Пълан
Темæ: Фыццаг ирон нывгæнæг.
Урочы нысан: 1. Скъоладзауты нывмæ гæсгæ æмхæст текст дзурыныл
æмæ фыссыныл фæлтæрын.
2. Скъоладзауты нывы идейон мидис раргом кæныныл ахуыр
кæнын.
3. Скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.
Урочы æрмæг.
1. Ныв «Дурсæтджытæ».
2. Тугъанты М. æмæ Дзантиаты Анатолийы ныхæстæ.
3. Скъоладзауты раныхæстæ.
4. Техникон фæрæзтæ.
5. Къостайы нывты равдыст. (презентаци)
Урочы цыд.
«Нывгæнынады Къостайы курдиат æрттивы
арвæрдыны алыхуызтæй. Сыгъдæг æмæ аив у хæххон суадоны æртæхау». Тугъанты Махарбег
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
II. Ног темæйыл куыст.
1. Скъоладзау кæсы эпиграф.
Фарст. Къостайы алывæрсыг курдиатæй кæцыйы тыххæй дзуры Тугъанты Махарбег? (Скъоладзауты хъуыдытæ).
2. Скъоладзауы цыбыр раныхас.
Къостайы курдиат нывкæнынады дæсныйады рабæрæг ис Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ. Уым куыста нывгæнæг Смирнов. Уый бауарзын кодта Къостайæн аивад, сразæнгард æй кодта йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кæнынмæ. Тынг æй фæндыд, Къоста нывкæнынады фæндагыл куы ацæуид, уый. Уымæ гæсгæ фæстæдæр Къоста бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Уыцы рæстæг уым ахуыр кодтой нывгæнджытæ: Врубель, Серов, Беклемишев. Уæлдай тынгдæр Къостайы сфæлдыстадыл фæзынд профессор Чистяковы сфæлдыстады тæваг.ый Къостайы ахуыр кодта цард рæстагæй æвдисыныл. Бæргæ фæндыд Къостайы йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæнын, фæлæ Академийы ахуыр кæнынæн хъуыди æхца фидын. Афæлвæрдта кусын дæр, фæлæ ахуырæй цухтæ кæй кодта, уымæ гæсгæ йæ академийæ рарвыстой. Ссыд Ирыстонмæ. Зæгъын мА хъæуы уый, æмæ Къостайæ раздæр ирæттæй уыцы Академийы ничи ахуыр кодта. Кæд æххæст ахуыр не скодта, уæддæр. Къоста нымад у, фыццаг ирон нывгæнæгыл.
Ахуыргæнæг. Къоста фæстæмæ куы æрыздæхт Ирыстонмæ, уæд кæд цыфæнды зын уавæрты дæр куыста, уæддæр «архайдта талынг хæххон адæмы ‘хсæ аивады рухс ссудзыныл, кæд уыцы бæллицы сæраппонд бирæ зындзинæдтæ æййæфта, уæддæр». Куыд йæ ‘мдзæвгæты, афтæ нывгæнæджы ахорæнты фæрцы тырныдта, цæмæй равдиса, хæххон адæм дæр адæм кæй сты, кæй сын ис сæхи аивад, сæхи культурæ рæзын кæныны бар.
Къостайы нывты равдысты презентации.
Ахуыргæнæг. Къоста уæды рæстæджы сывæллæты зын цард кæцы нывы равдыста?
Ахуыргæнæг. Йæхæдæг дæр бирæ уарзта ацы ныв. Къоста ацы нывæн бирæ этюдтæ фæфыста, фæлæ хасты куы уыдис, уæд уыцы рæстæг фесæфтысты. Нывыл кусын райдыдта, Владикавказы Санаты Ибрагиммæ хæдзар куы баххуырста, уæд.
Скъоладзауы раныхас нывы тыххæй.
Куыд дзурынц, афтæмæй «Дурсæттæг сабиты» Къоста сныв кодта Санаты Ибрагимы дыууæ лæппуйы фæлгонцтæ. Хистæр, зæгъынц, зæрдиагæй разы кодта, фæлæ кæстæр, марадз зæгъ, кома. Куыддæр-иу хуыссæнæй рагæпп кодта, афтæ-иу æй Къоста афтид хæдоны ацахста, цæмæй йын мА алидза. Нывгæнгæйæ йын-иу дзырдта худæджы ныхæстæ, ирхæфста йæ «Уасæг» кæнæ æндæр æмдзæвгæтæй.
Скъоладзауы раныхас нывы хъысмæтыл.
Къоста фыццаг хатт хасты куы уыди, уæд ын чидæр ацы ныв ауæй кодта. Фæлæ Къоста æхца уынгæ дæр нæ фæкодта. Куыддæртæй ма йæ къухы бафтыди фæстæмæ, æмæ йæ уæд балæвар кодта «Терчы облæсты зонындзинæдтæ уæрæхгæнæн æхсæнадæн».
3. Скъоладзаутæ тетрæдты фыссынц урочы темæ.
4. Дзырдуатон куыст.
Уæлдзарм худ, хызын, дилижанс, бызгъуыртæ, телыхъæд.
5. Пълан рагацау фæйнæгыл фыст.
6. Нывы идейон мидис раргом кæныл куыст.
1) Нывы сæйраг архайджытæ.
2) Архайды бынат.
3) Радзурын сывæллæтты архайды тыххæй.
4) Цы æвдыст мА цæуы ноджы нывы?
5) Æрдзы æрфыст, боныхъæд.
6) Фæндаг куыд æвдыст цæуы? Чи йыл фæцæуы?
7) Дардæй цы æрбазынд, цы æрбацæуы?
8) Сабиты уæлæдарæсы æрфыст.
9) Цæуыл дзурæг у сæ уæлæдарæс, сæ куыст?
10) Æрдзурын сывæллæтты цæстæнгасыл.
Дзуæппытæ:
1. Дыууæ хæххон лæппуйы.
2. Арвы комы фæндагыл. Нывы пейзаж у Балтайы сæрмæ æрдзы хуыз.
3. Сæ иу уæззау дзæбугæй пырх кæны дуртæ. Иннæ нымæтхуды, гомгуыбын.
4. Рахизæрдыгæй – телыхъæд, йæ цуры хуыссы куыдз, æнтæфы йе ‘взаг раппæрста, афтæмæй. Телыхъæдыл хызын ауыгъд, æвæццæгæн, йæ хуылфы кæрдзын æмæ цыхты МУР.
5. Хур судзы. Æрдз иууылдæр у хуры тынтæй нывæст. Дурсæттæг лæппуйы цэсгомыл æрттивынц хиды æртæхтæ. Дзæбугыл хæцы йæ рахиз къухæй, йæ галиу АРМы та дурры къæртт æрттиван дурры муртимæ.
6. Рыг фæндагыл фæцæуы хохаг лæг.
7. Дардæй æрбазынд, цыппар бæхы ифтыгъд кæм ис, ахæм рагон дилижанс.
8. Сабиты уæлæдарæс - бызгъуыр, чъизи, сæ цæсгæмттæ - хурсыгъд, къухты царм – скъуыдтæ.
9. Хиды æртæхтæ сæ цæсгæмттæ дзурæг сты хæххон сабиты уæззау куыстыл, сæхицæн кæрдзыны къбър тыхтухитæй кæй амал кодтой, ууыл.
Диссаджы хæххон æрдзы нывты ‘хсæн сабиты тыхкуыст, се ‘нæбон уавæр тынгдæр æвдыст æрцыд.
10. Лæугæ кæцы лæппу кæны, уымæн ис стыр сау цæстытæ, адæймагмæ цыма комкомæ кæсы, уыйау. Йæ цæстæнгасы – æнкъарддзинад.
Ахуыргæнæг:
«Дусæттæг сабиты» цæстытæ тынг арæхстджын конд сты, æмæ цыма нывы иннæ хæйтты сæ аууон кæнынц, уыйау кæсы адæймагмæ»,- фыссы тугъанты махарбег.
Цæстытæ тынг арæхстджынæй æвдыста, уый бæрæг у иннæ портреттæй дæр, уæлдайдæр сабиты портреты.
Дарддæр урочы куыст цæуы афтæ:
Фæйнæгыл фыст пълан скъоладзаутæ сæ тетрæдты фыссынц.
Скъоладзаутæ нывмæ гæсгæ фæлварынц æмхæст текст радзурыныл.
Тетрæдты ныффыссын дзырдбæстытæ, дзырдтæ: уæззау дзæбуг, дурры къæртт, къæдзæх дуртæ пырх кæнын, бæгъввад, тæригъæддаг уавæр, урссæр къæдзæхтæ, тар мигътæ, урс æврæгътæ, мæгуыр дарæс.
Абарын дурсæттæг сабиты хъысмæт нырыккон сабиты цардимæ.
Сбæлвырд кæнын ывы темæ «Ирыстоны нывгæнынады аивады фыццаг хатт æвдыст æрцыд социалон цардарæзты æнæрастдзинад»
Скъоладзау кæсы Дзантиаты Анатолийы ныхæстæ:
« Нывгæнæг хъæздыг æрдзы хъæбысы равдыста дыууæ хохаг лæппуйы фæндаджы арæзтады. Сæ уæлæ бызгъуыртæ, сæ хид сæ рустыл уайы. Æппæт уыдонæй зыны, нывгæнæг æхсæнады кæцы хай равдисынмæ хъавыд, уый. Нывы равæрд, йæ лыстæг хъуыддæгтæ, йе ‘ппæт хъуыды дæр дзурæг сты нывгæнæджы адæмон удыхъæдыл. Афтæ сныв кодтаид, йæ адæмыл зæрдæйæ чи рисы, ахæм адæймаг».