Урочы темæ: Иувæрсыг хъуыдыйадтæ Къостайы сфæлдыстады
( рацыд армæг фæлхат кæныны урок )
Урочы эпиграф:
Ирон дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,
Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн.
Ирон Дзырдæн йæ Хуыцау ныр – Къоста.
Хъодзаты Æхсар.
Урочы цыд
1.Бацæттæгæнæн рæстæг.
1.Урок райдайын проблемон уавæрæй.
Ахуыргæнæг: Бакæсæм эпиграфы фыццаг хай.
Ирон дзырд дæр Хуыцаумæ уыд фыццаг,
Фæлæ йæ радта уарзонæй йæ фыртæн.
- Ныффыссын тетрæдты нымæц, къласы куыст.
Эпиграфы фыццаг хай.
Фарст: Ацы хъуыдыйады бæттæг фæлæ – йы размæ цæмæн хъæуы къæдзыг æвæрын.
Дзуапп : Хъуыдыйад у вазыгджын, ис дзы дыууæ грамматикон бындуры, дыууæ хуымæтæг хъуыдыйады. Дыууæ грамматикон бындуры хсæн та æвæрын фæхъæуы æрхæцæн нысан.
Фыццаг хъуыдыйад у дывæрсыг, йæ грамматикон бындур – дзырд Хуыцаумæ уыд;
Дыккаг хъуыдыйад та у хуымæтæг иувæрсыг, сæйраг уæнгтæй дзы ис æрмæст зæгъинаг -
- радта
2.Ног темæмæ рахизынмæ сразæнгард кæнын ( мотивации)
Ахуыргæнæг: Цæмæй вазыгджын хъуыдыйады пунктуацион рæдыд ма кæнай , уый тыххæй зонын хъæуы,
Дзуапп: цы хуымæтæг хъуыдыйæдтæ дзы вæййы, уыдоны арæзт. Арæх вæййынц иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.
2. Хъазт: Чи рæвдздæр базондзæн иувæрсыг хъуыдыйады хуыз.
Ахуыргæнæг: Цавæр иувæрсыг хъуыдыйад у, кæд æмæ дзы æвдыст цæуы адæймаджы уавæр.
Зæгъæм : Цухъхъатæ дарæн мын нæй.
Дзуапп: Æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад, æвдыст дзы цæуы адæймаджы уавæр.
Зæгъæм: Бавæрдзыстут мын мæ мард.
Дзуапп: Æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад , зæгъинаг у 2 – аг цæсгомы, бирæон нымæцы, суинаг афоны мивдисæг.
Зæгъæм: Зонын,……
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ
Дзуапп: Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад, зæгъинаг у 1 – аг цæсгомы, иууон нымæцы, нырыккон афоны мивдисæг.
Зæгъæм: Бæрзонд урс хæхтæ.
Æнкъард къæдзæхтæ.
Æгомыг бæлас…
Дзуапп: Номхуындон иувæрсыг хъуыдыйад , хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй дзы ис æрмæст сæйрат.
Зæгъæм: Фесæф, фесæф, цард ,
Сау лæппуимæ
Дзуапп: Бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйад, зæгъинаг мивдисæг 2 – аг цæсгомы, иууон нымæцы фæдзæхстон здæхæны æвæрд.
3. Æмбарынгæнæн диктант грамматикон хæсимæ
Хæс: Бахах кæнын сæйраг уæнгты бын , сбæрæг кæнын иувæрсыг хъуыдыйадты хуызтæ.
1.Зонын æфсæрмæй кæудзыстут ,….
2.Кадмæ бæлгæйæ , æгадæй мæлæм…..
3.Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн , - ….
4.Мæ Иры фæсивæд ! Дæ цинæй , дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард….
5. Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…
6. Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой ,…..
4. Къордты куыст.
Хæс: 1 – аг къордæн:
Ссарын бæлвырдцæсгомон æмæ æбæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.
- Фæдзурынц æй ал – хатт…
- Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн ( æбæлвырдцæсгомон , иувæрсыг хъуыдыйад )
- Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!
- Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ.
- « Стонгæй мæлын , гыцци!»
( бæлвырдцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ )
- Цухъхъатæ дарæн мын нæй!...
- Мæгуыры бон циу? ( æнæцæсгомон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ)
- Цæф сæгуыты маст,
Æхсæрдзæны хъазт.
- Фæскъæвда хур бон
Уымæл ривæддон , ….
- Рæсугъд хизæнтæ,
Æфсæст фосы дзуг. ( номхуындон иувæрсыг хъуыдыйæдтæ )
Скæнын хатдзæг
6. Хæс : Дзырдбыд баххæст кæнын.
1.Хъуыдыйад цавæр æвзаджы хай ахуыр кæны? ( синтаКсис )
2.Æххæст хъуыды æвдисы? ( хЪуыдыйад )
3.Бæрæггæнæн арæхдæр загъд æрцæуы ? ( минОгонæй )
4.Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй иу у ? ( Сæйрат )
5.Фадатон дзырд февдисы архайды … ( бынаТ )
6. Синтаксис ахуыр кæны хъуыдыйад æмæ ( дзырдбАст )
Ахуыргæнæг: Цавæрд дзырд нæм рауад.? Къоста. Абон нæ урочы цы æрмæгыл кусæм, уый иууылдæр ист у Къостайы сфæлдыстадæй.
7.Ахуыргæнæг: Къостайы уацмыстæ цалдæр дзурынц Ирыстоны æрдзыл. Æмдзæвгæтæ
« Уалдзæг», « Сæрд», « Фæззæг» « Зымæг» .
Æрдз æвдыст цæуы йæ нывты дæр: « Æрдзон хид», « Дайраны ком» ….
Хæс: Музыкæмæ хъусгæйæ, Къостайы нывтæй иумæ гæсгæ ныффыссын цыбыр нывæцæн æрфыст ахæм темæйыл:
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!»
Нывæцæнтæ равзары , сæ хæрзхъæддзинады тыххæй хатдзæг скæнын.
Урочы хатдзæгтæ.
Фарст: Иувæрсыг хъуыдыйæдты стилистикон хицæндзинад цæй мидæг ис?
Дзуапп: Иувæрсыг хъуыдыйæдтæ цыбырæй, æлвæстæй æвдисынц хъуыдытæ.Сты лирикон, мелодикон.
Сæйраг уæнгтæй иу цухгонд кæй æрцæуы, уый дзуры, хъуыдыйады сæйрагдæр архайд предметы ном кæй у, ууыл.
2.Бакæсын иувæрсыг хъуыдыйæдты тыххæй. Зæгъын , иувæрсыг хъуыдыйæдтæ кæцыты кой кæнынц ахуыргæндтæ.
- Умолчание местоимений личных перед спрягаемыми глаголами украшению и важности служит. ( Михаил Ломоносов )
( фыссы бæлвырдцæсгомон хъуыдыйады тыххæй)
- Действующее лицо намеренно устранено, намеренно представляется как неизвестное, неопределенное. ( А . Пешковский )
( фыссы æбæлвырдцæсгомон хъуыдыйады тыххæй)
Кæронбæттæн
Хæдзармæ куыст:
Бакæсын Къостайы басняйæ ист скъуыддзаг.
Фарст: Кæй фыст у ацы басня æмæ цы хъуыйны?
Бынæй йæм дзуры:
- Уындæй дæ цуры,
Дæ фæхъхъау фæуон,
Кæмæй раппæлон?!
Дæ даргъ дæллагхъуыр,
Дæ сау базыртæ,
Дæ диссаджы гуыр,
Дæ худгæ былтæ!
Æххæст ма зарын
Куы зонис, уæд дæ
Паддзахæн дарын
Фæразид зæрдæ..
Хæслæвæрд баххæст кæнын: - Цавæр хъуыдыйæдтæй арæзт у скъуыддза. - Хъуыдыйæдты грамматикон бындуртæ бахахх кæнын
Кæронбæттæн
Сбæрæг кæнын:
- цавæр куысты хуызтæ фæцыдысты сæ зæрдæмæ
- къордтæй хуыздæр чи куыста
-къордты уæнгтæ чи у хорз бæрæггæнæны аккаг.