В презентации слайды по теме "Приложение". Объясняется что такое приложение, место приложения в предложении. Знаки препинания при приложении.
Просмотр содержимого документа
«Æмхасæн-бæрæггæнæны хицæн хуыз.»
- Горæт Дзæуджыхъæу у Цæгат Ирыстоны столицæ.
Горæт Дзæуджыхъæу
1. Цы загъд цæуы горæты тыххæй, кæцы дзырд æй бæрæг кæны? 2. Кæм лæууы бæрæггæнинаг дзырд бæрæггæнæнмæ гæсгæ? 3. Цавæр ныхасы хайæ æвдыст цæуы бæрæггæнæн?
- Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр, тызмæгæй, йæ кæрцы мидæг, ныхасы бады зæронд Хъуыбады, нæ фæндырдзæгъдæг.
Хъуыбады – бæрæггæнинаг дзырд
Хъуыбады чи у?
нæ фæндырдзæгъдæг
- Æмхасæн (бæрæггæнæны хицæн хуыз) у ахæм номдар-бæрæггæнæн, бæрæггæнинаг предмет чи у кæнæ цы у , уый чи февдисы.
- Æмхасæн кæддæриддæр загъд вæййы номдарæй .
- Цы хъуыдыйады уæнг фæбæрæг кæны, уымæн арæхдæр фæлæууы йæ фæстæ.
- Æмхасæнтæ вæййынц даргъгонд æмæ æнæдаргъгонд.
Æмхасæн къæдзыгæй хицæнгонд вæййы ахæм уавæрты:
- Сымах , Ирыстоны фæсивæд , тырнут ахуыры бæрзæндтæм.
- Хатдзæг:
1.Бæрæггæнинаг дзырд номивæгæй загъд куы уа, уæд.
Фаризæт , библиотекæйы кусæг , сарæзта чиныгкæсджыты конференции.
2.Бæрæггæнинаг дзырд сæрмагонд номдарæй загъд куы уа, æмхасæн та – иумæйаг номдарæй .
Мæй, стъалыты фыййау , бæрзондæй кæсы.
3. Æмхасæн даргъгонд куы уа, уæд .
Мах , ирон адæм , бирæ уарзæм нæ Райгуырæн бæстæ.
Мах мæ , ирон адæм мæ , ис бирæ хорз æгъдæуттæ.
Хатдзæг:
- Иртæстгонд æмхасæнтæ, цы дзырдтæ фæбæрæг кæнынц, уыдонимæ æвæрд вæййынц иу хауæны.
Алчи дæр ацы зæххыл иунæг хатт цæры, æмæ тырнын хъæуы уымæ, цæмæй адæймаг йæ фæстæ ныууадза рæсугъд фæд.
Мæхæмæтты А.
- Æмхасæн иртæстгонд нæ вæййы:
Поэт Кочысаты Мухарбег фæмард Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
1) бæрæггæнинаг дзырд иумæйаг номдар куы уа, æмхасæн та – сæрмагонд номдар
Кремль лæууы Мæскуы-доны былыл.
2) æмхасæн разæй куы лæууа, уæд
Фæллойы ветераныл ныффыстой очерк журнал «Мах дуг»-мæ.
3) дыкъæдзыгты æвæрд сæрмагонд нæмттæй
загъд куы уа, уæд
- Х æдзармæ куыст: раиртаст зонын, 111 фæлтæрæн