Темæ : Гæдиаты Секъа "Уалдзæг Ирыстоны"
Урочы нысантæ:
1. Сывæллæтты базонгæ кæнын Гæдиаты Секъайы биографиимæ, уацмысимæ "Уалдзæг Ирыстоны".
2. Бакусын ныхасы рæзтыл. Уацмысы сæйраг хъуыды райгом кæнын.
3. Хъомыладон куыст бакæнын: " Иу уалдзыгон бон афæдз дары"
Урочы æрмæг: Секъайы портрет, базон - базонтæ
Урочы цыд.
1. Организацион хай.
2. Хæдзармæ куыстæй фæрсын.
-Хæдзармæ уын лæвæрд уыд æмдзæвгæ "Уалдзæг " сахуыр кæнын наизусть.
Ӕмдзæвгæ дзурынц 3-5 сывæлоны.
-Ацы скъуыдзаг ист у Къостайы æмдзæвгæйæ "Чи дæ"
а)Зæгъут - ма, куыд равдыста уалдзæг Къоста æмдзæвгæйы
б)Хур тавы, æртæхынц мæргътæ,фæзыны гæлæбу...
-Тынг хорз, хæдзармæ куыст баххæст кодтад
3. Ног æрмæг
а) Цавæр афæдзы афонтæ зонут?
Зымæг , уалдзæг, сæрд , фæззæг.
б)Цавæр афæдзы афон у ныр?
Уалдзæг
в) Зымæджы фæстæ цавæр афæдзы афон ралæууы?
Уалдзæг
г) Ранымайут - ма мын уалдзæджы мæйтæ:
Мартъи, апрель, май
д) Иронау - та куыд хуыйнынц?
Комдарæны , тæргæйтты мæй, сыфтæры , хуымгæнæны мæй, зæрдæвæрæны мæй.
-Сывæллæттæ , уæдæ ма байхъусут уалдзæджы мæйтæ куыд равзæрдзысты, уымæ.
Мартъи - равзæрд хæсты бардуаджы ном Марсæй. Уый кадæн æй рахуыдтой афтæ. Ирон адæм та хонынц комдарæны мæй. Нæ фыдæлтæ ком дардтой 7 къуырийы . Уыдонæй 4 хауд мартъимæ, иннæ 3 та апрелмæ
Мартъийы мæй , рæстæг арæх кæй ивы , уымæ гæсгæ ма йæ хонынц тæргайгæнæг дæр ома тæргæйтты мæй
Аперль - ирон адæм та йыл сæвæрдтой хуымгæнæны мæй хуымгæнæнты райдайан стыр бæрæгбон уыдис ирон адæмон
Май - у Римы мифологийы сылгоймаг бардуаг Майæйимæ баст. Майе латинагау амоны мад. Ацы майæн нæфыдæлтæ радтой уалдæр номы
4 Беседæ уалдзæджы тыххæй
-Ӕрцыд ныллæууыд уалдзæг. Цины уалдзæг : амонды уалздæг
Зæгъут - ма цавæр ивд дзинад тæ æрцæуы уалдзæгы?
Раст зæгъут райхъал вæййы æрдз . Бон фæдаргъ и , кæрдæг цъæх адардта.Мæргътæ дард бæстæтæй здæхынц байдайынц
а)Цавæр фæлтæхæн мæргъты зонут?
(хърихъхъуппытæ, зæрватыччытæ, сауцъиу)
б)Цавæр зымæгуатгæнæг мæргъты зонут?
хъæдхой
холон
сырддонцъиу
-Байхъусут ацы базон-базонмæ æмæ мын зæгъут кæцытæм хауы ацы цъиу?
Базон-базон
Ӕнæ фæрæт
æнæ дзæбуг
скæны хæдзар Дзывылдар
Сывæллæттæ , мах хъуамæ æххуыс кæнæм мæргътæм , аразæм сын хæринаг æрæвæрæн , ахстæттæ , дæттын сын хъæуы кæрдзыны муртæ, мæнæу
-Зæгъут ма адæймаг та йæхи куыд дары уалдзæджы арцыдимæ?
-Адæймаджы зæрдæ барухс вæййы , хъæлдзæг кæны...
-Колхозонтæ уалдзыгон куысты , хор
-Мæнæ ацы æмбисонд куыд æмбарут
"Цы байтаудзынæ , уый æркæндзынæ"
Адæм куы нæ бакусой , уæд фæззæджы ницы æркæрддзысты , зымæг æххормаг уыдзысты...
Гадиаты Секъа фыста:
"Зæххы хамар алы хор байтау фæззæг куы æрæмбырд кæнæй дæ фæллой уæд зымæджы хæрдзынæ, дæ хорæй мæгуыртæн дæтдзынæ
-Ацы рæнхъытæ фысгæйæ Секъа цæй мæгуырты кой кодта?
Зæхх кæмæн нæ уыди , кæнæ бакусæн цæ бон кæмæн нæ уыд , уыцы мæгуырты кой кодта Секъа
-Уæдæ абон мах сымахимæ базонгæ уыдзыстæм Гадиаты Секъайы цард æмæ сфæлдыстадимæ
Портрет
Г.С райгуырди 1855 азы Гуырдзыстоны , Хъуды комы. Секъа ма чысыл сывæллон куы уыдис , уæд амарди йæ мад . Фыдæн Секъайы йедтæмæ ничи уыд, æмæ йæ фæндыд бафтауын, фæлæ йæ фадат нæ уыд, æмæ йæ къухы нæ бафтыд уыцы хъуыддаг сыххæст кæнын .Секъайыл 18 азы куы сæххæст уыцы рæстæг Ганисмæ кусынмæ бафтыд иу гуырдзиаг сауджын Секъайы фыд уыцы сауджынæн балæхстæ кодта , цæмæй йын йæ фырты сахуыр кæна фыссын æмæ кæсын . Сауджын сразы. Афтæ фæцахуыр лæппу чиныджы кæсын æмæ фыссын гуырдзиагау .Райдыдта диакъонæй кусын . Кæй зæгъын æй хъæуы, диакъоны куыст нæ уарзта. Зæххы куыст кодтаид æмæ зæхх нæ уыд.Гыццыл фæстæдæр Секъа ралыгъди Цæгат Ирыстонмæ зæххагуырынмæ.Бирæ фæрахау - бахау кодта, фæлæ зæхх йæ къухы нæ бафтыд . Гыццыл куы акуста , уæд та йæ куыст фæуагъта æмæ Дзæуджыхъæумæ æрцыд.Дзæуджыхъæуы æфсæйнаг æмæ уардонæй ахауд , йæ сæр дуртæм æрхостæ æмæ ууыл ахицæн йæ цардæй. Г Секъа ныффыста радзырдтæ, поэмæтæ.
-Абон мах сымахимæ базонгæ уыдзыстæм Г. Секъайы радзырдимæ
"Уалдзæг Ирыстоны"
Ацы радзырды Секъа равдыста уалдзæджы æрцыдимæ æрдз йæхи куыд аивта цавæр ивддзинæдтæ æрхаста . Ӕрмæст æрдз нæ, фæлæ ма цæрæгойтæ маргътæ, сырдтæ сæхи куыд дарынц
-Ацы радзырд кæсгæйæ сæмбалдзыстæмахæм æнæнбаргæ дзырдтимæ:
Хуссар - юг
цæгат- север
фосы дзугтæ - стадо
гутон - плуг
Кæсын текст . Сывæллæттæ хъусынц лæмбынæг , уый фæстæ дæттынц дзуапп фарстæн
а) Цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг уалдзæджы?
ссарут тескты æмæ йæ бакасут
б) Цы ми кæнынц цæрæгойтæ, сырдтæ, мæргътæ ?
в)Уæдæ адæм та цы ми фæкæнынц уалдзæджы ?
Тынг хорз
Кæсæм текст
5 . Урочы хатдзæгтæ
-Цы базыдтат ногæй ацы урочы ногæй ?
-Куыд царди поэт , цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы Ирыстоны
Ӕвæрын бæрæггæнæнтæ . Дæтынц хæдзармæ куыст
Ныныв кæнын уалдзæг Ирыстоны.