kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Конспект урока на тему: Мамсыраты Д?бейы радзырд «ХЪ?ндил»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ:Хъæндилы фæлгонц Мамсыраты Дæбейы радзырд «ХЪæндил»-мæ

  Текст:        «Хъæндил»  Мамсыраты Дæбе    

                                                                           Презентация                          

Урочы нысан: 1 Ахуырдзауты зонгæ кæнын Мамсыраты Дæбейы  сфæлдыстадимæ.Хъомыладон хæс: ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинады æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ ирон фысджыты сфæлдыстадмæ,Райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ,ирон æгъдæуттæм.

Цæстуынгæ æрмæг  компьютер, проектор.

Урочы   цыд.

1.Бацæттæгæнæн хай.

2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фæрстытæн дзуапп дæттын.

- Фæстаг урочы  равзæвстам радзырд «Хъæндил»-ы 1-аг хай æмæ йæ хъуамæ хæдзары

    бакастаиккат кæронмæ, цæмæй нын æнцондæр уа ныр дзурынмæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«конспект урока на тему: Мамсыраты Д?бейы радзырд «ХЪ?ндил»»

Темæ:Хъæндилы фæлгонц Мамсыраты Дæбейы радзырд «ХЪæндил»-мæ

Текст: «Хъæндил» Мамсыраты Дæбе

Презентация

Урочы нысан: 1 Ахуырдзауты зонгæ кæнын Мамсыраты Дæбейы сфæлдыстадимæ.Хъомыладон хæс: ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинады æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ ирон фысджыты сфæлдыстадмæ ,Райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ,ирон æгъдæуттæм.

Цæстуынгæ æрмæг компьютер, проектор.

Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн хай.

2.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Фæрстытæн дзуапп дæттын.

-- Фæстаг урочы равзæвстам радзырд «Хъæндил»-ы 1-аг хай æмæ йæ хъуамæ хæдзары

бакастаиккат кæронмæ, цæмæй нын æнцондæр уа ныр дзурынмæ.

Эпиграф. Лæг хъуамæ лæджы ном хæсса

Æмбисонд

1.Нæ эпиграфы ныхæстæ куыд æмбарут? (лæг хъуамæ …) Чи нæу разы?

---Цы у Хъæндил? Цавæр адæймагæй фæзæгъынц: «Хъæндилы цард кæны, Хъæндилы

лæст кæны? ( Ницæййаг , куы ницæмæ фæарæхсынц)

--Цæмæн схуыдта Дæбе йæ радзырд афтæ, куыд уæм кæсы? (йæ сæйраг архайæг фæцард

хъæндилы хуызæн ,ницæййаг цард,æнæпайда цард)

--Куыд бамбæрстат радзырды мидис, уый сбæрæг кæнæм .Кæрæдзимæ фæрстытæ раттут.

--Чи у сæйраг архайæг?

--.Цæмæн рауад Хъ-й магуса лæг?

--Черменыл Хъæндил ном цæмæн баззад?

-- Цæмæн æрцахстой кадеттæ Хъ-лы?

-Хъæндил йæ царды æппæты тынгдæр цæмæй тарс?

--Куыд фæцис Хъ-н йæ цард?

2. Ныр та лæмбынæгдæр æрдзурæм Хъæндилы фæлгонцыл.

----Ссарут-ма кæнæ радзурут Хъ-лы æрфыст_.

Презентаци

---Цавæр адæймаг уæм фæкаст фыццаг рæнхъытæ бакæсгæйæ? Уæздан æмæ кадыл архайæг лæг у æви . Фыссæг нын рагацау цавæр лæг равдыста?

(Æнæгъдау, æнæконд , зивæгганаг. Ирон фынджы æгъдау худинаг кæны. Ирон фынгыл

чъиритæ фæкувынц , Хъæндил та йæ хæринагæй дзаг къухтæ йæ зæнгæйттыл асæрфы, йæ сойæдзаг къухтæ йæ дарæсыл асæрфы , йæ бинойнагæн ницæмæй тæригъæд кæны.. Уый æцæг ирон лæджы ми нæу.)

Радзырды райдайæны нæ фыссæг сцымыдис кодта , æмæ нæ æрфæндыд базонын , чи у ацы ницæййаг лæг.

3. Алы мад æмæ фыды дæр фæфæнды, цæмæй сæ цотæй ,уымæйдæр ма лæппуйæ рауайа зындгонд, кадджын лæг, æмæ цын ном дæр-у афтæ агуырдтой.

--Бердаты бинонтæм лæппу куы райгуырд, уæд ын ном куыд æвзæрстой æмæ цавæр

Нæмтæй равзæрстой? ( Хъ-лы мад æмæ фыд дæр агуырдтой исты стыр ном , кадджын ном , кæм уыдаид зонд дæр , хъару дæр, ныфс , кад дæр.Ирыстоны кадджын ном Ч-н)


--Кадджын лæгты нæмттæй равзæрстой ном Чермен. Чи уыд? ( Тлаттаты Чермен- йæ

фыд уыд æлдæрттæй, йæхæдæг та – кæвдæсар, мæгуыр. Адæмы сæрыл

тохгæнгæйæ фæмард)

Фæлæ уыцы кадджын номæй æрхауд ХЪ-мæ , æмæ дзы цавæр адæймаг рауад?

Сценкæ(ацы диалогæй цы бамбæстам?)

(Æнæмæт, тæппуд, зивæггæнаг, магуса, лæвархор ,цыбыр зонд, хиппæлой)

.æ ныхæстæ ма бафидар кæнут дæнцæгтæй194 ф.


Дæнцæгтæ.( Тæппуд -197 ,200 ф.) (Зивæггæнаг -192), (Цыбыр зонд – 199) , (Хиппæлой 197 ф.) Йæхи куыд суыдта? --(Хæдзары астæуккаг цæджындз ) Уый афтæ у ? Кæмæй фæзæгъынц афтæ? (Бинонты, мыггаджы ныфсæй , бинонты чи фæдары.

Хъ-л та - магуса , хиппæлой.)

---Æмæ кæй аххосæй рауад кадджын номы хицау лæппуйæ ахæм лæг? --Раст схъомыл кодтой ныййарджытæ сæ сывæллоны? (Ныййарджытæ дзы рауайын кæдтой ахæм

ницæййаг)

--Куыд бафыста Хъ-л йæ ныййарджыты тухæнтæ, сæ уарзон хъæбулмæ?( Йæхи уыйбæц уарзта æмæ йæм нæ бахъардта йæ ныййардыты мæлæт. кæй фæхицæн йæ ныййарджыты рæвдыдæй … 195, 196 ф )


--Сывæллон куы райгуыры, уæд йæ царды нысан цы вæййы æмæ Хъ-лы цардæн та куыд схонæн ис? (Сывæллон куы райгуыры æмæ йæхи æмбарын куы райдайы , уæд ын хъуамæ уа æмбæлттæ, æххуыс кæна йæ ныййарджытæн , йе мбæлттæн, стырæй хъахъхъæна йæ бинонты , йæ райгуырæн бæстæ,Нæ фыдæлтæ сæ цард лæвæрдтой хæсты Р.Б. тыххæй. Æцæг лæг хъуамæ исты хорз хъуыддæгтæ кæна ,куы амæла уæддæр ын йæ ном куыд нæ рох кæной адæм ,афтæ.Чермен, Къостайы …. хуызæн.

Хъ-л та ницы ныууагъта йæ фæстæ, ницы хорздзинад скодта …. Иу æмбал дæр ын нæй)



--Æрмæст ын иу мæт йæ зæрдæ бахордта, Хъæндилы зæрдæ йæхи къултыл хойы :

« æмæ уæд дунейы цæрджыты æхсæн нал уыдзынæн?» Цы сты ацы ныхæстæ? - Фраз-змтæ

Ацы ныхæстæм гæсгæ зæгъæн ис, Хъ-л æрмæстдæр иу хъуыддагыл мæт кодта.

Цæуыл? ( Куы амæла , уымæй тарс Куыд аирвæза мæлæтæй,ууыл архайдта)




--Цавæр ныхæстæй фæцис радзырд? (Цымæ Хъæндилы мардыл цæмæн афæлурс ? …

Ахæм ныхæстæй цæмæн фæцис радзырд?

( Хъæндил хъæндилы хуызæн фæцар æмæ Хъæндилы хуызæн æгад мард акодта.)

Гæнæн уыд æмæ Хъ- л ахæм мард нæ акодтаид? Уый тыххæй хъуамæ цавæр цард кодтаид? ( Æцæг лæджы цард, кусгæйæ.Уæд йæ къæпхæн дæр цалцæггонд уыдаид)


--Уæдæ нæ цæуыл ахуыр кæны фыссæг? (Цæмæй мах уæм ..)


1.Пълан (Презентаци)

---Фыссæг нæ Бердаты Чермены цардимæ куыд базонгæ кодта ,сывæллон куыд рæзыд афтæ?

1. Чермены сабийы бонтæ.

2. Хъæндил – ацæргæ лæг.

3. Хъæндилы мæлæт.

(1 хай- ацæргæ лæг, 2 хай --Хъ-лы райгуырд, йæ сабиы бонтæ , 3 хай - дарддæр йæ

цард, йæ мæлæт)

Радзырды райдайæны нæ фыссæг сцымыдис кодта , æмæ нæ æрфæндыд базонын , чи у ацы ницæййаг лæг.

Ахæм композицийæ спада кодта фыссæг.

2. Физминуткæ.Релаксаци.

Ныр та сбадут ,куыд уын æнцондæр у ,афтæ. Уæ цæстытæ сæхгæнут æмæ ахъуыды нæнут хорз адæймагыл .уæ ныййарджытыл, хорз хъуыддагæй цы скодтат кæнæ скæндзыстут.Уæ хъуыдыты пайда кæнут ирд ахорæнтæй, хурау куыд æрттивой.. .Бадут дидинæгджын фæзы. Фæлмæн хур уæ тавы. Мæргътæ зарынц, уæ зæрдæтæ сты райынц. Ныр та уæ къухтæ хæрдмæ сивазут уыцы хорздзинадмæ, лæгдзинадмæ, бамбæлут ыл. Уæ къухмæ йæ райсут. Уый дæр у фæлмæн æмæ хъарм . Уæ къухтæ æруадзут æмæ сæ уæ зæрдæ нылхъивут. Уадз æмæ уæ зæрдæты цæра æцæг ирон лæгдзинад. Уæлахиз кæнут тæппуд , æвзæрдзинадыл.


3.-Цавæр ирон æгъдау нын равдыста фыссæг? (Номæвæрд) Куыд æй кодтой?

( Дзуры скъоладзау )

4Ирон царды уагимæ баст нывтæй та нын ца равдыста ? ( Ирон фынг, æхсыры

сæндæг) -- Уый та цы у?

5.Историон цаутæй та дзы цы ис? б. Мидхæст

-- Цавæр дзырдтæм гæсгæйæ бамбæрстат? (Револæци, большевиктæ, кадеттæ)

б.Колхозызы мызд куыд истой ((Абоны хуызæн æхца нæ, фæлæ фæллойбонтæ)

Уый та цы у ? ( Цал боны бакуыста адæймаг, уымæ гæсгæ йын даттынц картоф.

мыд , цы ис колхозы , уый.


6.Æрæджы ахуыр кодтам иу уацмыс ,æмæ дзы уыд ХЪæндилæн йæ ныхмæ чи лæууы

ахæм хъайтар. Чи йæ хъуыды кæны? (Датиты Исламы радзырд «Ахæстоны2

Ныхæй ныхмæ ма æрæвæрæм ацы 2 адæймаджы миниуджытæ.


(Презетаци)

Ислам нын равдста


Дæбе равдыста

1.ныфсджын

2.мæлæтæй нæ тæрсы

3.адæмы сæрыл тох кæны

4.йæ цард радта растдзынадыл

5.æцæг хъайтар


1.тæппуд

2.мæлæтæй тынг тæрсы

3.хорздзинадæй никуы ницы скодта

4.хъæндилы мард акодта

5.ницæййаг лæг


---Хæстæг та кæмæ лæууы? (зылын лæг, Гæдо) уыдоны дæр цæттæй хъуыд алцыдæр.

---

7.Хæс уын радтон, Салтыков –Щедрины радзырд « Премудрый Пескарь» бакæсын. Исчи йæ бакаст,?

---Уæдæ сæм иумæйагæй цы федтат? ( Сæ 2 дæр уыдысты тæппуд, тарстысты мæлæтæй, хорздзинад никуы скодтой, сæ фæстæ хорзæй ницы ныууагътой, сæ зæрдæты рухсдзинад нæ уыд.



8.. Хъ-лы фæлгонц равдиынæн Дæбе спайда кодта, куыд федтам афтæмæй, тынг дæсны

æвзагæй , бирæ мадзæлттæй.

  1. Фразеологизмтæ-

  2. Барæнтæ (æмбыд къодах; кæфхъуындар бады æмæ æнæрæнцойæ æмпулы,

Мыдыкъусчыты хуызæн хæдзæрттæ)

3.Ирон æлгъыстытæ ( Кæд дзы де взæр ахсæн атъæпп ласид)

4. Ирон рæвдауæн ныхæстæ ( мæ бон, дæ фæхъхъау фæуон)

5. Миниуæг тыхджындæргæнæн дзырдтæй. ( Сбогъ- богъ кодта- синонимтæ

нырдиаг кодта, скуыдта , атъæпп ласид)

6.диалог

9. Уæ зæрдæмæ цы фæцыд Хъ-лы фæлгонцы. , ахæм æмбал кæй хъæуы7

Сымах та куыд хъомыл кæнынц уæ ныййарджытæ, афтæ бирæ уæ уарзынц сымах дæр æмæ уæ хъазын, кусын нæ уадзынц , æмæ цавæр цæстæй кæсут фæллоймæ?




--Уæдæ цавæр хатдзæгмæ æрцыдыстæм , цæуыл нæ ахуыр кæны Дæбе?

Ныййарджыты, æмбæлтты, адæмы уарзын хъæуы, магуса , тæппуд уын худинаг у.

хорздзинад кæнын хъæуы, стыр лæг суæвынмæ бæллын хъæуы æмæ йыл архайын хъæуы.

10.Уырыссаг литературæйы ис зындгон фыссæг Островский .Уый хъайтар афтæ загъта:

«Цард афтæ бацæрын хъæуы , æмæ дын худинаг ма уа цардмæ фæстæмæ ракæсгæйæ» .

Æмæ мæ тынг фæнды ,цæмæй сымах дæр афтæ арвитат уæ цард , æмæ зæронды бонты фæстæмæ куы акæсат, уæд уын худинаг куыд нæ уа. Байзæддæгтæ уын уæ нæмттæ сæрыстырæй куыд дзурой.

Æцæг лæг суæвын тынг зын у. Фæндаг дæр æм тынг зын æмæ даргъ у. Адæймаг рæдийгæ дæр фæкæны йæ царды , фæлæ йæ сраст кæнынмæ хъару хъæуы. Æмæ уæм уыцы хъару куыд уа.Уæ фæндаг та намысджын лæг суæвынмæ куыд цæуа.

Æмæ нæ урочы темæ ,эпиграфы ныхæстæ : «Лæг хъуамæ лæджы ном хæсса» уæ царды нысан куыд суой.


VI. Кæронбæттæн хай бæрæггæнæнтæ– х//к фæбæрæг кæнын

































Гом урочы нывæст

(5 кълас)

Темæ:Хъæндилы фæлгонц Мамсыраты Дæбейы радзырд

«Хъæндил»-мæ гæсгæ.





Ахуыргæнæг: Цориты Л.М.















































Сывæллоны номæвæрыны кодтой бæрæгбон. Ацы бæрæгбон кодтой чызгæн дæр, фæлæ лæппуйæн арæхдæр. Хуыцаубоны –иу хæдзары хицау фæдзырдта сыхы лæгтæм. Æрæмбырд сты сыхы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ.Хæдзар –иу кусарт акодта . Лæгтæ- иу æрбадтысты фынджы уæлхъус , дыууæ куывды фæстæ-иу фæдзырдтой кæстæрмæ.Уый –иу æрзылд лæгтыл . Алчидæр ын загъта , цы ном равзæрста,уый. Лæппу сæ гæххæттыл ныффыста , худы сæ æппарста.Уый фæстæ лæппу иугай иста æмæ сæ хъæрæй каст. Мад , фыд .хæдзары хистæр цы ном равзæрстой , уый-иу сывæллоныл сæвæрдтой. Нуазæн –иу авæрдтой номæвæрæгмæ,арфæтæ йын ракодтой ноггуырды цæрæнбоны тыххæй. Номæвæрæг алы аз дæр сывæллонæн хаста хуын: хæдойнаг,цъындатæ æмæ æндæртæ.




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс

Скачать
конспект урока на тему: Мамсыраты Д?бейы радзырд «ХЪ?ндил»

Автор: Цориева Лидия Магометовна

Дата: 06.12.2015

Номер свидетельства: 262918


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства