kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Конспект урока на тему: "Нары райгуырдис Къоста".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Конспект урока по осетинскому языку в 4 классе на тему" Нары райгуырдис Къоста"

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Конспект урока на тему: "Нары райгуырдис Къоста".»



Урочы технологон картæ.

Ахуыргæнæг: Рубайты Шамилы чызг Зæринæ.

Предмет: ирон æвзаг

Кълас: 4 «А» (уыр. къорд)

Урочы тип: Ног æрмæг бацамонын.

Урочы темæ: «Нары райгуырдис Къоста».

Урочы нысан: а)Скъоладзауты базонгæ кæнын ног æрмæгимæ.

æ) Зæрдыл æрлæууын кæнын Къостайы уацмыстæ, йæ цардыхабæрттæ.

б) Уарзондзинад райгуырын кæнын скъоладзауты зæрдæты нæ уарзон поэтмæ, нæ Иры адæммæ.

Урочы цыд.

  1. 1. Организацион хай.

  1. Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг.

  2. Мыртыл куыст.

  1. Ног æрмæг бацамонын.

  1. Кæсынц видеороликмæ. (Æвдыст дзы цæуы Нары хъæу, хъуысы дзы Къостайы æмдзæвгæ).

  2. Видеороличы фæрцы сбæрæг кодтой урочы темæ. (слайд)

(Нары райгуырдис Къоста).



  1. Скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кодтой Х. Къостайы царды хабæрттæ ахуыргæнæджы æххуысæй. (Слайдтæ)

Х. Л. Фырт Къоста райгуырдис 1859 азы Нары хъæуы. Йæ фыд Леуан уыд зондджын, æууæнкджын адæймаг. Къостайы мад -Гуыбаты Гаврилы чызг Мария. Мария йæ цардæй ахицæн, Къоста хæрз чысыл куы уыд, уæд. (Иу – дыууæ мæйы цыдаид Къостайыл). Къостайы схаста се рвадæлты чындз Чендзе. Йæхи сывæллæттæй йæ ницæмæй хицæн кодта, тынг æй уарзта. Х. Къостайы фыд Леуан дыккаг хатт ус куы ракуырдта, уæд Къостайыл цыдис 5 азы бæрц. Йæ дыккаг ус уыдис Сухиты Хъызмыдæ (сауджыны чызг). Къоста дзырдта: «О Хъызмыда нечего и говорить. Она меня… не любила. В раннем детстве я убегал от нее к разным родственникам».

Кæд Къоста мады рæвдыд нæ федта, уæддæр йæ сабийы бонтæй - йæ амæлæты онг, йæ цæстытыл уад уарзон ныййарæджы сурæт. Къоста адæмы ныхæстæм гæсгæ сныв кодта йæ мады портрет. Слайдтæм гæсгæ дзурынц:

А) Къоста райдиан скъолайы ахуыр кодта Нары.

Б) Уый фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназы.

В) 1871 – 1881 азмæ ахуыр кодта Стъараполы гимназы, уым райдыдта фыссын йæ фыццаг æмдзæвгæтæ, ныв кæнын.

Г) 1881 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Бетъырбухы аивæдты академимæ. 1883 азы цухгонд æрцыд ахуырæй æмæ æрыздæхтис Дзæуджыхъæумæ.

1899 азы мыхуыры рацыд йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Къоста нымад у ирон литературæйы бындурæвæрæгыл. (Слайд) Йæ уацмысты Къоста æвдисы мæгуыр адæмы цард, дзуры хицауады ныхмæ. а.д.

Д) Къостайы нывтæ.

Е) Къостаимæ баст бынæттæ.

  1. - Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Къостайы æмдзæвгæтæй цалдæр. Скъоладзаутæ дзурынц æмдзæвгæтæ: «Уасæг», «Дыууæ халоны», «Лæгау», «Дзывылдар», « Балцы зарæг».

  2. Аулæфт.

  3. Сценкæйы хуызы сывæллæттæ æвдисынц (дзурынц) æмдзæвгæ «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Фæстæмæ раздæхтыстæм йæ биографимæ. Х. Л. фырт Къоста амардис 1906 азы, 1 апрелы рæуджыты низæй. Ныгæд ис Ирон аргъуаны кæрты. (Слайд).

  1. Къостайæн ис æмдзæвгæ «Зонын» - зæгъгæ. ( Сывæллæттæ хъусынц æмдзæвгæмæ, кæсы йæ Джусойты Нафи-видео. Йæ тæлмац та йын кæсы ахуыргæнæг). Беседæ.

  2. Хибарæй куыст. Тест.





ТЕСТ:

  1. Хетæгкаты Къоста райгуырди:

а) 15 сентябры
б)15 октябры
в) 15 ноябры



  1. Къостайы райгуырæн хъæу у:
    а) Лабæ
    б) Нар
    в)Къостайыхъæу



3. Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд хуыйны:
а) «Къостайы фæндыр»
б) «Ирон фæндыр»
в) «Хъисын фæндыр»



  1. Къостайы ингæн ис:
    а) Нары

б)Лабæйы
в) Ирон аргъуаны кæрты





  1. Х. Къоста у :

а) зарæггæнæг

б) артист

в) фыссæг



Бæрæг кæнæм дзуæппытæ слайдты фæрцы.

  1. - Абон базонгæ уыдзыстæм Чеджемты Георы æмдзæвгæ «Къоста»- имæ.

Дзырдуатон куыст:

Дзуар – 1)божество; 2)святилище
уæлыгæс –1) мальчик, пасущий ягнят; 2)пастушонок
хъыг – скорбь
æдзух – всегда
хъару – сила

  1. Æмдзæвгæимæ зонгæ кæнынц. Беседæ.

  2. Къордтæй куыст. Кълас дихгонд цæуы 4 къордыл. Алы къорд дæр тæлмац кæны хъуыдыйад. Фæлтæрæн 2,ф.15



* Къоста райгуырдис Нары хъæуы.

*Къоста бирæ уарзта сабиты.

* Къостайы зонд фæтых ис хъæздгуыты хъаруйыл.

* Къостайыл адæм сарæзтой зарджытæ.



Слайдты фæрцы бæрæг кæнæм. ( Уыцы рæстæг се нæниздзинад хуыздæрхъуаг кæмæн у, ахæм дыууæ сывæллоны кæнынц мини- проектон куыст. Хъæугæ ран æндадзынц Нары хъæу, Х. Къостайы , йæ мад æмæ йæ фыды нывтæ).

  1. 1. Хатдзæгтæ.

Ахуыргæнæгмæ ис нывы хæйттæ, скъоладзаутæ иугай дзурынц чи у Къоста æмæ фæйнæгыл æндадзынц нывы хæйттæ.( Къоста – поэт, Къоста – фыссæг, Къоста – нывгæнæг,Къоста – рухстауæг, Къоста – ирон литературæйы бындурæвæрæг). Рауадис дзы цæргæс. Æмбарын æй кæны ахуыргæнæг, цæргæс цы бар дары Къостамæ, уый.

- Русское название пернатого хищника произошло от старославянского корня «ор» означающего «свет». Къоста дæр бæллыд рухс цардмæ, йæ адæмæн æй фæндыд хорз фидæн.

- Орел традиционно воспринимается как царь среди птиц, сильный и благородный. Къоста дæр йæ адæмæн уыд раздзог, Къостайы уарзтой æмæ йæм хъуыстой.

- Орел сегодня украшает своим изображением гербы России, Германии, Польши, Испании, Австралии и т.д.

Символика знака: духовные ценности, солнце, высота. Победа, власть, сила… (Абарст)





Хи куысты анализ


Ӕнтыстдзинӕдтӕ

Зындзинӕдтӕ


Фӕндон











Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 4 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Конспект урока на тему: "Нары райгуырдис Къоста".

Автор: Рубаева Зарина Шамильевна

Дата: 28.11.2018

Номер свидетельства: 488036


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Курсы ПК и ППК для учителей!
800 руб.
4000 руб.
800 руб.
4000 руб.
800 руб.
4000 руб.
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства