kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ирон литературæйы равзæрд.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Ирон литературæйы равзæрд.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ирон литературæйы равзæрд.»

Ирон литературæйы равзæрд.

Алы адæмтæ дæр сæ историон бæрæг къæпхæнтыл аразын райдайынц дзырдаивад. Уый вæййы дзургæ сфæлдыстад, адæмон - поэтикон сфæлдыстад, мæнæ фольклор кæй хонæм, уый.

Дзырдаив цæмæй фæзындаид, уымæн хъуыди бирæ уавæртæ. Хъуамæ æхсæны цард йæ историон рæзты схызтаид бæрæг къæпхæнмæ, адæймаг йæхæдæг (йæ хиæмбарынад æмæ йæ удыхъæд) сырæзтаид ахæм бæрзæндтæм, аив дзырды сæр æй кæм бахъуыди йæ царды; хъуамæ адæмæн се ’взаг уыйбæрц райрæзтаид æмæ йыл царды нывтæ аразæн, стæй адæймаджы характер æвдисæн куыд уыдаид.

Цыбыр дзырдæй, цæмæй дзургæ сфæлдыстад фæзындаид, уымæн хъуыд историон уавæртæ. Уыцы уавæртæ ноджы тынгдæр, стæй вазыгджындæр формæты хъуыдысты литературон дзырдаивады фæзынынæн. Литературæйы фæзынди историон уавæртæ.

Ирон адæмæн хъæздыг æмæ дæргъвæтин истори ис. Хъæздыг у стыр хабæрттæ, сгуыхдзинæдтæ æмæ трагикон цаутæй. Дæргъвæтин та у рæстæгæй: æртæ мин азы бæрц. Бирæ æнусты дæргъы Иры фыдæлтæ- алантæ нымад уыдысты стыр, тыхджын æмæ культурон адæмыл. Уыдис сын сæхи паддзахад, уыдис сæм фыссынад дæр.

Æртындæсæм æнусы иу бæлццон, Вильгельм Рубрук, зæгъгæ, афтæ фыста аланты тыххæй: «Сты чырыстон диныл хæст адæм. Уыцы дин райстой бердзенæй. Ис сæм бердзенаг сауджынтæ æмæ сæ фыссынад дæр у бердзейнаг дамгъæты бындурыл.»

Рубручы ныхæстæ раст кæй сты, уый бæлвырд у уымæй, æмæ нæм æрхæццæ ис XI æнусæй цырты къæй, йæ уæлæ - ирон дзырдтæ бердзейнаг дамгъæтæй фыст.

Мæнæ куыд фыссынц уыцы дуджы тыххæй нæ адæмы историктæ: «Ирон адæмы историйы монголты ныббырстытæ сты трагикон.Монголты бирæ ныббырстытæ, уæлдайдæр та Тимуры ныббырстытæ, сæфты къахыл ныллæууын кодтой аланты. Ныппырх сын кодтой сæ паддзахад, фæцагътой сын сæ адæмы фылдæр, фесæфтысты сæ культурон цыртдзæвæнтæ. Адæмæй ма чи баззад, уыдон бар-æнæбары алыгъдысты хæхтæм, XIII æнусы æрцардысты уым, зын бафтæн кæдæм уыдис, ахæм рæтты.»

Афтæмæй, нæ адæмы историон æмæ культурон рæзт XIII æнусы цы бæрзонд къæпхæнтыл лæууыд, уымæй фæцудыдта æмæ та аздæхт фæстæмæ, ивгъуыд уавæртæм. Фондз æнусы дæргъы Иры дзыллæ уыдис историйы фæсвæндæгтыл, йæ тыхтæ хардз кодта хæхты цъассыты зынвадаты ныхмæ лæгдыхæй хæсты.

Ирон æмбисонд зæгъы: фыдлæг æмæ фыдбон бирæ нæ хæссы. Бирæ ахаста уæды фыддуг нæ адæмыл, фæлæ уымæн дæр кæрон æрцыдис.

XVIII æнусы æмбисы райдыдта ирон адæмы ног истори. Нæ адæмы истори уыцы дуджы кæд никуыал зынд, дон змисы куы ацæуа, уыйау, уæд та ныр хъарын райдыдта уæлдзæхмæ,цæмæй фæстæдæр, XIX æнусы дыккаг æрдæджы ногæй ныллæууа дунейы историон фæндагыл æмæ та йæ бынат бацахса культурон адæмты æхсæн.

1774 азы Уæрæсеимæ официалон æгъдауæй баиу Цæгат Ир,1783(1801) азы та Хуссар Ир. Уæрæсеимæ баиу Иры дзыллæйæн барвæндон хъуыддаг, сæхи равзаргæ фæндаг уыд. Уыйадыл уыцы баиуы историон процессæн стыр æмæ ахсджиаг фæстиуджытæ разынди нæ адæмы царды.

Æндæр паддзахадимæ цыдис аразгæ- аразын,ирон дзыллæйæн фæзынд æмæ райрæзт йæ национ хиæмбарынад-ома, иу национ коллектив кæй сты, иу историон фыдызæхх æмæ сын иумæйаг хъысмæт кæй ис, иу æвзагыл дзурæг æмæ иу культурон традицитыл хæст кæй сты, уый бамбæрстой, уый бахъардта сæ зонд, сæ зæрдæмæ.

Дыккаг - ирон адæмæн монголты ныббырсты фæстæ сæ дардыл бастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ фехæлдысты. Ныр Уæрæсеимæ баиуы фæстиуæгæн ирон адæмæн ногæй уæрæх кæнын райдыдтой сæ бастдзинæдтæ: æмбæлын та райдыдтой иннæ адæмтимæ экономикæйы, политикæйы, культурæйы хъуыддæгты фæдыл æмæ уый руаджы базмæлыд адæмы цард, адæмы сфæлдыстадон хъару.

Æртыккаг – цæмæй ирон адæм æнгомдæр балæууыдаиккой Уæрæсейы паддзахадмæ, уый тыххæй паддзахады хицæутты бахъуыд Ирыстоны, куыд экономикон, афтæ идеалогон æгъдауæй дæр бандавын. Падзахы сæйраг идеалогон хæцæнгарз та уыд чырыстон дин.

1798 азы майы синоды типографийы Мæскуыйы рацыд мыхуыры фыццаг чиныг ирон æвзагыл.

Уый уыдис цыбыр катехизис, фарстытæ æмæ дзуаппытæй конд, йæ ном та уырыссау хуындис афтæ: «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания.»

Кæй зæгъын æй хъæуы, чиныг ирон адæмы ’хсæн рухстауæг цырагъ нæ уыд, нæ адæмы культурон рæзтæн бирæ ницы фæахъаз, фæлæ алы адæмæн дæр йе ’взагыл фыццаг чиныджы рацыд мысинаг хъуыддаг у, йе ’гъдау у иумæйаг культурон нысаниуæг. Фæзынд чиныг, уый ууыл дзурæг у, æмæ ацы чиныг адæмы кæй хъæуы, се ’взагыл чингуытæ фыссæн æмæ уадзæн кæй ис. Раджы уа, æрæгмæ, уæддæр иуахæмы адæм сдзурдзысты сæ царды хабæрттыл, сæ зæрдæты фæндиæгтыл.Афтæ у чиныджы хабар æмæ Ирыстоны дæр афтæ рауад хъуыддаг, æрмæст фæстæдæр.

Æгъуызарты(Гæбæраты) Иуане – фыццаг ирон рухстауæг – йæ чингуытæ фыста гуырдзиаг графикæйы бындурыл арæзт алфавитыл.

Фыццаг ирон чиныджы алфавит дæр æмæ Æгъуызарты Иуанейы алфавит дæр уыдысты дины чингуыты графикæйы бындурыл арæзт.Уый та уыд зын кæсæн.

Уыцы хъуыддаг йæ зæрдыл даргæйæ, уырыссаг ахуыргонд Шегрен Андрей равзæрста æндæр фæндаг.Уый сарæзта ирон алфавит уырыссаг граждайнаг графикæйы бындурыл, уымæн æмæ, дам, «ирæтты фидæны хъысмæт Уæрæсейыл баст у, сæхи зæрдæ дæр уый æрдæм здæхт у.»

Шегрен стыр аргъ кодта Æгъуызарты Иуанейы куыстæн, схуыдта йæ «зондджын ирон», фæлæ уый фæдыл нæ ацыд, равзæрста уырыссаг дамгъæтæ ирон алфавитæн. 1844 азы рацыд чиныг «Ирон грамматикæ.»

Цæмæй ирон аив литературæ фæзындаид æмæ райрæзтаид куыд дзырды аивад, уый тыххæй йын хъуамæ уыдаид канд историон æмæ культурон уавæртæ нæ, фæлæ ма дзырдæйконд аивадон бындур дæр.Уыцы бындур та уыд нæ адæмы дзургæ сфæлдыстад: зарджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ.

Дзырдаивады бæрзонддæр формæ – литературæйы сæр тынг хъуыди нæ адæмы, йæ фæзынд ныр æрмæст курдиатджын фысджыты райгуырдыл баст уыд.

Ирон æвзаг цы уавæры уыд уæды рæстæджы, цас хъæздыг уыд йæ дзырдуат, цас арæхстис адæ ймаджы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ равдисынмæ, уымæн хуыздæр æвдисæнтæ сты фыццаг ирон чиныг æмæ Æгъуызарты Иуанейы тæлмацтæ.

XIX æнусы зындгонд ахуыргонд Клаппорт фыста: «Кавказы цæрæг адæмтæн сæ тæккæ хуыздæртæй сты ирон адæм. Уыдон цæрынц Кавказы хæхтæн сæ бæстастæу, дыууæрдыгæй фарс.»

Клаппорт хæрз цыбыр рæстæг уыдис Ирыстоны, уымæй дæр цалдæр хъæуы. Æмæ афтæмæй утæппæт зарджытæ кæм фехъуыста, уым , æвæццæгæн, æндæр бæлццон Шредеры загъдау: «Адæм цардис йæ хъæбатырыл зарджытæй.»

Ныртæккæ адæмон хъайтарон зарджытæ кæй хонæм, нæ поэзийы, историйы стыр нысан кæмæн уыдис, уыдон тынг кадджын уыдысты нæ адæмы ’хсæн.

Уыцы зарджытæн сæ иумæйаг миниуджыты тыххæй фыстой, зæгъгæ , «ирæттæ зарынц тызмæг æмæ иугъæдон зарджытæ.» Фæстæдæр Къоста дæр афтæ зæгъы хæххон адæмы зарджыты тыххæй йæ поэмæ «Фатимæ»-йы.

Æддæдæр галтæ донбыл хизынц…

Ныззарыд иу чидæр сындæг…

Ыстыр æнкъарддзинад æвдисынц

Амы зарджытæ…

Пфафф фæстæдæр кодта ирон зарджыты кой, лæмбынæгдæр æмæ зæрдиагдæрæй фæдзырдта, ирон адæм XIX æнусы астæу цы зарыдысты, ууыл æмæ зарæгæн цы аргъ кодтой,уый.

Уый фыста: «Нарты кадджытæм ирон лæг абоны уонг дæр хъусы, мах евангелимæ куыд зæрдиагæй хъусæм, афтæ.»

Цыбыр дзырдæй, ирон адæмы цард гæзæмæ чи зыдта, уыдон дæр нын æвдисæн лæууынц иу хъуыддагæн: XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы райдианы ирон æвзагыл фысгæ литературæйы фæзынынæн уыдис аивадон бындур дæр. Æвзаг уыд хъæздыг æмæ йæ дзургæ сфæлдыстад та кодта хъæздыгдæр.

Бирæ фенхъæлмæ каст Иры дзыллæ, фæлæ уæддæр фæзынд ахæм лæг. 1865 азы Мамсыраты Темырболат ныффыста ирон æвзагыл фыццаг оригиналон æмæ бæрзондаивадон уацмыстæ – æмдзæвгæтæ. Уыцы аз уыдис ирон литературæйы сæвзæрыны рæстæг æмæ райдыдта йæ кары бацæуыны рæстæг, йæ къахыл слæууын æмæ адæмы размæ æнæкъæмдзæстыгæй рацæуыны заман.

Ирон æвзагыл фыст нывæфтыд уацмыстæ се ’ппæт иумæ сты ирон литературæ. Уыдон фыст æрцыдысты бирæ азты дæргъы.

Национ литературæ арæзт цæуы национ æвзагыл, ома ирон литературæйæн сфæлдисæн ис æрмæстдæр ирон æвзагыл.

Зонад нын хъæздыг кæны нæ зонд, нæ информацион къæбиц, аивад нын фидыцджын æмæ уæздандæр кæны нæ удыхъæд, не ’нкъарæнтæ, нæ ахастытæ адæймагмæ, æрдзмæ, дунемæ, цардмæ.

Зындгонд уырыссаг фыссæг Л.Н.Толстой афтæ дзырдта, зæгъгæ, литературæ дæр зонад у, æрмæст уый амоны, адæмæн кæрæдзиимæ цæрын куыд æмбæлы, уый.

Афтæмæй, аив литературæйæн йæ фыццаг нысаниуæг уый у, æмæ чиныгкæсæгæн амонын бæллиццаг цардмæ æмæ бæллиццаг адæймаг суæвынмæ тырнын.





Брейн – ринг


Не ’взаг – нæ хæзна!

Куы нæуа не ’взаг,

Нал уыдзыстæм мах дæр,

Нæхи сæфтмæ цæмæн

Бæллæм, зæгъ - ма

Фæдисонау цæгъдын


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
Ирон литературæйы равзæрд.

Автор: Хумарова Анжела Германовна

Дата: 23.06.2022

Номер свидетельства: 610480


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства