kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Ивгъуыд, абон ?м? фид?н» Хетагкаты Къостайы ныв «Дурс?тт?г сабит?»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ: «Ивгъуыд, абон æмæ фидæн» Хетагкаты Къостайы ныв «Дурсæттæг сабитæ»-йы.

Нысан: 1. Скъоладзауты ныхасы рæзтыл бакусын, ахуыр сæ кæнын сæ хъуыдытæ раст æвдисыныл.

2. Къоста нывкæнынады дæр стыр бæрзæндтæм кæй схызт, ууыл лæмбынæгдæр æрдзурын.

3.Нывы сæйраг идейæ раст æмбарыныл сæ цайдагъ кæнын. Ирыстоны нывгæнджыты хорз зонын, уыдонмæ аккаг ахаст дарын.

Урочы æрмæг:  Къостайы конд нывтæ, чингуытæ, Тугъанты М. къам, ныв «Нарты куывд».

Урочы эпиграф: «Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр æмæ нывкæнынады дæр иухуызон                                                                                                 бæрзонд у йæ адамондзинадæй йæ алывæрсыгæй»

/Тугъанты М./

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Ивгъуыд, абон ?м? фид?н» Хетагкаты Къостайы ныв «Дурс?тт?г сабит?»»

Темæ: «Ивгъуыд, абон æмæ фидæн» Хетагкаты Къостайы ныв «Дурсæттæг сабитæ»-йы.

Нысан: 1. Скъоладзауты ныхасы рæзтыл бакусын, ахуыр сæ кæнын сæ хъуыдытæ раст æвдисыныл.

2. Къоста нывкæнынады дæр стыр бæрзæндтæм кæй схызт, ууыл лæмбынæгдæр æрдзурын.

3.Нывы сæйраг идейæ раст æмбарыныл сæ цайдагъ кæнын. Ирыстоны нывгæнджыты хорз зонын, уыдонмæ аккаг ахаст дарын.

Урочы æрмæг: Къостайы конд нывтæ, чингуытæ, Тугъанты М. къам, ныв «Нарты куывд».

Урочы эпиграф: «Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр æмæ нывкæнынады дæр иухуызон бæрзонд у йæ адамондзинадæй йæ алывæрсыгæй»

/Тугъанты М./

«Къостайы нывкæнынады « Дурсæттæг сабитæ» йеддæмæ куы ницы скодтаид, уæддæр нымад æрцыдаид ирон нывкæнынады бындурæвæрæгыл».

/Тугъанты М./



Урочы цыд.

I. Орг.хай

II. Ахуыргæнæджы ныхас. Абон махмæ ис нывмæ гæсгæ куыст. Сфæлдыстадон куыст кæндзыстæм Къостайы конд ныв «Дурсæттæг сабитæ»-йæ.

Ирон духовон культурæйы хур, алывæрсыг æгъдауæй курдиатджын адæймаг, поэт, прозаик, драматург, публицист, этнограф, æхсæнадон архайæг… Къоста йæ бузныггаджы ф æлтæртæн ныууагъта зынаргъ хæзнатæ.

Къоста уыд Прометей. Йæ мæгуыр Ирыстоны

чи рухс кодта, йæ уды хъарм ын рæдауæй чи лæвæрдта, хъайтарон ивгъуыд дуг кæмæн уыд, дард фæстагæттæн мингай азы сæрты скифты æвзаг чи æрхаста, уыцы æбар, æфхæрд Къоста кæронмæ снывонд кодта йæ цард.

Сывæллæттæ, Ирыстоны Къостайы номимæ байгом вæййынц хæдзæртты æмæ зæрдæты дуæрттæ, уымæн æмæ Къостайы сфæлдыстад поэзийы дæр æмæ нывкæнынады дæр иухуызон бæрзонд у йæ адæмондзинадæй, йæ алывæрсыгæй.

Нывкæнынадæй та йæ курдиат æрттивы арвы роны алыхуызтæй. Къоста ныв кæнын æрдзæй рахаста, бынтон къаннæгæй дæр-иу дуртыл æвзалыйæ нывтæ кодта, фæлæ…

Скъоладзауы ныхас. Фæлæ нывкæнынады сахуыр кæнын уæды рæстæджы Къостайы бон нæ баци, уымæн æмæ Кавказы нæ уыдис иунæг аивадон скъола дæр.

Уалынмæ Леуан Стъараполмæ алыгъди æмæ Къоста семинары ахуыр кæнын райдыдта. Семинары ахуыргæнæджытæй иу уыд Смирнов. Смирнов каст фæцис Бетъырбухы аивæдты академи, æрцыд барвæндæй Кавказмæ. Смирнов уайтагъд бамбæрста Къостайы талант, йæ курдиат. Йæхимæ йæ бахæстæг кодта æмæ бацархайдта, цæмæй йæ а ивæдты Академимæ арвитой. Срæвдз ын кодта йæ гæххæттытæ, фæлæ Леуан не сразы ( уый фæндыд, цæмæй Къоста æфсæддон рацыдаид).

Леуан йæ зонд куыд нæ ивта, афтæ Къоста дæр æмæ 1881 азы августы Къоста бахаудта Бетъырбухы Аивæдты Академимæ (300 лæгæй сæ хъуыд 35).

Ахуыргæнæджы ныхас. Къоста ахуыр кодта Репин, Суриков, Васнецов, Серов æмæ æндæр курдиатджын нывгæнджыты чи схъомыл кодта, уыцы Чястиковмæ. Иудзырдæй, зонындзинæдтæм бæлгæйæ, Къоста зæрдиагæй архайдта профессионалон дæсныйад базоныныл. Фæлæ йæм нæ кастис Академи фæуыны амонд. Йæ мæгуырдзинад ын æй ныууадзын кодта 1883 азы.

О, фæлæ ма йæ ноджыдæр иу хатт зæгъон, Къостайы нывкæнынадон курдиаты стъæлфæнтæ æрыгонæй ферттывтой. Мæнæ цы фыссы уый тыххæй Еситы Хъамболат Дзасохты Геормæ: «Куыд нывгæнæг, афтæ йæ уайтагъд бафиппайдтой хистæртæ. Ныв кæныны ахуыргæнæг В.И. Смирнов уый махæн хаста Цæвиттонæн æмæ – иу нын йæ нывтæ уынын кодта, цæмæй нæ разæнгард кодтаиккой».

Йе сфæлдыстады Къоста тынг цымыдис кодта удæгас адæймагмæ, портретон жанрмæ. ( Уыцы жанры хуыздæрыл нымайæн ис Аннæ Поповайы портретæн). Къоста иттæг разæнгардæй куыста пейза жы жанры дæр.

Фаст. Цы хонæм пейзаж та?

Дзуапп. Пейзаж – æрдзы нывтæ аив уацмысы. Пейзаж кæнгæйæ фыссæг æвдисы æрдз, бæлвырд бынаты æрдзы хицæн миниуджыты. Пейзажы руаджы раргом вæййы фыссæджы стыр уарзондзинад æрдзмæ, стæй ма архайды цыд дæр.

Ацы жанры фыст уацмыстæй нæ бон у зæгъын «Тебердайы ком», «Æрдзон хид», Зикъарайы фцæг» æмæ æнд.

Ны вкæнынады тынг цымыдисон у Къостайы цардуагон жанр. Уым йæ хуыздæр куыстытæй иу у «Дурсæттаг сабитæ» - . Архайд цæуы Ирыстоны иууыл рæсугъддæр кæмттæй иуы сосæндвæндаджы цур. Туг ъанты Махарбег куыд сбæрæг кодта, афтæмæй архайд цæуы Арвы комы фæндагыл. (Военно- Грузинская дорога), Б алтайы сæрмæ.

Композицийы центры ис дыууæ лæппуйы. Сæйраг архайджыты чъылдыммæ зынынц цъæх-цъæхид кæмттæ (хæхтæ) æмæ бæрзонд митæмбæрзт къæдзæхтæ.

Арвыл бæрзонд фæцыдысты мигъты къуымбилтæ æмæ урс=урсид æврæгътæ.

Нывы ма уынæм фалæмæ фæцæуæг зæронд лæджы, стæй раззаг пъланы рахиз къуымы та куыдзы. Ацы фигурæтæ хицæнтæй æххæст кæнынц нывы иумæйаг мидис.

Фæлæ нывы сæйраг архайджытæ сты 2 хохаг лæппуйы. Сæ иу у хистæр, бады дурыл. Йæ рахиз къухы ис дурсæттæн дзæбуг, галиу къух радаргъ кодта размæ, дуры къæрттыл хæцгæйæ. Цыма нын дзуры: «Фен-ма, куыд уæ ззау у нæ куыст» (уый ныссаста тынг бирæ дуртæ). Йæ сæрыл ис уæлдзармхуд, йæ буарыл дæр æмæ йæ къæ хтыл дæр – бызгъуыртæ. Йæ цæсгомыл – хиды æртæхтæ, зыны, тынг кæй бафæллад, уый.

Кæстæр лæппу лæууы йæ уæлхъус. Йæ галиу рæбынкъæдз сбыцæу кодта къæдзæхы дурмæ, йæ амонæн æнгуылдз та йæ былыл æвæрд. Йæ егъау сабион цæстытæй кæсы, цыма хъуыдыты ацыд, уыйау. Йæ уæлæ – бызгъуыртæ, йæ гуыбын гом, бæгъæввад, йæ сæрыл урс нымæтхуд. Йæ 2 къахы бынмæ иу сырх дидинæг дидин ракалдта, чи зоны, сæ фидæн рæсугъд кæй уыдзæни, уымæн æвдисæн, ома рæсугъд æмæ амондджын царды символ.

Фарст: Æмæ символ та цы у?

Дзуапп: Символон фæлгонц. Уый у аивадон фæрæз. Хицæн фæзындты æнгæс миниуджытæ баиу вæййынц иу вазыгджын фæлгонцы, уыцы фæлгонц свæййы мидисджын, ахадгæ, æмæ йæ хонæм символон. Зæгъ ирон гербы стай у тыхы символ, фæндыр – поэзийы символ æ.а.д.

Сæ цуры телыл хи хуыд хызын ауыгъд. Æвæццæгæн, йæ мидæг ис сæ маамæлайы къæбæр. Телыхъæды бынмæ – нарæ гхъуыр дурын – сæхицæн æрцæттæ кодтой дон. Семæ се нувыд хæлар – сæ куыдз. Æвзаг æппæрст, хуыссы хъæлдзæгæй. Сæрыстыр сæ у æмæ сæ æнувыдæй хъахъхъæны. Комы фæндагыл фæцæуы цавæрдæр мæгуыр адæймаг. Фæзилæнæй æрбазынд 4 бæхы ифтыгъд кæм ис, ахæм дилижанс, рыг сæ сæрмæ сбадти – æвæццæгæн, хæрзхаст бæхтæ сты, цавæрдæр хицауы. (Ам, зæгъæн ис, фембæлдысты 2 социалон къорды минæвæрттæ). Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй не ‘мдугон Дзантиаты Анатоли:

«Дурсæттæг сабиты» Ирыстоны нывкæнынады аивады фыццаг хатт ныфсджынæй æвдыст æрцыд с оциалон цардарæзты æнæрастдзинад».

«Къоста йæ зæрдæмæ арф иста мæгуыр æмæ æфхæрд сывæллæтты хъысмæт. «Дурсæттæг сабиты» уый равдисын йæ къухы бафтыд иттæг дæсныйæ…

Афтæ ныв кæнын йæ бон уыди, йæ судзгæ зæрдæ адæмы хъизæмайраг цардыл тынг кæмæн рисса, æрмæстдæр ахæм адæймагæн».

/Дзантиаты Анатоли/

Фарст: Зæгъут-ма мын, йе ‘мдзæвгæтæй та кæц ыйы зыны мæгуыр хъизæмайраг сывæлæтты хъысмæт ирддæрæй?

Дзуапп: æмдзæвгæ «Сидзаргæс»-ы

(Кæсæм йæ(наизусть)).



Йæ хъысмæт нывæн.

Къоста хасты куы уыд дыккаг хатт (фæрсын скъоладзауты, кæд æмæ цæй тыххæй), уæд иу зыд адæймаг ауæй кодта ныв хъæздыг къупецæн 10 туманыл, Къостайæн, дам, сæ æртвитын.

Уый фæстæ Къоста зилын байдыдта, цæмæй йæ фæстæмæ байса. Куыддæрты бафтыд йæ къухы æмæ йæ балæвар кодта Терчы областы зонындзинадтæ æмæ техникон ногдзинæдтæ парахат кæныны æхсæнадæн. Ныртæккæ та ис Тугъанты Махарбеджы номыл музейы.

Фарст: æмæ чи у Тугъанты Махарбег та, Къостайæн афтæ стыр аргъ чи скодта? (Ам кæсын урочы эпигрæфтæ)

Дзуапп: Тугъанты Махарбег райгуырд 1881 азы Цæгат Ирыстоны. 1901 азы райдыдта ахуыр кæнын Бетъырбухы ахуыр дзы кодта 1905 азмæ, стæй ацыд Германимæ. Махарбег у ир он адæмон нывгæнæг. Уый тынг хорз зонгæ уыдис зынгæ уырыссаг нывгæнджытимæ. Йæ ахуыргæнæ г уыди зынгæ нывгæнæг Репин. Йæ хуыздæр куыстытæй иу у «Нарты куывд».


Фарст: 1) Уæдæ ма зæгъæм, цы у йæ сæйраг хъуыды (идейæ) нывæн?

Дзуапп: Сывæллæттæн сæ бызгъуыр уæлæдарæс, сæ уæззау куыст æвдисæн сты сæ мæгуырдзинадæн. Сæхицæн кæрдзыны къæбæр фыд – амæлттæй, тыхтухитæй амал кæнынц. Диссаджы рæсугъд æрдзы хъæбысы сабиты мæгуырдзинад, се ‘нæбон ноджы тынгдæр хъары адæймаджы зæрдæмæ.

2) Цавæр уацмыстимæ ис нывæн абæттæн (æрæмных кæнын)?


- Æмных æй кæнæм йæхи фыст уацмыстимæ («Сидзæргæс», «Дзæбидырдзуаны», стæй «Царды уæз»-имæ Гæд. Ц.)

3) Сывæллæттæ, уæдæ ма æрхъуыды кæнæм нывæн ном (уæ бон у спайда кæнат, цы уацмыстæ кастыстæм, уыдонæй).

Зæгъ. «Царды уæз».

4) Цавæр хъуыды бавæрдта Къоста йæ диссаджы нывы?

а – Кæд уæззау уавæрты сты сабиты, кæд се’р ыгон бонтæ æрвитынц зынæй, уæддæр ралæудзæнис рухс æмæ амон дджын цард (нывы мидис абарын ныры царды уавæртимæ)


Пълан.

  1. Нывы истори (цавæр ныв у йæ жанрмæ гæсгæ? (Цардыуагон)

  2. Цы уынæм нывы?

  3. Дидинæджы нысан ацы нывы?

  4. Дыккаг пъланыл – фæндаг (царды символ)

  5. Фæстæг пъланыл – хæхтæ (ивгъуыды символ)

  6. Фæстæг пълан куыд баст цæуы раззаг пъланимæ?


Æххуысгæнæн дз ырдтæ æмæ дзырдыбæстытæ:

Цъæх-цъæхид кæмттæ, митæмбæрзт къæдзæхтæ, бызгъуыртæ, бæгъæ ввад, маамæлайы къæбæр, нарæгхъуыр дурын, æнувыд хæлар, дилижанс, хæрзхаст бæхтæ, сосæвæндаг, мигъты къуымбилтæ, Арвы комы фæндаг, уæлдзарм худ, нымæтхуд, дурсæттæн дзæбуг.

Дзырдтæ: дилижанс нымæтхуд уæлдзарм худæн æмбарын кæнын сæ нысаниуæг.

(Дзырдбæстытæй аразæм хъуыд – æ)


Кæронбæттæн ныхас:

«Дурсæттæг сабитæ» у профессионалон хуызфыссынады фыццаг зæрватыкк канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма æппæт Цæгат Кавказы исто рийы дæр»

Къостайы тыххæй мæнæ цы зæгъы зынгæ уырыссаг фыссæг æмæ æхснæнадон архайæг А.Фадеев:

«Æз дзурын ахæм хихуыз адæймаджы стыр æвзыгъддзинæдты тыххæй, цахæм уыд Къоста. Уый йæхимидæг баиу кодта æндидзынады адæймагты хуыздæр æууæлтæ, иууыл алыхуызон курдиаттæ… Хетæгкаты Къоста ирон адæмæн у хихуыз Леонардо да Винчи… Мах, уырыссаг адæм, сæрыстыр стæм, Къоста, Чернышевский, Добролюбов, Некрасовы идейæты æндæвдады бындурыл кæй сырæзт, уымæй».



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: Прочее.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Ивгъуыд, абон ?м? фид?н» Хетагкаты Къостайы ныв «Дурс?тт?г сабит?»

Автор: Цаллаева Лидия Касболатовна

Дата: 17.12.2015

Номер свидетельства: 267308


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства