kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Куыд ?взарын хъ?уы ным?цон

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан:

1.Ног æрмæг равзарын.

2. Сывæллæтты зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын нымæцоны  тыххæй адæмон сфæлдыстады бындурыл.

3. Сывæллæттæм гуырын кæнын адæмон сфæлдыстадмæ  цымыдисдзинад.

Урочы фæлыст: 1. Ныв «Ирон фынджы фарн».

                                2. Уазæг – Нымæцон.

                                3. Ныв «Ссар рæдыд».

                                4. «Ханты цагъд»-ы мелоди, «Æртхурон»-ы  мелоди

«Хъæздыг æмæ æвидигæ у ирон адæмы сфæлдыстад. Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст…»

                                     Джыккайты Шамил

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Куыд ?взарын хъ?уы ным?цон»

Урочы темæ: Куыд æвзарын хъæуы нымæцон.

Урочы нысан:

1.Ног æрмæг равзарын.

2. Сывæллæтты зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын нымæцоны тыххæй адæмон сфæлдыстады бындурыл.

3. Сывæллæттæм гуырын кæнын адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад.


Урочы фæлыст: 1. Ныв «Ирон фынджы фарн».

2. Уазæг – Нымæцон.

3. Ныв «Ссар рæдыд».

4. «Ханты цагъд»-ы мелоди, «Æртхурон»-ы мелоди.


«Хъæздыг æмæ æвидигæ у ирон адæмы сфæлдыстад. Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст…»

Джыккайты Шамил


Урочы цыд:

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, уæ бон хорз.

Абон нæм уазджытæ ис, уазæг та хуыцауы уазæг, фæзæгъынц Ирыстоны æмæ сын «æгас цæут» зæрдиагæй зæгъæм. Ацы урочы дæр та ныхас уыдзæн нымæцоны тыххæй æмæ уал хæдзармæ куыст сбæрæг кæнæм.

Х\к сбæрæг кæныны фарстатæ:

1. Цал нымады хуызтæ базыдтам?

2. Куыд фыссын хъæуы нымæцонтæ аст-ы бындурыл цы æн-

дæр нымæцонтæ сæвзæры, уыдоны райдайæны.


Ног æрмæг. Ахуыргæнæг:

Нымæцонтæ æвзаргæйæ ма абон мах ныхас кæндзыстæм адæймаджы хуыздæр миниуджытæй иуыл – хæлардзинадыл.

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйад:

Дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы.

Кæцы дзырд у ам нымæцон?


Хæс: Алы скъоладзауæн дæр лæвæрд цæуы карточкæ иу хъуыдыйадимæ, кæцыйы ис нымæцон. Пъланмæ гæсгæ æвзарын нымæцон. (компьютер).

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйад. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? (Къоста. «Лæскъдзæрæн»)

…Фынг æртæкъахыг

Уазæгæн йæ фæллад сафы,

Зианджынæн йæ хъыг.

- Кæцы дзырды ис нымæцон?

- Равзарæм æй дзырды хæйттæм гæсгæ.

Æртæкъахыг


Цымæ нæ фыдæлтæ сæ фынгæн 3 къахы цæмæн скодтой? Цæмæн сын уыди тымбыл зылд?

Хъуысы «Ханты цагъды» мелоди.

3 сæйраг тыхмæ, 3 хорзæхмæ амыдтой фынджы 3 къахы.

Фыццаг – Хуры Хурмæ

Дыккаг - Хуыцаумæ

Æртыккаг – Зæхмæ.

Тымбыл дæр у Зæххау, Хурау.

Æнæкæрон – Дунейау, нæдæр ын райдайæн ис, нæдæр – кæрон…


Фынг-этимологи. (компьютер).

Равдыст : Чидæр хойы.

Ахуыргæнæг: Цыма нæм чидæр хойы?

Уазæг: æмбæлы уæм? Уазæг уадзут?

Ахуыргæнæг:

Мидæмæ, Мидæмæ. Уазæг – Хуыцауы Уазæг.

О, фæлæ дæ цыма никуы федтам ныры онг.

Уазæг: О, о раст стут. Цæсомæй мæ никуы федтай, фæлæ уæм мæ кой арæх рауайы, æмæ, зæгъын, бавдæлон , æмæ уемæ базонгæ уон.


О! æз бирæ куыстытæ фæкæнын,

Арвыл стъалытæ нымайын,

Сахаты рæстæг æвдисын,

Суанг ма уасæгæй дæр домын уасын,

Раджы, иу æртæ-цыппар сахатыл.

Базонут-ма,чи дæн æз?


Сывæллæттæ: Нымæцон.


Нымæцон: О, раст мæ базыдтат, мæ хуртæ.

Куыд кæсын, афтæмæй æмбаргæ сабитæ стут. Æмæ уæд ирон æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæм та куыд стут? Куыд сæм арæхсут?

Кæронмæ ахæццæ кæнут ацы æмбисæндтæ, мыййаг сæ кæд хистæртæй фехъуыстаиккат. (компьютер).


Уазæг: Ай æцæг ирон сабитæ куы стут!

Уæдæ ма мын мæ уыци-уыцитæ дæр базонут. (компьютер)


Уазæг: Мæнæ куыд бирæ зонынц! Бирæ хъæлдзæг бонтæ уыл кæнæд! Скъолайы мæ нымæцты хуыздæр «5» у æмæ фондзыл ахуыр кæнут æмæ амондимæ байрæзут!


Ахуыргæнæг:

Бузныг, нæ зынаргъ уазæг!

Дæ арфæтæ ныл æрцæуæнт.

Ды та фæндараст кæн!

Нæ уазæг нын диссаджы æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ бацамыдта. Цас зонд æмæ царды фæлтæрддзинад ис нæ адæмон сфæлдыстады?!

Уыцы уацмыстæ нæ рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнынц фæзминаг æгъдæуттыл, рæстдзинадыл кусыныл, æвзæрдзнадæй хи хъахъхъæныныл.

Адæмон сфæлдыстадмæ рагæй дæр се ‘ргом здæхтой ирон фысджытæ, ахуыргæндтæ.


Æмæ эпиграфæн нæ абоны урокæн райстам зынгæ ирон поэт, ахуыргонд Джыккайты Шамилы ныхæстæ. (компьютер)

Ирон адæмон сфæлдыстады иуæй-иу нымæцонты æвæрд ис дины тæваг, дзурынц сæ нымдгæнгæ, ома æфсæрмыгæнгæйæ, табугæнгæ.

Зæгъæм, нымæцон 3 (æртæ).

Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, нымæцон 3 арæхдæр цавæр дзырдбæстыты фембæлы.( 3 чъирийы, 3 фæрсчы, æртæдзыхонтæ, æртыкъахыг фынг, 3 хистæры, 3 Нарты, æртхурон).


Нымæцон 7-имæ дæр и сбирæ дзырдбæстытæ: аргъæутты авд дуары, 7 дæлзæххы, 7 уæлзæххы, 7 хохы сæрты, бæркæдтæ сты авд авды, чындзæн 7 фырты тыххæй фæкувынц, сывæллоны авдæн дæр у авд сабийæн конд.


Ныр нымæцонты тыххæй цы базыдтам, уый сфæлхат кæнæм.

1. Цы хонæн нымæцонтæ?

2.Цавæртæ вæййынц нымæцонтæ?

3. Сæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?

4. Куыд фыссæм вазыгджын нымæцонтæ?

5. Куыд фыссæм амад нымæцонтæ?

6. Куыд тасындзæг кæнынц нымæцонтæ?


Уæдæ адæймаджы хорз миниуджытæй цавæрыл дзырдтам нæ урочы? (Сывæллæттæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ).

Хæдзармæ куыст: Ирон литературæйы чиныджы ссарын æмæ рафыссын 5 хъуыдыйады æмæ сæ пъланмæ гæсгæ рафыссын.





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
Куыд ?взарын хъ?уы ным?цон

Автор: Цакоева Людмила Касболатовна

Дата: 27.11.2015

Номер свидетельства: 259059


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства