Пълан
Темæ: Изложенимæ цæттæгæнæн урок. Текст «Нæ мадæлон æвзаг»
Нысан:
1. Бафидар кæнын, бæлвырд изложени фыссыны тыххæй скъоладзауты зонындзинæдтæ.
2. Тексты темæ æмæ идейæ раргом кæнын.
Хъомыладон хæс:
1. Скъоладзауты мадæлон æвзагæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын.
2. Скъоладзаутæм рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ.
Урочы ифтонгад:
1. Изложенийы текст.
2. Проектор, мультимедион презентаци.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Ахуыргæнæг (урочы хæс сæвæрын).
Мах абон нæ урочы нæхи бацæттæ кæндзыстæм бæлвырд изложени ныффыссынмæ.
Фарст. Зæгъут-ма, цæмæн хъæуы æвзаг, цавæр ахадындзинад ын ис адæймаджы царды?
Дзуапп. Адæм æвзаджы руаджы æргом кæнынц кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ, сæ бæллицтæ, се ‘нкъарæнтæ.
Ахуыргæнæг. Зæххыл цал адæмыхатты ис, уал æвзаджы ис. Æмæ гæсгæ, алы адæймагæн дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ мадæлон æвзаг æппæт æвзæгтæй уарзондæр у. Æвзаг райгуыры, цæры, рæзы æмæ ивы цы дзыллæтæ йæ сфæлдисынц æмæ йыл цы адæм фæдзурынц, уыдонимæ. Уымæ гæсгæ æвзаг йæхæдæг дæр свæййы адæмы истории.
Хуымæтæджы нæ фыссы поэт Хаджеты Таймураз йæ иу æмдзæвгæйы: (слайд )
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, -
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (мА зæгъæд æзнаг), -
Дæуимæ сæфы дунейы истории!
Ноджы рæвдаугæдæр хъæлæсæй дзуры Чеджемты Æхсар: (слайд)
Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты,
Мæ ирон мадæлон æвзаг.
Ахуыргæнæг. Уæдæ нæ ныхас цæуыл у?
Дзуапп. Мадæлон æвзагыл.
Ахуыргæнæг. Уæдæ нæ изложенийы цæуыл дзурдзыстæм?
Дзуапп. Мадæлон æвзаджы ахадындзинадыл.
Ирон адæмæн дæр ирон æвзаг лæвæрд у æрдзæй, уый у нæ хæзна, æмæ йыл былысчъил хъуамæ мачи кæна. Уый у не стырдæр хæзна царды æмæ йын хъуамæ аргъ кæнын зонæм. Мадæлон æвзаг адæймаджы удыконд кæны хъæздыгдæр, æххуыс ын кæны дуне хуыздæр базонынæн.
II. Ног æрмæгыл куыст.
1. Дзырдуатон куыст.
Дæрддзæф, æнæкъуылымпытæй, æвæджиау, фæдонтæ, джих кæнын-аджих.
(дзырдтæ тетрæдты ныффыссын)
2. Ахуыргæнæг кæсы изложенийы текст.
3. Тексты анализ
Фарст. Автор цы хабар радзырдта, уым сæйрагдæр цы у, цы цауты тыххæй байхъуыста, уыдон, æви æрыгон чызджы ахастдзинад мадæлон æвзагмæ. Кæцы дзы у йæ сæйраг хъуыды?
Дзуапп. Чызджы ахастдзинад мадæлон æвзагмæ.
Фарст. Куыд райдыдта текст? (бакæсын 1-2 абз.) Кæцæй ссыд уазæг Ирыстонмæ?
Дзуапп. Иу скъоладзау дзуапп дæтты.
Иннæ фыссы фæйнæгыл: Уæрæсе æмæ Великобританийы æхсæн культурон бастдзинæдты æхсæнады президент Уайльт ссыд фæсарæнтæй.
Фарст. Авæр грамматикон формæйы хуызы фыст у Уайльты ныхас тексты?
Дзуапп. Диалоджы хуызы.
Фарст. Цавæр зæрдæ дары Ирыстонмæ æмæ цал хатты ссыди?
Къордты куыст. Скъоладзаутæн лæвæрд цæуы карточкæтæ грамматикон хæстимæ тексты бындурыл.
Фарст. Чи уыдис Уайльтимæ?
Дзуапп. Тæлмацгæнæг – ирон чызг.
Фарст. Куыд хъуыды кодта Уайльт, чызг йæ мадæлон æвзагыл куыд дзуры, уый тыххæй?
Дзуапп. Уайль хъуыды кодта, зæгъгæ, тæлмацгæнæг ирон чызг иронау ноджы рæсугъддæр дзуры
Фарст. Чызг цы уавæры уыди уыцы дзуапп фехъусгæйæ?
Дзуапп. Йæ уадултæ фæсырх сты, уымæн æмæ йæ мадæлон æвзагыл хорз нæ дзырдта.
Ахуыргæнæг кæсы Уайльты ныхæстæ ирон æвзаджы рæсугъддзинады тыххæй. Уыйфæстæ ныффыссын дзырдбæстытæ (рагон рæсугъд æвзаг, национ культурæ, æвæджиауы мелоди)
Фарст. Уайльт ма ноджы куыд загъта, мадæлон æвзаг чи нæ уарзы, уыдоны тыххæй?
Дзуапп. Уыдон сæ национ культурæйæ сты æнæхай. Чызг та уыцы ныхæстæм дæр арф ныуулæфыдис, аджих-иу ис.
Фарст. Цæмæн бахаудта ахæм уавæры чызг?
Дзуапп. Худинаг æм æркаст, мадæлон æвзаг кæй нæ зоны, уый.
Фарст. Тæлмацгæнæг чызг цавæр цæстæнгас дардта институты ахуыр кæнгæйæ ирон æвзагмæ?
Дзуапп. Фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыр кодта, фæлæ йæ мадæлон æвзагмæ фаг æргом не здæхта.
Фарст. Цымæ аххосджын чи у уыцы хъуыддаджы?
Дзуапп. Автор куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, аххосджын сты, чи зоны, ныййарджытæ, чи зоны, скъола, чи зоны, институт.
Фарст. Сымахмæ та куыд кæсы?
Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц.
Ахуыргæнæг. Бакæсæм текстæй, фæсивæдæй иуæй-иутæ сæ мадæлон æвзагмæ цы цæстæнгас дарынц, уый тыххæй.
Фарст. Цы фæдзæхсы Къоста йæ фæдонтæн мадæлон æвзаджы тыххæй, стæй йæм йæхæдæг та цы цæстæнгас дардта?
4. Ахуыргæнæг хайгай текст кæсы æмæ скъоладзаутимæ иумæ фыссынц пълан.
5. Скъоладзаутæ ма иу хатт хи ныхæстæй текст дзурынц.
III. Хатдзæгтæ.
1. Цы бынат ахсы мадæлон æвзаг адæймаджы культурон рæзты?
2. Нырыккон фæсивæды цæстæнгас ирон æвзагмæ.
IV. Рефлекси.
V. Х/к. Изложени ныффыссын хæдзары.