kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ирон литературæйы урок 5-æм къласы.

Темæ: « Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг».

Нысан:    1. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

                  2. Ног æрмæг равзарын,бафидар кæнын.

3. Хистæры ныхасæн аргъ кæнын, лæгдзинад æмæ коммæгæсдзинад гуырын кæнын  рæзгæ фæлтæрмæ.

                                   Урочы цыд

1.  Орг. момент.

2. Х/к. сбæрæг кæнын, фæрстытæ раттын.

3. Ног æрмæг.

1. Ног темæмæ рахизыны размæ   ахуыргæнæг бæрæг кæны хæдзармæ куыст, фарстон –дзуаппон  куысты хуызтæй пайдагæнгæйæ.                                                                                           

              - Цы хонæм адæмон сфæдыстад?

              - Цавæр бынат ахсынц « Нарты кадджытæ» ирон адæмы дзургæ сфæлдыстады?

              - Цавæр аргъæутты хуызтæ ис?

              -  Чи фæуæлахиз вæййы арæхдæр аргъæутты?

              - Æрхæссут-ма,  уæ уарзон ирон æмæ уырыссаг  аргъæуттæй дæнцæгтæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг»

Ирон литературæйы урок 5-æм къласы.


Темæ: « Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг».

Нысан: 1. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.

2. Ног æрмæг равзарын,бафидар кæнын.

3. Хистæры ныхасæн аргъ кæнын, лæгдзинад æмæ коммæгæсдзинад гуырын кæнын рæзгæ фæлтæрмæ.


Урочы цыд


1. Орг. момент.

2. Х/к. сбæрæг кæнын, фæрстытæ раттын.

3. Ног æрмæг.

1. Ног темæмæ рахизыны размæ ахуыргæнæг бæрæг кæны хæдзармæ куыст, фарстон –дзуаппон куысты хуызтæй пайдагæнгæйæ.

- Цы хонæм адæмон сфæдыстад?

- Цавæр бынат ахсынц « Нарты кадджытæ» ирон адæмы дзургæ сфæлдыстады?

- Цавæр аргъæутты хуызтæ ис?

- Чи фæуæлахиз вæййы арæхдæр аргъæутты?

- Æрхæссут-ма, уæ уарзон ирон æмæ уырыссаг аргъæуттæй дæнцæгтæ.

2. Ахуыргæнæджы фарст:

- адæмон сфæлдыстады цавæр хуыз ферох кодтам?

/ Скъоладзаутæ хъуыды кæнынц /

- Уый у кадæг. Уæдæ нæ абоны урочы ныхас уыдзæн кадæгыл. Нæ кадæг хуыйны: « Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг»

Ацы кадæджы мах ныхас кæндзыстæм: лæгдзинад æмæ ныфсхасты тыххæй, коммæгæс æмæ сæрæндзинады тыххæй, хуымæтæг æмæ хиппæлойдзинадыл.

3. Ахуыргæнæг бæрæг кæны урочы нысæнттæ : цæуыл кусдзысты, цавæр у урочы темæ, адæймаджы цавæр миниуджытæ сты фæзминаг.

4. Дзырдуатон куыст:

а) уæйыг - великан

æ) хизæнуат - пастбище

б) хонæг - глашатай

в) кувæггаг- молитвенное кушанье

г) фæнык – зола

д) сгуы-кость, здесь-лопатка

е) мусонг-шалаш

ж) бæгуыдæр-несомненно

з) сæры къуыдыр-череп головы.


4. Скъоладзаутæ фыссынц ног дзырдтæ сæ тетрæдты.


5. Текстимæ куыст. Абзацгай æвзæрст.

- Ахуыргæнæг аивæй кæсы кадæгæй скъуыддзаг, уый фæстæ скъоладзаутимæ æвзары алы абзацæн дæр йæ мидис.

- Дарддæр скъоладзаутæ радыгай кæсынц текстæй иу абзац æмæ йын йæ мидис æвзарынц. (Ахуыргæнæг йæ хъус дары скъоладзауты кастмæ, рæдыдтытæ раст кæны).

1-аг абзацы ныхас цæуы, Нарт фыдбылызы куыд бахаудтой, ууыл.

- Цавæр?

2. - Нарт катайы бахаудтой.

- Цæмæн?

3. Нарт хонджытæ арвыстой æртæ Нартмæ дæр

- Цæмæн?

4 – Нартæй ничи хæссы йæ ныфс фос аскъæрынмæ.

- Цæуылнæ?

5. Уалынмæ Уырызмæджы хонджытæ æрбакодтой чысыл Батрадзы.

- Цы куыста Батрадз уыцы рæстæг?

6. Батрадз Уырызмæджы къухæй кувæггаг райста.

- Цы æмæ цæй нысан уыди уый?

7. Батрадз фос аскъæрдта хизæнуатмæ.

- Батрадзы цавæр миниуæгыл дзурæг у уый?

8. Хъулонзачъе уæйыг нæ ныххатыр кодта Нæртон лæппуйæн.

- Цы?

9. Карз тохы бацыдысты Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг.

- Чи сæ фæуæлахиз

10- Хъæбатыр лæппу уæйыджы амардта.

- Цæмæй фервæзын кодта Нарты хъæбатыр лæппу?

6. Н. Р. куыст.

Æрмæг бафидар кæнынæн фæрстытæ:

1. Куыд дарынц сæхи Нарт? Цæмæн?

2. Цавæр миниуджытæ разынд Батрадзмæ?

3. Лæппутæ, сымах та ахæм уавæры куыд бакодтаиккат?


7. Уæлæмхасæн æрмæг: интерактивон фæйнæгыл Тугъанты Махарбеджы нывтæ - иллюстрацитæ «Нарты кадджытæ»-м.

- Нарты Батрадзмæ æвзæр миниуджытæ нæ уыди, уымæ гæсгæ йæ Нарт сæхæдæг дæр бирæ уарзтой.

- Бирæ йæ уарзынц абон дæр, Нарты кадджытæн стыр аргъ чи кæны, уыдон дæр. Уыдонæй иу уыди нæ зындгонд нывгæнæг, курдиатджын этнограф æмæ фольклорист Тугъанты Махарбег.

Махарбег бирæ нывты равдыста Батрадзы фæлгонц - рæсугъд, сæрыстыр, хъæбатыр лæппу. Æвæццæгæн, ахæм хъуамæ уа æцæг ирон лæппу, æцæг ирон лæг!

8. Н.Р. куыст:

Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ зæгъынц таурæгъы æмæ нывты тыххæй.

9. Хæдзармæ куыст.

1.Текст аивæй зонын кæсын.

2. Хи ныхæстæй дзурын.

3. « Æцæг лæппу. Цавæр хъуамæ уа цымæ æцæг ирон лæппу."

( Мæ хъуыдытæ, мæ сагъæстæ, мæ бæллицтæ).



Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 5 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг

Автор: Соскиева Жанна Яковлевна

Дата: 05.11.2016

Номер свидетельства: 355568

Похожие файлы

object(ArrayObject)#865 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(56) "Батрадз ама Хъулонзачъе уайыг."
    ["seo_title"] => string(31) "batradz_ama_khulonzachie_uaiygh"
    ["file_id"] => string(6) "359163"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "uroki"
    ["date"] => string(10) "1479220994"
  }
}
object(ArrayObject)#887 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(80) "Тесты для 5 класса по осетинской литературе "
    ["seo_title"] => string(48) "tiesty-dlia-5-klassa-po-osietinskoi-litieraturie"
    ["file_id"] => string(6) "157235"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(5) "testi"
    ["date"] => string(10) "1421574017"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства