kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Адæймаг космосон тыгъдады»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ныхасы темӕ: Адӕймаг космосон тыгъдады.

Текст: Ироны бӕллиц басӕтдзӕнис Марс дӕр.

Грамматикон темӕ: Вазыгджын хъуыдыйӕдтӕ сфӕлхатын.

Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзаутӕм хъомыл кӕнын адӕймаджы фӕзминаг

миниуджытӕ: ахуыры бӕрзӕндтӕм тырнын, царды бӕрӕг нысанмӕ цӕуын.

2. Диалогон ныхасы фӕрцы скъоладзауты хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакусын.

Урочы фӕлгонц: Презентацийы хуызы нывтӕ интерактивон фӕйнӕгыл, ӕмбисӕндтӕ.

Урочы эпиграф: «Ахуырад арвы тыгъдадмӕ фӕндӕгтӕ кӕны».

( Ӕмбисонд.)

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Адæймаг космосон тыгъдады»»

Дзебысаты Зарæ

Гом урок 11 -ӕм къласы.(уырыссаг къорд)


Ныхасы темӕ: Адӕймаг космосон тыгъдады.


Текст: Ироны бӕллиц басӕтдзӕнис Марс дӕр.

Грамматикон темӕ: Вазыгджын хъуыдыйӕдтӕ сфӕлхатын.

Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзаутӕм хъомыл кӕнын адӕймаджы фӕзминаг

миниуджытӕ: ахуыры бӕрзӕндтӕм тырнын, царды бӕрӕг нысанмӕ цӕуын.

2. Диалогон ныхасы фӕрцы скъоладзауты хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакусын.

Урочы фӕлгонц: Презентацийы хуызы нывтӕ интерактивон фӕйнӕгыл, ӕмбисӕндтӕ.

Урочы эпиграф: «Ахуырад арвы тыгъдадмӕ фӕндӕгтӕ кӕны».

( Ӕмбисонд.)

Урочы цыд:

I.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг. Ахуыргӕнӕджы ныхас урочы нысанты тыххӕй.

II. Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын:

1.Бафӕрсын дзырдты тӕлмацӕй: космосон тыгъдад, тӕлм, бӕгъатыр барӕг, ирд, ӕрттиваг, аӕмӕттаг, уӕлӕрвтӕ, сӕфтджытӕ, тӕмӕн, хъысмӕт, снывонд кодта, фӕд.

2.Текст бакӕсын, ратӕлмац ӕй кӕнын.

3.Фӕрстытӕ тексты мидисмӕ:

(Слайд: арвыл стъалытӕ)

Фарст: Цӕуыл цӕуы дзырд ацы тексты.

Дзуапп: Стъалыты ӕмбырдгонд «Ӕрфӕны фӕд»-ыл.

Фарст: Уырыссагау куыд хуыйны ?

Дзуапп: «Млечный путь»

Фарст: Нӕ фыдӕлтӕ цӕмӕн рахуыдтой стъалыты ӕмбырдгонд «Ӕрфӕны фӕд»зӕгъгӕ.

Дзуапп: Ирон адӕмон таурӕгътӕм гӕсгӕ нарты Уырызмӕджы бӕх хуынди Ӕрфӕн. Уый -иу куы атахт йӕ бӕгъатыр барӕгыл , уӕд -иу бӕхы сӕфтджытӕй цӕхӕртӕ акалд. Уымӕ гӕсгӕ арвмӕ кӕсгӕйӕ ацы стъалыты ӕмбырдгондӕн радтой ном «Ӕрфӕны фӕд».

(Слайд «Нарты Уырызмӕг»)

Ахуыргӕнӕг: Ӕз ма уын равдисдзынӕн Тугъанты Махарбеджы конд ныв «Зӕрисӕры чысыл лӕппу»

(Слайд «Зӕрисӕры чысыл лӕппу»)

«Адӕгыл нӕргӕ, цӕхӕртӕ калгӕ Арвы талынгты афардӕг заргӕ»

(«Нарты кадджытӕ»)

Нӕ фыдӕлтӕ, чи зоны, фылдӕр нӕмттӕ сӕвӕрдтой стъалытыл ,фӕлӕ тӕтӕры ныббырстыты фӕстӕ нал ӕрхӕццӕ сты.

Фарст: Зӕгъут-ма, фыдӕлты рӕстӕджы телескоп куы фӕзынд, уӕд фыццаг чи базыдта Ӕрфӕны фӕд?

Дзуапп: Демокрит. Фӕстӕдӕр та Галилей бафидар кодта уыцы хъуыды.

III. Ног ӕрмӕг.

Ахуыргӕнӕг: Адӕймаг тынг раджы бамбӕрста, йӕ цард космосимӕ баст кӕй у, уый. Раргом кӕнӕм нӕ урочы эпиграфы хъуыды.

(Скъоладзау кӕсы ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ дзуры)

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ адӕмы царды ахуырад иууыл бӕрзӕндтӕм куы схызт,уӕд 1961 азы 12 апрелы дунейы мидӕг фыццаг Уӕрӕсейаг лӕппу атахт арвы тыгъдадмӕ. Сӕххӕст фыдӕлты бӕллиц. Чи уыд уый?

Дзуапп: Ю. А. Гагарин.

(Слайдтӕ: Ю. Гагарин.)

(Скъоладзау кӕсы Гагарины тыххӕй хъусынгӕнинаг «Юрий Гагарин») Ахуыргӕнӕг: Ӕмӕ ма ахӕм цымыдисаг информаци: Гагарин фӕстӕмӕ куы ӕртахт зӕхмӕ, уӕд ыл фыццаг чи сӕмбӕлд зӕххыл, уыдонӕй иу уыд ирон лӕг Гасситы Ахмӕт. Уый уӕд куыста Байконуры.

Иу хатт ма зӕгъдзынӕн, Гагарин ахӕм ӕнтыстдзинад равдыста йӕ тых, йӕ хъаруйы руаджы, хорз кӕй ахуыр кодта ӕмӕ йӕхиуыл кӕй куыста, уый фӕрцы. (Слайд «Ӕмбисӕндтӕ»)

Фарст: Чи уыд дыккаг космонавт?

Дзуапп: Герман Титов.

(Слайдтӕ: а) космонавтты хуызистытӕ;

б) космонавттӕ уазӕгуаты Ирыстоны.)

Ахуьтртжяиег. у ӕларвон тыгъдады ирон лӕг йӕ къах нӕма ӕрӕвӕрдта,

уӕддӕр космосон наукӕйы ирон мыггӕгтӕ дзӕвгар ис. Уыдонӕй иу Токаты Григорий (Гогки)

(Слайд)

Хъусынгӕнинаг Токаты Григорийы тыххӕй:

«Бывший главный ракетный ученый СССР, разведчик, позднее - известный во всем мире специалист в области термодинамики о космических исследованиях, работавший над «Конкордом» и программой «Аполлон» НАСА, профессор Британского университета Сити, почетный член многих Академий и научных обществ. Ему было присвоено пожизненное звание Почетного члена

Королевской Академии Космонавтики Великобритании. Он также был действительным членом и Нью-Йоркской Академии Наук и Американской

Инженерной Академии в Вашингтоне. А в американском городе Лос-Аламос, штат Нью-Мексико, установлен бронзовый бюст с высеченным на нем именем -

G.А. Tokaty.

Ежегодно лучшим студентам британского университета Сити лорд-мэр Лондона присваивает Стипендию имени Токати.

В 2003 году в английском графстве скончался один из столпов современной аэронавтики и ракетной техники, Григорий Токати. Автор множества книг и учебников, он первую половину жизни носил имя Григория Александровича Токати и мог бы стать героем производственного романа соцреализма. Зато вторая половина - сюжет шпионского боевика.

В 38 лет успешный инженер-полковник, надежда советской ракетной программы, член Партии сотрудник секретных институтов в Москве, идеолог развития ракетного оружия дальнего радиуса действия, имевший доступ к закрытым документам и участник тайных операций советской разведки в послевоенной Германии перешел в британский сектор Берлина и попросил политического убежища».

Ахуыргӕнӕг: Ӕз ма уын зӕгъдзынӕн уый, ӕмӕ англисаг чиныг «Чи цы у Чи»-йы фыст ис: «Токаты Григорий у ирон, райгуырд Цӕгат Ирыстоны. 11 паддзахады академийы уӕнг». 1972 азӕй фӕстӕмӕ Гогкийы дзырдмӕ гӕсгӕ Мӕйыл ис Ирыстоны тырыса.

Ирон кинорежиссер Сӕлбиты Аким сарӕзта Гогкийыл киноныв. Ирон фыссӕг Даураты Дамир та йыл ныффыста чиныг «Портрет осетина на луне».

Аким ӕмӕ Дамир сӕмбӕлдысты Гогкийыл Лондоны. Уый тынг фӕндыдис Ирыстон ма уӕддӕр иу хатт фенын, фӕлӕ йӕ къухы нал бафтыд.

Ныр та нӕ ныхас дарддӕр уыдзӕн нӕ дуджы зындгонд авиаконструктор Къомайты Русланыл.

(Слайд Къомайты Руслан)

(Скъоладзауы хъусынгӕнинаг Къомайты Русланы тыххӕй)

«Пока есть такие конструкторы, как Руслан Комаев, космос будет становиться ближе»

... Мальчишка из осетинского селения Ногир, со школьной скамьи бредивший «Пыльными тропинками далеких планет» - и переплавивший свою жаркую мечту юношескую мечту о Космосе в Призвание и Судьбу. Человек, который около 20 лет проработал в должности начальника производства знаменитого московского НПО им. С.А.Лавочкина, а сегодня он является заместителем генерального директора этой российской «кузницы» космической техники. Конструктор, под чьим руководством было спроектировано почти 120 космических аппаратов, «штурмовавших» Венеру и Марс, изучавших комету Галлея и ловивших «голоса» «черных дыр», лауреат Государственной премии СССР.

В настоящее время ученые работают над созданием комплексной системы для астрофизических исследований дальнего космоса. Над ней как раз и работают Руслан и его команда.

Руслан - энтузиаст в самом высоком смысле слова одержимый своей сложнейшей и интереснейшей профессией, отдающий ей всю душу, который при этом не теряет связи и с родной Северной Осетией.

А еще предложил недавно наш земляк руководству НПО имени Лавочкина просто замечательную идею: открыть на территории этого производственного комплекса в России Молодежный космический выставочный центр. Чтобы, приходя туда на экскурсии, юные посетители могли потрогать руками действующие макеты космической техники, посидеть в «почти настоящей» кабине легендарного гагаринского корабля «Восток» и знаменитого американского «Аполлон», «порулить» с помощью пульта дистанционного управления моделью лунохода или марсохода... Работа над изготовлением этих моделей и макетов тоже идет под руководством Руслана.

Текстимӕ куыст:

Ахуыргӕнӕг кӕсы текст «Ироны бӕллиц басӕтдзӕнис Марс дӕр».

А)Фӕрстытӕ текстмӕ:

1.Кӕй тыххӕй фыст у текст?

2.Цавӕр паддзахадон хӕрзиуджытӕ райста Къомайты Руслан?

3.Руслан цавӕр аппарат сарӕзта?

4.Кӕцы хъӕуы райгуырд?

5.Скъолайы ахуыргӕнгӕйӕ ма ноджы цавӕр къордмӕ цыд урокты фӕстӕ?

6.Цавӕр бӕрӕггӕнӕнтимӕ каст фӕци скъола?

7.Скъолайы фӕстӕ кӕдӕм бацыдис ахуырмӕ?

-Скъоладзаутӕ кӕсынц текст ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ йӕ тӕлмац кӕнынц.

-Текстӕй тетрӕдтӕм рафыссын вазыгджын хъуыдыйӕдтӕ, сбӕрӕг кӕнын бӕттӕгтӕ, иу хъуыдыйад хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ равзарын, скӕнын схемӕ.

Б)-Баххӕст кӕнын диалог. (Итнерактивон фӕйнӕгыл)

1 - Ӕз ӕрӕджы (недавно) газет «Социалистическая Осетия»-йы бакастӕн Къомайты Русланы тыххӕй.

- ... ... ...

Фыстой дзы йӕ наукон куыстыты, стӕй цы хӕрзиуджытӕ райста, уыдоны тыххӕй.

- ... ... ...

5 -Къомайты Руслан хорзӕхгонд (награжден) ӕрцыд майдан «Звезда голубой планеты»-йсе, Паддзахадон премий- … … …

7 -Ӕз та газет «Рӕстдзинад»-ы кастӕн, цы ног аппарат сарӕзта, уый тыххӕй

- ... ... ...

9 - Сарӕзта ахӕм аппарат, кӕцы цӕудзӕн Марсмӕ.

Р


В) Вазыгджын хъ-ды арӕpn pӕhlsk ӕрл. кӕнын

-Цы хонӕм хъуыд – ад?

-ӕвдисы ӕххӕст хъуыды

-Хъ-дтӕ сӕ синт-ӕн арӕзтмӕ гӕсгӕ цавӕртӕ вӕийынц?

-хуымӕтӕг, вазыгджны?

-раиртасӕм диалоджы кӕцытӕ сты вазыгджын хъуыд-тӕ ӕмӕ цӕмӕн?

- Разӕфтуантӕй пайдагӕнгӕйӕ, саразын мивдисджытӕ:

(Итнерактивон фӕйнӕгыл) -г,

Цӕуын

Дзурын

Зонын

Уарзын

-ны

-ра


-ба



Тексты ссарын ахӕм дзырдбӕстыты тӕлмац:

Известный конструктор

Показал успехи

Летающие аппараты


IV.Хӕдзармӕ куыст: Текст хи ныхӕстӕй дзурын зонын.

V.Урочы кӕронбӕттӕн. Хатдзӕгтӕ. Бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Ахуыргӕнӕг: Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ, мах абон нӕ урочы дзырдтам курдиатджын ахуыргӕндты ӕнтыстдзинӕдтыл космосон зонады. Уыдон сӕ зонд ӕмӕ хъаруйы фӕрцы, хорз кӕй ахуыр кодтой, уый руаджы суанг арвы тыгъдадмӕ дӕр акодтой фӕндӕгтӕ. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах фидӕны схизат ноджы уӕлдӕр къӕпхӕнтӕм, уӕ сӕрмӕ^ та сӕрибар, цъӕх арв куыд уа! Уадз,ӕмӕ уын уырдыгӕй та ӕдзухдӕр уӕ фӕндаг рухс кӕнӕд нӕхи Къостайы ном цы стъалы хӕссы, уый! Нӕ урок фӕуыдзыстӕм Сиукъаты Никъалайы сидтӕй фӕсивӕдмӕ.

(Интерактивон фӕйнӕгыл слайд цӕхӕркалгӕ стъалыджын арв ахӕм фыстимӕ: « Размӕ,размӕ, Иры фӕсивӕд, ахуырдзинадмӕ техникӕйы бӕрзӕндтӕм!)»


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 11 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Адæймаг космосон тыгъдады»

Автор: Дзебисова Заира Филипповна

Дата: 06.11.2016

Номер свидетельства: 355930

Похожие файлы

object(ArrayObject)#866 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(70) "Презентация к уроку "Космосон тыгъдад""
    ["seo_title"] => string(40) "priezientatsiia_k_uroku_kosmoson_tyghdad"
    ["file_id"] => string(6) "355949"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478446007"
  }
}
object(ArrayObject)#888 (1) {
  ["storage":"ArrayObject":private] => array(6) {
    ["title"] => string(67) "Презентаци урокмæ "Космосон тыгъдад""
    ["seo_title"] => string(38) "priezientatsi_urokmae_kosmoson_tyghdad"
    ["file_id"] => string(6) "355950"
    ["category_seo"] => string(7) "prochee"
    ["subcategory_seo"] => string(11) "presentacii"
    ["date"] => string(10) "1478446174"
  }
}


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства