kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

?рдз ?м? ад?ймаджы ‘хс?н удх?ст?гдзинад Агънаты Г?ст?ны «Ф?стаг б?х»-м? г?сг?.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темæ: Æрдз æмæ адæймаджы ‘хсæн удхæстæгдзинад Агънаты Гæстæны «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ. 1 сл.

Урочы нысантæ:

1. Скъоладзаутимæ æрдзурын æмæ раргом кæнын ахæм фарстатæ:  2 сл.

а) æрдз æмæ адæймаджы ‘хсæн удхæстæгдзинад;

æ) уацауы этикон проблематикæ;

б) Миша æмæ Хъуыдайнаты ныхмæвæрд фæлгонцтæ.

2. Бакæнын ахæм текстыл  куысты хуызтæ:

а) комментаригонд каст;

æ) хъæугæ скъуыддзæгтæ тексты агурын;

б) ныхасы рæзтыл куыст.

3. Бакæнын ахæм хъомыладон куыст:

ахуырдзаутæн æмбарын кæнын, æрдзыл – зайæгойтыл, цæрæгойтыл аудын кæй хъæуы, уый, адæймаг канд æддаг бакастæй нæ, фæлæ удыхъæдæй рæсугъд хъуамæ кæй уа, уый.

Урочы фæлгонц: Компьютерæй æвдыст презентаци, æрдзы нывтæ: бæхтæ, зайæгойтæ.

Урочы эпиграф: «Адæймаг ацы зæххыл иухатт цæры æмæ хъуамæ      

                                      кадджын, фæрнджын цардæй фæцæра»

 

                                                                                                 Æмбисонд    3 сл.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«?рдз ?м? ад?ймаджы ‘хс?н удх?ст?гдзинад Агънаты Г?ст?ны «Ф?стаг б?х»-м? г?сг?. »

Урочы темæ: Æрдз æмæ адæймаджы ‘хсæн удхæстæгдзинад Агънаты Гæстæны «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ. 1 сл.

Урочы нысантæ:

1. Скъоладзаутимæ æрдзурын æмæ раргом кæнын ахæм фарстатæ: 2 сл.

а) æрдз æмæ адæймаджы ‘хсæн удхæстæгдзинад;

æ) уацауы этикон проблематикæ;

б) Миша æмæ Хъуыдайнаты ныхмæвæрд фæлгонцтæ.

2. Бакæнын ахæм текстыл куысты хуызтæ:

а) комментаригонд каст;

æ) хъæугæ скъуыддзæгтæ тексты агурын;

б) ныхасы рæзтыл куыст.

3. Бакæнын ахæм хъомыладон куыст:

ахуырдзаутæн æмбарын кæнын, æрдзыл – зайæгойтыл, цæрæгойтыл аудын кæй хъæуы, уый, адæймаг канд æддаг бакастæй нæ, фæлæ удыхъæдæй рæсугъд хъуамæ кæй уа, уый.

Урочы фæлгонц: Компьютерæй æвдыст презентаци, æрдзы нывтæ: бæхтæ, зайæгойтæ.

Урочы эпиграф: «Адæймаг ацы зæххыл иухатт цæры æмæ хъуамæ

кадджын, фæрнджын цардæй фæцæра»

Æмбисонд 3 сл.

Урочы цыд:

  1. Организацион хай.

  2. А. Мах сымахимæ базонгæ стæм Агънаты Гæстæны Уацау «Фæстаг бæх»-имæ. Нæ абоны урочы хъуамæ мах æрдзурæм æмæ сбæрæг кæнæм иу цалдæр фарстайы ахсджиаг фарстайы:

- æрдз æмæ адæймаджы ахастдзинæдтæ;

- Уацмысы этикон проблематикæ;

- архайджыты ‘хсæн сбæрæг кæнын ныхмæвæрд фæлгонцтæ, раиртасын сын сæ удыхъæд æмæ психологон мидуавæр.

Нæ урок арæзт уыдзæн беседæйы хуызы: алкæмæн дæр ис ныхасы бар, ома, йæ хъуыдытæ æргом зæгъыны бар.

Райдайæм уæдæ нæ куыст, æмæ уал фыццаг нæ эпиграфы хъуыды бамбарын кæнæм. (Скъ. кæсы)

Ацы æмбисонды арф этикон хъуыды афтæ раст æмæ универсалон у, æмæ йæ канд абоны урокмæ нæ, фæлæ царды алы ситуацимæ дæр ахæссæн ис.

Мæн тынг фæндид, нæ абоны ныхасы ацы хъуыды кæрæй-кæронмæ куыд куыд ацæуа, уый. Бæргæ, алчидæр æй куы æмбарид, ацы дунемæ æнустæм кæй ничи ма æрбафтыд, не ‘ппæт дæр: хъæздыгæй- мæгуырæй , сылгоймагæй- нæлгоймагæй – рæстæгмæ кæй стæм ам, æмæ цы фæд ныууаддзыстæм нæ фæстæ, ууыл куы мæт кæниккам, фæлæ, хъыгагн, уый афтæ нæу…

Скъ. Бирæ ис ахæмтæ, кæцыты, мæнæ Мишайы хуызæтты, уыдæттæ не ‘ндавынц…

А. Тынг раст зæгъыс. Хуыцау адæмы сфæлдыста æрдзы иннæ диссæгты æмрæнхъ, фæлæ адæймаг цæйдæрты аххосæй йæхи æрдзæй уæлдæр æмæ Хуыцауы æмрæнхъ авæрдта… Уый стыр рæдыд у… Уæвгæ, мæ уыцы карз æмæ æфхæрæн ныхæстæ æппæт адæммæ нæ хауынц… Цæй уæдæ, нæ куыст кæнæм.

3. Æркæсæм-ма мæнæ ацы ныхæстæм: 4сл. Ацы зæххыл цыдæриддæр равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды, æмæ дзы алкæмæн дæр, суанг кæрдæджы халæн дæр, зæххæй фæхицæн зын у, тынг зын. Кæрдæгæн йæ лыггом цæмæн ныддондзаст вæййы? Уый йæ хъысмæтыл фæкæуы. Алцæмæн дæр мæлæт и æмæ йæ афоныл куы æрцæуы, уæд уый Хуыцауы куывд у».

Цард тынг адджын у, уый Хуыцауы диссаджы лæвар у. Фæлæ нæй цард æнæ мæлæтæй, мæлæт та хъуамæ æрбацæуа йæхæдæг, йæхи ‘гъдауæй, йæ афоныл- ахæм у æрдзы фæтк, афтæ снысан кодта Сфæлдисæг. Никæмæ ис ахæм бархъомыс уый йеддæмæ, æмæ мæлæты тæрхон рахæсса адæймагæн уа, цæрæгойæн, зайæгойæн…Афтæ амоны царды гармони. Фæлæ, хъыгагæн, стыр хъыгагæн…5 сл.

Скъ. Миша рафтса йæхимæ уыцы хæс: мæлæты тæрхон рахаста Зыгъарæн, Хъуыдайнатæн…

  1. А. Æмæ иугæр уыцы гармони хæлд æрцыди, уæд æнæмæнг фæзыны конфликт. Цæй кой кæнын æз ныртæккæ?

Скъ. Уацмыс фыст у конфликты бындурыл.

А. Тынг раст. Æмæ конфликт фæзынынæн, æвæццæгæн, хъæуы исты стыр аххоссаг.

Скъ. Конфликтæн хъæуы исты проблемæ, стæй æппынкъаддæр дыууæ архайæджы кæнæ къорды, кæцытæ æрлæууынц ныхæй-ныхмæ.

А. Хорз. Уæдæ ныртæккæ мах нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм лæмбынæгдæр, цы нысан кæнынц ацы дзырдтæ, уый. 6сл.


Конфликт - (от лат. conflictus - столкновение) - англ. conflict; нем. Konflikt. 1. В социологии - столкновение

противоположных интересов, целей, взглядов, идеологий между индивидами, соц. группами, классами. 

Проблема - Сложный вопросзадача, требующие разрешения, исследования.

Принцип

 - убеждение, взгляд на вещи 
Пример: Держаться твердых принципов. Отказаться от чего-н. из принципа.


Гармония

 - согласованность, стройность в сочетании чего-нибудь 
Пример: Г. звуков. Г. красок. Душевная г. Г. интересов.

Этика (греч. ethiká, от ethikós — касающийся нравственности, выражающий нравственные убеждения, ethos — привычка, обыкновение, нрав), философская наука, объектом изучения которой является мораль, нравственность как форма общественного сознания, как одна из важнейших сторон жизнедеятельности человека, специфическое явление общественно-исторической жизни. 

(Скъ. радыгай кусынц дзырдты нысаниуæгыл) – литературæйы теори.

  1. А. Куыд загътам, афтæмæй уацмысы бындуры ис кокнфликт, ома, быцæу. Цæуыл?

Скъ. Дзуапп дæтты. Чиныджы 7 сл.

А. Æрбакæсут-ма, куыд æнгæс сты ацы дыууæ хъайтары, уымæ. Афтæ фæзæгъынц, фос, дам, йæ хицауы хуызæн вæййы. 8 сл.

Сæ кæрæдзи хъуыдытæ æнæ дзургæйæ дæр фембæрынц, суанг мА сæ уавæр дæр иухуызон вæййы. 9-10 сл.

А. Ау, æппындæр адæмæн, колхозæн ницыуал пайда сты, Миша куыд зæгъы, афтæ?

Скъ. Нæ… 12-15 сл.

-Уæдæ цымæ тынг цæмæн архайы Миша Зыгъры амарыныл?

Скъ. 1. Пайда дзы райса; 2. Принцип. 3. Фыдæнæн – Хъуыдайнаты фыдæнæн, сылгоймæгты фыдæнæн, алкæйы фыдæнæн… 16 сл.

- Æмæ Хъ. бацыди мæлæтдзаг тохы уыцы къуыдиппы ныхмæ йæ иузæрдион æмбалы сæраппонд.

- Зæгъут-ма, конфликты мæнæ ацы дыууæ йеддæмæ архайджытæ нæй? 17 сл.

- Ис сылгоймæгтæ, фæлæ уыдон иу ныхас дæр нæ бауæндыдысты хицауы ныхмæ сдзурын… Миша хицау у…

Ис ма дзы ноджыдæр иу архайæг – чысыл Ирбег…

А. Фæлæ Мишайы хуызæттыл æнцонтæй фæтых уæвæн нæй, уыдон тыхджын сты, стæй сæ адæмæй ныфс ис. Цымæ кæдмæ ахæм уавæры уыдзысты рæстдзинадыл тохгæнджытæ?... Æмæ Хъ. æмæ З. хæрз иунæгæй тох кæнынц…

18-19 сл.

Дарддæр дзурæм Зыгъарыл. 20сл.

- …Зыгъар хæрæджы йас дæр нал уыдис…йæ идон скъуыд… 21 сл.

А. Алкæмæн дæр æмæ алцæмæн дæр ис кæрон, фæлæ йæ афонылкуы уа, уæд уый Хуыцауы арфæ у… Фæзынд Зыгъармæ дæр йæ мæлæт, æрбахæстæг æм ис, æрмæст Мишайы хуызы. 22 сл.

Скъ.

А. Хъ. Æмæ З. мæлыны фæнд нæй, райсоммæ дæр ма сæм цыдæр пълæнттæ ис…. 23 сл.

Кæуынц дыууæ зæронды кæрæдзийы хъæбысты, кæуынц царды æнæрастдзинадыл…

Скъ. Уалынмæ сæ Миша æрбаййæфта: Кæрæдзийы та куы ссардтат…578 ф.

А. Хъ. Йæхи нал баурæдта….

Уæддæр та куыд уæздан разынд: æгъдауы сæрты нæ ахызт, кæстæрты дæр кæрæдзиуыл нæ сардыдта…

Скъ. Хъ. мæлæт


А. Уæдæ цавæр хъуыдымæ æрцыдыстæм мах сымахимæ?

Скъ-тæ: Алкæй дæр цæрын фæнды…

Адæймаг æмæ æрдз хъуамæ тынг хæстæг уой кæрæдзимæ.

Этикон нормæтæ кæдфæндыдæр æмæ кæмфæндыдæр хъуамæ æххæстгонд цæуой.

Хистæр æмæ кæстæры ахастытæ.

Сылгоймæгты раз хи дарыны фæтк.

Сывæллон , зæронд æмæ цæрæгойтыл аудын хъæуы…


А. Лæг иухатт райгуыры ацы дунемæ…


Хатдзæгтæ:

Ма амар, ма адав, ма бафхæр, ма фæриссын кæн, ма хæлæг кæн, ма асай, ма…ма - æвзæр ми ма бакæн, æмæ уæд уыдзынæ кадджын, фæрнджын.


Х.к.: Цыбыр нывæцæн-тæрхæттæ ныффыссын, Ссарын тексты аивгæнæн мадзæлттæ.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
?рдз ?м? ад?ймаджы ‘хс?н удх?ст?гдзинад Агънаты Г?ст?ны «Ф?стаг б?х»-м? г?сг?.

Автор: Габуева Неля Таймуразовна

Дата: 17.01.2015

Номер свидетельства: 156724


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства