Темæ:"Музыкæ - адæмон сфæлдыстады æвидигæ суадон"
Урочы хуыз: урок-равдыст,урок-беседæ.
УАА:
- Предметон:æрныхас кæнын ирон музыкæйы рæзтыл,ирон националон инструменттыл.
- Базонæн:ныхасы рæзтыл куыст.
- Коммуникативон:хи хъуыдытæ æргом кæнын зонын.
- Удгоймагон:скъоладзауты зæрдæты уарзондзинад гуырын кæнын Ирыстонмæ
мадæлон æвзагмæ,адæмон сфæлдыстадмæ.
Нысантæ:
- базонгæ кæнын скъоладзауты ирон музыкалон инструменттимæ,зындгонд кадæггæнджытæ,
музыканттæ æмæ аивады дæснытимæ;
- рæзын кæнын цымыдисдзинад ирон аивад æмæ музыкæмæ.
Цæгъды рагон музыкæ сындæггай. Стъолыл къуымы музыкалон инструменттæ.
Урочы цыд:
Ахуыргæнæг:Æнусты сæрты нæм цы куырыхон хъуыдытæ æрхызт, уыдонæй иу зæгъы, ома, цæмæй адæмыхаттæн йæ миддуне банкъарай, уый тыххæй йын хъæуы æркæсын йе сфæлдыстады æрфытæм. Уым, æнæмæнг, зынгæ бынат ахсы музыкæ, уымæн æмæ уый у абон ивгъуыдимæ цы дадзинтæй баст сты æнусты, уыцы рæхысы тæгтæй иу . Стæй уæд ивгъуыды бонты сусæгдзинæдтæм алæмæты дæгъæл.
Ахуыргæнæг: Музыкæ у адæймаджы монцтæ æвдисæг, кæцы райхæлы, фыццаджыдæр, хъæлæсы фæрцы. Æмæ дунейыл та æппæт удгоймæгтæн сæ сæйраг музыкалон авналæн у се взаг, бæлвырддæр та- сæ мадæлон æвзаг.
Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæ зоны йæ истори æмæ йæ культурæ дæр.
Æмдзæвгæ"Ирон æвзаг"( Гуырцъыты Кристинæ)
Ахуыргæнæг: Царды ныхасæй цы арф зæрдæйы æнкъарæн нæй зæгъæн, уый равдисæм аивадæй, музыкæйæ, йæ инструментты – цæгъдæн гæрзты руаджы.
ирон музыкалон инструменттимæ цагъд
Ахуыргæнæг.Зæгъут-ма,музыкæ адæймаджы цавæр æнкъарæнтыл бафтауы?
Скъоладзау(дзуапп дæтты) Музыкæ иронау УАДЫН хуыйны. Уый у алы æнкъарæнтыл дзурæг: цин æмæ хъыгыл, адæмы удыхъæдыл, сагъæсыл , фæллойыл, уарзондзинадыл, хъæбатырдзинадыл æмæ бирæ æнкъарæнтыл…
Уадын- музыкæ инструментты руаджы бахъары алкæйы зæрдæмæ дæр, асуры йын йæ фæллад, радты йын цин, амонд, кад æмæ уарзондзинад. Æркæсæм ма сæм:
Ахуыргæнæг: Адæмон уадын инструменттæ дих кодтой:
1 къорд-улæфонтæ.Уыдоны тыххæй нын радзурдзæн (Дриаты Миланæ)
-Улæфонтæ –уасæн, уадындз,удæвдз(стъили), лалым-уадындз, фидиуæг(сыкъайæ уасæн);
Уадындз у Ирыстоны, нæ фыдæлты æппæты рагондæр музыкалон инструмент.Уæлдай æнувыддæр ыл уыдысты хъомгæстæ æмæ фыййæуттæ.Арæзтой йæ фæдæгъдæй (бузина): йæ хъапп иу ын скъахтой æмæ –иу дзы цалдæр хуынчъы фæкодтой. Незаманты уадындзтæ арæзтой топпы хæтæлæй дæр.
Сфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæй,
Йæ хъыгтæй æмæ цинтæй уыдтæ гуырд.
Цæрæнбонты нын зарыс ды рæсугъдæй,
Мæ адæмы хæзна дæ æмæ цырт! ( Галуанты
Ацæмæзы уадындзы цагъд ( видеоклипы )
Ахуыргæнæг: 2 къорд сты хъисонтæ. Хъисонты тыххæй нын радзурдзæн ( Савлохты Зæлинæ)
Хъисонтæ–дыууадæстæнон фæндыр, хъисын фæндыр, дала фæндыр, хъырнæг фæндыр;
Дыууадæстæнон нæм æрхæццæ Нарты кадджытæй… Куыд зонæм, афтæмæй Сырдон Хæмыцы хъуг адавта, аргæвста йæ,дзидза фæуæларт кодта. Йæхæдæг Ныхасмæ рацыди æмæ Хæмыцæй хынджылæг кодта. Хæмыц хъуыддаг бамбæрста, Сырдоны сусæг хæдзар ссардта. Цæдджинаджы фыдис фæтъыста æмæ мæнæ хъуг фыцы! Уæд рамæсты ис, Сырдоны сывæллæтты акъуыхтæ кодта, агы сæ ныккалдта æмæ йæхæдæг дæр Ныхасмæ рацыд.
Сырдон сæхимæ бацыд æмæ йæ бæллæх федта. Афтæ фæрыст æмæ йæ хъæбулы æрдæгфых цонг йæ хъæбысмæ систа. Цонгыл ма баззадис дыууадæс нуары, уæхскæй армытъæпæнмæ. Сырдон сæ расæрфтæ æмæ диссаджы зæлтæ айхъуысти. Афтæ равзæрд дыууадæстæнон фæндыр.
Дыууадæстæноны райгуырд у трагеди æмæ йæ музыкæ дæр у хъарæг. Фыццаг цагъд дæр дзы æрцыд йæхи къухтæй.
Хъуысы дыууадастанон фæндыры зæл
Ахуыргæнæг.Фæстæдæр нæм æрбафтыдысты цæвгæтæ.Уыдоны тыххæй та нын радзурдзæн ( Хацырты Виленæ)
- Цæвгæтæ- гуымсæг, дала, доули, къæрцгæнæнтæ ;
Гуымсæг æмæ дала нымад сты æппæткавказаг инструменттыл. Хъæд бакусынц æмæ йæ кæрæдзиуыл ныффидар кæнынц тымбылхуыз дæргъæлвæст хуыз куыд уа, афтæ, æмæ йыл дыууæрдыгæй ивæзтæй сæгъдзармæй цъар бакæнынц.
Къæрцгæнæн у æмдзæгъдгæнæн рагондæр æмæ примитивондæртæй иу. Цалдæр фæйнæджы гæбазы- иу дыууæ хуынчъы фæкодтой æмæ сæ- иу кæрæдзиуыл фæхæцын кодтой сæрачы босы гæбаз аласгæйæ. Босыл –иу бакодтой хæцæн.
Цæгъды доулийыл( Бола), стæй къæрцгæнæнтæй (Лолита)
Ахуыргæнæг. Иннæ къорд та сты пневматиконтæ.Уыдоны тыххæй нын радзурдзæн ( Чысиаты Иринæ )
Пневматиконтæ( æлхъывд уæлдæфæй архайæг)-ирон хъандзал фæндыр ( гармоника) .
Ирон хъандзал фæндыр фазынд Ирыстоны 19 æнусы æма раивта æппæт фыдæлты инструменттæ дæр. Галаты Барис, зындгонд ирон зарджытæ æмбырдгæнæг, композитор æмæ дирижер мæнæ куыд зæгъы фæндыры тыххæй: «Ирон хъандзал фæндыр райгуырди Вяткæйы тальянкæйæ. Уый зындгонд уыд куыд «азиатаг фæндыр».
Ацы музыкалон инструментæй ахуыр кодтой чызджыты хæрз чысылæй (7-8 аздзыдтæй).
Нæ фыдæлтæм уыд ахæм дыууæ агъдауы: усгурæн йæ ирæды æхсæн, æнæмæнг, хъуамæ уыдаид лæварæн фæндыр. Сылгоймаг - иу куы амард, уад ын йæ чырыны йемæ æвæрдтой йæ фæндыр.
Йæ арæзт уыди иурæнхъон рахизырдыгæй, дыууæ гуывгуываджы та галиуырдыгæй. Фылдæр дзы цагътой хъæлдзæгдзинæдты.
Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ ХАНТЫ ЦАГЪДМÆ (Зита цæгъды)
«Фæндыры зæлтæ» Хуырымты Аллæ (кæсы Теджетты В.)
Куы азæлынц зарæджы зæлтæ,
Куы райхъуысы фæндыры цагъд,
Ныррухс вæййы уымæй мæ зæрдæ
Æмæ та мæм бахуды цард.
Дæуыл æз зæрдæбынæй зарын,
Æвдисыс нæ зæрдæйы уаг,
Дæу дидиныл, хурыл куы барын,
Ды зæрдæтæм скæныс фæндаг.
Кæддæрау мæ уæнгтылыы ысхæцын,
Мæ цæстытыл ауайы хъазт.
Мæ рагбонты фæзмæ фæтæхын,
Мæ удæй æрбайсæфы маст.
Дæ кæлæнтæ дзыллæтыл бафтау,
Куыд нал хъуыса хотыхы хъæр.
Æнæ дæу нæ цин вæййы хастау-
Нæ куывдты, нæ цинты дæ зæл.
О,зар нын, дæумæ и цы тыхтæ,
Нæ фыдæлтæй райсгæ хæзна,
Уæнгрогæй дæм кафæд нæ дзыллæ,
Рæсугъддæр дæ зæлтæй цы уа!
Ахуыргæнæг. Алы инструментæн дæр ис йæхи бынат, йæхи райгуырд не сфæлдыстадон царды. Кæд алы адæймагæн дæр ис райгуырд æмæ мæлæт, уæд нæ музыкалон инструменттæн та нæй адзал, уыдон сты æнæмæлгæ…
Ахуыргæнæг. Музыкæ рæзти кадæггæнджыты фæрцы æмæ уыд адæмон. Абоны царды сырæзы композиторты руаджы æмæ фæхæссы сæрмагонд ном.
Фарст.Загъут- ма , уæ хорзæхæй, кæй зонут ирон кадæггæнджытæй ?
Скъоладзау (дзуапп дæтты) Кадæггæнджыты уыдысты Нарты Сырдон, Къостайы Хъуыбады, Сланты Гаха,Зыгъуытаты Бибо, Дзусаты Рæмон, Саулаты Дзæрæх, Кертыбты Кертыби, Хъалæгаты Инæлдыхъо, Беджызаты Леуан, Хъыргъаты Габо…
Фарст. Музыкæйыл чи бакусы , уыдон та чи сты? Кæй зонут ирон композитортæй?
Скъоладзау (дзуапп дæтты) Композитортæ сты: Æлборты Феликс, Махъоты Ацæмæз, Хæбæлаты Зинаидæ, Кокайты Барис( не скъолайы гимны музыкæ ныффыссæг) , Плиты Христофор, Хаханты Дудар, …
ЛИРИКОН мелоди цæгъды (Зита) æмæ кафынц «Чызджыты кафт»
Ахуыргæнæг. Уæдæ цæмæй абон нæ ирон музыкалон инструменттæ сæфт ма уой, уый тыххæй зæрдиагæй архайынц бæстæзонæн музейы кусджытæ дзæнæтыбадинаг Моурауты Сослан æмæ Хъантемыраты Эльбрус, аразæн инструментты куырдадзтæ, ирон зарæн къордтæ «Къона», нæ нывгæнджытæ :аивæй равдыстой нæ фыдæлты хæзнаты царды фæндаг …
(видеоролик "Къона")
ФÆЙНÆГЫЛ ДИРИЖЕРТЫ СУРÆТТÆ
Ахуыргæнæг: Уæдæ бирæ музыканттæ кæм баиу кæнынц сæ инструментты зæл æмæ фæцæгъдынц, уæд уыдон та иумæ хуыйнынц оркестр. Разамынд ын фæдæтты дирижер.
Фарст.Зæгъут-ма,кæй зонут зындгонд дирижертæй?
Скъоладзау (дзуапп дæтты) Уыдон -Дудараты Вероникæ, Гергиты Валери, Гæздæнты Булат, Ходы Олег, Къæбойты Мурат æмæ бирæ æндæртæ…
ФÆЙНÆГЫЛ ХИЦÆНÆЙ БУЛАТЫ СУРÆТ
Ахуыргæнæг. Бæлвырддæр нæ разы Гæздæнты Булаты курдиатджын фæзминаг сурæт…
Уый фæндырæй цæгъдын райдыдта 3- азыкконæй. 5-аздзыдæй та йæ хонын райдыдтой чындзхæссæг. Баххæст кодта хъандзал фæндыры хъæлæс. Æрхъуыды кодта хроматикон фæндыр-дыууæрæнхъон: æххæстдæр, аивдæр зæлæн. Разамынд дæтты 60-азы бæрц Цæгат Ирыстоны Музыкалон инструментты оркестрæн.
МУЗЫКÆ ЦÆГЪДЫ , СКЪОЛАДЗАУ ДЗУРЫ ÆМДЗÆВГÆ
Æмдзæвгæ Гæздæнты Булатæн. (кæсы Къораты М.)
Кæны дын Иры бæстæ кад,
Нæртон фæндырдзæгъдæг Булат!
Дæ цардæн азтæй барæн нæй-
Фæцæр нын иу æнус фæрнæй!
Цы лæг нын басгуыхтæ, цы лæг!-
Дæ фæндыр мин хъæлæсæй дзуры
Нæ сæрæй кувæм дын ныллæг,
Зæдау ысвæййын æз дæ цуры!...
Ахуыргæнæг. Хъазт (радзурын)
Рефлекси.
Ахуыргæнæг. Зæгъут-ма,уæдæ цавæр музыкалон инструменттæ уыд абон нæ балцы? !
Скъоладзау (дзуапп датты) Уадындз, хъисын фæндыр, дала фæндыр, 12- тæнон фæндыр, гуымсæг, къæрцгæнæнтæ, хъандзал фæндыр…
Сындæггай хъуысы фæндыры зæл.
Ахуыргæнæг .«Зарæджы, музыкæйы æвдыст цæуы адæмы цард йæ цин æмæ хъыгтимæ. Ирон адæмæн рагæй æрæгмæдæр сæ цардимæ æмдзу кæны музыкæ. Уый фæрцы райхалы ирон лæг йæ æнусты фæндтæ æмæ бæллицтæ»( Абайты Васо).
Гуырцъыты К.,Теджетты В. зарынц "Райгуырæн бæстæ"
Ахуыргæнæг :« Кæй схонæн ис ирон, чи хæссы йæ фыдæлты фарн фыдæй-фыртмæ?!
Скъоладзау дзуры æамдзæвгæ«Æз дæн ирон» (Бедойты А.)