kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Иры зынгхуыст поэтт?.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Нысан:

  1. Ахуырдзауты базонгæ кæнын Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег æмæ Елехъоты Мураты сфæлдыстадимæ;
  2. Лæвæрд уацмысы оуаджы ахуырдзауты разæнгард кæнын ирон æвзагыл сæ хъуыдытæ зæгъыныл;
  3. Гуырын кæнын ахуырдзауты зæрдæты уарзондзинады, райгуырæн бæстыл иузæрдион уæвыны æмæ граждайнаг æнкъарæнтæ

Фыдыбæстæмæ,  нæ чысыл Ирмæ.

Урочы æрмæг: поэты портреттæ, сæ чингуыты равдыст, чиныг «Хорзæй баззай, Ир!», газет «Рæстдзинад» - Мухарбек æмæ Хазбийы юбилейон номертæ, кассетæтæ.

Эпиграф: «Фыдыбæстæ уæ дзырды сæр куы уа, фыццаг ныхас иу мард хæстонтæн раттут». 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Иры зынгхуыст поэтт?.»

Иры зынгуыст

поэттæ







Ахуыргæнæг Цакъоты Л.К.

Дзæуджыхъæу.

Темæ: «Ирон зынгхуыст поэттæ»

Нысан:

  1. Ахуырдзауты базонгæ кæнын Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег æмæ Елехъоты Мураты сфæлдыстадимæ;

  2. Лæвæрд уацмысы оуаджы ахуырдзауты разæнгард кæнын ирон æвзагыл сæ хъуыдытæ зæгъыныл;

  3. Гуырын кæнын ахуырдзауты зæрдæты уарзондзинады, райгуырæн бæстыл иузæрдион уæвыны æмæ граждайнаг æнкъарæнтæ

Фыдыбæстæмæ, нæ чысыл Ирмæ.

Урочы æрмæг: поэты портреттæ, сæ чингуыты равдыст, чиныг «Хорзæй баззай, Ир!», газет «Рæстдзинад» - Мухарбек æмæ Хазбийы юбилейон номертæ, кассетæтæ.

Эпиграф: «Фыдыбæстæ уæ дзырды сæр куы уа, фыццаг ныхас иу мард хæстонтæн раттут».

Ю. Марцинкявичус.

  1. Разныхас. Сау мигътæ æнæнхъæлæджы æрбацыдысты ныгуылæнæй советон адæмы сабыр амондджын цард хæлд æрцыд: фашистон лæгмартæ æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ. Ӕппæт советон адæм: стырæй – чысылæй , зæрондæй – æрыгонæй карз тохы бацыдысты сæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

Хъуысы зарæг «Священная война». Бирæ туг ныккалд уыцы хæсты, уыимæ ирон туг дæр.

Чысыл Ирыстонæй хæсты быдырмæ ацыд 89 934 адæймаджы.

Уыдонæй 45 500 æнустæм баззадысты Уæрæсейы æмæ Европæйы быдырты «фынæйæ». Бирæтæн сæ ингæнтыл абон дæр нæй сæ нæмттæ фыст. Ирон адæм сæ сæр бæрзонд хæссынц æфсæды инæлар Плиты Иссæйæ – Советон Цæдисы Дыууæ хаты хъæбатыр. Манголы республикæйы хъæбатырæй.

Хетæгкаты Георгийæ, Зæнджиаты Валодяйæ, Дзусаты Ибрæгимæй, Гагкаты Алиханæй æмæ бирæ, бирæ æндæртæй. Ирыстоны хъæбултæй 75 систы Советон Цæдисон Хъæбатыртæ.

Ирыстоны ис ахæм бинонтæ, кæцытæн сæ 4, 5, 6, 7 хъæбулæй иунæг дæр нал сыздæхт йæ фыды уазæгмæ. Уыдонимæ Гæздæнты авд æфсымæры, Кобегкаты авд æрсымæры, Темыраты 6 æфсымæры; Хъалæгаты, Дыгуры, Гусаты 5 æфсымæртæ…

Скъоладзау цæгъды зарæг «Мады цæссыгтæ» - йы мелоди.

Абон мах нæ урочы сараздзыстæм цыбыр афæлгæст Ирыстоны зынгхуыст поэтты сфæлдыстадыл: Калоты Хазби, Кочысаты Мухарбег, Елехъоты Мурат сты нæ урочы ныхасы сæр.

Уыдоны кадæн иу минут æнæ дзургæйæ алæууæм.

Калоты Хазби фыста: «Кæй бон уыдзæн, кæ, нæ фæстæ зæххы зæрдæйæ маст ныффыссын.»

Стыр арфæйы куыст бакодта нæ республикæйы адæмон поэт Хъодзаты Ӕхсар: бирæ азты дæргъы чысылгай фембырд кодта сæ уацмыстæ æмæ сæ рауагъта хицæн чиныгæй, схуыдта йæ Калоты Хæзбийæ прозæйæ фыст æмдзæвгæйы номæй – «Хорзæй баззай, Ир!»

