kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

”Л?г хъуам? л?джы ном х?сса” (Мамсыраты Д?бейы радзырд “Хъ?ндил”-м? г?сг?.)

Нажмите, чтобы узнать подробности

УРОЧЫ НЫСАНТÆ:

1.Радзырд “Хъæндил”-ы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын

2.Бакусын скъоладзауты ныхасы рæзтыл, темæ мæ цымыдисдзинад рæзын кæнын

3.Скъоладзаутæм рæзын кæнын раст цæстæнгас нæ ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæм, æмбарын сын кæнын куыст адæймагæн йæ царды хос кæй у, уый

УРОЧЫ ФÆЛГОНЦ: ирон литературæйы чиныг, компьютер

ЭПИГРАФ:

“Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ,

Уæ фарнæй фæрнджын ирон хæдзæрттæ

Сымахæй цæуынц уæ хорз кæстæртæм.

Хъæбатырдзинад, рæсугъд æгъдæуттæ.”

                                        Чеджемты Æхсар

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«”Л?г хъуам? л?джы ном х?сса” (Мамсыраты Д?бейы радзырд “Хъ?ндил”-м? г?сг?.)»

УРОЧЫ ТЕМÆ: ”Лæг хъуамæ лæджы ном хæсса” (Мамсыраты Дæбейы радзырд Хъæндил”-мæ гæсгæ.)


УРОЧЫ НЫСАНТÆ:

1.Радзырд “Хъæндил”-ы сæйраг хъуыды бамбарын кæнын

2.Бакусын скъоладзауты ныхасы рæзтыл, темæ мæ цымыдисдзинад рæзын кæнын

3.Скъоладзаутæм рæзын кæнын раст цæстæнгас нæ ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæм, æмбарын сын кæнын куыст адæймагæн йæ царды хос кæй у, уый


УРОЧЫ ФÆЛГОНЦ: ирон литературæйы чиныг, компьютер


ЭПИГРАФ:

“Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ,

Уæ фарнæй фæрнджын ирон хæдзæрттæ

Сымахæй цæуынц уæ хорз кæстæртæм.

Хъæбатырдзинад, рæсугъд æгъдæуттæ.”

Чеджемты Æхсар



  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Ахуыргæнæджы фæрстытæ:

-Чи у нæ радзырдæн йæ сæйраг архайæг?

-Чи уыдис Хъæндил?


(Хъæндил уыдис Бердаты Чермен, магуса лæг).

2-Цæмæй дыккаг фарстæн дзуапп раттæм, уый тыххæй зæгъут, куыд

æмбарут дзырд “фарн”-ы нысан?


Фарн – мир, обилие, счастье


-Чындз фыццаг къахдзæф куы бакæны хæдзармæ, уæд дæр афтæ фæзæгъынц фарн уæм фæцæуы, зæгъгæ, фæрнджын хæдзар, зæгъгæ дæр ма фæзæгъынц

(Хъуысы Чеджемты Æ. музыкæ.)


3.Цæмæн рауад Хъæндилæй магуса лæг?


Уымæн æмæ йæ ныййарджытæ ницæуыл сахуыр кодтой Хистæрыл ахуыр кæны кæстæр дæр хорз æгъдæуттыл, хорз хъуыддæгтыл, хорз миниуджытыл дæр


-Ууыл лзурæг сты Чеджемты Æхсары фыст зарæджы рæнхъытæ, уый у нæ урочы эпиграф дæр.(бакæсын эпиграф)


-Куыд дардта Хъæндил йæхи йæ мад æмæ фыды зианы?


Кæуынмæ дæр нæ хъавыд, фæлæ кæртæй йæ мады 'фсымæры кæуын куы фехъуыста, уæд æй бамбæрста, афтæ кæуын хъæуы, зæгъгæ


Хъæндилæн хорз адæймаг схонæн ис? Цæуылнæ?


Уыдис магуса, æнæгъдау лæг

Хъæндил йæ царды æппæты тынгдæр цæмæй тарст?

Мæлæтæй тарст алы къахдзæфыдæр


-Цæуыл фæцис йæ цард Хъæндилæн?


Асинтыл хизгæйæ къæпхæн йæ быны ныссаст æмæ амарди


2.Ног æрмæг дарддæр. Радзырды анализ

1.Хъæндилы фæлгонц

-Æрфыссут йын йе 'ддаг бакаст


Ацæргæ лæг, хæргæ – хæрын йæ хъуынджын фындзы сым – сым цæуы, йæ худ йæ сæрæй сисы, Хъæндил та фынджы уæлхъус дæр йæ худ нæ исы фынджы раз бадгæйæ дæр


Ахуыргæнæг: -Ирон æгъдаумæ гæсгæ нæлгоймаг хæдзары дуарæй куы бахизы, уæд йæ худ йæ сæрæй сисы, Хъæндил та фынджы уæлхъус дæр йæ худ нæ исы


-Уæдæ уæм цавæр хъуыдытæ сæвзæрд радзырды фыццаг рæнхъытæ бакæсгæйæ?


Адæймаг уæздан æмæ кадыл мæлæг лæг у, æви нæ, уый йæ хæрдыуагæй дæр бæрæг вæййы, ам Хъæндил равдыста йæхи æнæуæздан, æнæгъдауæй, ирон фынгыл æртæ уæливыхæй фæкувынц, уый та ирон фынджы кад сафы, йæ сойæдзаг къухтæ асæрфы йæ дарæсыл, йæ бинойнагæн тæригъæд нæ кæны, фæлæ йын алы уæззау куыст кæнын кæны


-Бердаты бинонтæн лæппу куы райгуырд, уæд ын цавæр ном агуырдтой?


Алы мад æмæ фыды дæр фæфæнды цæмæй сæ фыртæй рауайа зындгонд æмæномдзыд лæг. Афтæ мад æмæ фыд агуырдтой исты ном зонд дæр кæм уыдаид, хъæбатырдзинад дæр, ныфс дæр, кад дæр, ахæм ном.


-Хъæндил бафыста йæ ныййарджыты тухæнтæ?


Йæхи уарзондзинад уыйбæрц бæрзонд æвæрд уыди, æмæ йæ нæ бамбæрста, кæй фæхицæн ацы дунейы хуыздæр лæварæй, уыцы зынаргъ лæвæрттæ та сты ныййарæг мад æмæ фыд


-Зæгъут-ма, адæймаг куы райгуыры, уæд цы вæййы йæ царды нысан?


Адæймаг куы райгуыры, йæхи æмбарынхъом куы фæвæййы, уæд архайы, цæмæй царды исты хорздзинад сараза, йæ фæстæ хорз фæд ныууадза. Хъæндил та царды æнæмæтæй, йæ ус кусгæ, лæг та хæргæ


-Хъæндил йæхи хоны астæуккаг цæджындз æмæ æцæг афтæ у?


Хæдзары астæуккаг цæджындз-иу хуыдтой бинонты ныфс чи уыд, ахæм нæлгоймаджы, ам та ахæм схонæн ис йæ усы, уый у кусаг, хæдзардарæг


-Зæгъут, цæмæн фæцис йæ радзырд ахæм ныхæстæй: “Цыма хъæндилы мардыл цæмæн афæлурс уыдаид…?”


Фыссæг нын æмбарын кæны, хъæндилæй кæй фæцард æмæ хъæндилæй кæй амард, уый


-Цавæр æмбисæндтæ æрхæссæн ис Хъæндилы фæлгонцмæ?


“Лæг хъуамæ лæджы ном хæсса”

“Сылгоймаджы дæр æмбарын хъæуы”

“Магусайæ цард дардмæ лидзы”

“Хорз лæг адæмæй хæс дары”


-Сымах астæу магусатæ нæй?

-Сымахæн та уæ сæйраг куыст цы у?


Хорз ахуыр кæнын, хæрзæгъдау уæвын, хистæртæм хъусын


-Уыцы хæстæ куы æххæст кæнат, уæд уыдзыстут хорз скъоладзаутæ

рхæссут уæ алыварс цардæй хорз адæмы тыххæй дæнцæгтæ


Урочы хатдзæг

Фæрстытæ

-Цæуылнæ ахуыр кæны ацы радзырд?


Куыстуарзаг, æгъдауджын æмæ уæздан уæвыныл


Ахуыргæнæджы хатдзæг


Дæбе ма йæ радзырды равдыста ирон æгъдæуттæ, ирон царды уаг, историон цæутæ.

Мæнмæ гæсгæ нæ ацы радзырд бирæ цæуылдæрты ахъуыды кæнын кодта уыцы хъуыдытæн сæ сæйрагдæр у адæймаг цæмæн равзæры æмæ йыл цы хæстæ ис царды, уый. Уыцы хæстæн та сæ ахсджиагдæр у куыст. Хъуамæ алчи дæр тырна уымæ, æмæ йын адæмы æхсæн уа кад, аргъ ын кæной йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уат, адæмимæхæларæй куы цæрат, царды исты хорздзинад ныууадзын мæ куы тырнат, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырд адæймаг. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис.Хъæдилæн дæр йæ хъысмæт хъуамæ афтæ ма рауадаид, йæ ныййарджытæ ын буц митæ куынæ кодтаиккой, алцæмæй йын куынæ тарстаиккой, уæд. Æввонгхор, магуса уæвын худинаг у, æмæ йæ уæ сæрмæ макуы æрхæссут.

Кæронбæттæн

1.-Абоны урок уæ зæрдæмæ фæцыд?

-Хорзæй цы райстат ацы уроктæй?

2.-Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

-Нæ абоны урочы хорз дзуæппытæ лæвæрдтой…


Хæдзармæ куыст

  1. Радзырды мидис текстмæ хæстæг хи ныхæстæй дзурын

  2. Чиныджы фæрстытæн дзуæппытæ бацæттæ кæнын

  3. Ныффыссын фæйнæ фондз æмбисонды куыст æмæ фæллойы тыххæй







Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс

Скачать
”Л?г хъуам? л?джы ном х?сса” (Мамсыраты Д?бейы радзырд “Хъ?ндил”-м? г?сг?.)

Автор: Цаллаева Лидия Касболатовна

Дата: 17.12.2015

Номер свидетельства: 267272


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства