kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Авзаджы равзард ама йа разт

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темæ:  Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат      

                             иннæ ‘взæгты  ‘хсæн.

Урочы нысан: 1.Базонгæ кæнын сывæллæтты æвзаджы фæзынд æмæ

                           рæзты  уавæртимæ.

                             2. Кусын скъоладзауты хъуыдыкæнынад, логикæ æмæ

                    ныхасы  рæзтыл.

                             3. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагыл аудындзинад,

                             национ-патриотон æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц:   1. Чингуыты, дзырдуæтты равдыст.

                      2. Компьютер, интерактивон фæйнæг.

                      3.Къултыл æвзаджы тыххæй æмбисæндтæ, зындгонд

                          адæймæгты ныхæстæ.                        Урочы цыд:

 Уазджытæн арфæйы ныхæстæ зæгъынц дыууæ лæппуйы:

Руслан: Алы боны æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ!

Батрадз: Уазæг – Хуыцауы уазæг, уæлдайдæр та сымах хуызæн кадджын уазджытæ!    

Руслан: Уазæг фæрнджын хæдзармæ фæцæуы, Мах хæдзар дæр фарнæй     дзаг у, æмæ нæм æгайтма саккаг кодтат!

Батрадз: Хонæм уæ нæ тымбыл стъолы куыстмæ: бакæсут, байхъусут æмæ цæстуарзонæй немæ бацархайут нæ абоны куысты

Ахуыргæнæг: Бузныг уын, лæппутæ! Нæ зынаргъ уазджытæ! Нæ абоны урок бынтон хуымæтæг нæ уыдзæн. Иучысыл æндæрхуызон скодтам нæ куыст. Фараст азы дæргъы ирон æвзаг ахуыр кæнæм. Базыдтам ын йæ бирæ сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ. Базонгæ стæм æвзаджы æппæт хæйттимæ дæр: фонетикæйæ райдай æмæ синтаксисæй фæу. Абон мах бафæлвардзыстæм райгом кæнын ноджыдæр иу сусæгдзинад: æвзаджы равзæрд, куыд æхсæнадон фæзынд, куыд равзæрд бирæ æвзæгтæ, цавæр бынат ахсы иннæ ‘взæгты ‘хсæн ирон æвзаг, йæ абон æмæ йæ фидæны хъысмæт.

 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«авзаджы равзард ама йа разт »

Урочы темæ: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат

иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Урочы нысан: 1.Базонгæ кæнын сывæллæтты æвзаджы фæзынд æмæ

рæзты уавæртимæ.

2. Кусын скъоладзауты хъуыдыкæнынад, логикæ æмæ

ныхасы рæзтыл.

3. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагыл аудындзинад,

национ-патриотон æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц: 1. Чингуыты, дзырдуæтты равдыст.

2. Компьютер, интерактивон фæйнæг.

3.Къултыл æвзаджы тыххæй æмбисæндтæ, зындгонд

адæймæгты ныхæстæ.

Урочы цыд:

Уазджытæн арфæйы ныхæстæ зæгъынц дыууæ лæппуйы:

Руслан: Алы боны æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ!

Батрадз: Уазæг – Хуыцауы уазæг, уæлдайдæр та сымах хуызæн кадджын уазджытæ!

Руслан: Уазæг фæрнджын хæдзармæ фæцæуы, Мах хæдзар дæр фарнæй дзаг у, æмæ нæм æгайтма саккаг кодтат!

Батрадз: Хонæм уæ нæ тымбыл стъолы куыстмæ: бакæсут, байхъусут æмæ цæстуарзонæй немæ бацархайут нæ абоны куысты.

Ахуыргæнæг: Бузныг уын, лæппутæ! Нæ зынаргъ уазджытæ! Нæ абоны урок бынтон хуымæтæг нæ уыдзæн. Иучысыл æндæрхуызон скодтам нæ куыст. Фараст азы дæргъы ирон æвзаг ахуыр кæнæм. Базыдтам ын йæ бирæ сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ. Базонгæ стæм æвзаджы æппæт хæйттимæ дæр: фонетикæйæ райдай æмæ синтаксисæй фæу. Абон мах бафæлвардзыстæм райгом кæнын ноджыдæр иу сусæгдзинад: æвзаджы равзæрд, куыд æхсæнадон фæзынд, куыд равзæрд бирæ æвзæгтæ, цавæр бынат ахсы иннæ ‘взæгты ‘хсæн ирон æвзаг, йæ абон æмæ йæ фидæны хъысмæт.

Æппæт уыцы фæрстытыл æрдзурыны тыххæй мах нæ тымбыл стъолмæ æрбахуыдтам алыхуызон специалистты, цæмæй уыдон бæлвырддæр радзурой, баххуыс нын кæной нæ куысты: биолог, географ æмæ дунеон аивадон культурæйы ахуыргæнæджы се ‘взонг æххуысгæнджытимæ.

Диссаг вæййынц хатгай, нæ царды æппæты арæхдæр чи фембæлы, ахæм фæзындтæ. Зæгъæм, æвзаг… Ахъуыды-ма кæнут, уынджы уыл сæмбæлди æнæзонгæ адæймаг. Йæ былтæ байгом кодта, æмæ, рæуджытæй цы уæлдæф рацæуы, уымæй хурхыуадындзты, æвзаджы, былты фæрцы аразы алыхуызон мыртæ. Уæлдæфы змæлд уыцы мыртæ ахæссы алырдæм, æрбахæссы сæ сымах хъустæм дæр. Уыцы мыртæ фехъусгæйæ сымах райдайут æмбарын дзурæджы хъуыдытæ, йæ миддуне…Фæлæ сымах дис æппындæр ницæуыл кæнут, уымæн æмæ сахуыр стут уыцы фæзындыл, æрвылбоныл æмбæлут æмæ йæ хонут æвзаг. (слайд)










































































- Æвзаг æй хонæм, фæлæ цымæ искуы ахъуыды кодтам æмæ зонæм, цы у æвзаг, цы нысаниуæг ын ис нæ царды, кæд, кæм, цæмæн æмæ куыд фæзынди, куыд ивы æмæ æндæр ахæмтыл. Ацы фарстытæн наукæ ныртæккæ цы дзуапп дæтты, абон ууыл цæудзæн нæ ныхас.

Фыццаджыдæр, ныртæккæ мах сбæрæг кæндзыстæм, дзырд æвзаг цы нысан кæны, уый. Зæгъут-ма, йæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ цавæр дзырд у æвзаг?

Бирæнысанон дзырд: ис ын дыууæ нысаниуæджы:дзурæн орган æмæ кæрæдзи æмбарыны фæрæз.

(Компьютерæй æвдыст цæуы дзырдуатон статья. Кæсы йæ скъоладзау)

- Уæдæ махæн нæ ныхас цæудзæн æвзагыл куыд æхсæнадон фæзындыл.

- Зæгъут-ма, æвзаг, ома, ныхас кæнын адæймагæн æрдзæй лæвæрд у æви нæ?

-Нæу.Сывæллон куы райгуыры, уæд æй улæфын, хæрын æмæ æндæр ахæмтыл ничи фæахуыр кæны, уыдон ын сты æрдзæй лæвæрд. Фæлæ ныхас кæнын сывæллон никуы бæзондзæн, адæмы ‘хсæн куы нæ цæра æмæ йæ æхсæнад куы нæ сахуыр кæна, уæд.

- Æмæ йæ уый тыххæй хонæм æхсæнадон фæзынд. Иннæмæй та…

- Иннæмæй та æвзаг æхсæнадон фæзынд уымæн хонæм, æмæ адæм иугæйттæй куы цардаиккой хъæддаг сырдтау, уæд сæ æвзаг ницæмæн хъуыдаид, кæимæ йыл дзырдтаиккой? (слайд)

- Стæй æвзагыл мах æрмæст дзургæ нæ кæнæм, фæлæ ма хъуыды дæр. Адæймаг хъуыды куы фæкæны, уæд йæхинымæры фæдзуры, цы æвзаг зоны, ууыл.

- Тынг раст хъуыдытæ загътат ныртæккæ сымах.Æвзаг царды ‘мбариккой, сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад никуы æрæмбырд кодтаиккой иумæ æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дæттиккой. Уымæ гæсгæ, æнæ ‘взагæй адæмæн, æхсæнадæн цæрæн, рæзæн нæй.

кодтаиккой иумæ æмæ сæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дæттиккой. Уымæ гæсгæ, æнæ ‘взагæй адæмæн, æхсæнадæн цæрæн, рæзæн нæй.

-Уæдæ ныр та кæд æмæ куыд фæзынд æвзаг, уый нын радзурдзысты нæ биологтæ. Байхъусæм сæм. Уæ хорзæхæй.

- Цыппар-фондз милуан азы размæ, адæймаг куы нæма уыд, уæд зæххыл фæуазал (Ледниковый период), хъæдтæ скуынæг сты, æрдз тынг фæмæгуыр. Цæрæгойтæ кæнæ хъуамæ сфæлтæрдтаиккой æрдзы ивддзинæдтыл, кæнæ хъуамæ амардаиккой æххормагæй, уазалæй…

Æмæ равзæрстой фыцаг фæндаг - рæзты фæндаг…

Биологты блок

Учитель биологии: Человек, как и любой другой биологический вид, формировался в процессе эволюции и является результатом взаимосвязанного действия ее движущих сил. Он вышел из природы,





























































и остается ее частью. Организм человека развивался по общим для всех живых существ законам: нуждается в пище и кислороде, растет, стареет, умирает. Однако, человеческий организм – это еще не человек в социальном смысле.

Человек становится человеком только тогда, когда он развивается и живет в социальной среде. Это свидетельствует о том, что человек как качественно новое явление в природе единственный вид на Земле, который вышел за пределы биологической эволюции. Т.е. в антропогенезе огромную роль играет эволюция социальная.

Таким образом, на первых этапах антропогенеза (в течение 1 млн. лет) действовала биологическая эволюция, в которой решающее значение имел естественный отбор, затем в силу вступила социальная эволюция. Вопрос: Чем можно охарактеризовать оба этапа антропогенеза?

(биологическая: морфологические и анатомические особенности человеческого типа – мозг, кисти рук, прямохождение, особенности позвоночника и стопы ног; социальная: развитие абстрактного мышления, трудовая деятельность, речь ). Именно благодаря социальной эволюции у человека возникла особая, не связанная с социальной эволюции у человека возникла особая, не связанная с генетическими механизмами форма связи между поколениями – преемственность традиций, культуры, науки, знаний. И не последнюю роль здесь сыграл фактор – появление развитой членораздельной речи. Сегодня нам предстоит вспомнить, на каком этапе антропогенеза возникла речь.

(Сообщения учащихся краткая характеристика австралопитека, питекантропа, синантропа (примитивная речь), неандертальца (продвинутая речь), кроманьонца (развитая настоящая речь.) Вопрос: Перед вами изображения австралопитека, кроманьонца и человекообразных обезьян. Почему речь развилась кроманьонца и не появилась у современных человекообразных обезьян и австралопитека.

Антропологи считают, что развитие речи, прежде всего, инициировалось необходимостью координировать действия разных особей при совершении трудовых операций, требующих коллективных, совместных усилий. Деятельность людей в процессе развития общества становилась все более разнообразной и по этой причине уже не могла регулироваться несколькими десятками звуковых сигналов, как это наблюдается даже у весьма высокоразвитых животных.)

Вопрос: Каким образом антропологи могли судить о появлении развитой речи (по наличию подбородочного выступа.)

Таким образом делаем вывод что, зачаточная речь в процессе антропогенеза появилась на стадии древнейших людей (питекантроп, синантроп), развивалась у неандертальцев (стадия древних людей) и стала настоящей членораздельной у кроманьонцев (стадия современных людей). Социальными факторами этого процесса стали общественный образ жизни и трудовая деятельность. А вот как развилось многоязычие, это, пожалуй,































































расскажут мои коллеги- географы. Географты блок

Географ: Мæнмæ гæсгæ, алкæйдæр базонын фæнды: цымæ кæм фæзынд фыццаджы-фыццагдæр адæм? - Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй фыццаг адæм фæзындысты Хурыскæсæн Африкæйы фæндзай мин азы размæ.

Цæмæн уым та цымæ?

Уымæн æмæ дзы уыд хъарм, дон æмæ хъæд. Хъæд рагон адæймагæн уыд хæдзар дæр, лæвæрдта йын хæринаг дæр.

Рæстæг цыди, æмæ адæм фылдæрæй-фылдæр кодтой, цардысты къордтæй. Цæмæн? – - Уымæн æмæ иумæйагæй æдасдæр æмæ æнцондæр уыд цæрын дæр, зæххы куыст кæнын дæр, цуан кæнын дæр. Æмæ адæм куыд фылдæр код­той, афтæ сын цæрыны бынат фаг нал кодта, æмæ къордгай ног зæххытæ агурæг цыдысты.

Æмæ-иу ног рæтты æрбынат кодтой, царды уидæгтæ-иу ау­агътой.

Фарст: Цы хонæм, адæм иу ранæй иннæ ранмæ цæрынмæ кæнæ кусынмæ куы цæуой, уый ? – Миграци.

Афтæмæй адæм апырх сты Ныгуылæн Азимæ, Хуссар- Скæсæн Европæмæ, Цæгат Африкæмæ æмæ дарддæр æнæхъæн Зæххы къорийыл. Уыйадыл нæ бон зæгъын у, миграци куыд ахады ног адæмыхæттыты фæзындыл, стæй æвзæгты ив­ддзинадыл, уый. (слайд)

- Æдæппæт Зæххы къорийыл ис æртæ-цыппар мин этносы,сæ иутæ сты стыр адæмыхæттытæ, иннæтæ та – чысыл адæмыхæттытæ æмæ знæмтæ. Ахæм этникон дихдзинад у адæмы дæргъвæтин историйы фæстиуæг æмæ ивд цæуы социалон, экологион, миграцион процессты аххосæй.

- Афтæ адæм, сæ фыццагон æвзаг ферохгæнгæйæ, райдыдтой

алыхуызон æвзæгтыл дзурын, зæгъгæ, зæгъынц нæ географтæ, фæлæ Библи та ацы хъуыдда­гыл æндæрхуызон дзуры.

МХК- йы блок

Потомки Ноя составляли один народ и говорили на одном языке. Они на­селяли долину Сеннаар в бассейне рек Тигр и Евфрат." И сказали они: по­строим себе город и башню высотою до небес, и сделаем себе имя Люди на­делали множество кирпичей из обожженной глины и принялись за строи­тельство. Но Господь счел их намерение гордыней и сделал так, что они на­чали говорить на разных языках и перестали понимать друг друга. Город и башня остались недостроенными, а потомки Ноя расселились по разным землям, образовав разные народы.

Недостроенный город был назван Вави­лоном, что, как утверждает Библия, означает "смешение": "ибо там сме­шал Господь язык всей земли, и оттуда рассеял их Господь по всей земле".

Историческая основа библейского сказания о Вавилонской башне в настоя­щее время не подвергается сомнению. Известно, что во многих городах на побережьях Тигра и Евфрата возводились величественные



























































башни, имевшие культовое значение. Такие башни состояли из нескольких сужающихся кверху ступенчатых ярусов. На плоской верхушке находилось святилище, посвященное какому-либо божеству. Наиболее крупная из таких башен была построена в городе Вавилоне. Археологи откопали ее фундамент и нижнюю часть стен. Кроме того, сохранились ее описания на клинописных табличках и даже графическое изображение. Вавилонская башня состояла из семи ярусов, ее высота равнялась девяноста метрам. Исторически объ­яснима и связь Вавилонской башни с рассказом о "смешении языков".В VII веке до н.э. вавилонский царь Набопалассар произвел реставрацию древней башни. В память об этих работах он приказал выбить на стене башни такую надпись: "Людей многих национальностей я заставил работать над восстановлением этой башни". Однако библейское толкование названия "Вавилон" многие исследователи считают ошибочным.

На вавилонском языке "Вавилон" означает "врата Божьи", и лишь слу­чайно это название оказалось созвучным древнееврейскому слову, озна­чающему "смешение". Вавилонская башня (столп) считается олицетворе­нием гордыни, а ее строительство - столпотворение - символом многолюдья и хаоса…

Афтæ Библимæ гæсгæ равзæрдысты бирæ æвзæгтæ, рагон ирон таурæгъ куыд дзуры, афтæмæй та …

Хуыцау куы федта, адæм зæххыл сбирæ сты, уæд сæ сфæнд кодта къордтыл ныддихтæ кæнын, цæмæй хæларæй цæрой, кæрæдзийы хуыздæр æмбарой. Сарæзта номхыгъд, æмæ уымæ

- Хуыцау, ном нын ратт, мах дæумæ куы ‘нхъæлмæ кастыстæм.

- Сымах цыдæр талынг адæм стут, кæм уыдыстут нырмæ? Мæ номхыгъды ном нал баззад, ацæут æмæ уæ, чи зоны, исчи йæхимæ бауадза, - уыди Хуы­цауы дзуапп.

Æмæ фæцæуынц æнæном адæм æнкъард æмæ сæргуыбырæй.

Бирæ фæзылдысты бæстæтыл, бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой, фæлæ сæ йæхимæ ничи бауагъта. Афæдзы фæстæ æнæном адæм тынг ныллæгъстæ кодтой:

- Хуыцау, ном нын ратт, æнæ номæй тынг зын цæрæн у зæххыл.

Æмæ сын Хуыцау дæр цавæрдæр ном радта. Афтæ алы адæмæн ис ном, æмæ алчидæр уарзы æмæ аргъ кæны уыцы номæн . Алы адæм дæр дзурынц сæ мадæлон æвзагыл. Æмæ дæ мадæлон æвзаг куы нæ зонай, уæд дæм цы номæй дзурдзысты?..

Афтæмæй нæ бон фидарæй зæгъын у, æнæ ‘взагæй адæмæн цæрæн кæй нæй, уымæн æмæ æнæ ‘взагæй адæмыхатт сæфгæ кæны!

Фæлæ адæм куы æмбарой, æвзаджы ахадындзинад, уæд сын сæфынæй тас нæу.

Географ: Æз зонын курдæгты истори. Уыдонæн нæй сæхи паддзахад , цæрынц Сирийы, Турчы, Ирачы æмæ Ираны зæххытыл,
































































фæлæ се ‘взаг хъахъхъæнынц, се ‘гъдæуттæ æмæ сæ сæрибардзинадыл тох кæнынц тынг бирæ рæстæджы дæргъы алы мадзæлттæй, суанг ма террористон мадзæлттæй дæр. Мæнмæ диссаг кæсынц ацы адæм: куыд фидар у сæ национ хиæмбарындзинад.

Лингвист: Æз та зæгъдзынæн Ирыстоныл нудæсæм æнусы æмбис цы фыдбылыз æрцыд, уый тыххæй: ирон адæмы æмбис рæдыдæй, кæйдæр фæлывдæй Туркмæ куы фæлыгъдысты, уыцы хабары тыххæй. Æмæ уым баззайæг ирæттæ се ‘взаг,се ‘гъдæуттæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц æцæгæлон бæстæйы, æцæгæлон адæмы ‘хсæн. Абон дæр мА сæ хъусты зæлы Мамсыраты Темырболаты фæдзæхст:

Туркаг зæрдæ ма райсай – Дæ туг, де стæг кавказаг.

Стыр бузныг уын уæд, Алинæ æмæ Аслан! Мæнæн, куыд уæ хистæрæн, тынгæхсызгон у , кæй æмбарут мадæлон æвзаджы ахадындзинад.

Мах чысыл адæмыхатт стæм нымæцæй, фæлæ дунеон, стæй нæ бæстæйы историйы бынтон чысыл бынат нæ ахсæм рагæй-æрæгмæ дæр. Цымæ не ‘взаг та цавæр бынат ахсы иннæ ‘взæгты ‘хсæн? Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаг нымад у дунейы æппæты рагондæр фондз æвзагæй иуыл. Æркæсæм- ма бæлвырд не ‘взаджы равзæрдмæ æмæ йæ бынатмæ иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Ныртæккæ Зæххы къорийыл цы 3 минмæ æввахс æвзаджы ис, уыдон иу æвзагæй равзæргæ кæй сты, ууыл дзурæг у, æвзæгтæ мыггæгтæ æмæ къордтæ кæй аразынц, уый. Чи зоны, æвзæгты мыггаг цы у, уый?

- Иу æвзагæй цы æвзæгтæ равзæрди æмæ се’хсæн лексикон, граммати­кон иудзинæдтæ кæмæн ис, уыдон хонæм æвзæгты мыггаг.

-Уæд æвзæгты къордтæ та?

- Иу æвзагæй цы æвзæгтæ равзæрди, уыдон ма цы къордгай æвзæгтæ рад­той, уыдон та хонæм æвзæгты къордтæ.

- Гъемæ уæдæ ныртæккæ Зæххы къорийыл цы 3 мин æвзагмæ æввахс ис, уы­дон дих кæнынц иу ссæдз мыггагыл. Се ‘ппæты стырдæр мыггаг у индоевропæйаг æвзæгты мыггаг. Зæххыл цæрджытæн се ‘мбис дзурынц ацы æвзæгтыл: Индийæ райдай æмæ Европæйы онг.

- Уæдæ ацы хъуыдымæ гæсгæ, индоевропæйаг æвзæгтыл чи дзуры, уыцы адæм иу-æхсæз мин азы размæ уыдысты иу адæмыхатт, æмæ дзырдтой иу æвзагыл. (слайд)

- Афтæмæй фæзындысты, зæгъæм, славяйнаг, гермайнаг, ромайнаг, индийаг æмæ ирайнаг æвзæгтæ.

- Ноджы фæстæдæр та уыцы æвзæгтыл дзурджытæ дæр алырдæм ныппырх сты, æмæ та ранымад æвзæгтæй алчидæр радта ног æвзæгтæ.

- Цæвиттон, бæлас зæххæй куы скæсы, стæй куыд рæзгæ цæуы, афтæ иугай-дыгайæ иу-цалдæр саджилы куыд ратты, стæй та уыцы саджилтæ ног къалиутæ куыд рауадзынц, афтæ индоевропæйаг иумæйаг æвзаг дæр. (Æвдисы слайдыл) Ацы схемæйы куыд зыны, афтæмæй индоевропæйаг æвзæгтæ






























































æвзæгтæ æвзæгтæ дих кæнынц цалдæр къордыл.

(Скъоладзаутæ радыгай æвдисынц слайдыл)

  • Уæдæ афтæ, ирон адæм кæд ныртæккæ кавказаг адæмты ‘хсæн цæрынц, уæддæр сæ равзæрдмæ гæсгæ сты индоевропæйаг адæмты ирайнаг къордмæ ахæсгæ, се’взаг дæр у индоевропæйаг, ирайнаг.

Æцæг, ирон æвзаг комкоммæ ирайнаг æвзагæн йæхицæй нæ равзæрд: (слайд) ирон адæмы фыдæлтæ уыдысты алайнæгтæ, алайнæгты фыдæлтæ – скифтæ-сарматæгтæ, уыдон та рахицæн сты æмæ се ‘взаг рахастой комкоммæ ирайнаг æвзагæй.

Æмæ цымæ куыд æнкъары йæхи ирон æвзаг кавказы æвзæгты ‘хсæн?

Кæддæр, дам, имам Шамил тохы фæстæ улæфгæйæ, йæхимæ æрбакæнын кодта уацары кæй райста, ахæм хæстонты алы адæмыхæттытæй. Кæрæдзиимæ сæ дзурын кодта, цæмæй хъуса алы æвзæгтæ. Бирæ æвзæгтæм фæхъуыста, æрмæст дыууæ ирон дзырд куы фесты, уæд загъта: «Ацы æвзаг у тынг зондджын адæмы æвзаг». Æмæ сæ суæгъд кодта уацарæй.

  • Æз дæр, æнæгæды зæгъын хъæуы, иу æмæ дыууæ хаты нæ фехъуыстон не ‘аджы рæсугъддзинады тыххæй. Анжелæ, дæ хорзæхæй, радзур-ма нын де ‘мдзæвгæ.

  • Ирон дзырды рæсугъд азæлд,

  • Куыд уарзон дæ, куыд адджын дæ!

  • Ныййарæджы фæлмæн узæлд,-

  • Ирон æвзаг, дæ зарджытæ.

Ирон ныхас – цæугæ кадæг.

Нæ фæндагыл æрвхуыз суадон.

Ирон æвзаг, ирон зарæг,-

Нæ фарны сæр, нæ хæзнадон…

Стыр бузныг, Анжелæ!

Æвæдза, цы диссаджы даргъ, уæззау, зын фæндæгтыл фæцыд не ‘взаг, цалынмæ мах онг æрхæццæ, уæдмæ: нæдæр æрдзон, нæдæр æхсæнадон, нæдæр социалон фыдбылызтæ – ницы фæтых нæ диссаджы ирон æвзагыл. Æмæ цымæ утæппæт диссæгтæ сæдæгай азты дæргъы цы æвзаг бавзæрста æмæ нæ бамынæг, уымæн йæ абон цавæр у? Стæй цымæ йæ хъысмæт фидæны куыд уыдзæн?. .

Махæн æй нæ фыдæлтæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнгæйæ æрхастой æмæ нын æй балæвар кодтой стыр хæзнайау. Цымæ йыл куыд аудæм, куыд ыл узæлæм мах та – ныры фæлтæр?.. Мыййаг, кæд Байаты Гаппойы «Уазæг»-ау фæсдуар сидзæр æмæ æвæгæсæгæй дзыназы æмæ йæ мад æмæ йæ фыды агурæг зилы?... Чи у уыцы уазæг, уый ма уæ зæрдыл лæууы?

Уый у ирон чиныг, йæ мад та – ирон æвзаг, йæ фыд та – ирон зæрдæ. Зилы йæ мад æмæ йæ фыды агурæг, нæ зоны, æгас сты, æви нæ. Фæлæ мæн уырны, кæй сæ ссардзæн сæрæгасæй, æмæ та кæй бацахсдзысты аккаг бынат не хсæн.

-Кæд сæ, мыййаг, нæ фæрныг хæдзæрттæй фæтардтам? Æмæ нæ уæд Къоста, Секъа, Арсен, Нигер, Елбыздыхъо цæмæй тарстысты, уый нæ баййæфта?































































баййæфта? Кæд, мыййаг, уæрæседзаутæ æмæ гуырдзыдзаутæ систæм?

- Ирыстоны зæххыл райгуыргæйæ, Ирыстоны дон нуазгæйæ, Ирыстоны хъæбысы рæзгæйæ, иронау нал дзурæм. Ирон мад иронау нал кæны «Ало­-лайы» зарæг. Дзæуджыхъæуы ирон боныгон мыдадзын цырагъæй агургæ сси. Ирон адæймаг уырыссагау хорз куы нæ дзура, уæд нæм нæм уый стыр худи­наг кæсы, фæлæ иронау кæсын, дзурын нæ зоны – уый æппындæр худинаг нæу.

Цæмæн афтæ бынтон пессимистон зæрдæйы уаг райстай, мæ зынаргъ æрыгон хæлар?

- Уымæн æмæ уынын не ‘взаджы уавæр абон. Куыд ис уый гæнæн, æмæ цардхъом, хъаруджын адæмы ‘взаг нымад æрцæуа абон-райсом чи фесæфдзæн, уыцы æвзæгтыл?

(Ам сывæллæтты ‘хсæн бацайдагъ уыдзæн быцæу ирон æвзаджы уавæры тыххæй.)

- Ма тыхсут, мæ гыццыл патриоттæ. Ау, мæнæ ахæм кæстæртæ кæм ис, уым хъуамæ дызæрдыг кæнат, ирон æвзаджы фидæн рæсугъд æмæ фæрнджын кæй уыдзæн, ууыл? Мæн тынг уырны, не ‘взаджы фидæн кæй уыдзæн рухс æмæ амондджын. Бауырнæд уæ, цалынмæ ирон туджы ‘ртах кæла нæ дадзинты, уæдмæ нæ бамынæг уыдзæн ирон дзырд, ирон зæрдæ, ирон фарн! (Хъуысы уæздан ирон цагъд)

Сывæллæттæ иумæ дзурынц æмдзæвгæ:

Ме ’взаг.

Джиоты Алыксандр. 4. 02.2002 аз

Æз нæ дæн гуырдзиаг, уырыссаг

Æз ирон адæймаг дæн.

У мæнæн мæ «паспорт» ме ‘взаг

Ме ‘взаг – царды хос мæнæн.

Ме ‘взаг у мæ хъомылгæнæг

Ме ‘взаг у мæ ныфс, мæ сом.

Ме ‘взаг – царды рухсмæ кæнæг

Зæххыл уый фæрцы мæ ном.

Хъуамæ зонæм мах нæ царды

Фыццаг- мадæлон æвзаг.

Ма йæ уадзæм «судзын арты»

Кæннод аскъуындзæн йæ таг.

Уæд цæрæнбонтæм æлгъыстаг,

Йе ‘взаг чи ива, цы лæг,

Не ‘хсæн мауал уæд йæ мыггаг

Баййафæд рæхджы куынæг.

Дзурæм не ‘взагыл æргомдæр,

Ис нæм фаг хъару мæ зонд.

Иумæ ‘рбалæууæм æнгомдæр,

Сисæм ын йæ кад бæрзонд!!!

Дарддæр ныхасы бар лæвæрд цæуы кадджын уазæгæн, стæй урочы иннæ архайджытæн: биологæн, географæн, МХК-йы ахуыргæнæгæн.

































































Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
авзаджы равзард ама йа разт

Автор: Габуева Неля Таймуразовна

Дата: 17.01.2015

Номер свидетельства: 156722


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства