Пълан
Урочы темæ. Нæ хæлар цæрæгойтæ.
Урочы нысантæ: 1. Аив кæсыны руаджы скъоладзауты базонгæ кæнын таурæгъы мидисимæ, сбæрæг ын кæнын йæ сæйраг хъуыды.
2. Сывæллæттæм гуырын кæнын уарзондзинад цæрæгойтæм, мæргътæм, æрдз хъахъхъæныныл сæ ахуыр кæнын.
3. Æмбарын кæнын сывæллæттæн хистæртæм кæддæриддæр хъусын кæй хъæуы, уый.
Цæстуынгæ æрмæг (интерактивон фæйнæг)
Цæрæгойты æмæ мæргъты нывтæ.
Дзырдуатон дзырдтæ нывтимæ.
Фæззæджы ныв.
Хърихъуппы ныв.
Хърихъуппы айк «лæвæрттимæ».
Сценкæ «Дзыгъуыр карк».
Эпиграф. Зондамонæгмæ хъус,
Цы зæгъа, уый-иу кæн.
Зæрдæхъæлдзæгæй кус
Æмæ бæззай лæгæн!..
/Хетæгкаты Къ./
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Урочы темæ æвдыст цæуы интерактивон фæйнæгыл.
Ахуырг-г кæсы скъуыддзаг адæмон аргъауæй.
Уæд нæ бодз цæй сæрæн уыди!..
Уый нын хъæдмæ дæр куы цыди,
Суг дæр саста, дон дæр хаста,
Кас фыхта бабайæн,
Кас фыхта нанайæн.
/«Зондджын сæгъ»/
Сывæллæттæ базыдтой аргъау æмæ йæ дзурынц.
Уæдæ нæ хæлар цæрæгойтæй иу у сæгъ. (Сыв. нымайынц хæдз. цæрæгойты).
Хъазт.
Интерактивон фæйнæгыл сывæллæттæ гом кæнынц цæрогойты нывтæ, дзурынц æмдзæвгæтæ. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Текст «Хæринæгтæй кæцы адджындæр у?» - сыв. кæсынц рольтæм гæсгæ.
Интерактивон фæйнæгыл равдисын, чи цы хæры:
(Сывæллæттæ иугай цæуынц фæйнæгмæ).
гал | | сысджы |
бæх | | æхсыр |
куыдз | | хос |
карк | | стæг |
гæды | | еуу |
Хатдзæг.
Ахуыргæнæг:
(Алкæмæн дæр йæхи хæринаг у адджындæр, хуыздæр).
Аулæфт.
Ахуыргæнæг:
Аргъау авд дзыхæй фæдзуры.
Аргъау авд низы дæр суры.
Аргъау – диссæгтæн сæ сæр.
Аргъау райгуыры нæ сæнтты, –
Ахæссы нæ уый бæрзæндты…
Иу дзы ракæнæм ныр дæр….
Сыв. æвдисынц сценкæ аргъауæй «Дзыгъуыр карк». Фæйнæгыл нывтæ. Сыв. дих кæнынц мæргъты дыууæ къордыи. Карк у хæдзарон маргъ.
Ног æрмæг – интеракт. фæйнæгыл фыст: «Æз дæн…» – таурагъ. Таурагъ цы у, уый бамбарын кæнын.
Ахуыргæнæг: – Фæйнæгыл цы текст фыст ис, уый уын æнæзонгæ нæу. Кæцæй ист у ацы скъуыддзаг?
Хъуысы музыкæ, ахуыргæнæг кæсы текст интеракт. фæйнæгыл.
… Мæнмæ афтæ кæсы, цыма сыфтæр бæрæг афон фæуары… раст мигъ æмбæрзт арвы риуæй хърихъуппыты удист хъæр куы райхъуысы, уæд бæлас йæ рис нал бауромы æмæ бæлццон мæргътыл йæ сыфтæртæй ставд цæссыг нызгъалы…»
/Æгъуызарты С. «Згъæлы сыфтæр»/
Сывæлл. дзурынц, кæцæй ист у ацы скъуыддзаг, кæцы афæдзы афон дзы æвдыст цæуы, цæмæн нызгъалы бæлас йæ цæссыг? Ныв «Фæззæг».
Беседæ тæхгæ мæргъты тыххæй.
Дзырдуатон куыст. (интеракт. фæйнæгыл фыст дзырдтæ цухгонд дамгъæтимæ).
Зæрваты…ытæ
хърихъу…ытæ
сыр…онцъиутæ.
Сывæлл. æххæст кæнынц цухгонд дамгъæтæ.
Бамбарын кæнын дзырдæн йæ лексикон нысаниуæг:
Бал + хонын = балхон
Раздзог фæндагамонæг.
(æавдыст цæуы интеракт. фæйнæгыл).
Текст бакæсын чиныджы. (ахуырг-г).
Текст хайгай кæсын, æвзарын, алы хайæн дæр сæргонд æрхъуыды кæнын.
Сæргæндтæм гæсгæ фæйнæгыл байгом кæнын пълан.
Пълан.
Мæргъты уалдзыгон зард.
Мæргътæ тæхынц хуссармæ.
Иу цъиу дæр ма баззайа иунæгæй.
Лæппынцъиу балæй фæхицæн.
Ахуыргæнæг:
Цæмæн баззад иунæгæй хърихъупп?
– Скъоладзауты дзуаппытæм гæсгæ скæнын хатдзæгтæ:
Фæйнæгыл æвдыст цæуынц:
Лæппын уыд.
Иунæг уыд.
Хивæнд уыд.
Æдылы уыд.
Искуы йæ цæфæй куы ссардтаиккат, уæд ын баххуыс кодтаиккат?
Интерактивон фæйнæгыл фыст:
Хивæнд ма у.
Хистæртæм хъус.
Эпиграфмæ раздæхын.
Ахуыргæнæг: – Къоста дæр нæ ууыл ахуыр кодта.
Хетæгкаты Къ. æмдзæвгæ «Лæгау» сывæллæттæ дзурынц иумæ.
Хъуысы хърихъуппыты уасын (магнитофон).
Ахуыргæнæг: – Æвæццæгæн нын хърихъуппыты бал нæ ныхас фехъуыстой æмæ дзы иу хърихъупп фæздæхт. Хърихъупп æрбахæста стыр айк. Йæ мидæг – лæвæрттæ. («5» æмæ «4»), стæй ма гыццыл аик – йæ мидæг ныстуантæ:
Уарзут æрдз! Хъахъхъæнут æй!
Кæрæзийæн æххуыс кæнут!
Уарзут уæ хистæрты, хъусут сæм!
Хæдзармæ. Текст аив кæсын, фæрст. дз. раттын, нывтæ скæнын.
4