Урок родного языка и литературы. Празднование нового года в разных странах.
Просмотр содержимого документа
««Ног азы диссæгтæ».»
Урок 9 «А» къласы
Ахуыргæнæг Гурциева Ф.Б.
Урочы темӕ: «Ног азы диссæгтæ».
Урочы нысан: 1 . Бакӕсын Астемыратыт Изеты ӕмдзӕвгӕ
« Заз бӕлас»
2.Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын ног дзырдтимӕ зымӕджы тыххӕй.
3.Сывӕллӕтты сахуыр кӕнын ӕмдзӕвгӕ аив кӕсын.
Хъомыладон хӕс : 1. Сывӕллӕттӕн уарзын кӕнын ирон ӕвзаг, ирон аив дзырд.
2.Сывӕллӕтты базонгӕ кӕнын ,Ног азы бӕрӕгбон ирон адӕммӕ куыд бӕрӕг кӕнынц ,уыимӕ.
Урочы фӕлгонц: Нывтӕ,интерактивон фӕйнӕг.
Уроы цыд
I Организацион хай:
___ абон кӕцы нымӕц у?
___ къуырийы бонтӕй цы бон у ?
___ афӕдзы афотӕй цавӕр афӕдзы афон у ?
/ хъазт _къуырийы бонтӕ/
II. Фонетикон зарядкӕ : КЪ – къах, къахкъӕлӕттӕ, къахдзоныгътӕ,къул,кълас.
ГЪ- мигъ, дзоныгъ,тӕбӕгъ бирӕгъ.
III.Аудировани: Ралӕууыдис зымӕг. У уазал. Арӕх уары мит. Миты тъыфылтӕ зӕхмӕ хауынц Зӕхх, бӕлӕстӕ ,хӕдзары сӕртӕ сты урс. Дымы уазал дымгӕ .
Фӕрстытӕ: 1. Цавӕр афӕдзы афон рауыдис?
2.Цы сты урс ?
3. Цавӕр дымгӕ дымы ? .
IV. Речевая зарядка :
- мит уары;
- сывӕллӕттӕ хъазынц митӕй ;
- бон у цыбыр ,ӕхсӕв та даргъ.
V . Дзырдбыд фӕйнӕгыл.
VI. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын
Наизусть бакӕсын Айларты Чермены ӕмдзӕвгӕ «Дымгӕ ниудта»
Фӕлладуадзӕн рӕстӕг. –« Улӕфынц нӕ цӕстытӕ».
VII. Ног ӕрмӕг:
Цӕмӕн уарзынц сывӕллӕттӕ зымӕг ?
Цавӕр хъӕзтытӕй фӕхъазынц ?
Интер. ӕйнӕгыл зымӕгон хъӕзтыты нывтӕ.
-къахкъӕлӕттыл бырын;
-къуыбырӕй бырын _
-дзоныгътыл бырын ;
-миткъуыбӕрттӕй хъазын ;
-Митын лӕг аразын ;
-хоккейӕ хъазын;
-къахдзоныгътыл бырын.
Цавӕр бӕрӕгбонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сывӕллӕттӕ зымӕджы ?
Ног азы бӕрӕгбонмӕ .
Чи сӕм ӕрбацӕуы Ног азы ? - Митын Дада.
Цы ӕрбахӕссы сывӕллӕттӕн ? - Ӕрбахӕссы лӕвӕрттӕ.
Алы хӕдзары дӕр цы саразынц ?- Заз бӕлӕстӕ.
Абон уӕдӕ нӕ урочы темӕ у Астемыраты Изеты ӕмдзӕвгӕ «Заз бӕлас».
VIII. Дзырдуатон куыст :
Дзырдтӕ ныффыссын дзырдуӕтты.
Ӕмдзӕвгӕ кӕсы ахуыргӕнӕг.
Кӕсынц сывӕллӕттӕ иугай ӕмӕ иумӕ. Тӕлмац кӕнынц ӕмдзӕвгӕ.
Бакусын Ног Азы арфӕтыл 107 ф.
IX. Къухфыстытимӕ куыст -53 ф. Арфӕтӕ ныффыссын
X. Урочы кӕрон .
1.Хатдзӕгтӕ скӕнын .
2.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын .
3.Хӕдзармӕ куыст раттын.