Чиныджы ис 58 æрыгон фыссæджы уацмыстæ. Хæст куы райдыдта, уæд ацы лæппутæн сæ хистæр Дзæхаты Темырхъаныл цыд 37 азы, се 'ппæты кæстæртæ – Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георгийыл – 17 азтæ.

Райдыдта карз хæст. Ацы æдзард фæсивæд «хæрзбон» зæгътой сæ Райгуырæн Ирæн æмæ сæ фæндыр раивтой хæцæнгарзæй. Никуы фæчъизи кодтой ирон хæстон традицитæ, сæ рагфыдæлтæ тырыса дæлæмæ не 'руагътой.

Байхъуысæн ис зарæг «Нæ хæстон хъæбултæн.»

  1. Поэтты уацмыстыл афæлгæст.

Ахуырдзау: Зындгонд литоваг поэт Юстинас Марцинкявичюс фыста «Фыдыбæстæ уæ дзырды сæр куы уа, - фыццаг ныхас – иу мард хæстонтæн раттут.» Мах дæр абон байхъуысдзыстæм сæ уацмыстæм.

Ахуырдзау. Мæн фæнды радзурын Калоты Хазбийы тыххæй.

Дзуры йæ биографи: «Хазби каст фæци Къостайыхъæуы авдазон скъола, бацыд ахуырмæ Дзауджыхъæуы кусæг фæкультетмæ. Ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педагогон институты литературон хайады, фæлæ йæ каст нæ фæцис…Карз хæст райдыдта.»

Ӕмдзæвгæ «Карз хæст райдыдта.»

Хазби фæстаг курсæй æфсадмæ ацыд, ссис кæстæр лейтенант. Уыдис танк Т-34 командир. 1943 азы афицер Калоты Хазби йæ цард нывондæн радта йæ бæсты сæрвæлтау – Курскы. Сырхзынг къæлæты хæсты танчы басыгъд. Поэт ныгæд ис Курскы областы, Обояны районы, хъæу Красная Полянæйы.

Прозæйы фыст æмдзæвгæ «Хорзæй баззай, Ир!» кæсы ахуырдзау.

Ахуырдзау. Калоты Хазби æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ахуыргæнгæйæ. Йæ уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты ирон газеттæ æмæ журналты. Хæсты размæ ныффыста драмæ «Бæтæйы фырттæ.» 1956 азы йæ уацмыстæ рацыдысты хицæн чиныгæй – «Хуры тын.» Хазбийы æмдзæвгæтæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй сты чиныг «Советские поэты, павшие в Великой Отечественной войне» - йы.

1973 азы Мæскуыйы чиныгуадзæн «Современник» рауагъта Калоты Хазби æмæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ «Побратимы».

Хазби фыста талынг ныккæндты, уазал акъоппыты, топпыхосы фæздæгмæ, фæлæ йæ хъæлæс уыд ныфсхаст, бирæкъабазджын.

Ахуырдзау. Хæдæфсæрм, æмгарджын æмæ сæрæн кæстæрæй зыдтой ирон фысджытæ Кочысаты Мухарбеджы. Фыссæг Мыртазты Барис афтæ фыста Мухарбеджы тыххæй: «Ӕмгар дæр ахæм æмгар уыд, æмæ нæ цин, нæ хъыг æмбистæ кæимæ кодтам. Кæрæдзимæ мады зæнæджы цæстæй кæимæ кастыстæм ». Ӕмæ нал и абон уый нæ фарсмæ. Фæлæ нæ зæрдæйы баззадис йæ сурæт, æмæ нæ уый хъусæй лæууын нæ уадзы.»

Ахуырдзау. Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырд 1920 азы Ольгинскæйы. Авдазон скъолайы фæстæ бацыд педагогон техникуммæ, фæстæдæр бацыд педагогон институтмæ. Ахуыр кодта иттæг хорз, иста Къостайы номыл стипендии. Институт уымæн дæр нæ бантæст фæуын. 1941 азы фæстаг курсæй ацыд бархийы хæсты быдырмæ, сси афицер. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орден æмæ майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй.»

Хæсты райдианы цы æмдзæвгæ ныффыста, уымæ байхъусут.

Ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ «Мæ хæс».

Ахуырдзау. Хæсты быдыры Мухарбег ныффыста йæ иууыл ахсджиагдæр æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Ьайхъусут æм.

Мухарбегæн фæцух уæвæн, фæхицæнгæнæн нæй, «нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй» кæй балхæдтой. Ацы æмдзæвгæ куы ныффыста, уæд ыл цыдис 22 азы. Фæлæ цы æгæрон уарзтæй уарзы йæ Иры зæхх, куыд адджын, зынаргъ ын у!

Ахуырдзау. Цымыдисон мæм фæкаст æмдзæвгæ «Сау цæстытæ». Куыд тынг бахæлæггæнæн ис ныртæккæйы чызджыты уыцы рæсугъдмæ, поэт афтæ «зæрдæбынæй» кæй уарзта. Байхъусут æм.

Ахуырдзау. Ӕгæрон уарзтæй кæй уарзта Мухарбег, уыдонæн ныстуаны хуызы ныффыста æмдзæвгæ «Фæстаг салам». Уыдон уыдысты ныййарæг мад æмæ Кавказ. Ӕмдзæвгæ кæсы. Ацы æмдзæвгæ цыма æцæгæйдæр йæ хъысмæт зыдта.

Ахуырдзау. Ӕцæгæй æрцыд поэты ныхас: 1944 азы августы мæйы фæмард хъæбатырæй украинаг горæты Ямполы хæстыты. Йе 'ппæт цард æмæ сфæлдыстад зынаргъ сты ирон адæмæн, фæсивæдæн-фæзминаг. Ирон композитортæ музыкæ ныффыстой йе 'мдзæвгæтæм гæсгæ æмæ уыцы зарджытæ систы ирон адæмæн уарзон зарджытæ. Уыдонимæ йæ фæстаг æмдзæвгæйыл фыст зарæг «Фыстæг мæ мадмæ». Махмæ афтæ кæсы,æмæ ныййарæг мадыл ацы уацмысæй хуыздæр æмæ аивдæр уацмыс ничи ныффыста.

Хъуысы зарæг «Фыстæг мæ мадмæ».

Ахуыргæнæг. Ӕрыгон лæппу Елехъоты Георгийы фырт Мурат дæр нал сыздæхт йæ фыдыуазæгмæ, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта йæ уарзон адæмæн йе 'мдзæвгæтæ.

Ахуырдзау. Мурат райгуырди 1923 азы Дыгурыхъæуы. Мурат ма чысыл лæппу куы уыди уæд йæ ныййарджытæ ралыгъдысты Дзауджыхъæумæ. Ам каст фæци астæуккаг скъола æмæ бацыд педагогон институтмæ. Хæсты дыккаг бон курдиат балæвæрдта, цæмæй йæ арвитой фронтмæ. Зноны студент сси хæстон. Мæлæтдзаг хæстытæ Анапæ æмæ æндæр горæттæ знаджы къухæй ратоныныл. Мураты æмдзæвгæтæ æмæ плакаттæ – иу арæх фæзындысты æфсæддон газеты.

Ахуырдзау. 29 июны 1941 азы ныффыста æмдзæвгæ «Фæуæлахиз уыдзыстæм». Байхъусут æм.

Ахуырдзау. Мурат фыста уырыссаг æвзагыл. 1970 азы Хъодзаты Ӕхсар ратæлмац кодта Мураты æмдзæвгæтæй цалдæр. Мах рæстæджы Мураты сфæлдыстадмæ йæ цæст раздæхта Ходы Камал.

1943 азы карз хæстытæ цыдысты Хъырым фашисттæй уæгъд кæнгæйæ. 7 ноябры 1943 азы хъæбатырæй фæмард йе 'мбæлттимæ.

Ацы чиныджы цы зынгхуыст æрыгон лæппутыл дзырд цæуы. Мурат уыдонæн се 'ппæтæй амондджындæр разынд иу хъуыддаджы: йæ мард сæмбæлд Иры зæххыл, бавæрдтой йæ Ирыхъæуы уæлмæрды. «Цард æмæ царды сæйраг хъайтар адæймаг» - ацы дыууæ хъуыддаджы уарзта Мурат æмæ сын йæ сæр нывондæн æрхаста.

«Бæргæ, куы уаин Рæстæгыл дæр барджын, -

Ӕнусты сæрты атæхид мæ зард:

Ӕз ацы дзырдтæ хъулон уарзтæй уарзын –

Сæ иу у «Лæг», у иннæ дзырд та «Цард»…»

Ахуыргæнæг. Кæронбæттæны ныхас. Абон нæ урочы цы поэтты кой кодтам, уыдоны хъысмæт уын æвзаринаг макуы фæвæд уæ сонбоны царды. Цы амондджын рæстæг цæрут, уымæн аргъ кæнын зонут. Ацы лæппутæн цы нæ бантыст, уый сымахæн бантысæд. Мæн уырны, сымах сын хорз фæндонтæ кæй уыдзыстут. Бузныг уын, афтæ зæрдиагæй кæй бацæттæ кодтат урокмæ. Нæ урок мæ фæнды фæуын Хъодзаты Ӕхсары ныхæстæй: «Хъæбатыртæ цæуынц» ивгъуыд бонтæй. Цæмæй ахизой æнусты сæрты, цæмæй сын сæ ныхас фехъусой фæлтæртæ. Уымæн æмæ фыдæлты фарн мæрдтæн нæ цæуы…»

Ма рох кæнæм хъæбатырты. Нæ алы сулæфт, нæ алы къахдзæф дæр уыдоны ивгъуыд бонтæй. Цæмæй ахизой æнусты сæрты, цæмæй сын сæ ныхас фехъусой фæлтæртæ. Уымæн æмæ фыдæлты фарн мæрдтæн нæ цæуы..»

Ма рох кæнæм хъæбатырты. Нæ алы сулæфт, нæ алы къахдзæф дæр уыдоны царддæй æлхæд кæй у.




















Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс

Скачать
Иры зынгхуыст поэтт?.

Автор: Цакоева Людмила Касболатовна

Дата: 10.12.2015

Номер свидетельства: 264483


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства