kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Гом урок "Нымацон"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Закрепление пройденной темы.Повторение имени числительного

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Гом урок "Нымацон"»

Темæ: Нымæцон (Фæлхат кæнын).

Hысaн: Сфæлхат кæнын рацыд æрмæг нымæцонтæй. Бакусын скъолдзауты ныхасы рæзтыл.

Урочы хъомыладон хæс : «Фыдыбæстæйы сæрвæлтау нывонд кæнын мæ цард». Базонгæ кæнын скъоладзауты не ’мбæстаг Александр Стыцинæимæ.

Урочы цыд.

  1. Организацион хай

II. Скъоладзаутæ абон нæ урочы ныффидар кæндзыстæм нымæцоны тыххæй цы базыдтам, уый. Бакусдзыстæм нæ ныхасы рæзтыл.

III. Урочы нысан зæгьын.

  1. - Уæ тетрæдтæ бакæнут æмæ ныффыссут абоны нымæц. (Фæйнæгыл фыст).Нæ урочы темæ у «Нымæцон» (слайд № 1)

–Сывæллæттæ ,зæгъут –ма иу хатт ,кæцы нымæц у абон?

–Цæмæн хуыйны ацы мæй афтæ иронау?

–Цал мæйы ис афæдзы?

-Цал афæдзы афоны зонут?

Хæс:Ранымайут-ма мæйты нæмттæ афæдзы афонтæм гæсгæ. (слайд № 2,3,4,5 )

Зымæг:Цыппурсы мæй,Тъæнджы мæй,Ǽртхъирæны мæй,

Уалдзæг: Тæргæйтты мæй, Хуымгæнæны мæй, Зæрдæвæрæны мæй.

Сæрд : Хурхæтæны мæй,Сусæны мæй,Майрæмы мæй.

Фæззæг:Рухæны мæй,Кæфты мæй,Джеоргуыбайы мæй.

-Зæгъут-ма сывæллæттæ,цавæр ныхасы хайæ спайда кодтам фæрстытæн дзуаппытæ дæтгæйæ?(Мах спайда кодтам нымæцонтæй).


Хæс: Фæйнæгыл уын бацæттæ кодтон цыбыр дзырдбыд.Уæ хæс у – нымæцонтæ баивын дамгъæтæй æмæ базонын цавæр дзырдтæ æмбæхст сты,уый.


Дзырдбыд


Б

Р Ǽ

Ǽ Р

Н Ы М Ǽ Ц О Н

Хъ У О

О Р Н

Д И Х О Н О

Н


Б-1

Ǽ-2

Р-3

Н-4

Ы-5 1

М-6 3 2

Ц-7 2 3

О-8 4 5 6 2 7 8 4

Хъ-9 9 10 8

У-10 11 12 13 8 4 3 4

Д-11 8

И-12 4

Х-13







-Цавæр дзырдтæ уын дзы рауадис? Раст.

-Цы хонæм нымæцон? (Предметты нымæц кæнæ предметты рæнхъæвæрд цы ныхасы хай æвдисы, уый хуыйны нымæцон).

-Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц нымæцонтæ.

(Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ вæййынц цыппар хуызы:

бæрцон нымæцонтæ: æртæ, дæс, мин;

рæнхъон нымæцонтæ: фæндзæм, дæсæм;

дихон нымæцонтæ: фæндзгай, дæсгай, сæдæгай;

мурон нымæцонтæ: фондз, дæсæм хайы (5/10); иу æхсæзæм хайы 1/6)).

  • Хъуыдыйады мидæг нымæцон цавæр уæнг вæййы.(Сæйрат, бæрæггæнæн, æххæстгæнæн).


Уæдæ хъусут дарддæр иннæ хæслæвæрдмæ


Хæс :Лæвæрд нымæцонтæ ныффыссын тетрæдты,саразын сæ хъæугæ хуыз . Уæ куыст æххæст кæнынмæ уын дæттын 3 минуты


1.бæрцон 2. рæнхъон 3.дихон 4.мурон

1 2 6 1.5

15 4 1000 5.8

100 70 12 16.7

-Цæй руаджы аразæм рæнхъон нымæцонтæ?(кæрон –æм-ы руаджы)

-цæй руаджы аразæм дихон н.?(фæсæфтуан –гай-ы руаджы)

-Сæ арæзтмæ гæсгæ та цавæртæ вæййынц н.?(хуымæтæг-иу дзырдæй арæзт,кæнæ вазыгджынтæ-дыууæ кæнæ цалдæр дзырдæй арæзт)


  1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Хæдзармæ куыст уын уыди лæвæрд бацæттæ кæнын цыбыр хъусынгæнинаг дæхи æмæ дæ бинонты тыххæй.Уæ куысты хъуамæ спайда кодтаиккат нымæцонтæй æмæ бацæттæ кодтаиккат презентацита.Табуафси ,байхъусæм уæм.


VI. Рахизын урочы эпигрæфмæ.

Абон нæ урочы эпигрæф у ахæм: (Фæйнæгыл фыст). (Ахуыргæнæг кæсы эпигрæф).

Иу зонд - хорз, дыууæ – хуыздæр,

иу тых - тыхджын, дыууæ – тыхджындæр.

Брытъиаты Елбыздыхъо.

Ацы ныхæстæ куыд æмбарут? (Ома адæмæн æнгом дæр лæууын хъæуы кæрæдзимæ, зын сахат уа, хъæлдзæгдзинад уа, хъуамæ адæм кæрæдзийæн æххуыс кæной).

-Ахъуыды –ма кæнут æмæ зæгъут ,цавæр æмбисонд –ма ис æрхæссæн ацы эпиграфмæ? (Гæдиаты Секъайы æмбисонд «Кæсаг,хæфс æмæ цъиусур»)

Иу скъоладзау дзуры æмбисонд найзусть.

Кæсаг ,хæфс æмæ цъиусур

Денджызæй ластой иу дурр;

Сæ фæнд иумæ нæ цыдис!

Кæсаг донмæ хæцыдис,

Хæфс æй ласта суры ’рдæм,

Цъиусур та хуры ’рдæм.

Абон дæр ма уыцы дурр

Денджызы ис ,уæ мæ хур.


-Цы ис иумæйагæй нæ эпиграф æмæ ацы æмбисондмæ?

(Адæм хæларæй куы цæрой,уæд уыдзæн хуыздæр,знаг дæр нæм нæ уанддзæн,уыдзыстæм тыхджындæр æмæ ныфслджындæр).


Хæс: Бахынцын арифметикон дæнцæгтæ. (слайд №

Куыст æххæст кæнынц тетрæдты. (з минуты)


74+16= 58-18= 100-50= 1000-500=

19+15= 81+19= 320+45= 1995+5=




Карточкæтимæ куыст

Хæс: Скъоладзаутæ, æз уын райуардзынæн карточкæтæ, кæцыты ис фыст цымыдисаг цаутæ уырыссагау (фыст). Уæ хæс: ратæлмац сæ кæнын ирон æвзагмæ, раст спайда кæнут нымæцонтæй.

Дзырдуатон куыст:

Издавалась-мыхуыры цыд

Присвоить-ном раттын

Основан-бындурæвæрд æрцыд

Приказ-бардзырд

Борец-хъæбысæйхæцæг

Ледник-цъити

Перепись-сфыст


1.Владикавказ основан в 1784 году по приказу Екатерины.


2.18 сентября 2007 года Владикавказу присвоено звание «Город воинской славы»


3.15 мая 1899 года во Владикавказе вышла в свет книга Коста Хетагурова «Ирон фæндыр».


4.Река Терек берет свое начало из ледника горы Зилга-хох на высоте 2 713 м.над уровнем моря.


5.В 1906 году 2 раза в неделю издавалась первая газета на осетинском языке «Ирон газет»,в 500 экземплярах.


6.Коста Хетагуров родился 15 октября 1859 года.


7. В 1941 г. с Осетии было отправлено на Великую Отечественную войну 40186 человек, а в целом за 1941—1945 гг.— 89934 гражданина республики. Из них более 45500 человек не вернулись с полей сражений.


8. Современная осетинская письменность была создана на основе кириллицы в 1844 г. осетиноведом Андреасом Шёгреном.


9. Согласно переписи 2002 года, осетинским языком в России владеют 9388 русских, 1866 армян, 1107 кабардинцев и 737 ингушей.

10.10 ноября 1935 г.во Владикавказе открылся первый осетинский театр.

11.Кануков Бола был известным борцом,его вес был 220 кг.,а рост 228 см.




-Куыд бамбæрстат,афтæмæй нæ карточкаты цы æрмæгæй спайда кодтон,уый баст у нæ Райгуырæн бæстæимæ.Уый хуымæтæджы афтæ нæ бакодтон.Мæн фæнды,цæмæй сымах ноджы фылдæр зонат нæ Ирыстоны тыххæй,уарзат æй æмæ йын аргъ кæнат,цæттæ уат кæддæриддæр йæ сæрвæлтау тох кæнынмæ. Ахæм адæймаг уыд Александр Стыцинæ дæр.Уый нæ бавгъау кодта йæ цард дæр раттын бахъуаджы сахат,худинаг йæ сæрмæ не рхаста,афтæмæй хъæбатырæй фæмард.



Райуарын тексттæ,текстимæ куыст саразын.


Стыцина Александр Михайлович-начальник разведки 58-ой армии Северо-кавказского военного округа, полковник. Александр родился 23 декабря 1950 года в г.Владикавказе.В 1968 году окончил среднюю школу №18.С декабря 1994года-участник первой чеченской войны.В январе 1995 г.полковник А.М.Стыцина был ранен смертельно.В 2012 г. на здании школы установлена мемориальная доска в его честь.

























Хæс :Лæвæрд нымæцонтæ ныффыссын тетрæдты,саразын сæ хъæугæ хуыз .



1.бæрцон 2. рæнхъон 3.дихон 4.мурон

1 2 6 1.5

15 4 1000 5.8

100 70 12 16.7






Хæс: Хауæнты формæтæм гæсгæ раст сæвæрын нымæцон æмæ йæ афтæмæй рафыссын


Н.х. фынддæсыл

Г.х. фынддæс

Д.х. фынддæсимæ

А.х. фынддæсы

И.х. фынддæсау

Æ.х. фынддæсмæ

Ц.х. фынддæсæй

Х.х. фынддæсæн



Хæс: Бахынцын арифметикон дæнцæгтæ


74+16= 58-18= 100-50= 1000-500=

19+15= 81+19= 320+45= 1995+5=






Хæс: Бахынцын арифметикон дæнцæгтæ


74+16= 58-18= 100-50= 1000-500=

19+15= 81+19= 320+45= 1995+5=






Хæс: Бахынцын арифметикон дæнцæгтæ


74+16= 58-18= 100-50= 1000-500=

19+15= 81+19= 320+45= 1995+5=





Хæс: Бахынцын арифметикон дæнцæгтæ


74+16= 58-18= 100-50= 1000-500=

19+15= 81+19= 320+45= 1995+5=



Хæс: Уæлдай цæджындз ссарут. Цæмæн у уæлдай? Рафыссут нымæцонтæ


Фынддæс

Фарн

фарастсæдæ


Нæуæдз

намыс

цыппор цыппар


Дыууын авд

хъæбатыр

иуæндæс





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс

Скачать
Гом урок "Нымацон"

Автор: Накусова Ирина Ахсарбековна

Дата: 29.11.2016

Номер свидетельства: 363767


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства