kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темæ:   Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты.

Нысан:        1. Банкъарын кæнын сколадзаутæн ирон    

дзырды, ирон æвзаджы хъару, сæ    ахадындзинад æхсæнады царды, адæмы удварны рæзты.

                      2. Мадæлон æвзаг бауарзын кæнын рæзгæ                                 фæлтæрæн куыд æппæты стырдæр хæзна.

                                        Æнæвзаг адæймаг ничи у,

                                         æнæнымад, никæмæ хауы.

                                                     Анахарсис

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты.»

Темæ: Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты.

Нысан: 1. Банкъарын кæнын сколадзаутæн ирон

дзырды, ирон æвзаджы хъару, сæ ахадындзинад æхсæнады царды, адæмы удварны рæзты.

2. Мадæлон æвзаг бауарзын кæнын рæзгæ фæлтæрæн куыд æппæты стырдæр хæзна.



Æнæвзаг адæймаг ничи у,

æнæнымад, никæмæ хауы.

Анахарсис



Урочы цыд:

I. Организацион хай. (Салам раттын уазджытæн)


Ахуыргæнæджы ныхас:

Нæ фыццаг урочы ныхас кодтам æвзаджы тыххæй иумæйагæй, базыдтам, куыд фæзындысты æвзæгтæ, цавæр уыд сæ нысаниуæг, цавæр хæстæ æххæст кæнынц æхсæнады размæ.

Нæ абоны урочы дæр та нæ ныхас уыдзæн æвзагыл, фæлæ æвзæгтыл иумæйагæй нæ, фæлæ махæн, ирæттæн нæ зæрдæмæ хæстæгдæр цы ‘взаг лæууы, нæ фыдæлтæ мадæлон æвзаг кæй схуыдтой, уыцы нæхи ирон æвзагыл. Нæ урочы темæ у ахæм: «Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты».

Фæйнæгыл:

Удварн (вазыгджын дзырд) – Цавæр 2 дзырдæй арæзт у?

Уд+фарн (фæйнæгыл дзырд равзарын)


Цæмæй нæ ног темæмæ рахизæм, уый тыххæй уал хæдзармæ куыст сбæрæг кæндзыстæм.


1. Фарстытæ:

1) Нæ фыццаг урокæн эпигрæфæн кæй ныхæстæ æрхастам?

(О.Бальзакы)

2) Цæмæн?

3) Кæцы фæлтæрæн уын уыд хæдзармæ лæвæрд? (№6)

4) Чи у фæлтæрæны лæвæрд æмдзæвгæйы автор? (Джыккайты Шамил)

5) Цæмæн рахицæн кодта поэт ацы 12 дзырды?


2. Интерактивон фæйнæг. (Скъоладзаутæ радыгай æвзарынц цыбыр комментаритимæ æмдзæвгæйы дзырдтæ, сæ быны сын бахахх кæнынц).

Хæс: Чи уæ цавæр дзырд равзарид йæхицæн ахсджиагдæрæн?

Цæмæн?


3. Нæ фыццаг урочы базонгæ стæм дзырд æмæ æвзаджы тыххæй бирæ æмбисæндтимæ.

Хæс: 2-3 æмбисонды дзы нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.


Интерактивон фæйнæг. (Скъоладзаутæ радыгай цæуынц фæйнæгмæ æмæ æмбисæндтæ кæронмæ хæццæ кæнынц).


1. Лæджы йе’взаг сафгæ дæр кæны… .

2. …ныхас хъæдбыны дæр нæ фидауы.

3. Цы зоныс, уыдон иууылдæр ма дзур, цы дзурыс, … .

4. Дзыхджын – бæхджын, æнæдзых… .


II. Ног темæ.

Ахуыргæнæджы ныхас.

Иу æмбисонд уын мæ зæрды ис зæгъын. Хуымæтæджы йæ нæ равзæрстон дæнцæгæн – иуæй, дзырд æвзаджы хъаруйыл дзурæг у, иннæмæй та – æнгом баст у нæ ног темæимæ.


Интерактивон фæйнæгыл: «Карды цæф дзæбæх кæны, æвзаджы цæф – нæ».

Ахъуыды кæнут, цас философон хъуыды бавæрдтой ацы æмбисонды нæ фыдæлтæ.

Цас хъару дзы ис дзырдæн, æвзагæн!

Мæнæ иннæ æмбисонд мæ хъуыды фæарфдæр кæндзæн. Интерактивон фæйнæгыл: «Дзырдæн Дзодзийы дурау авд æвæрæны ис».


Ахуыргæнæджы ныхас:

Цæвиттон, дам, иу лæг Дзодзи, зæгъгæ, уыд дæсны мæсыгамайæг æмæ, дам, цалынмæ дур авд фæлдæхты не ‘ркодта, уæдмæ, дам, æй мæсыгыл не ‘вæрдта.


Гъе, дзырды хъуыддаг дæр афтæ у: авд хатты йыл ахъуыды кæн, иу хатт та йæ зæгъ, цæмæй дæ ныхасæй, дæ дзырдæй макæй фæриссын кæнай, макæй зæрдæхудты бацæуай.

Интерактивон фæйнæгыл Румийы ныв æмæ йæ ныхæстæ:

О, карды ‘взаг,

Æдас дзы нæу ызнаг дæр,

Æвзаджы кард – æппæт кæрдтæй тæссагдæр

Руми. (XIII æнус).

Ахуыргæнæджы ныхас.

Ныр нæ урок дарддæр ахæццæ кæнæм.

1) равзарæм, цавæр бынат ахсы не ‘взаг æхсæнады царды; адæмы

удварны рæзты;

2) нæ мадæлон æвзаджы тыххæй арфдæр зонындзинæдтыл баку-

сæм, цæмæй йæм уарзондæр цæстæй акæсæм.

Цымыдисаг информаци нын бацæттæ кодтой уе΄ мкъласонтæ цалдæрæй æмæ сæм байхъусæм.

1-аг скъоладзау: «Адæм, æхсæнад куы фæзындысты, уæд, цæмæй кæрæдзийы хъуыдытæ, æгъдау, домæнтæ æмбæрстаиккой, уый тыххæй фæзынд æвзаг. Æмæ æвзаг канд кæрæдзийы æмбарыны фæрæз нæу, уый у æхсæнадæн йæ дзырдтæ, йæ хъуыдытæ, йе сфæлдыстад хъахъхъæныны фæрæз, йæ хæзнадон. Æвзаг æмæ æхсæнад æнæ кæрæдзи нæ рæзынц, æнæ кæрæдзи нæ цæрынц».


Ахуыргæнæджы ныхас.

Ахуырдзаутæ, сымах бæлвырдæй зонут, нæ рагфыдæлтæ тынг бирæ рацу-бацу кæй фæкодтой. Бæлвырд у уый дæр, æмæ ма Ираны куы цардысты, уæд сæм уыди фыссынад, чингуытæ галдзармыл фыстæй.

Интерактивон фæйнæгыл ныв. Зæгъæм, «Регведы», Зороастры чиныг «Авестæ» фыст æрцыд 120 мин хусгонд галдзармыл VII-VI эрæйы размæ. Уый диссаг нæу?! (Ныв равдисын)

Махмæ бирæ не ‘рхæццæ нæ рагфыдæлты культурæйæ, фыссынадæй, фæлæ нæм иугыццыл къорд æрхæццæ. Зæгъæм: венгриаг ястæй 1422 азы фыст номарæн (памятник) дыгурон диалектыл.

Интерактивон фæйнæг. Дыккаг ахæм фыст ссардæуыд Зеленчукы сахары цæджындзыл фыстæй. (Ныв равдисын). Фæстæдæр, XII-XIII æнусы нæм æрхæццæ Сослан Цæразоны æмдзæвгæ «Мах уыдыстæм» («Мы были») цухурийыл фыстæй.


О, уыди фыссынад, фæлæ уæлдæр куыд загътам, афтæмæй нæ рагфыдæлтæ уæрдæтты рацу-бацу цард кодтой, уымæ гæсгæ сæ чингуытæ фесæфтысты. Чи зоны, искуы ныгæд сты æмæ сæ рæстæгмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Дарддæр байхъусæм дыууæ информацимæ. Уыдонæй базондзыстæм, куыд рæзыдысты ирон æвзаг æмæ ирон æхсæнад.

2-аг скъоладзау: « Нæ рагфыдæлтæ бирæ адæмтимæ æмбæлдысты царды фæндæгтыл, уыдис сæм æнгом бастдзинæдтæ сæ сыхæгтимæ хæстон æмæ базарадон хъуыддæгты.

Цард цыди, фæлæ Ныгуылæн бырсынтæ райдыдта æмæ Алантæ ныууагътой сæ горæттæ, сæ цæрæн бынæттæ æмæ рацыдысты дард Кавказмæ. Фæлæ та сыл ам дæр фыдбылыз сæмбæлд: тæтæр-монгол æмæ къуылых Тимуры тугкалæн ныббырстытæ адæмы цагъды кодтой. Мардтой сæ, уацары сæ сæхицæн цагъар кусджытæн тардтой».

3-аг скъоладзау: «Æрхаудта, кæддæр сæ бæхты дæр ма сыгъзæрин æмæ æвзист дарæсты чи фæлыста, уыцы домбай, сæрибаруарзон адæмы бæрц.

Фырмæгуыр æмæ æфхæрдæй сæхи систой бæрзонд æмæ арф кæмттæм. Се ‘взаг фæкъахыр, иудзинад нал уыд фæллад адæммæ.

Æмæ ахæм историон зилдухæнты Кавказы хæхтæ систы сæ ирвæзынгæнæг. (музыкæ) Чысылгай алайнаг адæм се ‘ муд цæуын райдыдтой, фæстæмæ райстой сæ историон ном – Ир, бахъахъхъæдтой, иу сæ чи кодта, уыцы стырдæр хæзнатæ – мадæлон æвзаг, сæ герб, сæ урс-сырх-бур тырыса.


Ахуыргæнæджы ныхас.

Хæхты цъæссыты рахау-бахау кодтой нæ фыдæлтæ, афтæмæй сæ мæгуыр æмæ хъæддагхуызæй ссардтой дардæй цæуджытæ æмæ фæхабар кодтой æгас Европæйыл: «Æппæты рагондæр æмæ хæрзхъæддæр сыгъзæринтæй арæзт культурæ чи скодта, уыцы алайнæгты фæд нæ фесæфт! Сæ байзаддæгтæ цæрынц Кавказы!»

Хæхты цъæссыты, знагæй дард рæтты, алайнæгты нымæц фæфылдæр, байрæзыд ирон æхсæнад. Æмæ азæлд Кавказы хæхты ирон лæджы куывд, ирон лæджы хъайтарон зарæг. Æрфидар сты адæмы астæу ирон æгъдау, ирон фарн.

Хъæбатыр адæмы равдæлд сæ сабитæн сæ ивгъуыд тохы бонтыл дзурынмæ, байгом кодтой сæ зæрдæтæ рухс фидæнмæ бæллынæн, æмæ афтæмæй сæрттывтой «Нарты кадджытæ», ирон таурæгътæ, ныййазæлыд Иры кæмтты Къостайы нæртон хъæлæс: «Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс»…


Дарддæр байхъусæм информацитæм : (Нывтæ - фæйнæгыл).

4-æм скъоладзау: «XVIII-æм æнусы, 1765 азы, Мæздæджы байгом скъола. 1798 азы мыхуыры рацыд фыццаг ирон чиныг катехизисы хуызы «Начальное учение человеком, хотящим учитеся книг божественного писания».

Ирмæ та ногæй æвзæрын райдыдта культурæ, фыссынад, ахуырмæ тырнынад. Фæзындысты иронау чи фыста, ахæм фысджытæ: Хъаныхъуаты Инал, Тугъанты Батырбег, Хетæгкаты Къоста, Гуырдзыбегты Блашка, Гæдиаты Секъа, Къубалты Алыксандр, Брытъиаты Елбыздыхъо, Хъуылаты Созырыхъо æмæ иннæтæ». Фæйнæгыл: (ирон фысджыты нывтæ).


5-æм скъоладзау: «Нæ мадæлон æвзаг дæр та райдыдта рæзын. Адæмон сфæлдыстад сæрттывта диссаджы аргъæуттæй, æмбисæдтæй, кадджытæй.

Нæ мадæлон æвзджы рагондзинад æмæ хъæздыгдзинадмæ сæ хъус æрдардтой Уæрæсейы Академийы академиктæ, суанг ма фæсарæйнаг ахуыргæндтæ дæр.

Æмæ куыд хъуамæ ферох кæнæм мах, ирæттæ, не ‘взагæн нын стыр лæггад чи бакодта, уыцы стыр ахуыргæндты нæмттæ: Генрих Клапроты, Андрей Шегрены, Всеволод Миллеры, Жорж Дюмезилы æмæ иннæты. (Фæйнæгыл- сæ къамтæ).

Ацы ахуыргæндтæ фидар наукон бындур æрæвæрдтой ирон æвзаг ахуыр кæнынæн, сбæрæг кодтой, ирон адæммæ кæй ис хъæздыг æмæ тынг цымыдисаг адæмон сфæлдыстад. Генрих Клапрот та ма нæ схуыдта: «Кавказы цæрæг адæмæн сæ хуыздæртæ» дæр».


Ахуыргæнæджы ныхас.

Цы диссаджы мадæлон æвзаг нын ис! Æнусты дæргъы куыд нæ фæтасыд, куыд нæ фæкалди! Рæсугъдæй, сыгъдæгæй, кадджынæй нæм æрхæццæ. Æнхъæлдта, цалынмæ зæххыл иу ирон лæг цæра, уæдмæ уый дæр цæрдзæн, цæхæр калдзæн, йæ адæмæй буц уыдзæн.


Фæйнæгыл: («ЮНЕСКО»-йы штаб-квартира). Æнхъæлдта, фæлæ… XXI æнусы æппæтдунейон культурон иугонд «ЮНЕСКО» ирон æвзаг банымадта сæфгæ чи кæны, уыцы æвзагыл. Цæмæн, цы кодта не ‘взаг? Уый ницы кодта. Уый куыд уыди, афтæ у. Уый мах, йæ хъæбултæ, цыдæр кодтам! Нæхи дзы аиуварс кодтам, æндæр, æцæгæлон æвзагмæ раздæхтам нæхи, нæхи мадæлон æвзаг та нæ рохы бынаты аззад. Кæддæр скифаг философ - Анахарсис афтæ загъта: «Æнæвзаг адæймаг ничи у, æнæнымад, никæмæ хауы». Куырыхон Анахарсис æмбæрста, лæгæн хъуамæ уа йæхи мадæлон, уарзон æвзаг, йæ цин дæр, йæ хъыг дæр кæуыл зæгъа, йæ сабимæ фæлмæн ныхас кæуыл скæна. Уый нæй, уæд ахæм лæг ничи у, никæй хъæуы. Ацы куырыхон ныхæстæ райстам нæ урочы эпиграфæн.

Æмæ мæ нæ фæнды, стæй куыд ис уымæн уæвæн æмæ ирон лæг Хуыцаумæ иронау мауал кува, йæ сывæллонæн аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ йæхи æвзагыл ма кæна. Ау, нæ мадæлон æвзагыл куы нал дзурæм, уæд цымæ чи уыдзыстæм, кæцон уыдзыстæм, кæй уыдзыстæм? Сымахмæ та куыд кæсы? Фæндыд мæ фехъусын: «Нæхи уыдзысты не ‘взаг дæр, нæ культурæ дæр, нæ хиæмбарынад дæр».


Интерактивон фæйнæг:(Вольтеры къам).


Ахуыргæнæджы ныхас.

Кæддæр зындгонд французаг рухстауæг Вольтер афтæ загъта: «Æцæгæлон æвзаг сахуыр кæнын æмбæлы афæдзы æрдæгмæ, мадæлон æвзаг ахуыр кæнын хъæуы æнæхъæн царды дæргъы».

Нæ зындгонд ахуыргонд, ирон æвзаджы корифей Абайты Васо йæ царды кæронмæ фæахуыр кодта æмæ фæлæггад кодта йæ уарзон ирон æвзагæн. Уый йæ фæдонтæн фæдзæхста уарзын æмæ хъахъхъæнын нæ мадæлон æвзаг. Æмæ, ау, мах нæ туджы ‘ртах хъахъхъæнын куы зонæм, уæд не ‘взаг бахъахъхъæнын нæ базондзыстæм? Бæгуыдæр æй бахъахъхъæндзыстæм! Уый у нæ фыдæлты зæрдæбын æмæ карз фæдзæхст сæ фæдонтæн, алы ирон адæймагæн дæр æмæ йæ куыд хъуамæ ферох кæнæм, куыд æй хъуамæ ма сæххæст кæнæм! Хуыцау дæр нын æй нæ ныххатыр кæндзæн! Уæдæ бавдæлæм æмæ уыцы фæрнæйдзаг хъуыддаг æнæхъæн Ирæй стырæй чысылæй саразæм , цæмæй Къостайы загъдау: ма фæуæм бынтондæр фыдвæззæг!


III. Х/куыст. Ныффыссын цыбыр нывæцæн: «Чи уыдзыстæм, кæй

уыдзыстæм, куыд уыдзыстæм æнæ ирон æвзаг?»


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты.

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 05.11.2016

Номер свидетельства: 355572

Похожие файлы

object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(115) "Презентация к уроку "Ирон æвзаджы бынат нæ адæмы удварны рæзты""
    ["seo_title"] => string(70) "priezientatsiia_k_uroku_iron_aevzadzhy_bynat_nae_adaemy_udvarny_raezty"
    ["file_id"] => string(6) "355592"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478349213"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства