kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок 9 къласы ( интегрированный урок) Темæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ракæс»-ы анализ)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан: Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын кæнын, Ирыстоны алӕмæттаг ӕрдзмӕ патриотон хъомылад, ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕнгас дарын, ахуыр кӕнын хибарӕй куысты хуызтыл, урочы нысан сбӕрӕг кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакуыст.

Урочы фӕлгонц: Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕрдзы нывтӕ, интерактивон фӕйнӕг, карточкæтӕ, презентацион ӕрмӕджытӕ.

 

1) ахуырадон: уацмысы комплексон анализы бындурыл зæрдыл æрлæууын кæнын грамматикон æрмæг, аивадон мадзæлттæ; уацмысы  мидисыл æнцойгæнгæйæ,  раргом кæнын  æмдзæвгæйы идейæ

2) райрæзтон

 ахуыр кæнын царды проблемон уавæртæм хи цæстæнгасæй кæсыныл, хи

     хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл;

3) хъомыладон:

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

 

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок 9 къласы ( интегрированный урок) Темæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ракæс»-ы анализ)»

Пълан


Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок 9 къласы ( интегрированный урок)


Темæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?» (Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ

«Ракæс»-ы анализ)


Урочы нысантæ: Урочы нысан: Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын кæнын, Ирыстоны алӕмæттаг ӕрдзмӕ патриотон хъомылад, ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕнгас дарын, ахуыр кӕнын хибарӕй куысты хуызтыл, урочы нысан сбӕрӕг кӕнын, ныхасы рӕзтыл бакуыст.

Урочы фӕлгонц: Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕрдзы нывтӕ, интерактивон фӕйнӕг, карточкæтӕ, презентацион ӕрмӕджытӕ.


1) ахуырадон: уацмысы комплексон анализы бындурыл зæрдыл æрлæууын кæнын грамматикон æрмæг, аивадон мадзæлттæ; уацмысы мидисыл æнцойгæнгæйæ, раргом кæнын æмдзæвгæйы идейæ

2) райрæзтон

ахуыр кæнын царды проблемон уавæртæм хи цæстæнгасæй кæсыныл, хи

хъуыдытæ æдæрсгæ дзурыныл;

3) хъомыладон:

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.

Урочы фæлгонц: слайдтæ æмбисæндтимæ, базон-базонтæ æмæ фразеологион дзырдбæстыты хъуыды бацамонынæн.

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн хай.

(Хъуысы зарæг)


II. III. IV.


Литературæйы блок ахуыргæнæг:

Таира. Иуахæмы, зæгъы таурæгъ, адæм æрхатыдысты Лæгты дзуармæ, цæмæй сын Хуыцауæй ракуырдтаид, алчидæр йæ мæлæнбон цæмæй зона, уый.

- Нæ уæ хъæуы уый зонын, - загъта сын Лæгты дзуар, фæлæ йæм адæм нæ байхъуыстой, æмæ сын ракуырдта Хуыцауæй мæлæнбон зоныны фæтк.

Уæдæй рацыд бирæ азтæ æмæ Лæгты дзуар рараст, адæмы цард куыр раивта, уый уынынмæ.

Кæсы, æмæ дын иу лæг йæхицæн кæрдæгæй халагъуд аразы.

- Цы ми кæныс уый, хорз лæг?

- Мæнæ хæдзар аразын мæхицæн.

- Æмæ дын райсоммæ дæ кæрдæгæй конд хæдзар куы ныккæлдзæн, уæд уый циу?

- Æмæ мæн æндæр цæмæ хъæуы? Ахсæв æз мæлгæ кæндзынæн æмæ мæ фæстæ кæрдæг дæр мауал æрзайæд.

- Хорз нæ зæгъыс, фæрныг, - бакодта ма Лæгты дзуар æмæ рараст хъæумæ.

Хъæуы хистæртæ йæм бацыдысты сæргуыбырæй æмæ йын загътой:

- Хатыр нын бакæн, дæ дзырд ныл æрцыдис… Хуыцау нæ айста мæлæты тас, фæлæ уыйадыл нал ис нæ зæрдæйы фидæны мæт дæр: хъæбул съомыл кæныныл, хæдзар саразыныл ничиуал хъуыды кæны.

- Нал ис не ‘хсæн сомбоны фæлтæртæй æфсæрм дæр. Раздæр алчидæр тарст фæстаггæтты раз худинагæй, æмæ æвзæр ми йæ сæрмæ ничи хаста.

- Бæллыд алчидæр, фæстаггæтты цæсты йæ ном кадджын куы уыдаид, уымæ. Ныр сæфтмæ цæуæм, æмæ дæ курæм: балæуу-ма иу хатт Хуыцауы раз минæвар æмæ йын зæгъ – айсæд фæстæмæ нæ мæлæнбоны зонд!

Лæгты дзуар фæтæригъæд кодта адæмæн, зæгъы таурæгъ, бахатыд Хуыцаумæ, æмæ та сын уый радта ногæй мæлæты тас æмæ фидæны мæт.

Ахуыргæнæг:

Раст у, адæм адæм нал вæййынц, адæймаг та – адæймаг, фидæны мæт сæ куы нæ уа, сæ фидæныл куы нæ хъуыды кæной, уæд. Æмæ Къоста уыцы стыр фарст æрæвæрдта æппæт адæмы раз, цæмæй алчидæр хъуыды кодтаид йæ нацийы фидæныл:

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?

Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ адæмы фидæны мæт никуыуал рахицæн Къостайы зæрдæйæ. Йæ уацмысты сеппæты дæр ис уыцы сагъæс.



Къоста! Ацы номимæ баст сты ирон адæймаджы рæсугъддæр бæллицтæ, йæ сæрыстырдзинад. Цас æмæ цас хъуыдытæ равзæры ацы ном фехъусгæйæ. «Ирон адæмы сæуæхсид», «нæ цæугæ мæсыг», «нæ культурæйы астæуккаг цæджыгндз» - ахæм нæмттæй фæхонынц ирон адæм сæ уарзондæр хъæбул Хетæгкаты Къостайы.

Къоста цардис тызмæг æмæ зын рæстæджы. Уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ. Йе стыр ныфс, йæ куырыхон зонд, йе стыр хъару æнæвгъау лæвæрдта æфхæрд дзыллæты рæсугъддæр æмæ амондджындæр фидæны сæраппонд. Уымæн æй афтæ тынг уарзтой адæм сæхæдæг дæр æмæ-иу уымæн хурыскастау бæллыдысты йæ фенынмæ.

1.Зæгъут-ма, Къоста Ирыстонæй цал азы иппæрд уыд? (14 азы)

(1870 азы алыгъдысты Лабæмæ, 1871-1881 азмæ ахуыр кодта Стъараполы гимназы, уый фæстæ та Бетъырбухы Аивæдты академийы)

Чысыл проектон куыст:

Лæгæй-лæгмæ йæ хорз чи зыдта, ахæмтæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ Къоста «Æппæтæй æххæст лæгæй сыздæхт Уæрæсейæ Ирыстонмæ 25-аздзыд фидыцджын лæппулæг, дзырдарæхст, цыргъзонд, æппæтмæ æвзыгъд – æгъдау раттынмæ, зарынмæ, кафынмæ, нывгæнæг æмæ поэт, уæнгрог æмæ хъаруджын, курдиаты бæрджытæ уыд йæ алы ныхас, йæ алы хъуыддагыл. Къæлæтыйас, сатæгсау æрттиваг цæстытæ йын æвæджиауы æнгæс лæвæрдтой йæ цæсгомæн. Йæ худ-иу куы систа, уæд-иу худы къуырфæй æркалдысты къæбæлдзыг сæрыхъуынты сау тъыфылтæ». (слайды)


Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Ракæс».


2. Ацы рæнхъытæ уын уæ зæрдыл цавæр цаутæ æрлæууын кодтой Къостайы цардæй? (Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд, ………….)


(Поэты сидзæр сабийы бонтæ, йæ ахуыры азтæ Бетъырбухы)

3. Цы уавæры сæййæфта поэт йæ уарзон Ирыстон, йæ иубæстон адæмы? Цы зæгъы уый тыххæй йæхæдæг?

(Кæд поэт «кæмдæрты æнæсæронæй, æдыхæй, æцæгæлонæй йæ уалдзæг æрвыста фыдбонæй», уæддæр бафæрæзтаид йæхи зынтæн, йæхи зæрдæйы мастæн. Фæлæ поэт нæ быхсы йæ адæмы мастæн, йæ адæмы æфхæрдæн. Уымæн зæгъы:

Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр,

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм.

4. Æмдзæвгæй кæцы рæнхъыты зыны уæлдай тыхджындæрæй поэты уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ?

(Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти –

Куы скастæн мæ цъитиджын хæхтæм).

5. Куыд æмбарут ацы рæнхъыты хъуыды?

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг.

(Поэты зæрдæ уæлдай тынгдæр уымæн риссы, æмæ йæ мæгуыр иубæстон адæмы сæрыл чи рахæца, сæ зæрдæты сын сæрибары хъуыдытæ чи бауадза, ахæм фæтæг сын кæй нæй.


Ахуыргæнæг:

Куыд федтам, афтæмæй ацы æмдзæвгæйы Къоста бавæрдта арф хъуыдытæ. Уацмысы, иуæрдыгæй, дзырд цæуы поэтæн йæхи уæззау царды хъысмæтыл, иннæрдыгæй та – адæмы историон хъысмæтыл, йæ фидæныл. Афтæмæй æмдзæвгæйы баиу вæййы поэты хъысмæт райгуырæн бæстæйы хъысмæтимæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: Къоста йæхи никуы хицæн кодта йæ райгуырæн бæстæйæ, йæ адæмæй.



…………………………………………………………………………………………..

Æвзаджы ахуыргæнæг:


Куыд загътат, афтæмæй æмдзæвгæ «Ракæс»………..

Равдыста дзы………….

Фæлæ цавæр аивдон мадзæлтты фæрцы бафтыд йæ къухы, уый та сбæрæг кæндзыстæм, æмдзæвгæйæн анализ скæнгæйæ. Æмдзæвгæмæ байхъусæм.

Ахуырдзау аив кæсы æмдзæвгæ.

1. Зæгъут-ма, цал строфайы ис æмдзæвгæйы?

-Цыппар..

Алы строфайы дæр ис дыууæ хъуыдыйады. Æдæппæтæй æмдзæвгæйы ис аст хъуыдыйады.

2. Уæдæ дзы микротемæтæ та цал ис рахицæнгæнæн?

-Æртæ:

- Сидзæры хъысмæт.

-Райгуырæн бæстæимæ фембæлд.

- Катай йæ бæстæйы, йæ адæмы фидæныл.

3. Æркæсæм хъуыдыйæдты арæзтмæ. Цавæр сты?

- Æмбæлы дзы алыхуызон хъуыдыйæдтæ:

хуымæтæг, домгæвазыгджын, æнæбæттæгвазыгджын.

- Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ сты вазыгджынгонд æмхуызон уæнгтæй, бавæргæ дзырдæй, сидæнтæй.

- Поэт тынг арæхстджынæй пайда кæны инверсийæ.

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд,

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

4. Æнæ зæгъгæ нæй пунктуацийы тыххæй дæр.

-Къоста пайда кæны бирæстъæлфыгтæй, тирæтæй, хъæры æмæ фарсты нысæнттæй.

5. Ноджыдæр ма Къоста арæхстджынæй пайда кæны алыхуызон аивадон мадзæлттæй:

-синтаксисон параллелизмæй:

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй.


Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти…


- лексикон фæлхатæнтæй:

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм.


- анафорæйæ:

Нæ зонын мæ мады рæвдыд.

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.


Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ Райгуырæн бæтæм…

Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти…


6. Рифмæ аразæг дзырдтæм æркæсгæйæ, зæгъæн ис авторы хъуыдытæ æмæ эмоцитæ тыхджындæргæнгæ кæй цæуынц, уый.

Сонтæй-фыдбонтæй, бæстæм-хæхтæм, адæм-бадæм, фæстаг-фыдвæндаг.

Æмбæлæм дзы эмоционалон ахуырст лексикæйыл.

Мæ иунæджы сæр, хилæм куырмæй.

Иуæй-иу дзырдтæн ахæссæн ис хуымæтæг ныхасы стильмæ: фыдбон, фыдвæндаг.


7. Поэт йæхи тыххæй дзургæйæ пайда кæны ахæм лексикæйæ:

Дзæгъæл, æнæсæрон, æцæгæлон, æдых, иунæг. Ацы контекстуалон синонимты фæрцы æнцонæй бамбарæн ис поэты уæззау цард.

Ирыстоны кой кæм кæны, уыцы рæнхъыты та пайда кæны йæ уарзондзинад æвдисæг зæрдæбын дзырдтæй:

Уарзон, иубæстон адæм, райгуырæн бæстæ.

Фæлæ йæ фыдуавæры куы сæййæфта, уæд та:

Мæхицæй фыддæр, мæгуыр, куырм.

Æмæ æппынфæстаг Къостамæ сæвзæрд фарст, сæдæ азæй фылдæр кæуыл цæуы, фæлæ абон дæр актуалон чи у, ахæм фарст:

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?..

Æвæццæгæн, мах нæ фæрæдийдзыстæм, ацы фарст риторикон куы схонæм, уæд. Ныр дæр бæрæг нæма у дзуапп. Нæма фæзынд нæ Ирыстоны лæджы хуызæн лæг.


Ноджы ма поэт йе ‘мдзæвгæйы дыууæ хатты спайда кодта сидæнтæй:

Фыццаг хатт йæ иубæстон адæммæ дзургæйæ, дыккаг хатт та – Лæгты дзуармæ кувгæйæ, цæмæй ирон адæмæн баххуыс кæна раст фæндагыл ацæуынмæ.
























Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Планирование

Целевая аудитория: 9 класс

Автор: Габуева Неля Таймуразовна

Дата: 30.10.2019

Номер свидетельства: 524962


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства