Кадæг «Фæндыр куыд фæзынди»
Ахуыргæнæг: Цакъоты Л.К.
Урочы темæ: Каадæг «Фæндыр куыд фæзынди».
Урочи нысан: Сабитæн уарзондзинад æмæ цымыдис æвзæрын кæнын фольклормæ, фæндырæй цаггъдыны аивадмæ. Тугъанты Махарбеджы сфæлдыстады тыххæй цыбырæ æрдзурæн.
Цæстуынгæ æрмæг: Ирон фæндыр (кæд гæнæн уа, уæд хъисын æмæ дала фæндыртæ, йе та сæ нывтæ). Нарты кадджыты чиныг, магнитофоныл ленты, йе та пластинкæйыл фыстæй нырыккон кæнгæ хъисын фæндыры цæгъдтытæ, Тугъанты Махарбеджы конд нывтæ Нарты кадджытæм гæсгæ.
Урочы мидис:
Фæйнæгыл фыст эпиграф. «Иууыл цагъды куы фæуæм, уæд дæр ацы фæндырæн ма уæд фесæфæн. Уый чи цæгъда æмæ мах ном чи мыса, уый уыдзæн нæхион».
Сбæрæг кæнын хæдзармæ куыст.
Дзуапп раттын фæрстытæн:
- Цавæр хъæзтытæ кодтой Нарты фæсивæд?
- Куыд фæуæлахиз Сослан?
-Кæуыл æмбæлд фæндагыл Сослан?
-æртæ æфсымæры мад куыд бахъахъхъæдта Сосланы?
-Куыд баххуыс кодта иудзонгон уæйыг Сосланæн?
-Цавæр хорз зонд бацамыдта уæйыг Сосланæн?
-Куыд уæм кæсы,кадæгæн йæ хъуыды цы у?
(Тыхæвзарæгыл худын Хиуылæрвæссондзинад – фыдбыдызы хос).
- Цы хонæм фольклор?
-Цавæр хуызтæ ис фольклорæн?
-Цы хонæм эпос та?
2. Бакæсын хицæн скъуддзæгтæ кадæг «Сослан – тыхагур»- æй,
а)Сослан Нартыл куыд фæуæлахиз;
ж) æртæ уæйыгыл радыгай куыд æмбæлд (хицæнтæй);
б)иудонгон уæйыджы царды хабæрттæ.
II. Ног æрмæг. Кадæг «Фæндыр куыд фæзынди». Магнитофоны лентыл кæнæ пластинкæйыл фыстæй сабыргай хъуысы фæндыры цагъд.
Фæрстытæ: Сабитæ, чи зæгъдзæн, цавæр фæндыры цагъд хъусут?
-Искуы уæ исчи федта уыцы фæндыр? (Равдисын фæндыртæ кæнæ сæхуызтæ).
-Чи уæ зоны фæндырæй цагъдын? (Кæд исчи зоны, уæд иучысыл ацæгъдæд).
Уæдæ уæ исчи зоны, фæндыр ирон адæмма кæд æмæ кæм фæзынди, уый?
Равзарын эпиграфы мидис.
Ахуыргæнæджы раныхас.
Сывæллæттæ, Нарты кадджыты Сатана, Уырызмæг, Хæмыц æмæ Батырадзы æрæнхъ сæрмагонд бынат ахсы Сырдон дæр. Уый ахæм арвы хин æмæ зæххы кæлæн уыд, æмæ йын Нарты бæстæйы æмбал нæ уыди. Нартыл фыдбылызæй цы цыд, уыдонæн сæ фылдæр Сырдоны аххосæй. Хæмыц, Сослан æмæ Батырадз дæр бабын сты Сырдоны азарæй. Сырдоны хæцæнгарз йын базондзыстут, Нарты кадджытæ куы бакæсат, уæд уын дзы радзурдзынæн иу хабар.
Цæвиттон, Сырдон иу хæдзары уыд уазæгуаты, æмæ йæ схуыссын кодтой тынг уазал уаты. Зымæг уыди, СЫрдон суазал æмæ рахъавыд кæртмæ рацæуын, фæлæ кæсы, æмæ кæрты дуаргæрон хуыссы дынджыр куыдз. Нæ рауæндæди Сырдон æмæ фæстæмæ йæ уатмæ баздæхти. Æхсæв-бонмæ гæртт-гæртт фæкодта. Райсомæй кæсы, æмæ цар халас æвæрдта. Уалынмæ хæдзармæ хъæргæнæг æрбадзырдта, хъæуы зиан ис зæгъгæ. Сырдон фысымимæ зианмæ фæцæуæг. Бацыдысты æмæ мæрдадзы лæууынц. Мæрддзыгой устытæй чидæр хъарæг кæны: «Дæ-дæ-дæй, уыцы уазал ранмæ чи цæудзынæн». Уæд Сырдон йæ фсфмæн афтæ зæгъы: «Сымахмæ йæ хæсдзысты?» Фысым рамæсты, уый та дын цы ныхас у, æмæ йын Сырдон афтæ: «Уæдæ хъарæггæнæг афтæ куы зæгъы, уыцы уазал ранмæ чи цæудзæн, зæгъгæ. Уæд уæ уатæй уазалдæр дунейыл куы никуы ис».
Бирæ алыхуызон цыргъзонд кадджытæ æрхæццæ махмæ Сырдоны тыххæй, фæлæ сæ тæккæ сæйрагдæр, сæ тæккæ зæрдæайгæдæр у, абон цы кæдæгимæ базонгæ уыдзыстут, уый: «Фæндыр куыд фæзынди». Фæндыры хуызæн зæрдæйы тыгтæй у ацы кадæг. Сырдоны фæлгонц ам бынтон æндæрхуызонæй æвдыстæуы, ома йе стыр хъыгæй йæ адæмæн æвæджиауы хæзна чи сарæзта, тъымы-тъымытæм йæ цоты æмæ йæхи чи æнусон кодта, ахæм зондджын, æрхъуыдыджын, фæрнджын адæймагæй.
Бпкæсын кадæг (кæсынц сабитæ радыгай хъæрæй).
Дзуапп раттын фæрстытæн:
-Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрд кадæг бакæсгæйæ?
-Цæмæн бакодта Хæмыц ахæм æвирхъау ми Сырдонæн?
-Радзурут Сырдоны æгæрон хъыджы тыххæй, цы хуызы равдыста йæ уды марой?
1. Ахуыргæнæджы раныхас.
Сабитæ, исчи уæ зоны фæндырæй цагъдын? Уый æвагджиауы аивад у ирон адæмæн, æмæ йæ хъуамæ сымах адæттат фидæны фæлтæрæм, куыдæй уæм æрхæццæ, уымæй ноджы аивадæрæй.
Кадæгæй куыд базыдтат, афтæмæй Сырдоны фæндыр уыди дыууадæстæнон. Уый фæстæ фæзынди хъисфæндыр, дала фæндыр, стæй та, абон цы фæндыртæ ис, сымах хорз кæй зонут, ахæмтæ. Уыдон дæр тынг алыхуызæттæ сты. (Æнæмæнгæй æппæт фæндырты нывтæ дæр хъæуы самал кæнын æмæ сæ фæйнæгыл æрцæундзынæн, цæмæй сæ сывæллæттæ сæ зæрдыл бадарой æмæ сæ муал ферох кæной).
Сабитæ, уæ хæдзæртты бафæрсут уæ нанатæ æмæ уаг бабаты æмæ иннæ урокмæ бацæттæ кæнут чысыл радзардтæ, фæндыр-дзæгъдджытæй кæй базонат, уыдоны тыххæй, кæд гæнæн уа, уæд сын саг къамтæ дæр ссарут.
III. Цæстуынгæ æрмæгмæ гæсгæ куыст.
Равдисын Тугъанты Махарбеджы конд нывтæ Нарты кадджыьæм гæсгæ.
Ахуыргæнæджы раныхас.
Сывæллæттæ, кæд уæ, мыййаг, исчи фехъуыста Тугъанты Махарбеджы тыххæй. Чи уыди, цæмæй хъуыстгонд у?
Тугъанты Махарбек уыди Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг æмæ Гуырдзыйы республикæйы аивæдты сгыхт кусæг. Ныууагъта нын бирæ сфæлдыстадон бынтæ куыд литературæйы, афтæ нывкнынады аивады дæр.
Махарбег райгуырди 1881 азы Дур-Дуры хъæздыг æмæ уæздан мыггаджы хæдзары. Йæ фыд Сафар æмæ йæ мад Санаты Гацыры чызг Асиат уыдысты ахуыргонд адæймæгтæ. Сафар каст фæци Германы горæт Бонны университеты æрддзонæны факультеты хъæууонхæдзарадон хайад, уыди фыццаг ирон ботаник. Бирæ куыстытæ ныууагъта Ирыстоны æрдзы тыххæй. Абон бирæ кæрдæджыты нæмттæ зонæм, Сафар нын цы терминологион дзырдуат ныууагъта, уымæй.
Астаздзыдæй Махарбег бацыди Серебрякова йæхи хæрдзтæй цы райдайæн скъола байгом кодта Дзæуджыхъæуы, уырдæм, фæлæ фæстæдæр йæ фыды фæндонмæ гæсгæ раивта æндæр скъоламæ. Йæ сæргълæууæг куы федта, Махарбег ныв кæнынмæ куыд тылаваст у, уый, уæд ын алы мадзæлттæй амонын райдыдта нывкæнынады сусæгдзинæдтæ.
Ацы ран ахуыр кæнгæйæ Махарбег фыццаг хатт фембæлды Къостаимæ, Цæвиттон, иу хатт лæппуйы йæ ныййарджытæ семæ акодтой йæ мады ‘рвадæлтæм Санаты Ибрагимтæм – уыдон цардысты Красноярскаяйы уынджы (ныр Байаты Гаппойы уынг). Уыцы рæстæг уым уыд Къостайы аивадон æрмадз дæр. Иу уаты дуары зыхъхъырæй Махарбег ауыдта рæсугъд ныв æмæ фырдисæй фæхъзæр кодта. Ныв чи кодта, уыцы лæг æм раздæхта йе ‘ргом, бахудт йæ мидбылты, йæ сау æнкъард цæстытæй йæм ныккаст æмæ йын загъта: «Уæндондæр, уæндондæр, лæппу!» Стæй йын йæ къухыл рахæцæд æмæ йы нывы размæ бакодта, уый уыдиКъостайы зындгонд ныв «Дурсæтджытæ».
Скъола фæуын фæстæ Махарбег бацыди Дзæуджыхъæуы реалон училищемæ. Ам тынгдæр райрæзт йæ дæсныйад, райдыдта портреттæ кæнын дæр. Училищейы базонгæ Брытъиатв Елбыздыхъоимæ. Уый та афтæ рауад. Махарбег уроктæй уæгъд рæстæг кърандасæй кодта Байрон æмæ Шекспиры нывтæ. Цалдæр лæппуйы йæ алыварс лæууыдысты æмæ йæм цымыдисæй кастысты. Иу дзы йе ‘нгуылдзæй Шекспирмæ амоны æмзæ фæрсы: «Ацы зачъеджын та чи у?» Махарбег ын радзырдта, англисат драматурджы тыххæй цы задта, уыдон. Уыцы лæппу уыд Елбыздыхъо. Лæппутæ балымæн сты. Елбыздыхъо зыдта бирæ аргъæуттæ æмæ кадджытæ æмæ-иу сæ фадзырдта Махарбегæн.
Училище фæуынмæ хæдразма мА иу хатт фембæлд Махарбег Къостаимæ.
Уый дæр та Санаты хагдзары уыди. Къоста уæд хастæй сыздæхт æмæ Цæлыккаты Аннæимæ уыдысты уазæгуаты Санатæм. Стъолы уæлхъус бадгæйæ, Анна Къостамæ равдыста Махарбеджы нывты альбом. Къоста сæм лæмбынæг фæкаст æмæ дзы тынг раппæлыд, ацы лæппу курдиатджын у æмæ йын феххуыс хъæуы, зæгъгæ. Куыд æгхсызгон уыдысты уыцы ныхæстæ Махарбегæн! Йæ цæрд-цæрæнбонты сæ йæ зæрдыл бадардта.
1901 азы Махарбег ацыди Бетъырбухмæ. Фыды фæндыди, цæмæй йæ фырт бацыдаид Хæххон институтмæ, фæлæ хъысмæт æндæр хуызы скарста, æмæ Махарбег сси Аивæдты академийы студент, зындгонд уырыссаг нывгæнæг Репины ахуырдзау.
1905 азы Махарбег каст фæцы академии æмæ йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Германы Мюнхены горæты.
Уæды рæстæг Мюнхены уыди тæккæ хуыздæр аивадон скъолатæ. Æппæт дунейы дæр хъуыстгонж хъæздыг галерейтæ сæ тæккæ дзаг уыдысты нывкæнынады дæснытæ Рафаэль, Рембрнадт, Лоенардо да Винчи, Рубенсы куыстытæй. Францаг, итайлаг, испайнаг æмæ æндæр бæстæты нывгæнджыты равдысттæ иу иннйы ивтой.
Уыцы æппæт диссæгтæ фенгæйæ æндæр адæймагæн йæ сæр разылдаид, фæлæ Махарбег уайтæккæ рахатыдты, цы дзы ис бафæзминагæй, уый.
Фæлæ, хъыгагæн, дыууæ азы фæстæ, йæ бинонты тыхст уавæртæм гæсгæ æрбаздæхт фæстæмæ Ирыстонмæ. Ам йæ хъус уæлдай тынгдæр дарын райдыдта ирон адæмон сфæлдыстадмæ: рæстæгæй-рæстæгмæ-иу ацыди хæхбæстæм, æмæ кадæггæнджытæй, хистæртæй цыдæриддæр хъуысты – таурæгътæ, æмбисæндтæ, аргъæуттæ – се ’ппæт дæр лæмбынæг фыста. Абон дæр Махарбеджы фыст кадджытæ, уæлдайдæр та Ацæйы фырт Ацæмæзы кадæг, ахсынц сæрмагонд бынат ирон аив дзарды хæзнадоны.
Дард хæххон хъæуыты этнографион æрмæг æмбырдгæнгæйæ, поэты загъдау, йæ къах нæ фæллад, йæ къух нæ бастад ирон царды нывтæ аразынæй.
Йæ рæстæджы Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Цæгат ирыстоны дæр арæзт æрцыди бригæдтæ Нарты кадджытæ хицæн чиныгæй рауадзыны тыххæй. Махарбег зæрдиагæй архайдта къухфыст мыхуырмæ бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Уæлдай ахадгæдæр уыдысты, Нарты кадджытæм гæсгæ цы æмбисонды фæлгонцтæ сарæзта, уыдон. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ирон адæм Нарты хъæюатырты сурæттæ базыдтой Махарбеджы нывтæм гæсгæ. Иу хатт чи федта Махарбеджы арæзт Ацæмæзы, Сосланы, Уырызмæджы, Сырдоны, Сатанайы æмæ иннæты фæлгонцтæ, уыдонæй сæ цæрæнбонты дæр нал ферох уыдзысты.
Ацы ран мæ зæгъын фæнды уый, æмæ Махарбеджы æмрæнхъ Нарты кадджытæм гæсгæ цæстыахадгæ фæлгонцтæ сарæзтой Хохты Аслæнджери æмæ Дзанайты Азанбег. Уыцы азтæ рахонæн ис ирон аивады сызгъæрин дуг.
Тугъанты Махарбег Нартæн сæ равзæрдæй се сæфты онг се ‘ппæтыл дæр аххæсыд: йæ энциклопедион зонындзинæдтæй пайда кæнгæйæ ирд æмæ биноныгæй равдыста Нарты дуне. Уæвгæ канд Нарты дуне нæ, фæлæ иумæйагæй Ирыстоны истории, йæ рагон культура, йæ этнографии афтæ бæлвырдæй æвдисы, æмæ абоны ахуыргæндтæ иудадзыг дæр сæ зонадон куыстытæ бафидар кæнынц уый фыст фæллæйттæ æмæ нывтæй.
Махарбег Нарты кадджытæм цы нывтæ сарæзта, уыдонæй цалдæрыл ардзурын.
IV. Хæдзармæ куыст.
Кадæг бакæсын лæмбынæг, цæмæй йæхи ныхæстæй дзурын зоной.
Литературæйы тетрæдтæм зынæмбарæн дзырдтæ æмæ æмбисæндтæ рафыссын.