Темæ: Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.
Нысан: 1. Вазыгджын дзырдтæ сфæлхат кæнын.
2. Ныхасы рæзтыл куыст; растдзурынадыл куыст.
3. Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын патриотон æнкъарæнтæ,
базонгæ сæ кæнын бæрæгбоны равзæрдимæ.
Урочы эпиграф: «Æфсады лæггад кæнын у кадджын хæс».
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
– Уæ бонтæ хорз!
Чи у абон радгæс? (…) Къуырийы бонтæй кæцы у? (…)
Афæдзы афонтæй та цавæр афон у? (…)
Нæ абоны урочы мах дзурдзыстæм диссаджы бæрæгбоны тыххæй. Уый у Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм вазыгджын дзырдтæ.