Урочы темӕ: « Магусайæ цард дардмӕ лидзы» Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»- мæ гæсгæ.
Урочы нысантӕ: 1) Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын фӕрстыты руаджы.
2) Скъоладзауты Мамсыраты Д. царды хабӕрттимӕ базонгӕ кӕнын.
3) а) Адӕймаджы аккаг цы у, ахӕм миниуджытӕ рӕзын кӕнын
сывӕллӕтты удыхъӕды
ӕ) Мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы рӕзын кӕнын скъоладзаутӕм
уӕздандзинадмӕ, лӕгдзинадмӕ тырнындзинад.
Урочы цыд:
Орг. хай
Х/к сбӕрӕг кӕнын.
– Чи уыд Гӕбил?
- Цавӕр «арфӕтӕ» фӕкодта Гӕбил йӕхинымӕр йӕ фысымтӕн ӕмӕ цӕмӕн?
- Цӕмӕ тӕхуды кодта Гӕбил? Цӕуыннӕ уагъта Берозон йӕ фырты скъоламӕ? Куыд ӕмбарут ӕмбисонд : « Мах ӕрсытимӕ кӕрдо нӕ цӕгъдӕм?».
- Куыд сахуыр кодта Гӕбил дамгъӕтӕ иртасын ӕмӕ кӕсын?
- Цавӕр хордзинадӕй фӕндыд ракӕнын ахуыргӕнӕгӕн?
- Цавӕр чиныг балӕвар кодта ахуыргӕнӕг Гӕбилӕн?
– Цавӕр чиныг каст ахуыргӕнӕг Ныхасы?
– Цӕуыл дис кодта Гӕбил?
Гӕбилы сурӕт:
• Гӕбил уыд хиуылхӕцаг ӕмӕ уӕздан лӕппу, фысымты раз никуы асгӕрстӕ йӕ хызын, цы йын нывӕрдтой, уый базонынӕн: ахуыргӕнӕгӕй къӕйныхӕй никуы бадомдта, цы чиныг ӕй хъӕуы, уый – нӕдӕр «Абеты Чиныг» , нӕдӕр Къостайы «Ирон фӕндыр» , алкӕддӕр уыд ӕфсӕрмдзаст ӕмӕ ӕнӕфӕстӕмӕсдзургӕ.
• Гӕбил ахуырмӕ уыд тынг ӕмхиц. Кӕд ӕххуырст фыййау уыд, уӕддӕр сахуыр кодта дамгъӕтӕ ӕмӕ Абеты кӕсын. Гӕбил уыд ныфсхаст ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд лӕппу.
• Гӕбил йӕ мадӕн аргъ кӕны, коммӕ кӕсы, сразы ӕхуырсты цӕуыныл, уӕддӕр йӕ мидзӕрдӕйы разы нӕу йӕ мады ныхӕстимӕ: «Мах ӕрсытимӕ кӕрдо нӕ цӕгъдӕм» , «Ды сидзӕр дӕ , ӕмӕ дын уыдон фӕзмӕн нӕй». Гӕбил ӕмбары , йӕ фыд ӕгас куы уаид , уӕд хӕдзары уаид нӕлгоймӕг кусӕг , ӕмӕ уӕд Гӕбил скъолайы ахуыр кӕнид. Фӕлӕ уӕддӕр лӕппумӕ кӕсы худинаг ӕнахуыргондӕй баззайын : «Ныр мӕнӕй фыддӕр, чи у, уыдон чиныджы кӕсын куы базоной, ӕз та куы нӕ , уӕд мӕ мӕлӕт хуыздӕр нӕу?
– Гӕбил уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд , ӕви нӕ?
– Гӕбилы хуызӕн уарзут чингуытӕ кӕсын?
- Ахуыргӕнӕджы тыххӕй та уӕ бон цы у зӕгъын?
Ӕмбисӕндтӕ : «Мӕгуыр зондмӕ хӕстӕгдӕр у».
« Сидзӕртыл дӕр иу хатт хур ракӕсы».
III. Ног темӕ:
Мамсыраты Д. райгуырд Быдыры Дӕргъӕвсы. Дӕбе йӕ мысинӕгтӕ райдайы ахӕм ныхӕстӕй : «Мӕ мад Гӕба – иу афтӕ дзырдтӕ :
- Аст сывӕллонӕй мын амӕй ӕнцондӕр дарӕн ничи уыдис. Дунемӕ куыддӕр фӕзынд , афтӕ иунӕг хъыллист фӕкодта ӕмӕ ныхъхъус. Уымӕй фӕстӕмӕ кӕугӕ дӕр никуы скодта. Ӕвӕццӕгӕн, магуыр , бамбӕрстӕ , цы дунемӕ рацыд, уый йӕ рӕвдауӕг кӕй нӕу , уый».
Йӕ фыд амард Дӕбейы райгуырдӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр. Мадӕн баззад аст сидзӕры хӕссинӕг. Авдаздзыдӕй саби райдыдта йӕ мадӕн ӕххуыс кӕнын : фос хызта, дард мусӕй хаста хъӕмпы ӕргъӕмттӕ , кодта ӕндӕр лыстӕг куыстытӕ. Дӕбе ахуыр кӕнынмӕ бацыд сӕхи хъӕуы райдиан скъоламӕ, фӕлӕ йӕ каст нӕ фӕци, хӕдзары фӕкӕсӕг нӕ уыд . уый аххосӕй. Дӕссаздзыдӕй Дӕбейыл сӕмбӕлд стыр фыдбылыз ,
Найгӕнӕн машина йын йӕ галиу цонг ахауын кодта.
Дӕбейы тынг фӕндыд ахуыр кӕнын , ӕмӕ йӕ хистӕр ӕфсымӕр радта Ӕрыдоны семинармӕ , фӕлӕ йӕ каст нӕ фӕцис : дыууа азы фӕстӕ йӕ сӕхгӕдтой. Фӕстӕдӕр йӕ кармӕ гӕсгӕ , Дӕбе ӕхсӕрдӕсаздзыдӕй бацыд Чырыстоны хъӕуы сӕрмагонд скъоламӕ. Ам банкъардта , кӕй йӕм равзӕрд уарзондзинад аив литературӕмӕ.
Мамсыраты Д. фыццаг сфӕлдыстадон къахдзӕфтӕ райдыдтой Дзӕуджыхъӕуы педагогон техникумы 1927 азы. Фыста ӕмдзӕвгӕтӕ , рацыдысты йын хицӕн ӕмбырдгондӕй 1931 азы – «Фыццаг къахдзӕфтӕ». Техникум каст фӕуыны фӕстӕ Дӕбе куыста Джызӕлы скъолайы директорӕй. Дӕбе йӕ ахуыр дарддӕр ахӕццӕ кодта Ростовы педагогон институты , Ленинграды паддзахадон университеты , фӕлӕ сӕ каст нӕ фӕци йе ’ нӕниздзинадмӕ гӕсгӕ.
Дӕбе ма куыста газет «Рӕстдзинад» - ы, журнал «Ногдзау» - ы ӕмӕ газет « ӕрыгон большевик» - ы редакторӕй.
Цӕрынхъуагӕй амард Дӕбе 1966 азы, ныгӕд ис Сыгъдӕг Мады – Майрӕмы аргъуаны кӕрты».
Дзырдуат
1.Авданбӕттӕн-ирон ӕгъдау:сываллон куы райгуырд,уӕд иу ын скодтой авданбӕттӕн.Ӕрӕмбырд-иу сты сыхы сылгоймӕгтӕ,ӕрцӕттӕ-иу ын кодтой авдӕн ӕд бӕттӕнтӕ ӕмӕ ног хуысӕнтӕ.Цынадтой-иу сывӕллоны.Хуыцаумӕ-иу скуывдтой: «Авды хистӕр фӕу,ӕнӕниз,ӕнӕмаст гуырд у!»ӕмӕ-иу ӕй авдӕны бабастой.Фӕсивӕд хъазт-иу скодтой.
2.Номӕвӕрд-номӕвӕрӕнтӕ кодтой чызгӕн дӕр,фӕлӕ лӕппуйӕн арӕхдӕр.Иу хуыцаубоны-иу хӕдзары хицау фӕдзырдта сыхы лӕппутӕм,ном ӕвӕрӕм сывӕллоныл.Сыхы лӕгтӕ ӕрӕмбырд сты.Ӕрбадтысты фынджы уӕлхъус нӕлгоймӕгтӕ,дыууӕ рӕгъы-иу фӕкодтой,стӕй-иу бабар кодтой худ райсын ӕмӕ хӕлттӕ ӕмбырд кӕнын.Уыцы кӕстӕр иу разылд бадты нӕлгоймӕгтыл,алчидӕр ын-иу загъта йӕ равзӕрст ном,гӕххӕттыл-иу ӕй ныффыста ӕмӕ йӕ аппӕрста худы хуылфы кӕй ном-иу систой,уый уыд номӕвӕрӕг.Номӕвӕрӕг алы аз дӕр сывӕллонӕн хаста хуын:хӕдойнаг,цъындата,мидӕггаг дзаумӕттӕ .
3.Хӕдзары астӕуккаг цӕджындз-афтӕ хуыдтой ирон адӕм хӕдзардарӕг нӕлгоймаджы.
4.Рыныбардуаг-раздӕр-иу Ирыстоны арӕх чи фӕзынд ӕмӕ ахӕлиу,уыцы рынты бардуаг ирон мифологийы.Раджы заманты ирон адӕмыл хӕцгӕ низты азарӕй стыр бӕллӕхтӕ цыд. Уымӕн ӕвдисӕн сты нӕ хӕхбӕсты зӕппадзтӕ.Рыныбардуагӕн кодтой куывдтӕ,уыдис ын кувӕндӕттӕ.Кувӕндон ын ис абон дӕр Джызӕлы.
5.Дӕсны-(умный,ловкий,искусный,знаток,знахарь)-ирон ӕвзаджы дзырд «дӕсны»-йӕн ис,цалдӕр нысаниуӕджы,фӕлӕ дзырд «дӕсныфӕрсӕг»-ын ӕрдзурдзыстӕм.Ирон мифологийыл арӕх ӕмбӕлӕм дӕснытыл.Уыдонӕй иутӕ сты кӕлӕнтӕ чи ӕфтауы,ахӕмтӕ,хонгӕ дӕр сӕ кӕнынц кӕлӕнгӕджытӕ.Иннӕ дӕснытӕ та адӕмы дзӕбӕх кӕнынц кӕлӕнтӕй,амонынц сын,куыд сӕ фервӕзӕн ис.Дӕснытӕ кӕддӕриддӕр уыдысты зӕронд устытӕ.
6.Зӕнгӕйттӕ-ноговицы.Уыдысты сӕракӕй кӕнӕ фӕсмынӕй.Бастой сӕ сӕрмагонд бӕттӕнтӕй.
7.Фӕллойбон-трудодень-колхозонты кусӕн бон.
8.Кӕрдзын-ирон адӕмӕн уыдис се рвылбон хӕринаг.Кӕрдзын кодтой нартхоры ссадӕй,хъӕбӕрхор ӕмӕ еууӕй.Кӕрдзын хӕрынц мисыны кӕнӕ ӕхсыры ссӕстӕй,хъӕбӕр цыхтимӕ .
9.Сӕндӕг-дзул куы ӕрмур кӕнынц хъӕрмхуыппы,ӕхсыры.
10.Кадет-хӕстон-ахуырады скъолайы хъомылгӕнинаг.Радзырды сты урсгвардионтӕ.
11.Большевик-дыууынӕм ӕнусты райдиан фӕзынд ног революцион змӕлд-большевизм.Большевизмы змӕлды архайджыты хуыдтой большевиктӕ.Тох кодтой кусӕг адӕмы бартыл.
12.Ос-Бӕгъатыр-ома «Ирон-Хъӕбатыр»Ирон адӕммӕ уыд цалдӕр Ос-Бӕгъатыры,фӕлӕ зындгонддӕр сты 5ӕнусы цӕрӕг Ос-Бӕгъатыр,фӕмард гуырдзиаг паддзах Вахтанг Горгасалы къухӕй .Дыккаг Ос-Бӕгъатыр цард 1260-1306азты.Уый уыд номдзыд Бӕгъатыр,Иры кад ӕмӕ намыс хъахъхъӕнӕг тӕтӕр-монголы ӕрбабырсты рӕстӕг.Ирон адӕм ӕй таурӕгъты нымайынц,тыхгӕнӕг тых кӕмӕн нӕ ары,ахӕм хъӕбатырыл.Ос-Бӕгъатыр фӕмард 1306азы Бека-ханы къухӕй.
13Таймураз-ацы ном ис Какказы адӕмтӕм,уыдонимӕ ирон адӕммӕ дӕр.Ирон нӕлгоймӕгтӕй ацы ном чи хӕссы,уыдонӕн сӕ зындгонддӕр иу у Кодзырты Таймураз.Санибайаг хъӕбарыр стох кодта кӕсгон кънйазты ныхмӕ,тыххӕй сӕм хъалон исынмӕ куы фӕзындысты,уӕд.Йӕ сӕрмӕ не рхаста худинаг,бахъахъхъӕдта ирон лӕджы кад ӕмӕ намыс Кодзырты Таймураз фӕмард кӕсӕджы уӕздӕттимӕ тохы.Ирон адӕм ыл скодтой зарджытӕ,таурӕгътӕ.Йӕ ном ын ӕвӕрынц абон дӕр ноггуырдтыл.
14.Бола-Хъаныхъуаты Бола уыд хъӕбысӕйхӕцӕг.Хъӕбысӕй хӕцыд цирчы.Йӕ рӕстӕджы Болайы ничи ӕмӕ никуы амбылдта.Уый фӕуӕлахиз дунейы тыхджындӕр богалттыл.
Болайыл ӕвӕрдтой алыхуызон нӕмттӕ: «ирон уӕйыг», «Хъазыбеджы хох», «адӕймаг-хох».Бола канд тыхджын адӕймаг нӕ уыд,фӕлӕ мА уыд ӕнӕхин ӕмӕ хӕларзӕрдӕ дӕр.Уый тыххӕй йӕ ирон адӕм тынг бирӕ уарзтой.
15.Чермен-18-ӕм ӕнусты хъӕздыг ӕлдӕрттӕ хастой дыккаг устытӕ дӕлдӕр социалон къордтӕй,хуыдтой сӕ номылустытӕ,сӕ цоты та кӕвдӕсӕрдтӕ.Номылусы цот уыдысты се лдар фыды кусджытӕ цуанонтӕ,хуымгӕнджытӕ.Тлаттаты Чермен дӕр уыд ахӕм кӕвдӕсард.Йӕ фыд –тӕгиатаг ӕлдар Тлаттаты Бестол.Цардысты Дӕллаг Хъобаны.Ус курын ын нӕма бантыст,фӕлӕ йын уыд номылус,зӕхкусӕг бинонты чызг.Бестол куы амард,уӕд Чермен сабийӕ баззад сидзӕрӕй ,ӕмӕ йӕ йӕхимӕ хъомыл кӕнынмӕ райста сӕ мыггаджы ӕрвадӕлты лӕг Бытъаты Мырзабег.Чермен куы рахъомыл,уӕд ын ӕмбал нӕ уыд хъӕбысхӕсты,хӕстон хъуыддӕгты.
Чермен йӕ фыдӕн иунӕг уыд,ӕмӕ йӕ уырныдта,йӕ фыды бынмӕ йын кӕй баззайдзысты,ӕмӕ уӕзданы ном кӕй райсдзӕн.Фӕлӕ номылусы фырты Тӕгиатӕ кӕвдӕсардыл банымадтой.Хизӕнуӕттӕй йын хай нӕ бакодтой,ӕмӕ Чермен бацыди карз тохы йӕ уӕздан ӕрвадӕлтимӕ.
Хъӕбатырӕй фӕмард йе фхӕрджыты ныхмӕ тохы,адӕм ыл скодтой таурӕгътӕ ӕмӕ хъайтарон зарджытӕ,абон дӕр сӕ ногуырд фырттыл ӕвӕрынц йӕ ном.
Радзырды фыццаг хайы мидис равзарын фӕрстытӕм гӕсгӕ.
1.Цавӕр нывӕй райдайы радзырд?
2.Цӕуыл загъд кӕны ус?
3.Цавӕр нӕмттӕ равзӕрстой номӕвӕрджытӕ?
4.Бердиаты Черменыл Хъӕндил ном цӕмӕн баззад?
5.Цӕмӕй фӕрынчын сты Хъӕндилы мад ӕмӕ фыд?Куыд ӕвдыст цӕуы радзырды фелсыры ӕххуыс?
6.Куыд цардис Хъӕндил,йӕ ныййарджытӕ куы амардысты,уӕд?
4.Абон урочы ногӕй цы базыдтат?
а.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
б.Х/к радзырд дарддӕр бакӕсын ӕмӕ йын йӕ мидис текстмӕ хӕстӕг хи ных.дзур.
в.Чиныджы фӕрстытӕн дзуӕппытӕ бацӕттӕ кӕнын.