kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Ад?ймаг – м?сыг, дур - м?сыг».

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы темæ: «Адæймаг мæсыг, дурр мæсыг».

Урочы нысан: 1) Таурæгъы мидис бамбарын кæнын.

                        2) Скъоладзауты æххæст дзуаппытыл фæлтæрыл.

                        3) Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæрыстыр уой сæ фыдæлты кад æмæ зондæй.

Бацæттæнæн рæстæг.

Ног æрмæг.

Абон нæ ныхасы сæр уыдзæн таурæгъ «Кодзыртæ» «Мæсгуыты бæстæ» - йæ.

- Чи у новеллæты автор?

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Ад?ймаг – м?сыг, дур - м?сыг».»



Гом урок

«Адæймаг – мæсыг, дур - мæсыг»

























10 «В» къласс

Ахуыргæнæг

Цакъоты Л.К.







Урочы темæ: «Адæймаг мæсыг, дурр мæсыг».

Урочы нысан: 1) Таурæгъы мидис бамбарын кæнын.

2) Скъоладзауты æххæст дзуаппытыл фæлтæрыл.

3) Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæрыстыр уой сæ фыдæлты кад æмæ зондæй.



Бацæттæнæн рæстæг.

Ног æрмæг.

Абон нæ ныхасы сæр уыдзæн таурæгъ «Кодзыртæ» «Мæсгуыты бæстæ» - йæ.

- Чи у новеллæты автор? (Беджызаты Чермен)

- Дыууæ ныхасы фыссæджы цардвæндаджы тыххæй:

- Новеллæ та цавæр уацмыс у?

- Уацмыс райдайы æрдзы æрфыстæй. Архайд цæуы Хуссар Ирыстоны.

Ӕмæ цæмæй Ирыстоны æрдз уæ цæстытыл ирддæрæй рауайа, уый тыххæй бацæттæ кодтам презентации «Мæ Ирыстон».

- Табуафси бакæсут.

(Презентация под музыку О. Тайсаева «Мæ Ирыстон»)

- Ахуыргæндтæ раджы равзæрстой, Ир сæ равзæрдмæ гæсгæ сæ сыхаг кавказаг адæмтæн кæй ницы бавæййынц, уый.

Уыдон, Кавказмæ æрбафтыдысты цæгатæй, уырысы хуссайраг быдыртæй. Манголты, Тимуры æрбабырст алантæн уыди æвирхъау бæллæх. Сæ иу хай фæцагъды æнæкæрон хæстыты.

Иннæ хай ацыди Венгримæ. Уым «ястæ» зæгъгæ, ахæм номмæ цалдæр æнусы фæцардысты, стæй иннæ адæмимæ сæмхæццæ сты. Ӕртыккаг хай манголты æфсадимæ баиу æмæ архайдта хæстон стæрты, афтæмæй йæ фæд фесæфти.

Кавказы ма алантæй чи баззад, уыдон хохы цъæссытæм балыгъдысты.

Ирыстон у хæхты бæстæ.

Хæхтæ. Ӕнусон цъитисæр хæхтæ. Цас диссæгтæ федтой, цас таурæгътæ сыл фæкуыдтой фæлтæрæй – фæлтæртæм.

Ӕрмæстдæр тыхджын адæмы аккаг уыдысты хæхтæ.

Лæмæгъ, æнæныфс адæмимæ фидаугæ дæр нæ кæнынц.

Беджызаты Чермены новеллæтæ дæр æвдисынц хæххон цард, фыдæлты æгъдæуттæ, раздахæн кæмæн нал ис, уыцы таурæгъты рæстæг. Автор йæ уацмысы фыццаг цæг схуыдта «Мæсгуыты бæстæ».

Мæсгуыты фарсмæ фыссæг йæ нывы разынын кæны зæронд лæджы сурæт.

- Чи уыди уыцы зæронд лæг?

- Чермен бары Баймæты мæсгуытимæ. Цы сæм ис иумæйагæй? (Текстæй пайда кæнут)

Баймæты фæлгонц.

- Чи сты ног царды минæвæрттæ?

- Цы агурынц мæсгуыты бæсты?

- Рахицæн кæнут зæронд æмæ ног царды нывтæ.

(компьютер) «Адæймаг – мæсыг, дурр мæсыг…Ӕгомыг сты сæ дыууæтæ дæр». Афтæ сæ хоны автор.

- Ӕцæгæй дæр æгомыг сты сæ дыууæтæ дæр?

- Цы сдзурын кодта «æгомыг» зæронд Баймæт æмæ мæсгуытæ?

(Зæронд Баймæтæн раджы «фæци йæ рæстæг æмæ йæм æнæкæрон дард у ныры дуг, ныры царды фæлтæр». Афтæ зыны уæлæнгай кæсгæйæ, фæлæ æппæт уацмыс йæ мидисæй æвзæрын кæны философон хатдзæг: ис дзугты бастдзинад, æнæскъуынгæ у фæлтæрты иудзинад).

- Сдзырдта зæронд Баймæт. Фыццаг новеллæ автор хоны «Кодзыртæ». Цæй тыххæй у ацы уацмыс? (Уацмыс у бынæттон таурæгъ, мыггаджы истори, йæ хъысмæты хабар)

- Уацмысы цавæр стиль бæрæг дары? (таурæгъы стиль)

- Чи сты таурæгъы хъайтартæ?

- Кодзырты Тохтæ уыд хæрзæгъдау, кусаг, хъаруджын лæппу. Фæлæ фæиртæст мыггаджы цардæй, сси хæтæг барæг, ацыд амалы фæдыл. Райста амалджыны æууæлтæ – сси хъал, къæйных, хирвæссон.

Хъороты Бæдту, тыхджын, зæхджын, хъал лæг.

Гаглоты Парса, хъал, рæуæг æмæ æнæуаг адæймаг.

Рубайон, рæсугъд æмæ уæздан сылгоймаг.

- Цæй мидæг у таурæгъы конфликт?

(компьютер) А.П. Чехов афтæ фыста: «Если в начале пьесы на стене висит ружье, то к концу пьесы оно должно выстрелить».

- Нæ уацмысмæ ацы ныхæстæ исты бар дарынц?

- Ссарут æмæ бакæсут зæронд лæгты ныхæстæ Тохтæйы карды тыххæй.

- Тохтæ æмæ Бадтуйы быцау цæмæ рацыд? (Тохтæ йæ сæрмæ не 'рхаста йæ цардæмбалы фæгъизи кæнын, тугæй ахсы йæ къайы намыс)

- Таурæгъ æгъатыр у, фæлæ йæ гуманистон схонын дæр æмбæлы? (Тыхгæнджытæ Кодзырты нынц мыггагдзагъд, фæлæ дзы иу лæг ауагъта сылгоймаджы æд сывæллон йæ цæгатмæ, арфæйы ныхасимæ. Уыцы сабийæ равзæрд Гæдиаты мыггаг.)

(компьютер) – Рагæй – æрæгмæ дæр ирон адæмы царды сæйрагдæр цæрджындзытæ уыдысты æмæ сты æгъдау æмæ æфсарм.

- Уацмысы цавæр ирон æгъдæуттимæ фембæлдыстут? (1. Хистæрæн аргъ кæнын, 2. Сылгоймагæн кад кæнын, 3. Тугисыны æгъдау.

- Абоны цардмæ уыцы 'гъдæуттæй исты рахæссиккат?

- Таурæгъмæ гæсгæ ирон лæджыидеалтæ цавæртæ сты? (Рæстдзинад, хъæбатырдзинад, уæздандзинад)

Урочы кæронбæттæн.

- Таурæгъ кæсгæйæ адæймаджы цæстытыл уайынц цаутæ, рагон ивгъуыд заман. Цавæр айвадон мадзæлтты руаджы бафты авторы къухы ахæм ирд æмæ цæстуынгæ нывтæ саразын?

- Адæймаг йæ къухмæ куы райсы кæй нæма бакаст ахæм чиныг, уæд ын æнæ ахъуыдыгæнгæ нæй, цыма цы зæгъдзæн фыссæг, цы ног хъуыдытыл нæ бафтаудзæн, кæимæ нæ базонгæ кæндзæн?

- Абоны урок уæ цавæр хъуыдытыл бафтыдта?

Хæдзармæ куыст.

Алчидæр йæ мыггаджы равзæрды истории ныффыссæд. Бакæсын Чеховы фыстæг йе 'фсымæрмæ (восемь качеств воспитанного человека).






Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 10 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
«Ад?ймаг – м?сыг, дур - м?сыг».

Автор: Цакоева Людмила Касболатовна

Дата: 04.12.2015

Номер свидетельства: 261790


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства