kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Ирон зиу –нæ фыдæлты уæздан æгъдау». (Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ).

Нажмите, чтобы узнать подробности

5-æм къласы ирон литературæйы урок.               

Урочы темæ: «Ирон зиу –нæ фыдæлты  уæздан æгъдау».

(Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ).

Грамматикон темæ:   Лексикæ. Синонимтæ, бирæнысанон дзырдтæ.

(Слайд)

Урочы нысантæ:        1. Равзарын æмдзæвгæйы темæ, йæ сæйраг хъуыды,

                                             бамбарын кæнын зиуы стыр ахадындзинад

                                             раджы  заманы дæр æмæ ныры рæстæджы дæр.

                                    •    2. Ныхасы рæзтыл бакусын,скъоладзауты ахуыр

                                       кæнын сæ хъуыдытæ дзурыныл  æмæ хатдзæгтæ     

                                            кæныныл.

                                    •    3. Рæзын кæнын сывæллæтæм цымыдисдзинад 

                                       нæ  фыдæлты æгъдæуттæм,цæмæй дзы  ба-                     

                                       хъуаджы   сахат  сарæхсой раст  спайда  кæнын-

                                     мæ.

Урочы эпиграф :                    « …Уыдтон: æххуыс куы хъæуа искæй,

                                                             Уæд зиуæй  ницы ис хуыздæр ».

                                                                                     / Кокайты Тотрадз /

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Ирон зиу –нæ фыдæлты уæздан æгъдау». (Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ).»

5-æм къласы ирон литературæйы урок.


Урочы темæ: «Ирон зиу –нæ фыдæлты уæздан æгъдау».


(Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ).


Грамматикон темæ: Лексикæ. Синонимтæ, бирæнысанон дзырдтæ.


(Слайд)


Урочы нысантæ: 1. Равзарын æмдзæвгæйы темæ, йæ сæйраг хъуыды,

бамбарын кæнын зиуы стыр ахадындзинад

раджы заманы дæр æмæ ныры рæстæджы дæр.

2. Ныхасы рæзтыл бакусын,скъоладзауты ахуыр

кæнын сæ хъуыдытæ дзурыныл æмæ хатдзæгтæ

кæныныл.

3. Рæзын кæнын сывæллæтæм цымыдисдзинад

нæ фыдæлты æгъдæуттæм,цæмæй дзы ба-

хъуаджы сахат сарæхсой раст спайда кæнын-

мæ.

Урочы эпиграф : « …Уыдтон: æххуыс куы хъæуа искæй,

Уæд зиуæй ницы ис хуыздæр ».

/ Кокайты Тотрадз /


(Слайд)

1. Орг . хай.

2. Х/ к. сбæрæг кæнын. Кокайты Тотрадз «Хæдзары хицау æмæ

хуыснæг».

Фæрстытæ хæдзармæ куыст сбæрæг кæнынмæ:

(Слайд)

1. Чи сты æмдзæвгæйы сæйраг архайджытæ?

2. Цы уыди хæдзары хицаумæ?

3. Цавæр адæймаг уыди хæдзары хицау, куыд царди йæ

бинонтимæ? ( тексты ссарын дæнцæгтæ).

4. Чи æмæ цæмæн фæцахуыр йæ кæркдонмæ?

5. Цы бакодта хæдзары хицау хуыснæгæн æмæ йæ цæмæй ба-

фарста?

• 6. Куыд æй сайы хуыснæг, йæхи цы рахоны?

7. Куыд æрцыди хуыснæг æфхæрд?

8. Раст бакодта хæдзары хицау æви нæ?


Ацы æмдзæвгæ фыст у скæсæйнаг æмбисонды бындурыл.

• Куыд уæм кæсы, æмдзæвгæйы кæцы рæнхъыты æвæрд ис æмбисонды

сæйраг хъуыды? ( чиныджы йæ ссарут ).

(слайд)

Ацы æмбисæндтæ куыд баст сты нæ рацыд темæимæ ?

« Магуса æмæ æввонгхорæн йæ кæрон хуыснæгдзинадмæ æрцæуы» • «Дымгæ цы ’рбахæссы , уый фæстæмæ дæр ахæссы»

Куыд уæм кæсы, давæггагæй цæрын бирæйы фаг суыдзæн?

Зæгъут уæ хъуыдытæ æмæ хатдзæгтæ скæнæм.


3. Ног æрмæг.

(Слайд )


Ах. ныхас Кокайты Тотрадзы тыххæй.

Ах.ныхас: зиуы тыххæй.

( Слайд)

Абайты Васо йæ этимологион дзырдуаты дзырд « зиу» амоны :

Ziw / zew ’толока – помочь. Сбор населения к одному хозяину, по кличу, для дружной работы,на один день; хозяин угощает помочан, и этим способом за один раз сымает хлеб, выкашивает луг, молотит и пр.

Важный институт (средство ) общественной трудовой помощи. О нем восторженно отзывался великий поэт Коста Хетагуров в неоконченной статье « Зиу» и в « Письме к землякам» (газета «Казбек» № 637 от 29 декабря 1899г.) Этнографы относят зиу к лучшим традициям осетинского народа.

«…зиууæтты зарæгæй хæхтæ ныццарыдтой»( Къоста).


( Слайд ), газет «Казбек» - æй ныв.

4. Равзарæм тексты зынæмбарæн дзырдтæ.


Зынæмбарæн дзырдтæ:

Зиу – иумæйаг куыст

’рымысын – мæ зæрдыл æрлæууы , æрхъуыды кæнын

арæхст – хорз кусын

уис – цæвæгæй цы кæрдæг рафæлдахынц, уый

риуыгъд – фезмæлд

5. Чиныгимæ куыст.

Кокайты Тотрадз

«Зиу»

О, уый кæддæр уыди, кæддæр,

Фынау æй 'рымысын ныр дæр…


Æрцыдтæн зиууæтты фæдисмæ,

Сæ арæхстыл куыд кодтон дис,

Раст афтæ радзырдта сæ хистæр:

– Дæ бæсты дæр æрхæссæм уис?


Æви кæд арæхсыс дæхæдæг,

Уæд уый та ноджыдæр хуыздæр…

-Кæд исчи баууæнда йæ цæвæг,

Уæд афæлварин ,и, æз дæр…

Фыццаг хатт дын нæ уыдтæн зиуы! -

Мæ цæвæг ауагътон быныл ,

Ысдзырдтой зиууæттæ:

-Нæхи у,–

Йæ фыццаг риуыгъдæй зыны…

Фæскуыст мæ 'рбадын кодтой с' астæу,–

У зиуы алцы дæр нымад,

Æмдзыхæй загътой:

–Хорз фæкастæ,

Æмæ дын буц нуазæнæй кад.

Гъестæй уæд зиуы зарæг систой,

Нæрыд уæлæрвтæй дæр уæлдæр.

Уыдтон: æххуыс куы хъæуа искæй,

Уæд зиуæй ницы ис хуыздæр.


• Ахуыргæнæг бæстон æвзары æмдзæвгæ строфæгай.

  1. Лирикон герой мысы йе΄рыгон бонтæ?(дæнцæгтæ текстæй)

  2. Зиууæтæм фæзындис йæхи фæндонæй.

  3. Ӕфсæрмыгæнгæйæ йе΄ххуыс хъары хистæртæн

  4. Зиууæтæ йæм цæвæг радтой.

  5. Лæппу зæрдæхъæлдзæгæй кусы.

  6. Зиууæтæ цин кæнынц лæппуйы арæхстдзинадыл.

  7. Куысты фæстæ йæ улæфынмæ семæ сбадын кæнынц æмæ иумæ зарæг сисынц.

  8. Лирикон герой йæ ныхасы кæрон цингæнгæйæ зæгъы:

« … æххуыс куы хъæуа искæй

Уæд зиуæй ницы ис хуыздæр!»

• Скъоладзаутæ радыгай аивæй кæсынц æмдзæвгæ.

6. Урочы грамматикон хæс:

• Ацы дзырдтæм ссарын синонимтæ:

Рымысын, æрцыдтæн, æрхæссæм, арæхсыс, баууæнда.

• Тексты ссарын бирæнысанон дзырдтæ.

• Тексты ирон фынджы æгъдæуттæй цавæрыл цæуы ныхас?



7. Текст бафидар кæныны фарстытæ:

1. Кæд æмæ кæм федта лирикон герой фыццаг хатт зиу?

2. Уыцы рæстæг æм куыд фæзыны?

3. Куыд сæмбæлдысты лæппуйыл зиууæттæ?

4. Куыд дары йæхи лæппу?

5. Зиууæттæ куыд æмæ цæмæй сбуц кодтой æрыгон зиууоны?

6. Фæскуыст сæ фæллад куыдæй уадзынц зиууæттæ?

8. Физминутка. • Байхъусæм зиууæты зарæгмæ æмæ аулæфæм.

9.Ситуативон беседæ.

Ах. ныхас:

Арæх афтæ рауайы, æмæ адæймаджы тагъд бахъæуы искæй æххуыс. Иутæ æнгом æрбалæууынц йæ фарсмæ, иннæтæ та истæй æфсон сæхи иуварс айсынц.
Зæгъæм, де ’мбалы фыд рынчындонмæ бахауд, сæ хосгæрстæн та тæссаг у та уарынæй ныххуылыдз уæвынмæ. Фæнды дæ де ’мбалмæ фæкæсын, фæлæ дæ дæ мад нæ уадзы, фæрынчын, дам, уыдзынæ. Цавæр дзырдтæ ссарис дæ мадæн, цæмæй дæ бамбара, æмæ ауадза ?

Зæгъут уæ хъуыдытæ æмæ нæ урокæн хатдзæгтæ скæнæм.

Ах. ныхас:

Ирон адæм афтæ фæзæгъынц, цард, дам, дæндаггай зилы. Æмæ хъуамæ алы адæймаг дæр æмбара, искуы уый дæр æххуыс кæй бахъæудзæн æмæ адæмимæ хæларæй куы нæ цæра, йе ’ хуыссы хай цæстуарзонæй æмæ æнæвгъауæй адæмæн куы нæ дæтта, уæд никæй хъæудзæн, ничи балæудзæн йæ фарсмæ. ничи йæ нымайдзæн адæймагыл дæр..

Уæ зæрдыл бадарут ацы ныхæстæ æмæ нæ абоны урочы фæстæ мах бон дæр Кокайты Тотрадзимæ зæгъын куыд уа:

« … æххуыс куы хъæуа искæй,

Уæд зиуæй ницы ис хуыздæр ».

/ Кокайты Тотрадз /


10. Рефлекси.

11. Х/к. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын; ныффыссын цыбыр нывæцæн: «Зиумæ цæуон, ма цæуон, фæкæсон, ма фæкæсон?..»

12. Бæрæггæнæнтæ комментаритимæ сæвæрын.






Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс

Скачать
«Ирон зиу –нæ фыдæлты уæздан æгъдау». (Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ).

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 05.11.2016

Номер свидетельства: 355570

Похожие файлы

object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(189) "Презентация к уроку «Ирон зиу –нæ фыдæлты уæздан æгъдау». (Кокайты Тотрадзы æмдзæвгæ « Зиу»– мæ гæсгæ)."
    ["seo_title"] => string(80) "iron_ziu_nae_fydaelty_uaezdan_aeghdau_kokaity_totradzy_aemdzaevghae_ziu_mae_gh_1"
    ["file_id"] => string(6) "355588"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478348670"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

Распродажа видеоуроков!
ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства