Урoчы темæ:Æмбаргæ цæрæгой
Урочы нысан: 1. Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.
2. Адарддæр кæнын хъусгæ ныхас æмбарыныл куыст.
3. Ирон ныхасы интонацийыл бакусын.
4. Диалогон ныхас аразыныл куыст.
5. Скъоладзауты бацæттæ кæнын цыбыр
нывæцæн ныффыссынмæ.
Хъомыладон хæс: Æрдзмæ бæрнон цæстæй кæсыныл ахуыр кæнын скъоладзауты.
Просмотр содержимого документа
«Æмбаргæ цæрæгой»
Уорчы темæ:Æмбаргæ цæрæгой
Урочы нысан 1. Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.
2. Адарддæр кæнын хъусгæ ныхас æмбарыныл куыст.
3. Ирон ныхасы интонацийыл бакусын.
4. Диалогон ныхас аразыныл куыст.
5. Скъоладзауты бацæттæ кæнын цыбыр
нывæцæн ныффыссынмæ.
Хъомыладон хæс Æрдзмæ бæрнон цæстæй кæсыныл ахуыр кæнын скъоладзауты.
Цæстуынгæ æрмæг:компьтер, проектор.
Урочы методикон рацарæзт
I. Бацæттæгæнæн хай.
II. Фонетикон зарядкæ.
Фæлт. 1 байхъусын
бакæсын
- Æхсæрæг, æхсæрæг,
Нæ чысыл хæлар,
Кæм дын ис æхсæвæр?
Кæм дын ис хæдзар?
-Мæ хæлар, мæ хæдзар-
Бæласы мæра.
Æхсæрæг æхсæрæй
Хъуамæ цæра.
Уырымты П.
III. Хæдзармæ куыст равзарын
IV. Рацыд æрмæг рафæлхатын.
Фæлт. 2 бакæсын
текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын
1, 5, 6, 9 –
1.Ирыстоны Хъантемырты Алыбеджы кой чи нæ фехъуыста,
ахæм адæймаг нæй.
5.Æхсæв- иу цы бæхдоны уыд, уымæн йæ рудзынджы авг асаст.
6.Аивын хъæуы рудзынджы авг, цæмæй бæхæн уазал ма уа.
9.Йæ куыст куы фæцис, уæд Алыбегмæ æнкъард, æмбаргæ цæстæй
бакаст: « Сымахмæ куы æнхъæлмæ кастаин, уæд мæ дымгæ фæхостаид.
V. фæлт. 3 (текст «Æхсæрсæттæг».)
1) Фыццаг бакæсын хъуыдыйæдтæ, уый фæстæ та иу хатт байхъусын текстмæ. Бавæрæн цухгонд дзырдтæ.
4-æм фæлтæрæн.
1. Æхсæрæгæн ис … цæстытæ, … хъустæ .
2. Йæ къæдзил та у … , фæлæ … .
3.Йæ … бæлæстыл у фхсæрæгæн.
4.Фæлæ ленк кæнынмæ дæр … .
5.Уымæн йæ сæйраг холлы сты … , …, … гыркъотæ.
6. … цæрæн ын нæй: … йæ бахæрдзысты.
1. сау, даргъ
2. хæмпус, аив, рог
3, цард
4. тынг арæхсы
5. кедры, зазы, нæзыйы
6) зæххыл, тугдзыхтæ
5) Фæрстытæн дзуæппытæ раттын. (дыккаг хатт байхъусын текстмæ).
– ?
– Чысыл сырд у æхсæрсæттæг.
– ?
– Хæмпус æмæ аив у йæ къæдзил.
– ?
– Уый сырдæн æххуыс кæны бæлæстыл згъорынæн.
3) Дзуæппытæм гæсгæ фæрстытæ æрхъуыды кæнын.
– Кæм цæры æхсæрсæттæг?
– Цæуылнæ цæры зæххыл?
– Цы хæры уый дыргътæ, гыркъотæ, зокъотæй уæлдай?
VI. Кæронбæттæн хай.
– хатдзæгтæ скæнын
– бæрæггæнæнтæ сæвæрын
Х∕к – бамбарын кæнын
Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Æхсæрсæттæг-чысыл хъæддаг сырд»
– скъоладзауты афæндараст кæнын
(7-æм къл. урочы темæ : Æмбаргæ цæрæгой- мæ) Æхсæрсæттæг Ацы чысыл рæсугъд сырды алчидæр зоны. Чысыл сырдæн ис сау цæстытæ, даргъ хъустæ, хæмпус аив къæдзил, – йæхицæй стырдæр, фæлæ рог. Къæдзил йæ хицауæн æххуыс кæны хъæды бæлæсты цъуппытыл згъорынæн, иу бæласæй иннæмæ гæпп кæнынæн. Йæ цард бæлæстыл у æхсæрсæттæгæн, йæ холлаг дæр уым амал кæны. Фæлæ ленк кæнынмæ дæр тынг арæхсы. Зæххыл цæрæн нæй ацы гыццыл сырдæн тугдзыхтæ йæ бахæрдзы- сты. Уымæ гæсгæ ахстон саразы бæрзонд ран бæласы мæрайы. Йæ сæйраг хæринаг сты кедры, зазы, нæзайы гыркъотæ. Фæлæ дыргътæ, гагадыргътæ, зокъотæ, стæй бæлæсты дидинджытæ дæр хæры чысыл хæмпус цæрæгой. Хæры лыстæг цæрæгойты дæр – алыхуызон бындзыты, хилæгойты. Æхсæрсæттæг рагацау бацæттæ кæны холлаг зымæгмæ алыхуызон мыггæгтæ, зокъотæ |
Урочы нывæст. Темæ: Æмбаргæ цæрæгой. Ахуыргæнæг: Цориты Л.М. |