kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Хостыхъоты Зинæ «Мæ зæрдæ»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темœ:  Хостыхъоты Зинœ  «Мœ зœрдœ.»

             Поэты тох рœстдзинад œмœ намысыл.

Урочы нысантœ:

 

  1. Æмдзœвгœ «Мœ зœрдœ»-йы анализы бындурыл

раргом кœнын поэты тох рœстдзинад œмœ намысыл, гуманизмы идейœтыл. Раиртасын авторы  оптимистон зœрдœйы уаг.

  1. Скъоладзауты базонгœ кœнын, поэты  царды œмœ

œхсœнадон куысты чи зыдта,уыдоны мысинœгти-

мœ.

            3.Скъоладзауты мидисджын œмœ œххœст дзуаппы-

тыл фœлтœрын, аив кœсыныл ахуыр кœнын.

Урочы œрмœг.

              1.Чингуыты равдыст.

              2. Скъоладзауы раныхас. «Хостыхъоты Зинœйы

                  лирикœйы сœйраг мотивтœ»

               3.Презентаци  урокмæ.

 Урочы эпиграф:

          Агуырдта адœймаджы амонд, адœймаджы рœстдзинад œмœ адœймагдзинад.

                                                                     Æлборты Хетœг.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Хостыхъоты Зинæ «Мæ зæрдæ»»

Ахуыргœнœг Дзебысаты Зарœ


Ирон литературœйы урок 11-œм къласы.


Темœ: Хостыхъоты Зинœ «Мœ зœрдœ.»

Поэты тох рœстдзинад œмœ намысыл.

Урочы нысантœ:

  1. Æмдзœвгœ «Мœ зœрдœ»-йы анализы бындурыл

раргом кœнын поэты тох рœстдзинад œмœ намысыл , гуманизмы идейœтыл. Раиртасын авторы оптимистон зœрдœйы уаг.

  1. Скъоладзауты базонгœ кœнын, поэты царды œмœ

œхсœнадон куысты чи зыдта,уыдоны мысинœгти-

мœ.

3.Скъоладзауты мидисджын œмœ œххœст дзуаппы-

тыл фœлтœрын, аив кœсыныл ахуыр кœнын.

Урочы œрмœг.

1.Чингуыты равдыст.

2. Скъоладзауы раныхас. «Хостыхъоты Зинœйы

лирикœйы сœйраг мотивтœ»

3.Презентаци урокмæ.

Урочы эпиграф:

Агуырдта адœймаджы амонд, адœймаджы рœстдзинад œмœ адœймагдзинад.

Æлборты Хетœг.


Урочы цыд.

Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Ног ӕрмӕгыл куыст.

Ахуыргœнœг. Нœ абоны фембœлды мœ ныхас райдайдзы-

нœн Джусойты Таймуразы œмдзœвгœйы рœнхъытœй:


Фыдœлты намысœн йœ дзырддаг:

Ирон фœдœ, уœд у фœрнœй.

Æфсарм - дœ ном,

Лœгуарз-дœ мыггаг.

Æндœртыл баивœн сын нœй.


Ацы œмдзœвгœйы рœнхъыты хъуыды кœй тыххœй зœгъœн ис, ахœмтœ Ирыстоны бирœ ис. Сœ фарны хъуыддœгтœй,

сœ курдиат œмœ зондœй, сœ рœсугъд зœрдœты фœрцы

ирон адœймаджы ном бœрзонд чи систа,ахœмтœ.

Абон мах уыдонœн се ппœты кой нœ кœндзыстœм, нœ дзы-

рды сœр œрмœст сылгоймаг уыдзœн. Грекъаг поэт Еврип-

ид афтœ загъта: «Æвзœр сылгоймагœй стырдœр фыдбылыз

нœй,хорз сылгоймагœй стырдœр амонд нœй.Уœдœ цœй амондджын у нœ чысыл Ирыстон, нœртон сылгоймœгтœй

цух чи нœ у.

(слайд «Ирыстоны намысджын сылгоймœгтœ»)

Уыдоны œмрœнхъ фидарœй œрлœууыд не мдугон, сылгоймаг-поэт, райгуырœн зœхх йœ удœй фылдœр чи уарзта уый- Хостыхъоты Зинœ.

1992 азы Ирыстонмœ алырдыгœй куы лœбурдтой, уœд нœ

сœйраг горœт Дзœуджыхъœуы митингты иу œмœ дыууœ хатты нœ райхъуыст Зинœйы тохмœ сидœг ныфсджын хъœлœс.

Куыд бамбœрстат, афтœмœй абон нœ урочы темœ у Хосты-

хъоты З. поэзи. Нœ размœ œвœрд ис ахœм хœс: радзурын цыбырœй поэты сфœлдыстады сœйраг мотивты тыххœй,

œмдзœвгœ «Мœ зœрдœ»-йы сœйраг хъуыды,идейœ раир-

тасын.

(тетрœдты ныффыссын темœ, эпиграф)

Скъоладзауы раныхас.

«Рœстдзинад œмœ намысыл тох Хостыхъоты Зинœйы патриотон лирикœйы».

Хостыхъоты Зинœйы поэтикон сфœлдыстад у бирœвœрсыг. Райсœм œмдзœвгœты œмбырдгонд «ТАБУЙАГ». Гафезы хъуыдымœ гœсгœ ацы œмдзœвгœтœн фœдихгœнœн ис 3 хайыл: патриотон,уарзондзинады,граждайнаг лирикœйыл.

Мœнœн мœ ныхас уыдзœн патриотон лирикœйыл. Поэт зœрдиагœй уарзы йœ Фыдыбœстœ.Æрмœст уый искœйы уарзондзинад нœ фœлхат кœны. Дзуры, йœ уд,йœ цардœй куыд фидар баст у Ирыстонимœ, уый тыххœй

Æз мœ зœрдœйы рœхыстœй

Иры урссœр хœхтœм баст дœн,

Иннœ œмдзœвгœйы зœгъы: «Мœ фыды уœзœг,афтœ тынг дœ мысыдтœн , дœуœй хъармдœр, дœуœй рухсдœр куы ницы и»

Ирыстонœн ис сыхаг бœстœтœ œмœ рœстаг адœмтœ.Зинœйœ уыдон дœр рох не сты.

«Æз хœлар сыхагœн, растœн,

Дарын рухс цырагъ дœндагœй,

Дуне – адœмтимœ баст дœн

Иры бауафгœ зœлдагœй.»

Фыссœгœй рох нœу мадœлон œвзаг дœр, стыр аргъ ын кœны, уымœн œмœ зоны, œнœ œвзагœй уœвœн нœй национ идейœйœн дœр. Зинœ зыдта,œрмœстдœр фœрнджын адœймаджы фœрцы кœй ис фœуœлахиз уœвœн алы мœнгарддзинадыл дœр.

«Лœджы фарн зœххы цард йœ уœхсчытыл уромы,

Лœджы ном дунейœн – йœ ныфс œмœ йœ уарзт.»


Йœ œмдзœвгœ «Мœ зœрдœ»-йы œвдисы ахсджиаг œмœ гуманон хъуыдытœ. Ацы œмдзœвгœйы фœрцы поэты фœнды алы адœймагимœ дœр аныхас кœнын зœрдœйœ зœрдœмœ. Уœд кœд тынгдœр бахъариккой йœ гуманон хъуыдытœ зœххыл цœрœг адœммœ.

Поэты фœнды, цœмœй зœххыл цœрœг адœм се ппœт дœр суой хœларзœрдœ, уарзœгой.

Ды ма рох кœн, лœг намысджын цœмœй у.

Кœйдœр мастыл дœхи мастау дзыназ…


Ацы рœнхъыты нын поэт ракодта намысы кой, кœцы баст у ирон адœймаджы хуыздœр миниуджытимœ. Уыдон та сты:

Райгуырœн бœстœ уарзын,худинаг сœрмœ нœ хœссын,рœстдзинадыл тох кœнын. Æндœр œмдзœвгœйы рœнхъыты фœдзœхсы:

О, мœ уд, ды-иу рœстдзинад базон,

Ма базыд кœн, макуы у мœрддзœст.

«Зынтœ нœ царды бирœ ис нырма»,-фœдзœхста Зинœ. Цал œмœ цал хатты лœбурдтой махмœ нœ сыхœгтœ Хуссары дœр œмœ Цœгаты дœр. Æмœ та райхъуысы поэт-патриоты хъœлœс:

Куы фестœм де знœтœй бындзагъды дугœй-дугмœ,

Уœд та цœмœн хъазыс нœ сœрмœ ныр дœ кардœй?!

Кœд та ысмондаг дœ Хуыцауы цоты тугмœ,

Уœд айс мœ уд œмœ ныууадз мœ Иры й’адыл.

Поэты ныфсдœттœг рœнхъытœ разœнгард кодтой ирон лœппуты райгуырœн зœхх бахъахъхъœнынмœ.

Æнœ ныфсœй нœ бахизœд Хуыцау.

Нырма Сослантœ сты нœ фœйнœгфœрстœ,

Нырма нœ курœм Батрадзтœ дœр œфстау.

Зинœйы рох никуы уыдысты туркаг ирœтты хъысмœт дœр. Ацыд

Туркмœ œмœ фœзындысты фœндаггоны фыстытœ. Советон Цœдисы рœстœг Афганистаны хœсты цы хœстонтœ уыд, уыдон бабœрœг кодта.

Фœстœдœр ныффыста чиныг «Мои Афганские встречи». 1987 азы Семен Штыбы хъœбатырдзинœдтœ ирдœй кœй равдыста, уый тыххœй сси œппœт Уœрœсейы фысджыты конкурсы лауреат. Зинœйы патриотон лирикœйыл кусгœйœ, œз œрцыдтœн ахœм хатдзœгтœм:

1. Хостыхъоты Зинœйы сфœлдыстад у бæстондœр иртасинаг.

2. Поэты аив œмдзœвгœтœ мах ахуыр кœнынц адœймаджы хуыздœр миниуджытыл:

а) уœздан œмœ хиуылхœст уœвын;

б) хœдœфсарм œмœ куыстуарзаг;

в) тœригъœдгœнаг;

г) рœстдзинад œмœ хœлардзинадыл.

Зинœйы поэзи цœрдзœн œнусты фœсивœдœн фидœнмœ фœндаг амонгœйœ.


Скъоладзауты базонгœ кœнын чингуыты равдыстимœ.


Байхъусын Зинœйы хорз чи зыдта,уыдоны мысинœгтœм (видео)


Ахуыргœнœг.

Зинœ царды мидœг уыд стыр уарзœгой зœрдœйы хицау, удыхъœдœй уœздан, адœймагуарзаг. Уыцы фœлмœн зœрдœйы уаг фœзынд йœ œмдзœвгœты мидисыл дœр..

Æмдзœвгœ «Мœ зœрдœ» мыхуыры рацыд йœ фœстаг чиныг

«Табуйаг», зœгъгœ,уым.(1998 аз)


Дзырдуатон куыст.


Знœт- тынг мœстджын.

Лœгсырд- хъœддаг сырдау знаггад хœссы.

Тохвœразон- тохы рœстœг зынтœн фœразон адœймаг.

Хъœдгом -цœф,лыг бынат буарыл.


Ахуыргœнœг кœсы œмдзœвгœ.


Фарст. Æмдзœвгœйы ныхас цы хуызы цœуы? Ныхас кœй

œхсœн цœуы?

Дзуапп. Сœйраг архайœг у автор йœхœдœг. Ныхас кœны йœ

зœрдœимœ.

Ахуыргœнœг. Равзарœм œмдзœвгœ.


(Скъоладзау бакаст 1-аг строфа


Фарст. Автор цœуыл дзуры ацы строфайы фœстаг рœнхъы?


Дзуапп. Царды мидœг кœй ис хорз,œвзœр,лœгсырд,хœрам.

Ахуыргœнœг.Иугœр царды ис хорз,œвзœр,лœгсырд,хœрам,

уœд се хсœн цœуы тох. Тох та уœд цœй сœ-

рыл цœуы?


Дзуапп. Тох цœуы рœстдзинады сœрыл.

Ахуыргœнœг. Раст у. Мах зонœм, царды œппœт хœрзты

сœйрагдœр уыд œмœ у рœстдзинад. Нарты адœм

дœр сœ царды сœйрагдœрыл нымадтой рœстдзинад.

Скъоладзау кœсы. «Нарт нарт уœд уыдысты, œмœ нœртон адœймаджы дзыхœй рœстдзинад йеддœмœ куы ницы ирвœзти»

Фарст. Зœгъут-ма, дуне та куыд дары йœхи, цавœр у?


Дзуапп. Дуне у знœт, мœстджын.

Ахуыргœнœг. Мœстджын у, уымœн œмœ абон нœ алыварс

куы акœсœм,уœд уынœм, бирœ бœстœты хœст кœй цœуы.

Ахœм дунейы та у зын цœрœн. Адœм тох кœнынц, кœд зœхх иу у,уœддœр œй дих кœнынц.


(Скъоладзау кœсы 2-аг строфа)


Фарст. Куыд хъуыды кœны лирикон герой ацы рœнхъыты.

Кœд адœм кœрœдзиимœ тох кœнынц, уœддœр зœхх

цавœр у?

Дзуапп. Кœд зœххы риуыл тох цœуы , хœстытœ цœуынц,

уœддœр у фœрнджын, лирикон геройœн дœр йœ

ныфс нœ сœтты. Цардыл цин кœны, уырны йœ,зœххы хъœдгœмттœй та рœсугъд, сабыр бонтœ кœй равзœрдзысты,уый.

(Скъоладзау кœсы 3-аг строфа)


Фарст. Цавœр хъуыдытыл уœ œфтауы автор ацы строфайы

1-аг рœнхъы.

Дзуапп. Исчи дœ куы бафхœра,уœд ын йœ рœдыд сабырœй

бамбарын кœн, фыдми ма кœн.

(Скъоладзау кœсы Анахарсисы ныхœстœ)

«…то государство находится в лучшем положении,в

котором при равенстве всего остального,добродетель

считается высшим благом.»

Ахуыргœнœг.Æркœсœм ма œмдзœвгœмœ. Автор зœрдœйы

цœимœ бары œмœ цœмœн?

Дзуапп. Цырагъимœ. Цырагъ у рухсы, сœрибары символ,

рœсугъд царды символ.

Фарст. Цœимœ абарста зœххы, кœй къухы хуызœн хъуа-

мœ уа?

Дзуапп. Зœхх абарста мады къухимœ, уымœн œмœ мадœй

рœстагдœр , фœлмœндœр,уарзœгойдœр ничи у.

Поэты фœнды, цœмœй зœххыл цœрœг адœм се

ппœт дœр суой мадау хœларзœрдœ, уарзœгой.


Ахуыргœнœг. Ацы строфайы œппœтœй тынгдœр рабœрœг

сты поэты гуманистон хъуыдытœ. Поэт архайы зœххыл цœрœг адœмы раст фœндагыл саразын, ахуыр сœ кœны, цœмœй уой ныфсджын, фœразон.

Зындгонд ахуыргонд Флокнер фыста: « Долг пистеля,

поэта-помочь человку выстоять, укрепляя человеческие

сердца, напоминая о мужестве, чести, сампожертвовании

- о том, что составляет извечную славу человечества»

(Скъоладзау кœсы 4-аг строфа)


Ахуыргœнœг. Ацы строфайы 1-аг дыууœ рœнхъы

разынд поэты этикон хъуыды. Ирон лœджы

хорз миниуджытœй нын цавœры кœй кœны

1-аг рœнхъы?

Дзуапп. Кœны нын намысы кой.

Ахуыргœнœг. Намысы тыххœй Джусойты Нафи йœ роман « Фыдœлты туджы» фыссы:

«Лœг намысœй лœг у! Йœ намыс куы фесафа, уœд йœ цард œгады мœлœтœй дœр фыддœр у.Махœн та сыгъдœг намыс,адœймаджы œууœнк, бœгъатыры œууœнк, бœгъа-

тыры лœгдзинад нœ туджы уыдис, œгады бœсты мœлœт

œвзœрстам нœхицœн.»


(Скъоладзау кœсы 4-œм строфайœ 2-аг рœнхъ)


Фарст. Лирикон герой цавœр миниуœг равдыста намы-

сœн ацы рœнхъы?

Дзуапп. Иу адœймаджы хœс иннœйы раз, цœмœй йœ зœр –

дœ рисса искœйы зынтыл.

Ахуыргœнœг. Дзесты Куыдзœджы уацмыстœй нын

цавœр хъайтары œрлœууын кœнынц нœ зœрдыл.

Дзуапп. «Фœндагсар Уастырджи»-йœ Дзаххойы фœлгонц


(Дзаххойы хорз миниуджыты тыххœй радзурын)


Урочы эпиграф бакœсын.


Ахуыргœнœг. Цœмœн рахуыдта поэт йœ œмдзœвгœ «Мœ

зœрдœ»?

Лирикон герой ныхас кœны йœ зœрдœимœ, уымœн

œмœ адœймаг цавœрфœнды хъуыдытœ дœр фыццаг

йœхицœн раргом кœны.Ирон адœммœ ис ахœм

ныхас, зœрдœйœ зœрдœмœ ныккœсœн куы

уаид,зœгъгœ. Зинœйы фœндыд, йœ рœсугъд хъуы –

дытœ йын адœмœй алчидœр йœ зœрдœмœ куы ай -

сид,уый.


(Æмдзœвгœ œнœхъœнœй бакœсын,равзарын ын йœ аивадон мадзœлттœ)

Хатдзœгтœ.

(Фыццаг уал скъоладзаутимœ скœнын хатдзœгтœ.Уый фœстœ фœйнœгœй тетрœдтœм рафыссын)


Æмдзœвгœйы лирикон геройы удыхъœды сœйраг миниуджытœ:


-зœрдœйœ сыгъдœг æмœ рœсугъд

-гуманистон œнкъарœнтœ хœссœг

-ныфсджын œмœ цардбœллон

-рœстдзинад œмœ хœлардзинадыл тохгœнœг

-уœздан œмœ адœймауарзаг

-адœмты œхсœн фидыдмœ сидœг

- иудзинадыл тохгœнœг

-намысыл тохгœнœг


Хœдзармœ куыст. Æмдзœвгœ «Мœ зœрдœ» сахуыр кœнын.


Бœрœггœнœнтœ.











Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Хостыхъоты Зинæ «Мæ зæрдæ»

Автор: Дзебисова Заира Филипповна

Дата: 06.11.2016

Номер свидетельства: 355938


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства