kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

"Драмон уацмыстæ анализ кæныны методикæ 9 къласы"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Данная тема раскрывает методику изудения драматических провизведений.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«"Драмон уацмыстæ анализ кæныны методикæ 9 къласы"»

Драмон уацмыстæ анализ кæныны методикæ 9 къласы .

V – VII кълæсы прогрæммæтæ хъæздыг сты эпикон æмæ лиро-эпикон уацмыстæй. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы жанрты аивадон уацмысты активон архайæг вæййы фыссæг йæхæдæг. Автор характеристикæ фæдæтты йæ геройтæн, Тæурæгъон æрфыстыты æмæ лирикон фæзилæнты раргом вæййынц йе ‘нкъарæнтæ, йæ цардæвзарæнтæ, йæ зæрдæйы уаг. Уыдон се’ппæт иумæ æххуыс кæнынц уацмысы анализæн.

Драмон уацмысты автор архайджытæн характерстикæ нæ фæдæтты, нæ дзы вæййы авторы номæй таурæгъон ныхас. Геройтæн се’ддаг бакаст, архайды уавæртæ, бынаты æрфыст хæрз цыбырæй лæвæрд æрцæуынц ремаркæты.

Драмон уацмысты сæйраг аразæг компонент у архайджыты ныхас – диалог æмæ монолог. Архайджытæн сæ ныхасæй – цæуыл дзурынц, цавæр хъæлæсыуагæй дзурынц, уымæй равдисынц сæ характерон миниуджытæ: æхсæнадон царды цæуыл лæуд сты, цæмæ тырнынц, сæ кæрæдзимæ сын цæвар ахстдзинæдт– цæуыл дзурынц, цавæр хъæлæсыуагæй дзурынц, уымæй равдисынц сæ характерон миниуджытæ: æхсæнадон царды цæуыл лæуд сты, цæмæ тырнынц, сæ кæрæдзимæ сын цæвар ахастдзинæдтæ ис, сæ тох цæй сæраппонд у. Архайджыты диалогон ныхас куыд дарддæр цæуы, афтæ фæд-фæдыл уацмысы рæзынц царды цаутæ дæр, сæвзæры конфликт, æмæ райдайы йæ рæзт.

Куыд зонæм, афтæмæй драмон уæцмыстæн ис æртæ сæйраг хуызы: трагедии, драмæ æмæ комеди. Æртæ хуызæн дæр сæ иууыл сæйрагдæр миниуæг у, сценайыл æвæрынæн фыст кæй æрцæуынц, уый. Ацы жанры уацмыстæ ахуыргæнгæйæ литературæйы урочы сæйраг нысан у уацмысты конфликт сбæрæг кæнын, пьесæйы сæйраг хъуыды раиртæсын.

Ирон литерæтурайы программæты драмон жанрæй ис Джимиты Георгийы драмæ «Сау мигъ». Ахуыр йæ кæнынц VII къласы. Драмон жанры уацмысыл бакусыны ахсджиагдæр методикон мадзал у текст рольтæм гæсгæ кæсын. Фыццаджындæр уал ахуыргæнæг кæсы уацмысæй скъуыддзаг, архайджытæй алкæцыйы роль цавæр интонацийæ кæсгæ у, скъоладзаутæ уымæ зæрдиагæй хъусынц, афтæмæй.

«Сау мигъ»-ы драматург равдыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутæ Цæгат Ирыстоны 1942 азы , хуымæтæг ирон адæмы тох гитлерон знæгты ныхмæ. Драмон уацмысы конфликты бындур кæддæриддæр «вæййынц царды æцæг конфликттæ». «Сау мигъ»-ы конфликты бындур у «социализм æмæ фашизмы» `хсæн тох». Адæмы удуæлдай тох уацмысы тыхджынæй æвдыст æрцыди аивадон фæлгонцты –колхозон Фæлтæраты Дзамболат , ахуыргæнæг Хадизæт æмæ партизан Дзæрæхмæсты фæлгонцты ; адæмыл гадзарахатæй цæуджытæ – Пæхъæч æмæ Астарханы фæлгонцты.

Кæсгæ-кæсыны ахуыргæнинæгтæ сæ хъус дарынц, уыдонæй алчи цы мигæнæг у, сæхи куыд дарынц ,сæ ныхас цæуыл у. Уый руаджы рабæрæг уыдзæни , стыр историон цау- Фыдыбæстæйы хæстмæ сæ чи цавæр цæстæй кæсы, чи сæ цæуыл тох кодта, уыцы ахсджиаг цауты рæстæг. Архайджыты дыууæ къорды сæ кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц,ахæм карз ахастдзинæдты цæмæн сты , сывæллæттæ уый хъуамæ бамбарой. Иудзырдæй, драмæйы текст кæрæй-кæронмæ лæмбынæг куы кæсой, æрмæст уæд раиртасдзысты персонажты характертæ, сæ тохы сæр.

Драмон жанр эпикон æмæ лирикон уацмыстæй зындæр æмбарæн у. Гæнæн уæвгæйæ уацмыс урокты кæсын хъæуы æнæхъæнæй дæр. Фыццаджыдæр, ахуыргæнинæгтæ хъуамæ сæ зæрдыл бадарой архайджыты номхыгъд. Ахуыргæнинагты фыццаг каст саразын хъæуы афтæ, цæмæй сæ бон бауа драмæйы сæйраг конфликт раиртасын. Драмæйы фыццаг архайды Дзамболат æмæ Астарханы диалогæй бæрæг кæнын райдыдта, алыхуызон зондыл лæуд кæй сты немыцаг лæбурджыты тыххæй. Знаг сæ хъæумæ æрбахæстæг, æмæ Дзамболат æрыхъусæггаг хабæрттæм гæсгæ сагъæсы бафтыди, фашисттæ сабырцæрæг адæмæн куыд фыдмитæ кæнынц, уый фæдыл. Астархан та сæ сæрыл хæцы. Хъуыды кæны, цыма Советон Æфсады бон ницыуал у, æрмæст ма адæмы дзæгъæлы цæгъдын кæнынц. Цингæнгæйæ зæгъы Дзамболатæн: «… Фæцис та нæ «сæрибар» колхозон цард дæр. Æгас цæуæд нæ ног цард!»

Уыцы ныхастæй Астархæнæн бæрæг кæнын райдыдта йæ характер, æмæ фæстагмæ сси йе ‘мхъæуккæгты уæйгæнæг, райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæйцæуæг, фашисттæн лæггадгæнæг æмæ æххусгæнæг.

Ахуыргæнинæгтæ рольтæм гæсгæ кæсынц фыццаг архайды дарддæры сценæтæ. Гæрæхтæ хæстæгæй-хæстæгдæрæй хъуысынц. Фæлтæраты бинонтæ хъæуы адæмимæ алыгъдысты хъæдмæ, знагæй хи бафæсвæд кæныны тыххæй. Æрмæст йæ бынатæй фæзмæлыныл не сразы хæдзары хицау Дзамболат.

Уыцы нывы хæд уæлвæд Дзамболаты хæдзармæ тугамæстæй æрбахызт Советон Æфсады лейтенант. Ам ахуыргæнæг драмæйы сюжеты дарддæры рæзтæй скъоладзаутæн рацагау æмбарын кæны, полчъы тырысайыл нæхионтæй немыцы æхсан карз тох кæй уыди, æмæ лейтенант уыцы тырыса бахъахъхъæныны сæраппонд кæй фæцæф. Кæд йæ уд нал аирвæздзæн, уый хорз зоны, уæддæр ма самал кодта тырыса бнатыл сæмбæлын кæнын – радта йæ Дзамболатмæ æмæ йæ фæдзæхсы, уый сæ полкæн йæ кад, йæ намыс кæй у æмæ йæ нæхионты æрбаздæхынмæ куыд бафснайа, уый дзы куры.

Дзамболаты тыххæй адамы уæйгæнæг Астарханы аххосæй цауты дарддæры размæцыды æхæлиу уыдзæни бирæ дам-думтæ. Уыцы цъыфкалæн ныхастæй Дзамболат сыгъдæг кæй у, уый хъуамæ сывæллæттæ рацагау æмбарой. Полчъы тырыса æмæ лейтенанты партион билет куыд æнувыдæй бафснайдта, уымæй сбæрæг, йæ адæмыл иузæрдион кæй у. Кæд уацмысы райдианы йæ зондахастæй чиныгкæсæджы дызæрдыджы æфтыдта, уæд драмæйы ацы нывы сæргом йæ æцæг цæстæнгас – немыцаг фашисты нымайы адæмты цыфыддæр знагыл.

Ахуыргæнæг скъоладзауты размæ æвæры, хъуыды кæныныл сæ чи æфтауа, ахæм фæрстытæ, хъуамæ уыдон бамбарой, Астархан Дзамболатыл хинæй уымæн рацыди, йæ ныхмæ уымæн сси, йæхæдæг фашисттæм ноджы æнгомдæр балæууа.

Лейтенант куы амард, уæд ын Дзамболат йæ автомат систа бафснайынмæ. Автомат разынди ифтыгъд æмæ æнæнхъæлæджы цалдæр гæрахы фæкодта. Раст уыцы минут хæдзармæ æрбахызты Астархан æмæ немыцаг дыууæ офицеры. Фæлтæраты хæдзары сцена кæсгæйæ хъæуынц ахуыргæнæджы комментаритæ. Æмæ уæд архайды нывтæ цæстытыл ауайдзысты бæлвырдæй. Астарханы фыццаг ныхас у: «Сабыр малы, дам, хæйрæг бады». Дзамболаты фæнды йæ растдзинад равдисын æмæ æмбисондæн дæтты дзуапп: «Мæ хуыцау ме ‘вдисæн, йæхæдæг æрбахаста йæ смæлæт мæ хадзармæ…» Уыцы диалог у архайджыты æхсæн конфликты райдайæн лейтенанты амарды фæдыл. Астархан Дзамболаты хъуыддæгтæ ныггалиутæ кæндзæн, равдисдзæн æй советон адæмы знагæй, лæгмарæй.

Немыцаг офицер Дзаболатмæ радта иу-цалдæр фарсты. Зæгъæм: «Цы цæстæнас, дам, дарыс Германы æфсадмæ?» Астархан ын йæ дзуаппытæ афицерæн тæлмац кæны зыгъуыммæ, йæхи фæндагæн куыд хуыздæр у, афтæ: «Дæ бæрзонддзинад, Сырх Æфсад æмæ, дам коммунистæн сæ туг дойныйæн баназиккам. Нæ уд, дам, нын сластой нæ хъæлæсæй. Сымах æрбацыдмæ та, дам, æрхъæцмæ нæ хъæцыдыстæм».

Нырыккон скъоладзаутæн æнцон бамбарæн не сты фыдгæнæг Астарханы митæ. Йæ характер ын цæмæй раиртастой, уыд тыххæй хъæуы ахуыргæнæджы æххуыс ацы сценæ кæсгæйæ. Архайджыты ‘хсæн конфликт рæзы, тыхджынæй-тыхджындæр кæны. Дзамболат бахауди æвирхъау уавæрты: немыцаг офицертæ æмæ йын Астархан мард лейтенантмæ автомат ныддарын кодтой, афтæмæй йын йæ хуыз систой æмæ йæ газеты рауагътой. Тексты ныффыстой, цыма Цæгат Кавказы адæмтæ Германы æфсады æрбабырст нымайынц стыр бæрæгбоныл. Рольтæм гæсгæ бакæсын уыцы бынæттæ, сæ бамбарыны тыххæй сæвæрын фæрстытæ , раттын бакусинæгтæ.

Драмон уацмысты персонажтæн характеристикæ раттыны сæйраг фæрæз у уыдонæй алкæмæн йæ ныхасы мидис æмæ хицæндзинæдтæ анализ скæнын. Дзамболаты советон офицеры мардæн фæнды ингæн скæнын ; полчъы тырысайы тыххæй йыл æнæууæнк кæнынц, фæлæ сын уый дæтты цæхгæр дзуапп, цыма йæм ницы уыди, уыйау. Куы йæм æй ссарой, уæд æй хуымæтæджы мардæй кæй нæ амардзысты, уый хорз зоны, фæлæ тырыса раттыны фæлтау разы у адзалыл дæр.

Дардæры диалогон ныхасæй бæрæг у, Астархан æй тæрсын кæны, лейтенанты амард дын аслам нæ ауайдзæн, зæгътæ.Иннæмæй та йын йæ зæрдайы фæндиæгтæ куы ракъахид, ууыл дæр нал ауæрды: « Ахъуыды-мæ кæн, йе ‘мбалттæ куы раздæхой, уæд дын арфæ ракæндзысты?» Ацы сценацы персонажты диалогон ныхас бакæсын хъæуы лæмбынæг, ахуыргæнинагты хъус æм уæлдай зæрдиагдæрæй æрдарын кæнын. Дыууæ архайæджы характеристикæ лæвæрд. Дзамболат у Фыдыбæсты æмæ йæ адæмыл æнувыд патриот, Астархан – сæ уæйгæнæг.

Дыккаг архайды дыккаг ныв

Драмæ хрестоматийы лæвæрд у цыбыргондæй-дыккаг архайды дыккаг ныв дзы у цухгонд. Уыцы нывы сценæтæ уацмыс анализ кæнгæйæ сты ахсджиаг бынæттæ- æргомдæр дзы æвдыст цæуынц фашисты фыдмитæ, лыгьд адæмы удхар хъæды, сæхи `хсæн уæйгæнджытæ чи разынди – Астрахан æмæ Пæхъæч – уыдоны характерон миниуджытæ ам зонынц бынтон бæлвырдæй: немыцы фарс уæвын, уыдонæн лæггад кæнын, адæмыл мæнгардæй цæуын , - афтæмæй равдыстой сæхи ацы рафауинаг дыууæ архайæджы.

Дзамболатмæ хи бинонтæй, æддагонæй знаджы цæстæй кæм кæсынц , цыбыртæй дæттæм уыцы нывы мидис æмæ йæ анализы мадзæлттæ.

Тархъæды халагъудтæ. Мит уары. Æрбацыдысты гитлерон афицер, Астрахан, Пæхъæч æмæ Дзамболат. Хъуысы Дайоны хъарæг – фæмард йæ чызг.

Дзамболатæн йæ чызг Хадизæт æмæ йæ ус лейтенанты амард йæ цæстмæ дарынц , карз уайдзæфтæ йын кæнынц. Йæ къæм цы газеты ис, уый йæм æвдисынц-фашистон хæдтæхæг ахæлиу кодта газеттæ лыгъд адæмыл. Сæлимæт йæ мойыл йæхи атигъ кодта: «Нал ис ам дæуæн чызг, нал дын ис бинонтæ дæр»,-зæгъы ус. Хадизæтæн йæ маст йæ риуы нал цæуы: «Тыхст сахат йæ уазæгмæ йæ къух куы систа, уæд ахинцæн кодта йæхи йæ бинонтæй дæр æмæ йæ адæмæй дæр. Уазæгхор æгад уыдис кæддæриддæр».

Ахуыргæнæг къласмæ дæтты фарст: Цымæ уый ног конфликт райдыдта æви, Дзамболат æмæ Астарханы æхсæн цы конфликт сæвзæрди, уый дарддæры рæзт у? Ахуыргæнинæгтæ персонажты диалог æмæ цауты рæзт лæмбынæг бакæсдзысты æмæ бамбардзысты, конфликт райдыдта фыццаг архайды æмæ иу цауæй иннæмæ тыхджындæргæнгæ фæцыди. Ацы нывы раргом, Дзамболатæн ис фидар удыхъæд. Адæм ын йæ рæстдзинад не`мбарынц æмæ йыл хъоды бакодтой, уæддæр æм лейтенант йæ уд исгæйæ æрбафтыди. Уый нæ хъæр кæны.

Цымæ цæмæн æмбæхсы уыцы хъуыддаг? – цыбыр беседæйы фæрсы ахуыргæнæг. Скъоладзаутæ æмбарынц Дзамболат ахæм тæссаг уæварты дæр æппæтæй ахсджиагдæрыл нымайы советон лейтенанты фæдзæхст сæххæст кæнын, советон æфсæддоныл сайдæй нæ цæуы. – полчъы тырыса бахъахъхъæнын. Уымæн фæразы адæмы зул цæстæнгасæн, хи бинонты уайдзæфтæн.

Дыккаг нывы ахсджиаг сценæ у Дзæрæхмæт æмæ Хæдизæты фембæлд. Хъæбатыр партизан йæ усæн бар кæны ахсджиаг хъуыддаг – сæхи хъæуы мидæг хицон куыд уа партизантæн . Кæд мæлын никæйы фæнды, уæддæр Хадизæт æнæуæлдайныхасæй сразы партизантæн æххуысгæнæг уæвын.

Немыцы хицауад бардзырд радтой, цæмæй лыгъд адæмы хъæдæй æртæрой. Уыцы æвирхъау бардзырд æххæстгæнджытæ Астрахан æмæ Пæхъæч адæмы тыхст ницæмæ дарынц, - знаджы къухмæ сæ дæттынц лæгдыхæй. « Фесты уæ тухитæ». – хъалхуызæй зæгъы Астархан. Æрдæгсыгъд хæдзæрттæм чи здæхы, уыцы лигъдæттынæн.

Дилогон ныхæстæ рольтæм гæсгæ кæсгæйæ уæлдай тынгдæр байхъусын Хадизæт æмæ Дзамболаты ныхасмæ. Советон ахуыргæнæг райгуырæн зæххыл гадзрахатæй рацæуын нæ хатыр кæны йе схæссæг фыдæн дæр. Фæлæ Дзамболат разы нæу, сраст уа. Уый сæраппонд тырысайы хабар рахъæр кæныныл æмæ уал фæразы алы æфхæрæн ныхæстæн. Куыд схонæн ис Дзамболаты хуызæн адæймæгтæн? – фæрсы ахуыргæнæг. Сывæллæттæ сæ дзуаппытæй равдисдзысты, Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион адæймæгтæн цавæр аргъ кæнынц, уый, патриотон æнкъарæнтæ куыд æмбарынц.

Ацы ран ахуыргæнæгæн фадат ис предметы æхсæн бастдзинадæй спайда кæнын. Фыдыбæстæйы хæсты рæстæджы Цæгат Ирыстоны цы егъау цаутæ уыди, уый фæдыл скъоладзаутæ историйæ кастысты цалдæр радзырды: «Битва за город Орджоникидзе», «Мальчишки из селения Чикола», «Подвиг Петра Барбашова», «У Майрамадага» æмæ аф. д. Ахуыргæнинагтæн рагацау бабар кæнын уыцы æрмæг ногæй бакæсын æмæ беседæ уæрæхдæр саразын – ирон адæм стырæй-чысылæй сæ райгуырæн бæстæ немыцаг лæбурджытæй куыд хъахъхъæдтой, ууыл æрзурын.

Фыццаг дыууæ архайды кæсгæйæ ахуыргæнинæгтæ бамбæртой, драмæйы сæйраг архайджытæ дыууæ къордыл дих кæнынц , уый. Раппæлинаг геройтæ сты: Дзамболат, Хадизæт, Дзæрæхмæт. Рафауинаг персонажтæм æхæссын хъæуы Астархан æмæ Пæхъæчы.

Драмæйы æртыккаг архайды цыппæрæм æмæ фæндзæм нывтæ анализ скæнынæн сæйраг æрмæг дæттынц: 1) фашистон комендант Шмультке æмæ Дзамболаты диалог; 2) Шмультке æмæ Хадизæты диалог. Ам дарддæр рæзы авторы сæйраг хъуыды, - советон адæм фæсфронт знагимæ сæхи куыд æнæхатырæй равдыстой, уый фæдыл рабæрæг уыдзæни фыд æмæ чызджы патриотизм, немыцаг фашисттимæ æнæбарон кæй уыдысты, уый. Уыцы нывтæ анализ скæныны мадзал у диалогон ныхæстæ бакæсын. Хъуамæ раргом уой сæйраг архайджыты характертæ, сæ удыконд, се ‘нувыддзинад Фыдыбæстæйыл. Уый тыххæй ахуыргæнинæгты хъæуы лæмбынæг байхъусын, Дзамболат æмæ Хадизæт комендантæм цы уæндон дзуаппытæ дæттынц, сæхи цардыл куыд нæуал хъуыды кæнынц, уымæ. Ахуыргæнинæгтæм фæрстытæ дæттæн ис кæсгæ-кæсыны дæр, персонажты ныхас сын цæуыл дзурæг у, куыд æй æмбарынц, цавæр хатдзæг дзы кæнынц, уыдæтты фæдыл. Хорз у, ныв æнæхъæнæй куы фæуа каст, тыхджындæр ахуыргæнинæгты уæд бафæрсын. Архайд куыд фæд-фæдыл цæуы, уыдон афтæ радзурдзысты персонажты хи дард, сæ ныхасы сæйраг мидис, сæ мидуавæр, се ‘нкъарæнтæ, цæмæ тырынц, цæй сæраппонд æмæ ад. д. Дзуаппытæй рауайдзæн драмæйы сæйраг архайджыты характеристикæ.

Хуымæтæг колхозон лæг Дзамболат æмæ ахуыргæнæг Хадизæты фæлгонцтæ драматург райста цардæй. Советон адæм немыцаг фашисттыл кæй фæуæлахиз сты, уый уыди нæ адæмы патриотизм, сæ мæлæтдзаг тох знагимæ. Мæнæ Дзамболатмæ фæдзырдта немыцаг комендант æмæ дзы домы полчъы тырыса:

Шмультке (сонт хъæр фæкодта Дзамболатыл). Тырыса!!! Кæм ис тырыса!!!

Дзамболат (ныфсджынæй). Нæ зонын.

Цыппæрæм нывы адæмы уæйгæнæг Пæхъæчы сæйраг миниуджытæ раргом сты ноджы тынгдæр, йæ характер фæбæрæг бæстондæр. Фашистон комендант æм куы бартхъирæн кодта, адæм куыстмæ цæуылнæ цæуынц, гермайнаг æфсадæй дæхицæн пайда кæнынмæ хъавыс, дæхæдæг сын уыйас аххуыс ницæмæй дæ, стæй тырыса кæм ис, зæгъгæ, уæд уæй кæны Дзамолаты, рахъæр кодта йæ æцæг хабæрттæ: «Лентенанты уый нæ амардта, йæхæдæг мæлæтдзаг цæфæй æрбалыгъд». Ноджы радзырдта, тырысæйæн уымæ æнхъæл кæй у, йе сиахс Дзæрæхмæт хъæуæн парторг кæй уыди, ныр та партизан кæй у.

Рольтæм гæсгæ бакæсын уыцы диалогон ныхас æмæ характеристикæ раттын адæмы уæйгæнæгæн. Фæрстытæ сæвæрын æмæ беседайы фæрцы сывæллæтты æркæнын хатдзæмгæ: ам Дзамболаты сардауыныл кæй нæу, хъуыддаг. Пæхъæч сайдæй рацыди æппæт адамыл дæр, æрлæууыди сæ рæстдзинады ныхмæ.

Нæ фæтасыди Дзамболат Астарханы ныхæстæй дæр, не схъæр кодта лейтенанты фæстаг фæдзæхст, нæ басасти, полчъы тырыса уымæ æмбæхст у, ууыл.

Афтæ цыппæрæм нывы æппæт фæзындтæ кæронмæ дæр хъæуы анализ скæнын – бæлвырд фæуд хъуыды кæм ис, драмæйы ахæм скъуыддзæгтæ бакæсыны фæстæ уыцыиу рæстæг беседæ аразгæйæ. Беседайы сæйраг нысан у архайджыты миниуджытыл дзурын, хи хъуыдытæ уацмысы текстæй фидар кæнгæйæ. Архайд размæ куыд цæуы, афтæ рæзынц, бæлвырддæр кæнынц персонажты характертæ, уыдоны бындурыл – драмæйы конфликт.

Драмæйы сæйраг бынæттæй иу ахсы ахуыргæнæг Хадизæты фæлгонц. Фæшистон комендант æй кæны сæ гæзеты кусынмæ… Фæлæ советон ахуыргæнæг разынди фидар удыхъæды хицау. Не сразы Хадизæт, йæ адæмыл ын цъыфкалæн ныхæстæ цы газеты уадзынц, советон цардарæзт калæн ныхæстæ цы газеты уадзынц, советон цардарæзт зыгъуыммæ хуызы кæм æвдисынц, уыцы газетмæ, не сси нæ фыдызнæгтæн лæггадгæнæг, нæ райста йæ царды сæр. Комендант æртхъирæн кæны чызгмæ: æз дын приказ дæттын. Хæстон прикæзæн та æнæ сæххæстгæнгæ нæй. Хадизæт зæгъы цæхгæр дзуапп: Ард уын нæ бахордтон уæ прикæзтæ æххæст кæныныл. Ам фашистон лæгмар хъуыддаг сæвæрдта карзæй. Фехсдзыстæм дæ, - зæгъы уый Хадизæтæн. Советон сылгоймаг бамбæрста, дыууæ фæндагæй йæ иу кæй хъæуы равзарын: кæнæ мæлæт знаджы къухæй кæнæ Райгуырæн бæстæ ауæй кæнын хи уд бахъахъхъæныны сæрыл.

- Цы мын ныффыссын кæндзыстут уæ газеты? Нæ адæмы ныл туджы кæй цынадтат, уый? Æви нын нæ худгæ хъæутыл арт куыд æндзарут, уый?

Риторикон фарсты хуызы дзуры советон патриоткæ йæ хъуыдытæ. Æмæ йын уыцы ныхаста алыг кодтой йæ хъысмæт. Афтæ радта йæ цард Хадизæт йæ бæстæйы хорздзинадыл. Ахуыргæнинæгтæм анализы рæстæг дæттын хъæуы фæрстытæ афтæ, цæмæй бамбарой, Хадизæты хуызæн советон адæм мингæйттæй кæй лæууыдысты фашистты ныхмæ, æмæ уый кæй у сæ уалахизы бындур.

Кæд Астархан æмæ Пæхъæч Райгуырæн бæстæйыл сайдæй разылдысты, фашисттæн фарсласæг ныллæууыдысты, уæддæр ахæмтæ иугæйттæ уыдысты, æмæ рæстдзинады размæцыд бауромынæй ницы хъомыс баци сæ бон, сæхи цард æвæрдтой æппæтæй уæлдæр, фæлæ сæ сæртæ басыгъдысты.

Социализм æмæ фашизмы ‘хсæн историон конфликт ахицæн ис советон адæмы уæлахизæй. Уæлахизхæссæг тых уыди советон адæмы патриотизм фронты æмæ фæсчъылдымы.

Драмæйы æппæт фæлгонцтæ дæр ист æрцыдысты цардæй. Ахуыргæнæджы фæлгонц æвзаргæйæ æрдзурын хъæуы Хадизæты прототип – Алагиры скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Баситы Чабæханы тыххæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы фæци, уæд нæ периодикон мыхуыр бирæ фыста зынгхуыст ахуыргæнæг Чабæханы сгуыхтдзинæдтыл, немыц ын цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, фыдмардæй йæ куыд амардтой. Ирон поэттæ сæ патриоткæ хойыл снывæстой зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ. Уыдонæй урочы акæсын. Скъоладзауты зæрдæтæ фæцагайынæн, лæгмар фашисттæм сæм тыджын æнæуыноны æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынæн хорз мадзал у Чабæханы хуызист равдисын дæр.

Драмæ хъæздыг у ирон адæмон æмбисæндтæй. Анализы рæстæг сбæрæг кæнын, персонажтæй алкæцыйы ныхасы æмбисæндтæн цавæр ахадындзинад ис, уый.

Драмæйы номæн йæ нысаниуæг у символикон. Уый раргом уыдзæн уацмысы фæндзæм нывы. Сæлимæт йæ зондæй куы фæцух, уæд уыцы финалон сценæйы. Драматург тарст сылгоймаджы дзыхæй фашизм схуыдтæ «сау мигъ». Æмæ уын Советон Æфсады булкъон Скорняков дзуаппæн фидарæй зæгъы: «Иу къæм дæр нал баззайдзæн уыцы сау мигъæй нæ бæстæйы сæрмæ, ныххæлиу æй кæндзæн хур, асурдзæн æй хурныгуылæнмæ æмæ йæ фесафдзæн!..»

Пьсесæйы номыл дзургæйæ раргом хъæуы, уый æнгом баст кæй у йæ сæйраг хъуыдыимæ. Сау мигъау æнæнхъæлæджы нæ бæстамæ æрбалæбурдтой фашистон лæгматрæ. Хадизæт раст дзуапп радта комендантæн – нæ худгæ хъæутыл арт æндзæрстой, нæ адæмы нын туджы цынадтой.

Драмæйы идейон мидис арфдæр бамбарынæн хорз фæрæз у уый теарты сценайыл фенын кæнæ йæм телевизормæ бакæсын. Уыцы куыстæн гæнæн ис кæнæ уацмыс бакæсыны размæ, кæнæ анализы рæстæг, ахуыргæнæг йæ размæ цавæр нысан æвæра, уый хынцгæйæ.

Уацмысы фæндзæм ныв ахуыргæнинæгты бон бауыдзæн сæхи хъарутæй равзарын. Дзамболатæн йе ‘мхъæуккæгтæ тыхджын уайдзæфтæ кæнынц, цыма лейтенанты уый амардта, уыйау, фæлæ, Скорняков æмæ Дзæрæхмæтимæ цы сценайы сæмбæлди Дзамболат, уым сбæйрæг йæ рæстдзинад – полчъы тырыса æмæ лейтенанты партион билет, уæрмæй сæ арф æмбæхстæй систæ æмæ сæ советон булкъонмæ сыгъдæг цæсгом æмæ сæрбæрзондæй радта. Уыцы фæзынд бакæсын рольтæм гæсгæ, стæй иу-дыууæ фарсты раттын, Дзамболаты обрæзы характеристикæмæ ма цавæр миниуджытæ бафтаудзысты, уый фæдыл. «Нæ бахордта Дзамболат йе ‘ууæнк! Нæ ауæй кодта йæ адæмы фарн æмæ амонд, нæ бахордта йæ цæсгом! Худинаджы бæсты мæлæт æвзæрстой нæ фыдæлтæ кæддæриддæр…» ахæм дзуапп радта адæмæн хуымæтæг колхозон лæг. Ахуыргæнинæгтæ райхалдзысты йæ уыцы ныхæсты арф мидис.

Кæронбæттæны скъоладзаутæ сæ хъуыдытæм бафтаудз, Хадизæт æмæ сæм Дзамболаты фæлгонцтæ цавæр æнхъарæнтæ сæвзæрын кодтой, уый тыххæй. Астархан æмæ Пæхъæчмæ та сæм цавæр зæрдæуыйаг сæвзæрыди драмæ кæсгæйы.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Прочее

Целевая аудитория: 9 класс

Скачать
"Драмон уацмыстæ анализ кæныны методикæ 9 къласы"

Автор: Баракова Екатерина Эльбрусовна

Дата: 26.06.2019

Номер свидетельства: 516075


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства