kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Брытъиаты Елбыздыхъо – с?рибары фидиу?г.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы хæс: 1. Скъоладзаутæн бамбарын кæнын, Брытъиаты Елбыздыхъойы

                        сфæлдыстады сæйраг рахæцæн сæрибары проблемæ кæй у,

                        уый.

                      2. Мадæлон æвзаг, ирон æгъдау æмæ æфсарм, фыдæлты

                          уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын

                           кæстæртæм, Елбыздыхъойы сфæлдыстад ахуырæгæнгæйæ.

Эпиграф:       Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон.Уыцы фæдыл

                       цæугæйæ ног фæлтæртæ хъуамæ æхсызгон æмæ

                       сæрыстырæй мысой мæн – мæхи тыххæй нæ, фæлæ

                       æндæртæ разæнгард кæнынæн! Уый эгоизм нæу, фæлæ у,

                      æмбаргæ фæлтæр нæм цæмæй уа, ахæм фæндон.

                                                                           Брытъиаты Елбыздыхъо

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Брытъиаты Елбыздыхъо – с?рибары фидиу?г. »

Урочы темæ: Брытъиаты Елбыздыхъо – сæрибары фидиуæг.

Урочы хæс: 1. Скъоладзаутæн бамбарын кæнын, Брытъиаты Елбыздыхъойы

сфæлдыстады сæйраг рахæцæн сæрибары проблемæ кæй у,

уый.

2. Мадæлон æвзаг, ирон æгъдау æмæ æфсарм, фыдæлты

уæзæгмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын

кæстæртæм, Елбыздыхъойы сфæлдыстад ахуырæгæнгæйæ.


Эпиграф: Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон.Уыцы фæдыл

цæугæйæ ног фæлтæртæ хъуамæ æхсызгон æмæ

сæрыстырæй мысой мæн – мæхи тыххæй нæ, фæлæ

æндæртæ разæнгард кæнынæн! Уый эгоизм нæу, фæлæ у,

æмбаргæ фæлтæр нæм цæмæй уа, ахæм фæндон.

Брытъиаты Елбыздыхъо

Урочы цыд:


Организацион хай:


Ирон музыкæйы зæлтæм фыст Джыккайты Шамилы æмдзæвгæ «Елбыздыхъо». Брытъиаты Елбыздыхъойыл нæй дзурæн, мæнмæ гæсгæ, куыд сæрибары фидиуæгыл, йæ сæйраг удыхъæды миниуджытыл æнæ æрдзургæйæ.

  1. Райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыддзинад.

  2. Зæрдæхæлардзинад.

  3. Рæстдзинад.

  4. Цæрын адæмы цардæй.

«Театр хъуамæ уа рухстауæг, хæсса адæмæн ног идейæтæ, амона сын фæндаг сæрибар цардмæ».

Сæрибары проблемæ.

«Худинаджы бæсты мæлæт»



индивидуалон бархиад


«Дыууæ хойы»

удгоймаджы бартæ


«Хазби»

национ хæдбардзинад


«Амыран»

тох кусæг адæмы социалон бартыл


Брытъиаты Елбыздыхъо – ирон драмæйы бындурæвæрæг – уыди дæсны прозаик æмæ публицист. Фыссæг нывæфтыд кæны йæ рæстæджы цард, йæ уацмысты æвæры йæ дуджы риссаг фарстатæ, хъавы сын дзуапп раттынмæ аив нывты фæрцы.

Йе сфæлдыстады сæйраг рахæцæн у сæрибары проблемæ. Уый Æрфæны фæдау зыны йæ драмæты…

Уыцы уацмысты геройтæ сты сæрибар агурыны уæззау фæндагыл, агурынц æй алы хуызты. Уыцы агуырдæн ис йæхи эволюци. (Байхъусын спектакльтæй цыбыр скъуыддздæгтæм.

  1. «Уæрæседзау» - 1902 аз.

  2. «Худинаджы бæсты мæлæт» - 1904 аз.

  3. «Маймули рухсаг…» - 1908аз.

Сценæйы лæууы маймули. Æрыгон лæппутæ йæ алыварс æрæмбырд сты æмæ йæ мæстæй марынц. Маймули фыр мæстæй кæуы. Уый фæнды, цæмæй адæмæн дæтта исты хорздзинад, фæлæ гоби у æиæ цы бакæна.

Се ‘хсæн рауайы ныхас.

  1. «Хазби» - 1907-1098 аз.

  2. «Дыууæ хойы» - 1907

  3. «Амыран» - 1921 аз.

А. Корнейчук пьесæ «Платон Кречет»-мæ гæсгæ.

1935 азы сæххæст ис Елбыздыхъойы стырдæр бæллиц – Дзæуджыхъæуы байгом ис ирон профессионалон театр. Нæ ирон театр æнæдызæрдыгæй схонæн ис Брытъиаты Елбыздыхъойы театр. Театры кусджытæ хорз æмбæрстой, æцæг националон театрæн хъуамæ уа йæхи цæсгом, бæрæг уа йе ‘рмдзæф, йæ ауæдзы хахх. Уый тыххæй та хъуыдис, алцæмæй дæр æххæст чи уыдаид, нæ адæмы цард, йæ истори, йæ удыхъæды хуыздæр миниуджытæ, не ‘гъдæуттæ æвдыст кæм цыдаид, ахæм драматургион уацмыстæ.

Уыцы æппæт ахсджиаг домæнтæн дзуапп лæвæрдтой фыццаджыдæр Брытъиаты Елбыздыхъойы уацмыстæ.

Елбыздыхъо уыд стыр курдиаты хицау, уый æнæкæрон бирæ уарзта йæ бæстæ, уый уыд æнæзæрдæхудт æмæ æнæнцой кусæг йæ адæмæн. Елбыздыхъо æрæвæрдта фидар бындур Иры драматургийæн. Уый сарæзта ирон театр. Елбыздыхъо уыдта йæ уарзон адæмы хъизæмар цард, рынчын уыд йæ адæмы низтæй, агуырдта уыцы тыхст цардæй фервæзыны фадат, раппар-баппар кодта йæхи дыууæрдæм, цалынмæ йын йæ фæндаг не срухс кодта, уæдмæ. Уæд уый æмраст, æнæфæцудгæ араст йе сфæлдыстадон фæндагыл æмæ ныффыста Ирыстоны нырмæдæр ма æмбал кæмæн нæй, ахæм алæмæты драмон уацмыстæ.

«Кад æмæ йын цыт! Зæрдиаг арфæ Елбыздыхъойæн!» - афтæ фыста Дзанайты Иван йæ статья «Брытъиаты Елбыздыхъо», зæгъгæ, уым.

Стыр ирон нывгæнæг Тугъанты махарбег йæ мысинæгты схуыдта…

(Иу-дыууæ скъоладзауы дзурынц Елбыздыхъойы царды сæйраг моменты тыххæй).

Елбыздыхъо бирæ уарзта ирон аив ныхас. Уарзта драмон театр. Уый равзæрста йæхицæн царды æмæ йын лæггад кодта йæ царды фæстаг бонтæм.

Бирæ не сты Елбыздыхъойы уацмыстæ, фæлæ уыдонæй райдыдта ирон драматурги, уыдоны бындурыл сырæзт ирон драмон театр.

Йæ фыццаг уацмыстæм хауынц…

(Цыбырæй «Уæрæседзау»-ы сюжет æмæ уæ ахаст сæйраг фæлгонцмæ. Æнæмæнг пайда кæнæм тестæй)

Хатдзæг: Кæй зæгъын æй хъæуы, Муссæйы хуызæттæ махмæ æнкъарын кæнынц æнæуынондзинад йæ мадæлон æвзагæй нын арвистон чи кæны, уыдонмæ. Йæ райгуырæн бæстæ, йæ мадæлон æвзагыл, йæ фыдæлты æгъдауыл йæ къух чи систа, ахæмтыл ныффыста, æвæццæгæн, йе ‘мдзæвгæ Цырыхаты Михал дæр:

Фыды уæзæг, ныййарæг мад

Кæмæй фæвæййынц рох,

Уый хойы, хойы зилгæ уад,

Йæ фæстаг бон – фыдох…

Ирон цухъхъа, ирон цытау,

Уый ма хæрæд, уый ма хæрæд

Ирон хойраг сынтау.

Елбыздыхъо æнæкæрон бирæ уарзта йæ мадæлон æвзаг, йæ райгуырæн бæстæ. Архайдта ууыл, æмæ ирон адæмæн уа сæхи ирон театр, ирон чингуытæ, ирон газетæ æмæ журналтæ. Суанг ма йæхæдæг 1912 азы рауагъта журнал «Хуры тын». Фæлæ журнал бамынæг: ирон интеллигенци йæм йæ хъус не ‘рдардта, нæ адæмæн, дам, уырыссаг чингуытæ дæр æгъгъæд сты.

Æмæ та мæнæ ныр дæр ахæм ран ис ирон чиныг, ирон газет, ирон журнал. Чи сын баххуыс кæндзæн? Нæхæдæг, æрмæстдæр нæхæдæг!

Елбыздыхъо йæхæдæг куыд фыста, уыйау: «Нæ уд бахъарæм дæргъсад рынчынау адæмæн дæр æмæ нæхицæн дæр нæ фæстаг бонты æгад цæмæй ма ссуæм, ууыл».

Ирыстонæн йæ ирвæзынгæнæг – йæ иудзинад . Мæнгæй нæ зæгъы, Елбыздыхъойæн зынаргъ чи уыди, йæхицæн кæй ном сæвæрдта, уыцы Хазби: «Фыдæй-фыртмæ ирон адæм кæрæдзиуыл иузæрдион никуы уыдысты. Сæфгæ дæр уый тыххæй кæнынц. Уæ зындзинад – мæ зындзинад, уæ кад – мæ кад, цомут иумæ!»

Ацы уацмысы Елбыздыхъо æрæвæрдта ирон адæмы бирæ риссаг æмæ дудаг фарстатæ: нæ адæммæ иудзинад кæй нæй, сиды сæм иудзинадмæ, ирон лæджы æгъдаумæ. (Ахуырдзаутæ бæстон хъуамæ æрдзурой драмæ «Хазби»-йыл, Хазбийы фæлгонцыл.

Джыккайты Шамилмæ ис диссаджы æмдзæвгæ «Хазбийы монолог мæлæты размæ».

Мæн фæнды, цæмæй уæ дзуæппыты размæ байхъусат ацы æмдзæвгæмæ. (Ахуыргæнинаг кæсы).

Хазбийау Елбыздыхъо дæр цæттæ уыд райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохмæ, йæ фæдыл дзыллæтæ ахонын хæстмæ.

Хъесаты Георгий йæ мысинæгты куыд фыссы, афтæ Елбыздыхъо сидти Владикавказы ахст адæммæ. Зæронд лæгтæ-иу æм сæ лæдзджыты æнцой кастысты æмæ дзырдтой: «Нæ фæсивæд цæуынц Ирыстоны амонды сæрыл тохмæ. Нырма ахæм нæ уыди Ирмæ, хæсты быдыры йæ чъылдым знагмæ чи равдыста.

Рох уæ ма уæд нæ фыдæлты фæдзæхст: сымах куы нæ алидзат хæсты быдырæй, уæд знагæн æнæ фæлидзгæ нæй».

Ахæстон нæ асаста Елбыздыхъойы ныфс æмæ хъару: рæстуд адæймаг тыхджын æмæ фæразон вæййы зындзинæдтæм. Ахæм адæймаг зындзинæдты сфæлтæры, йæ развæндаг, йæ царды нысан та фæзыны ирддæрæй. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд Елбыздыхъо Назраны фидары уазал цемент пъолыл куысгæйæ ирон театры хъысмæтыл нæ хъуыды кодтаид. Цымæ ныртæккæ куыд бамбариккой Елбыздыхъойы нæ абоны фæлтæртæ, йæ адæмыл нæ, фæлæ фылдæр йæ дзыппыл чи хъуыды кæны, уыдон? Æвæццæгæн, æй æрра рахониккой. Уæвгæ,Бесайы дæр адæм æрра хуыдтой, сæ ирвæзынгæнæг кæй у, уый не ‘мбаргæйæ.

(Ахуыргънинаг развæлгъау бацæттæ кæнгæйæ, анализ дæтты драмæ «Амыран»-æн.

Иннæ скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Амыраны зæрдæ»)

Елбыздыхъойы трагеди «Хазби» фыццаг хатт æвæрд æрцыдис профессионалон сценæйыл дыууынæм азты уырыссаг театры. Уацмыс уырыссаг æвзагмæ автор йæхæдæг ратæлмац кодта. Спектакль Елбыздыхъойы зæрдæмæ куыд фæцыд, уый тыххæй Тотраты Бесæ йæ мысинæгты афтæ фыста: «…Дыккаг бон æм æз бацыдтæн, куыд æм фæкаст, уый базонынмæ. Афтæ, Бесæ, - загъта мын Елбыздыхъо, - ирон цард уырыссаг актертæ æвзæр зонынц. Фæлæ уæддæр цæсты хорз ахадынц. Гъе, уымæ хъæуы тырнын сымах дæр уæ къорды – æцæг ирон профессионалон театры аивадмæ».

Æмдзæвгæ «Фарны артдзæст у мæ зæрдæ»


Исламы дзуапп Биайы фыртæн – фарс 41.

Хазбийы сидт адæммæ – фарс43

Хазби: Дæуæн дæ фæсонæрхæджы дæр нæй, лæг худинаг йæ сæрмæ куы нæ хæсса, уæд йæ бон цас у… - фарс44

Хазби æмæ Нанайы ныхас – фарс 52

Хазбийыныхæстæ – фарс 53,55, 57

Исламы ныхæстæ, йæ куывд – фарс 58

Хазби – фарс 68

Биайы фырты мард – фарс 69

Исламы ныхæстæ – фарс 70, 71


Хетæгкаты Къоста сагъæс кодта йæ райгуырæн зæхх, йæ адæмы хъысмæтыл. Уый хорз æмбæрста, адæмы трагикон уавæр.

«Иугай ныйистæм, ныууагътам нæ бæстæ,-

Фос дæр маафтæ ныппырх кæны сырд..» - фыста уый.

Адæмы тых сæ иудзинады кæй ис, ууыл Къоста дызæрдыг нæ кодта, фæлæ уыцы иудзинад нæ уыдта хохæгты æхсæн. Фæлæ Къоста, зындзинæдтæй чи фæтæрса, ахæм нæ уыди. сидти адæммæ иудзинадмæ:

Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!

Скæнæм нæтырыса дзыллæйы номæй

Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй!

Ацы æмдзæвгæ сси ирон адæмы иудзинады гимн, уымæн æмæ æвдисы нæ адæмы удыхъæды рæсугъддæр бæллиц. Ацы темæ – иудзинад – къоста йæ бирæ уацмысты равдыста, сидти ахæм фæтæгмæ, раздзогмæ, адæмы чи æрæмбырд кæна:

Фезмæл-ма, фезмæл,

Нæ фыййау, нæ фæстæ:

Иумæ нæ рамбырд кæн,

Арфæйы дзырд!

Уыцы «арфæйы дзырд» нæ разынд Хазбийы хъæлæсы, æмæ Хъобаны адæм састы бынаты баззадысты.

Фæлæ нæ ферох Хазбийы ном. Уымæн æмæ нæм фыдæлтæй баззад æмбисонды æгъдау:

Фыдæлтæй нæм цы ‘гъдау æрцыд, цы ‘гъдау!

Нæ куыдтой уыдон хорз лæгæн йæ мардыл,

Ыстæй-иу ыл нæ дардтой никуы сау –

Ыскодтой-иу ын зарджытæ йæ кадыл.

Куыд равдыста Елбыздыхъо йе сфæлдыстады ирон сылгоймаджы ?

(Дзуры ахуыргæнинаг)


Елбыздыхъо фидар, æрхæндæг ныхæстæй равдыста ирон сылгоймаджы рис. Уыимæ ныхæй-ныхмæ æвæры æгъдау æмæ æнæгъдау, æфсарм æмæ æнæфсарм сылгоймаджы фæлгонц. Драмæ «Дыууæ хойы» эпицентры сты сылгоймаджы бартæ, уыдоны сæрыл тох, чи сты, цавæр чызджытæ сты, цавæр домæнтæ сæм ис.

(Ахуыргæнæг дзуры Асиат æмæ Хансиаты тыххæй, сæ цард, сæ хъысмæт сын æвдисы.

Дыууæ хойы хъысмæтимæ баст сты бирæ адæм. Фыццаджыдæр, зæронд лæгтæ: сæ фыдыфсымæр Тæтæрхъан, Аслæнбег æмæ Хъамболат. Куыд хæцынц уыдон та ирон æгъдауыл, куыд æй æмбарынц?

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц фæрстытæн:

  1. Тæтæрхъан æмæ Аслæнбег.

  2. Мусон æмæ Сидахъон.

  3. Буцæ æмæ Хъылцыхъо.

  4. Пупæ, Саламджери æмæ Касалы-фырт.

Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ:

Зæххыл æфсармæй ницы ис тыхджындæр.

Лæгæй нæу йе ‘фсарм хъæдбыны дæр рох.

Цæрæццаг æгъдау адæмæн у хох.

Мæлæг æгъдæуттæ адæмæн тыччытæ.

Цæрæццаг æгъдау адæмæн у хох.

Бæрзонд хохæн та уады бон цы у?

Цы йын бакæндзæн денджызы фæйлауæн?

Æгъдау, æфсармыл рагæй цæуы тох

Æгъдау та немæ алыбон цæуы,

Фыййау, паддзах уай – ма бамбæхс йæ аууон.


Кæронбæттæн ныхас:

Аслæнбеджы зондахаст у мæнæ ахæм:

  1. Хъуамæ кæстæр хистæрмæ хъуса, хистæр цыфæнды зылын куы уа, уæддæр: «Нæ, нæ, ма зæгъ, Хъасболат, кæстæр хистæрмæ куынæуал хъуса, уæд адæмы уаг хæлгæ кæны».

  2. Уарзондзинадæн царды æппындæр ницы ахадындзинад ис. Сылгоймаг хъуамæ смой кæна, кæмæн æй радтой, уымæ, лæппу цыфæнды æвзæр куы уа, уæддæр: «Кæд уый нæ бæззы…»

  3. Царды иууыл хъуыддæгтæ дæр Хуыцауæй аразгæ сты. Адæймагæн йæ хъысмæтыцы фыст уа, уымæй йын фæцухгæнæн нæй: «Хуыцауы æвастæй ницы ис. Бирæ бад, чысыл – дæ нывæй никуыдæм аирвæздзынæ. Дæ ныв та у, æвæццæгæн, Касалы-фырт».

«Не ‘мбæлы Хансиатæн ферох кæнын ирон æгъдау, хæдзар мыггаг æмæ æгас дзыллæйы. Æнæгъдаудзинад у, фыдæлтæй фидисæн баззад чызгæн йæхи байсын, бинонтæ æмæ мыггаг тудджын кæнын».


Хатдзæгтæ:

  1. Мах ирæттæ стæм, ирон адæмы ном хæссæм. Æрмæстдæр æмзонд, æмзæрдæ, иу æфсармæй æфсармджын куы суæм, æрмæстдæр уæд слæудзæн нæ гыццыл Ирыстон йæ къахыл.Алчидæр хъуамæ ахъуыды кæна æмæ зæгъа: æз дæр мæ адæмæн йæ туг, йе стæг дæн. Æз дæр искæд мæ фæстагæттæн номарæн фыдæлæн сбæззон.

  2. Къоста кæддæр хъаст кодта æрцæуæг æцæгæлон хæддзутæй, нæ рухс кувæндæттæй нын хынджылæг кæнынц, зæгъгæ. Мах та абон нæхæдæг былысчъилтæ кæнм не ‘взаг, не ‘гъдæуттыл, не ‘фсарм ныкъкъахыртæ кодтам.

  3. Цæмæй не ‘гъдау , нæ культурæ мауал сæфа, уый тыххæй абон алчидæр ахуыр кæна хистæртæн кад кæнын, æгъдау дæттын, зарын æмæ кафын, кувын æмæ тæфæрфæс кæнын, бацæуын æмæрацæуыныл – ирон сылгоймаджы æфсармыл, ирон лæджы намысы æргом миниуджытыл.

  4. Сæрмæ хæссинаг цы у æмæ цы нæ у, худинаг цы у æмæ нæ ирон æгъдаумæ гæсгæ, уыдон хъуамæ нæ туджы бацæуой, нæ зонды ныффидар уой.

Ууыл рыст Елбыздыхъойы зæрдæ дæр. Ууыл дзырдта йæ уацмысты. Уæдæ нæ абон алчидæр йæ цард афтæ сæвæрæд, æмæ Елбыздыхъо йæхицæй цы ныхæстæ загъта, уыдон махæй алчид йæхицæй зæгъын куыд бауа.

«Æз мæхи нæма базыдтон, нæма равзæрстон мæ бынат царды. Æз разы нæ дæн ницæйаг хъысмæтыл».

«Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон. Уыцы фæдыл цæугæйæ, ногг фæлтæр хъуамæ æхсызгон æмæ сæрыстырæй мысой мæн – мæхи тыххæй нæ, фæлæ æндæрты разæнгард кæнынæн. Уый эгоизм нæу, фæлæу, æмбаргæ фæлтæр нæм цæмæй уа, уыцы фæндон»

Брытъиаты Елбыздыхъо 1917 азы «Ирон газет»-ы ныммыхуыр кодта уац «Æфсармдзинад». Уым ис ахæм базырджын ныхæстæ: «Æвзæрæй цæрын æнцон у, хорзæй – зын». Ацы ныхæстæ ахсджиаг сты абон, нæ бæстæ стыр зындзинæдты бын куы фæцис, уæд. Нафийы загъдау, «Елбыздыхъойы цард, дунеæмбарынад, сфæлдыстадæн цалдæр дзырдæй зæгъæн куы уаид, уæд сын ацы афоризмæй бæлвырддæр æмæ хуыздæр зæгъæн ницы æрымысыдæуыдаид».


Урок фæвæййы Цырыхаты Михалы æмдзæвгæйæ:


Ирон æгъдау куы нал зона ирон,

Уæд уый уыдзæн æнæ уидаг бæласау.

Ирон æвзагæн чи кæна кæрон,

Уый хъуамæ Ирæй хæхты зæй фæласа.


Нæ фæнды мæн, æндæр дæттимæ æз

Мæхи бæстæ куы схæццæ кæнон донæй

Иронау цæрын у зæххыл мæ хæс.

Мæлгæ дæр хъуамæ акæнон иронау.




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
Брытъиаты Елбыздыхъо – с?рибары фидиу?г.

Автор: Джиоева Зарема Итлбековна

Дата: 09.06.2015

Номер свидетельства: 218624


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства