kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Брытъиаты Елбыздыхъо “У?р?седзау”

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан : 1.Раргом кæнын пьесæйы сæйраг хъуыды, темæ æмæ идейæ

                          2.Пьесæйы мидисы бындурыл скъоладзаутæн бамбарын

кæнын, автор ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттæн кад кæнын

куыд амоны, уый

                          3.Скъоладзауты сæ хъуыдытæ фæд-фæдыл аив дзурын ахуыр

кæнын. Рæзын сын кæнын сæ зондахаст, хъуыдыкæнынад

Урочы фæлгонц: 1)Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмысты æмбырдгонд

2) Фыссæджы портрет

3)Фотоальбом ”Брытъиаты Е.”

4)Фæйнæгыл фыст урочы  эпиграф:

                                   “Уæрæседзау – национ æвзаджы сæрыл тохы символ”

                                                                                     Хозиты Б.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Брытъиаты Елбыздыхъо “У?р?седзау”»

Темæ: Брытъиаты ЕлбыздыхъоУæрæседзау

Урочы нысан : 1.Раргом кæнын пьесæйы сæйраг хъуыды, темæ æмæ идейæ

2.Пьесæйы мидисы бындурыл скъоладзаутæн бамбарын

кæнын, автор ирон æвзаг æмæ ирон æгъдæуттæн кад кæнын

куыд амоны, уый

3.Скъоладзауты сæ хъуыдытæ фæд-фæдыл аив дзурын ахуыр

кæнын. Рæзын сын кæнын сæ зондахаст, хъуыдыкæнынад

Урочы фæлгонц: 1) Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмысты æмбырдгонд

2) Фыссæджы портрет

3) Фотоальбом ” Брытъиаты Е.”

4) Фæйнæгыл фыст урочы эпиграф:

“Уæрæседзау – национ æвзаджы сæрыл тохы символ”

Хозиты Б.


Урочы цыд

1.Бацæттæгæнæн рæстæг

2.Хæдзармæ лæвæрд æрмæгæй бафæрсын

Ахуыргæнæджы ныхас (урочы хæс сбæлвырд кæнын)

- Сымахæй, æвæццæгæн, алкæйы зæрдæмæ дæр фæцыд ацы цыбыр “Хъæлдзæг ныв”. Муссæйы хæццæ-мæццæ ныхас, йæ митæ худыныл бафтауынц адæймаджы, фæлæ ацы фæлгонцы автор бавæрдта арф хъуыды. Муссæйы хуызæн адæм ирон æхсæнадон царды ХХ æнусы райдайæны фæзынд бирæ.

Цæмæн?Бафæрсдзыстут сымах. Уымæн ис бæлвырд истори , царды æцæгдзинад. Ирон адæм сæ мæгуыр цардæй, сæ зын уавæртæй цыдысты Уæрæсемæ куыстагур. Уыдонæй иутæ-иу ацыдысты ахуыры фæндагыл , райстой-иу уырыссаг культурæйы прогрессивон хъуыдытæ æмæ йæ хастой ирон адæмы цардмæ. Иннæтæ-иу систы фæллойгæнджытæ, пролетартæ.

Фæлæ дзы иу къордæн та уыд æндæр фæндаг. Уыдон-иу бахаудтой бонджынтæм систы-иу фæсдзæуинтæ; уыдон хъахъхъæдтой сæ бынæттæ æмæ сæ хицæутты бартæ, æрмæст кодтой сæхи уды кой.

Гъе, адæмты хъысмæтыл фыст æрцыд Елбыздыхъойы фыццаг аивадон уацмыс цардæй ист цауты бындурыл.

Фарст. Зæгъут, цавæр архайдæй райдыдта пьесæ?

Дзуапп. –Муссæмæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй сын исты хабæрттæ радзура

Фарст. –Цы нæ цæуы сæ зæрдæмæ? Хатæхцыхъо куыд зæгъы?

Дзуапп. –Æгæр сæ кæй æнхъæлмæ кæсын кæны, уый сæ зæрдæмæ нæ цæуы.

Хатæхцыхъо зæгъы, ома уыдон хистæр сты æмæ сæ хъуамæ

ма 'нхъæлмæ кæсын кæнид. Афтæ у ирон æгъдау

Ахуыргæнæг. –Уæдæ Муссæ нал зоны, хистæртæн æгъдаумæ гæсгæ аргъ

кæнын кæй хъæуы, уый.

Фарст. –Изæрыгон хистæрты рæзты куы фæцæйцыд, уæд сын къухтæ куыд

райста?

Дзуапп. –Фыццаг кæстæртæн, стæй та хистæртæн.

Фарст. –Ссарут тексты, Муссæ куыстмæ цы цæстæнгас дары, уыцы бынат

æмæ стæй хадзæгтæ скæнут.

Фарст.-Уæдæ Муссæ цæмæй хъал æмæ сæрибарзонд у? Исты хорздзинадæй

радзырдта куысты тыххæй?

Дзуапп. –Кусы лакейæ, агуры рог куыст.

Фарст. –Рог куыст чи фæагуры, афтæмæй æнцон рæсугъд цард кæй хъæуы,

ахæм адæймаг куыд хонæм?

-Магуса, æввонгхор

Ахуыргæнæг. – Муссæ агуры, тынг кæм нæ бафæлмæца, ахæм куыст, йæ

бæллиц у бульвары тезгъо кæнын, йæ хицауæн

лæггадгæнгæйæ йæм цы капеччытæ æрбахауынц, уыдонæй

дæр буц у.

Фæлæ Муссæйы ныхæсты ныхмæ Барысби та куысты

тыххæй куыд зæгъы. (Ссарын уыцы бынат æмæ йæ бакæсын)

Фарст. –Чъизи куыст цы хоны Барысби?

Дзуапп. –Искæй чъизитæ хафын.

Ахуыргæнæг. –Ам Елбыздыхъо ныхæй-ныхмæ æрæвæрдта дыууæ социалон

зондахасты. Зæхкусæг хæххон адæм æмæ фæсдзæуины.

Куыстмæ сын цы зондахаст ис, уымæй ныхмæ 'вæрд равдыста.

Ирон адæммæ кад æмæ намыс уыд бинонты дарæг уæвын,

уый тыххæй та хъуыд кусын, куыстæн аргъ кæнын. Сымах та

куысты тыххæй цавæр æмбисæндтæ æрхæсдзыстут, науæд та

куырыхон адæймæгты хъуыдытæй.

(скъоладзаутæ дзурынц)

Фарст. Муссæйæн йæ дзаумайы конд, йе 'ддаг бакаст нын куыд æрфыста

автор?

Дзуапп. Ис ыл уырыссаг дзаумæттæ(фрак, галстук, бæрзонд æфцæггот,

туфлитæ)

Фотоальбомæй равдисын портрет

Ахуыргæнæг. Ирон лæгæн йæ национ дарæс æмæ йæ намыс лæууыдысты

æмрæнхъ, уыдис сын иу кад.

Фæлæ Муссæмæ æфсæрмæй ницыуал баззад.Ууыл дзурæг у йæ

Дзаумайы конд дæр.

Фарст. Зæгъут-ма, Муссæ йе 'взаг та куыд аивта?

Дзуапп. Нал иронау дзурын, нæ уырыссагау базыдта. Нал æрвæссы йæ

мадæлон æвзагыл, ницæмæуал æй дары æмæ уымæ гæсгæ, кæд

уырыссагау рæстмæ нæ дзуры, уæддæр, архайы уыцы æвзагыл

дзурыныл хæццæ-мæццæ ныхас кæнгæйæ

Фарст. Брытъиаты Елбыздыхъо та цавæр цæстæнгас дардта мадæлон

æвзагмæ, ирон литературæйы рæзтмæ?

Дзуапп. Брытъиаты Елбыздыхъо адæмæн стыр хæзнайыл нымадта ирон

чиныг, ирон газет. Цас йæ бон уыд, уыйас архайдта сæ фæзындыл

æмæ сæ рæзтыл, сæ парахат кæныныл. Уæлдай зынаргъ ын уыд йæ

мадæлон æвзаг, буц æмæ сæрыстыр дзы уыд.

Ахуыргæнæг. –Уæдæ нæ драматург йæ мадæлон æвзаджы сыгъдæгдзинадыл

Куыд тох кодта, уымæн та æвдисæн Муссæйы фæлгонц.

Хуымæтæджы не схуыдта Хозиты Барис “Уæрæседзау” –

национ æвзаджы символ”. Муссæ бахауы худæджы уавæрты

ирон æвзагыл рæстмæ кæй нал зоны дзурын, уый æххосæй.

Уæдæ сымахæй та алкæйы хæс цавæр у нæ мадæлон æвзаджы

раз?

Дзуапп. –Хъуамæ цас нæ бон у, афтæ ахуыр кæнæм, архайæм сыгъдæг

мадæлон æвзагыл дзурыныл, аргъ ын кæнæм æмæ йæ уарзæм.

Ахуыргæнæг. –Абонмæ уын хæс уыди æвзаджы тыххæй аив хъуыдытæ

бацагурын. Бакæсæм сæ

(Скъоладзаутæ дзурынц)

-Муссæмæ ма уыцы уарзондзинадæй исты баззад йæ мадæлон æвзагмæ?

-Хатдзæгтæ скæнæм ныр, Муссæйы хъысмæт куыд рауад, ууыл.

Цы уавæрмæ æрхаудта?

Фæзминаг миниуджытæй ма йæм исты баззад?

Дзуапп. –Муссæмæ фæзминаг миниуджытæй ницыуал баззад.Сæрбæрзондæй

ацыд Уæрæсемæ, уым кусы лæггадгæнæгæй, цумагæнæгæй. Ферох

кодта йæ ирон æфсарм æмæ æгъдау, мадæлон æвзаг. Уый нал

æмбары хистæрæ кад кæнын кæй хъæуы

Фарст. –Куыд уæм кæсы Муссæйы хуызæттыл нæ абоны царды фембæлæ ис?

Семæ тох кæнын хъæуы æви нæ?

Дзуапп. –Нæ абоны дуджы дæр фембæлæн ис ахæмтыл, уыдон сты

зианхæссæг.Муссæйæн йæхи уды ницæйаг цардæй зынаргъдæр ницы

ис. Ахæмтæ царды мидæг сафынц æгъдау, æфсарм æмæ мадæлон

æвзаджы рæсугъддзинад.

Ахуыргæнæг. –Диссаджы рæсугъд дзуры нæ поэттæй иу, Къадзаты

Станислав ирон æгъдауы тыххæй. Фæнды мæ нæ урочы кæрон

ма уыцы æмдзæвгæмæ куы байхъусиккам, уый.

Ирон æгъдау – нæ

ирвæзынгæнæг,

Йæ фæрцы сахаддзæн нæ Фидæн.

Лæппу дæр нæм æгъдауæй кæны лæг,

Чызгæн дæ уымæй у

нæ фидауц.

Æфсарм, уæздандзинад, æгъдау –

Нæ фарнæн рагæй дæр тæразау –

Тымбыл æртыкъахыг фынгау

Æмæ сæ 'ххæст кæнын

Фæразæм!...

Хæдзармæ куыст

Тетрæдтæм рафыссын Муссæйы æмхъæуккæгты хъуыдытæ æгъдау, æфсарм

Æмæ куысты тыххæй.










Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Брытъиаты Елбыздыхъо “У?р?седзау”

Автор: Цаллаева Лидия Касболатовна

Дата: 17.12.2015

Номер свидетельства: 267310


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства