæ

Куыд уынут, афтæмæй нæ урок цы ныхæстæй райдыдтам, уыдонæй йын нæ бон у кæронбæттæн скæнын дæр: ирон адæмæн сæ кæфтытæ баст сты сæ цæрдыуаг æмæ æгъдæуттимæ æмæ сты сæ культурæйы ахсджиагдæр хай.

«Адæмон кафты адæмы зæрдæ ис». Ацы хъуыды арф ныххызт сæ зæрдæтæм нæ фæсивæды минæвæрттæн: æрыгон чызджытæн æмæ лæппутæн.

27-29-æм слайдтæ Къамтæ æмæ кæфтытæ


Цавæр бынат ахсы кафыны аивад уæхи царды та? Цæмæн хъæуы нырыккон царды кафыны дæсныйад?

Ирон кафтмæ кæсгæйæ, зæрдæйы ссудзынц цины цырæгътæ, зæрдæ ныррухс вæййы. Уый æнæдзургæйæ иу фæлтæрæй иннæмæ дæтты фыдæлты фарны фæдзæхстытæ.

Бакæсæм ма нæ урочы эпиграф.


Эпиграф интерактивон фæйнæгыл:


2-аг слайд


Нæ ирон гуыппкафт фесæфæн дын ма уа!

Дæумæ кæсынæй не ’фсæды мæ цæст.

Дæ зæлгæ фæндыр хурæй уæд æфсæст,

Йæ фарн æдзухдæр дунейыл куыд тауа.













11




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
Открытый урок по теме "Ад?мон кафты ад?мы з?рд? ис"

Автор: Кесаева Фатима Даниловна

Дата: 29.01.2016

Номер свидетельства: 284939


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства