Урочы нысантæ:
- Ныхасы рæзтыл куыст: нывмæ гæсгæ æрфыст кæнын ахуыр кæнын.
- Рæзын кæнын скъоладзауты эстетикон зондахаст
- Хъомыл кæнын уарзондзинад æрдзмæ.
Урочы ифтонгад: ныв «Фæззыгон парчы»;
Аудио «Афæдзы афонтæ. Фæззæг.» Антонио Вивальди
Урочы цыд:
I. Организацион хай.
- Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;
- Радзурын урочы цыд.
Скъоладзаутæй иу дзуры абоны нымæц, къуырийы бон.
Просмотр содержимого документа
«Нывм? г?сг? куыст «Ф?ззыгон парчы»»
Нывмæ гæсгæ куыст.
«Фæззыгон парчы»
Урочы нысантæ:
Ныхасы рæзтыл куыст: нывмæ гæсгæ æрфыст кæнын ахуыр кæнын.
Рæзын кæнын скъоладзауты эстетикон зондахаст
Хъомыл кæнын уарзондзинад æрдзмæ.
Урочы ифтонгад: ныв «Фæззыгон парчы»;
Аудио «Афæдзы афонтæ. Фæззæг.» Антонио Вивальди
Урочы цыд:
I. Организацион хай.
- Сбæрæг кæнын скъоладзауты цæттæдзинад урокмæ;
- Радзурын урочы цыд.
Скъоладзаутæй иу дзуры абоны нымæц, къуырийы бон.
II. Бацæттæгæнæн.
1. Хъусын аудиомæ «Афæдзы афонтæ. Фæззæг.» Антонио Вивальди.
Фарстытæ скъоладзаутæм:
1. Чи зоны ацы музыкалон уацмыс? (Кæд скъоладзаутæ нæ зонынц цавæр музыкалон уацмысмæ хъуыстой, уæд сын æй зæгъын)
2. Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвæрын кæнынц ацы зæлтæ? (Цин, æнкард, æрхæндæг, зæрдæрухс)
3. Уæ цæстытæ куы бахгæнат, уæд цавæр нывтæ уæ цастытыл ауайы.
2. Дзырдуатон куыст.
– Антонио Вивальди музыкалон æвзагæй ныффыста фæззæджы тыххæй уацмыс – нотæты фæрцы, зæлты руаджы. Мах та фысдзыстæм фæззæджы тыххæй цы æвзаг зонæм æмæ ахуыр кæнæм, уымæй. Ома, ирон æвзагæй.
Æххуыс кæнынмæ нын ахæм дзырдтæ:
Сыфтæр
Згъæлы
Алыхуызон
Къæвда
Бандон
Цад
Къахфæндаг
Хъуыррыст кæнын
Дзырдтимæ бакусын, бамбæрын кæнын сæ нысаниуæг. Æрхъуыды кæнын дзырдтимæ дзырдбæстытæ:
– сыфтæр згъæлы, бирæ сыфтæр, алыхуызон сыфтæр, алыхуызон фæлтæрæнтæ, тынг къæвда, къæвдабон, морæ бандон, зæронд бандон, бандоныл бадын, арф цад, сыгъдæг цад, хохы къахфæндаг, сыфтæр хъуыррыст кæны.
3. Нывимæ куыст.
Æвдисын ныв «Фæззыгон парчы».
Фарстатæ скъоладзаутæн:
1. Цы уынут нывы?
2. Цавæр афæдзы афон уынæм нывыл? Цæмæ гæсгæ йæ бызыдтат?
3. Цы уынут раззаг пъланы?
4. Цы уынут дыккаг пъланы?
5. Цавæр хуызтæй пайда кæны æрдз фæззыгон пейзаж нывгæнгæйæ?
6. Цы бафтауиккат ацы нывмæ?
III. Фыссын изложении.
1) Скæнын сочиненийæн пълан. Сывæллæтæ ахуыргæнæджы æххуыссæй кæнынц нывæцæны пълан:
1. Бацæуæн;
2. Сæйраг хай (нывы темæ, нывы композиции);
3. Хи хъуыдытæ;
4. Кæронбæттæн.
2) Скъоладзаутæ фыссынц изложени черновикты пъланмæ гæсгæ.
3) Хæдзары ныффыссын нывæцæн сыгъдæг А4-формат сыфтыл.
IV. Кæронбæттæн. Хатдзæгтæ.
- Урокæн хатдзæгтæ скæнын.
- Рефлекси:
1. Фæцыд уæ зæрдæмæ ахæм куысты хуыз?
2. Цы уæм фæкаст зын?
3. Цы фæцыд уæ зæрдæмæ?
4. Цы нæ бамбæрстат?
5. Дæхи урочы куыд æнкъартай?
- Сæвæрын бæрæггæнæтæ.