Хетæгкаты Къоста. «Фатимæ»-романтикон поэмæ.
Урочы нысан: поэмæ «Фатимæ»-йы мидисимæ базонгæ кæнын ахуыргæнинæгты.
Дзырдуатон куыст: романтизм, акростих, номарæн, эпилог.
«Æвæццæгæн, уæды дуджы Кавказы фарстытыл цы жур-
налисттæ фыстой, уыдон хæххон адæмты æхсæны царды
хъуыддæгтæ ахуыр кодтой комкоммæ «Фатимæ»-мæ
гæсгæ».
Мариеттæ Шагинян.
Ахуыргæнæг : Таймæзты Иринæ Сергейы чызг.
Урочы цыд.
Ахуыргæнæджы лекции пъланмæ гæсгæ.
Поэмæйы (кадæджы) равзæрды истори.
«Фатимæ» - тæлмац уацмыс.
«Фатимæ» - романтикон поэмæ.
Поэмæйы сюжет æмæ композиции.
«Фатимæ» - йы нысаниуæг.
Эпиграфыл æрдзурын.
Фронталон фарст.
Уæ хъуыдытæ зæгъут эпиграфы тыххæй.
Цы зæгъын у уæ бон сæ авторы тыххæй?
Чи ма цы фыста советон фысджытæй Къостайы тыххæй?
Цæуыл дзурæг сты советон фысджыты аргъгæнæн ныхæстæ?
Къоста цы цæстæй каст уырыссаг фысджыты сфæлдыстадмæ?
Къоста йæ поэмæ «Фатимæ» фыссын райдыдта Бетъырбухы ма куы ахуыр кодта,уæд. Фыст æй фæци фæстæдæр, - Дзæуджыхъæумæ куы æрцыд, уæд – æмæ йæ мыхуыры рауагъта газет «Северный Кавказ»-ы 1889 азы. Уый уыди поэмæйы фыццаг вариант. Дзырд дзы цæуы 19 æнусы цы историон хабæрттæ уыд, уыдоныл.
Кадæджы фыццаг хайы бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Дыккаг варианты Къоста алы сæрæн дæр йæ фыццаг хай аппæрста. Баззад ма æрмæст эпилог. Уыцы ивддзинæдтæн сæ егъаудæртæ сты дыууæ: хъæддзауты ныхас Фатимæ, Дзамболат æмæ Ибрагимы тыххæй, Дзамболаты мæлæт (фыццаг варианты Дзамболат, Фатимæ куы сæрра, уæд йæхи аппæрста былæй æмæ ныххæррæгъ, ома йæ мæлæтæй йæ тæригъæд бафыста).
Ацы ивддзинæдтимæ Къоста йæ кадæг рауагъта дыккаг хатт, 1895 азы йын Стъараполы цы чиныг рацыд, уым. Уый уыдис Къостайæн йæ фыццаг чиныг. Дыккаг та уыд йæ ирон æмдзæвгæты чиныг «Ирон фæндыр». Æрмæст уыцы дыууæ чиныджы æрцыдысты мыхуыр Къостайæн йæ удыгасæй.
2. Къоста йæ поэмæ «Фатимæ» ныффыста уырыссагау. Ирон æвзагмæ поэмæ раивта зынгæ литературæзонæг æмæ поэт Ардасенты Хадзыбатыр (1911-1968). Тæлмац дæр дзырдаивады иу хуыз у. Уый тыххæй та хъæуы сфæлдыстадон курдиат, бирæ цыдæртæ зонын æмæ аив дзырды ад æмæ нысаниуæг бæлвырд æмбарын.Тæлмацы аивад тынг зын æмæ вазыгджын у, уæлдайдæр та поэтикон тæлмацы аивад.
3. «Фатимæ» фыст у уырыссагау æмæ романтикон поэмæйы традицитæм гæсгæ. Пушкин æмæ Лермонтовы романтикон поэмæты фæткыл. Уацмыс романтикон у æви реалистон, уый иууыл бæлвырддæр фæзыны, цы характертæ дзы æвдыст æрцæуы, уыдон миниуджыæй. Ацы поэмæйы уый тынгдæр зыны Дзамболаты характерæй. Романтикон хъайтарæн йæ характеры сæйраг миниуæг у хивæнд æмæ эгоизм. Уый у тыхджын удыхъæды хицау, фæлæ фыдзонд æмæ хиуарзон, хивæнд, раст уа, зылын уа, уæддæр йæ фæндон бакæндзæн. Исчи йæ ныхмæ куы æрлæууа, уæд та йæ амардзæн, кæнæ та йæхæдæг амæлдзæн. Романтикон хъайтар кæддæриддæр тохыл лæуд у, йæ психикæйы сæйраг миниуæг та – тохæмхиц индивидуализм. Дзамболат у раст ахæм психологон тип. Йæ митæ – фыдмитæ. Дзамболаты митæ æрмæст психикон фæзындтæ не сты, уый йæ фыдракæнд (преступление) сарæзта социалон мастисыны фæдыл дæр. Уый æлдар у! Ибрагим та у мæгуыр социалон къордæй. Хъæддзауты ныхасмæ гæсгæ йæхи дары афтæ, цыма ныр дæр æлдар у. Фатимæ дæр ын ныр у «уæййаг цагъайраджы сылгоймаг æмæ къæбысы мад».
4. «Фатимæ»-йы сюжет хуымæтæг æмæ бæлвырд у. Фатимæ æмæ Дзамболат схъомыл сты иумæ къниазы хæдзары. Наиб схаста кæйдæр чызджы йæхи хъæбулау. Хо æмæ ,фсымæрау сты, фæлæ сын пысылмон дин бар дæтты кæрæдзи уарзынæн. Сты амондджын, фæлæ райдыдта хæст, Дзамболат ацыд хæстмæ æмæ фесæфтис. Фатимæ йын дзырд радта æмæ йæм æнхъæлмæ кæсы, йæ дзырд нæ сайы. Фæлæ рацыд фондз азы, хъæздыг курджытæ йæм цæуы, Наиб дæр ын дзуры, цæмæй дзы равзара. Гæнæн куы нал уыдис, уæд равзары, æрæджы дæр ма цагъар чи уыд, уый, Ибрагимы. Лæппу сын райгуырд, амондджынæй цæрынц сæхи тугвæллойæ. Фæлæ сæ амондджын цард бирæ нæ ахаста. Æнæнхъæлæджы фæзынд Дзамболат æмæ сын æй фехæлдта. Уый амардта Ибрагимы. Фатимæ сæрра. Сæ гыццыл лæппуйы та сын уырыссаг инженер акодта. Уацмысæн йæ конд у авд хайæ. Ис дзы райдайæн номарæн, эпилог.
5. «Фатимæ» стыр æмæ вазыгджын уацмыс у. Уый йæ идейон æмæ аивадон бæрзæндмæ гæсгæ лæууы Пушкины æмæ Лермонтовы поэмæты æмрæнхъ, у уыдон традицитыл амад. Поэмæйы романтикон сюжеты фæлгæтты ( в рамках) æвæрд æрцыдысты, фæсреформæ Кавказы адæмты æхсæны царды фарстыты ахсджиагдæртæ. Йæ сæйраг пафос – фæстæмæ, ивгъуыд цардмæ здæхæн нал ис, феодалон æхсæнад уыдис адæмы ныхмæ арæзт. Сæ мæлæт историйы тæрхонæй кæй у, аивæн æмæ йын аргъæвæн кæй нæй. Ацы хъуыдытæн 19 æнусы кæрон Кавказы адæмты царды æмæ зондахасты уыд стыр историон нысаниуæг. «Фатимæ»-йы идейон хъæздыгдзинады тыххæй зынгæ советон фыссæг Мариеттæ Шагинян цы загъта , уыдон сты тынг раст.
6. Сбæрæг кæнын дзырдты нысаниуæг. Романтизм фæзынди 19 æнусы кæрон. Романтизмы мадзалæй фыст уацмысты сæйраг хъæбатырæн фыссæг ратты уæлмонц миниуджытæ, архайгæ та фæкæнынц æнахуыр уавæрты, сæ миниуджытæ сын иуцасдæр ахорæнджындæрæй æвдыст æрцæуынц.
Акростих у стихы райдианы дамгъæтæ фæдфæдыл куы нымайай, уæд сæ рацæудзæн иу хицæн фразæ: «Аннæ, мæ фæстæ цу».
Номарæн – посвящение.
Эпилог – фæстагмæ цы бауыдзысты уацмысы хъайтартæ, цæуыл ахицæн уыдзæн уацмысы сюжет.
Ахуыргæнæг кæсы номарæн.
Чиныгимæ куыст. Ахуыргæнинæгтæ кæсынц Наиб æмæ Фатимæйы диалог рольтæм гæсгæ.
Фарстытæн дзуапп дæттын.
Цæуыл у Наибы сагъæс?
Куыд дары йæхи Фатимæ?
Раст у Наиб? (Дзуапп дæттынц фыццаг къорды ахуыргæнинæгтæ). Раст у Фатимæ? (Дзуапп дæттынц дыккаг къорды ахуыргæнинæгтæ).
Кæмæ уæ ис æндæр хъуыдытæ?
Цавæр мадзалæй фыст у поэмæ? Цавæр дзырдты нысаниуджытæ ма базыдтат?
Уырыссаг литературæйæ цавæр уацмыстæ ахуыр кодтат, кæцытæ фыст сты романтизмы мадзалæй?
Абон поэмæ «Фатимæ» актуалон у?
Цы дзы ис райсæн хорзæй? Цæуыл нæ хъомыл кæны?
Цавæр у уацмысы темæ, идея?
Цы базыдтам нæ фыдæлты цардæй?
Хатдзæгтæ скæнын урокæн.
Хæдзармæ.
1. Бакæсын поэмæ.
2. Ныффыссут дзуапп ацы фарстæн: Цы ис иумæйагæй поэмæйы хъайтартæм, цæмæй хицæн кæнынц? Индивидуалон хæслæвæрд. Реферат ныффыссын ахæм темæйыл: «Фатимæйы фæлгонц».
3. Бакæсын къласы киноныв «Фатимæ»-мæ æмæ сбæрæг кæнын цы хицæндзинæдтæ ис поэмæйы тексты æмæ кинонывы.