kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Внеклассное мероприятие на тему: "Фæлтæрæй - фæлтæрмæ".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Внеклассное мероприятие на тему: "Фæлтæрæй - фæлтæрмæ".

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Внеклассное мероприятие на тему: "Фæлтæрæй - фæлтæрмæ".»

ПАДДЗАХАДОН КЪАЗНАЙОН ИУМÆЙАГАХУЫРАДОН УАГДОН

«ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ АСТÆУККАГ ИУМÆЙАГАХУЫРАДОН СКЪОЛА-ИНТЕРНАТ»






ФӔЛТӔРӔЙ – ФӔЛТӔРМӔ

















Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Рубайы Шамилы чызг Зæринæ



г. Дзæуджыхъæу 2016 аз

Темæ: «Фæлтæрæй – фæлтæрмæ».


Нысантæ: а) Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын цымыдисдзинад Х. Къостайы поэзимæ.

æ) Уарзын кæнын мадæлон æвзаг.

б) Ахуырдзаутæм патриотон æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын.


Æрмæг: Портрет, нывтæ, чингуытæ, къулыл газеттæ, диск, презентаци.


Скъоладзау:

Уæ, иунæг кадджын Хуыцау! Ды дæ нæртон, ирон адæмы сфæлдисæг æмæ нын кæддæриддæр æххуысгæнæг у.

(Лæппутæ иумæ: « Оммен, Хуыцау!»)

Цæхæрцæст Уастырджи! Нæ фæсивæды, нæ сабиты нын дæ рахиз къабазы бын дар.

(Оммен, Хуыцау!)

Нæртон ирон адæмы фарн æмæ намыс бæрзонд куыд хæссой.

(Оммен, Хуыцау!)

Зæдтæ æмæ дауджытæ!

Ирон адæм хистæрæй зондджын æмæ кадджын куыд уой.

(Оммен, Хуыцау!)

Кæстæрæй – ныфсджын æмæ хъаруджын.

(Оммен, Хуыцау!)

Цардæй та хайджын куыд уæм, уыцы арфæ нын ракæнут.

(Оммен, Хуыцау!)


1 Амонæг:

Уæ бон хорз, æмæ уыл хъæлдзæг рæстæг цæуæд. Ацы бонты нæ республикæйы адæм бæрæг кæнынц æмæ хорзæй мысынц нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон.


Скъоладзау:


Æмдзæвгæ «Цырагъдар».


Ирæн йæ хæхты хсæн райгуырди гени,

Фехъуысти арвмæ йæ фæндыры хъазт,

Дунеты се ппæт йæхимæ æрхуыдта,

Радзырдта уыдонæн зæрдæйы маст.


Гени йæ адæмæй бирæ хæс дардта,

Сидти сæм тохмæ, сæ сæрыл хæцыд.

Дзыллæты амондæн йе ппæт тых радта,

Талынг æхсæв сын цырагъдар фæцыд.


Хохы бæрзонддæрмæ схызти æд уадындз…

Ахаста бæстæтыл цадæг йæ цæст…

Бамбæрста, уадтымыгъ мигъты кæй пиры,

Адæм кæй уыдзысты хурæй æфсæст.



Номдзыд поэты ном айхъуысти дардыл,

Нал ис йæ зарджытæн бамынæг ныр.

Худгæ хур арвæй кæдмæ кæса бæстыл,

Гъе уæдмæ зардзæн йæ «Ирон фæндыр».

(Хуыгаты Геор)


2 Амонæг:

Иры уарзондæр поэт, драматург, нывгæнæг, æхсæнадон архайæг абон дæр рох нæу Иры зæххыл. Алы аз дæр кæфты мæйы ирон адæм фæмысынц Къостайы ном. Æмæ уæ хонæм нæ бæрæгбонмæ.


( Ирон кафт)


1 Амонæг:

Бæрæгбоны куыд фидауы, афтæ махмæ дæр ис буц уазджытæ, нæ адæмон газет «Рæстдзинад»-ы зындгонддæр адæм. Саутæты Тамилæ – хистæр уацхæссæг æмæ Цгъойты Хазби – газет «Рæстдзинады»- бæрнон редактор, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат. Æмæ чи фæуыдзæн Цгъойты Хазбийы æхсæнадон æнтыстытæ нымад.


2 Амонæг:

Хазби æртын азæй фылдæр кусы газет «Рæстдзинад»- ы. Йæ ныхасы кæддæриддæр вæййы – уæз, йæ куысты – бæркад. Йæ сисы бынæй цы æрмæджытæ рацæуы, уыдонæй пайда кæнынц ахуыргæнджытæ, студенттæ, стæй скъоладзаутæ. Æрмæстдæр йæ арæзт литературон -тематикон фарс «Ӕлутон»-ы цы æрмæджытæ мыхуыргонд æрцæуынц, уыдон бакæсын вæййы тынг цымыдисаг æмæ пайда.


1 Амонæг:

Адæм æй фæфæрсынц цины фæтк æмæ зианы кæндтыты арæзтæй. Æмæ Хазби радты бæстон, мидисджын дзуæппытæ 2008 (дыууæ мин æстæм азы) йын мыхуыры рацыд чиныг «Не гъдау – нæ гакк». Автор дзы æнцон æмбарæн æвзагæй æргом кæны ирон æгъдæутты мидис.


2 Амонæг:

Цгъойты Хазбийæн мыхуыры рацыд ахæм чингуытæ:

  1. «Асланы хæлæрттæ»- радзырдтæ кæстæр кар сывæллæттæн.

  2. «Дæ зæрдæ – де – вдисæн» - радзырдтæ æмæ новеллæттæ.

  3. «Цæвæг марæджы не взæрста»- репрессигонд ирон фысджытыл.

  4. «Ирон æмбисæнды хабæрттæ».

  5. «Арвы дуар»- ирон мифологион æмæ цардыуаджы дзырдуат.

  6. «Фыдæлты мæсыг»- ирон адæмы моралон – этикон уагæвæрд скифты заманæй абоны онг.

  7. 2013 (дыууæ мин æртындæсæм) азы та рухс федта Цгъойты Хазбийы радон чиныг «Мæ зæгъинæгтæ». Автор æм бахаста Ирыстоны рæсугъд ном чи скодта, уыцы адæмыл æмæ æрхъуыдыджын æгъдæуттыл.


1 Амонæг:

Цы фыссы Цгъойты Хазби йæ чиныгуатæй иу Хетæгкаты мыггаджы равзæрды тыххæй?

Къостайы хабæрттæ.

Иуæй –иу адæймаг фæцæры, æмæ иу бæлас дæр нæ ныссадзы йæ номыл. Иннæмæн та, царды уæрæх фæндæгтыл цæугæйæ, баззайы йæ арф фæд. Уалдзыгон хуры тынтау ауды йæ адæмыл.


2 Амонæг:

Къоста йæ царды фæстаг бонмæ йæ адæмæн арвы стъалыйау фæндаг амыдта. Мæгуыр адæмы царды рæстдзынадыл тохгæнгæйæ басыгъд. Уымæн у æнæмæлгæ йæ ном.


Скъоладзау:

Къоста Херсоны

«Плачь! – я в грядущее наше поверю,

Слушая плач твой, родимый Кавказ!»

Коста


Æхсæв бæстыл сау нымæт æмбæрзы.

Кæс Херсонмæ тарф фынæй хуыссы.

Ам Тарас Шевченкойы цъæх фæзты

Днепр хъазгæ, абухгæ бырсы.

Бæстæ сабыр. Стъалытæ нæ зынынц.

Æрдз ныссабыр, ног чындзау ныхъхъус.

Фæлмы иууыл хæдзæрттæ ныгъуылынц,

Фæлæ рттивы иу хæдзарæй рухс.

Уат – хуымæтæг. Рудзынджы зыхъхъырæй

Рухс æддæмæ хъуызæгау кæны…

Стъол, сынтæг, зæронд сынтæг рæбынæй.

Къулыл ауыгъд сау цухъхъа зыны.

Æмæ бады стъолы раз æнкъардæй

Иры номдзыд, сахъ поэт. Йæ сæр

Къухмæ руагъта. Сау æрфгуыты тарæй

Сау цæстытæ нал калынц цæхæр.

Цард – цæрæнбон фидарæй кæй хъардта

Уый йæ уд сæрибарыл рæстæй,

Ардæм уымæн паддзахы лæгмартæ

Уый фæсырдтой райгуырæн бæстæй.

Æмæ бады цырагъы мæнгрухсмæ,

Хуыссæг дард йæ цæстытæй фæлыгъд.

Цæсгом бахус. Бур мыдадзау – рустæ.

Сау рихитыл халас дæр фæзынд.

Уасæг уасы… Сæр нæ комы базмæ.

Бонмæ бирæ нал баззади, нал.

Зæрдæ хсайы райгуырæн Кавказмæ,

Цæстыл уайы райгуырæн хъæу Нар:

Арф уынгæг ком. Сау айнæджы фахсæй

Нар бынмæ æргъæвст цъиуау кæсы.

Уад нынниуы стонг сырдау, йæ разæй

Сисы мит, фæлдзæгъдæнæй хæссы.

Уад дзыназы, уад æнцой нæ зоны,

Коммæ фцæгæй рацæйхæссы мит.

Куы бындзарæй къæйдуртæ ыстоны,

Куы ныккæны сау калмау æхситт.

Хъустыл уайы сидзæрты дзыназын

Тар ыскъæты стонг æмæ сыдæй.

Мад йæ цæссыг цуайнагмæ ызгъала,

Зæрдæ рисы сабиты мæтæй.

О Ирыстон! О мæ мæгуыр адæм!

Хъусын, хъусын дардмæ дæр дæ хъæр.

Æмæ абон æз дæумæ кæд дард дæн,

У уæддæр дæ сæрвæлтау мæ сæр.

Ку уал, ку, мæ райгуырæн хæхбæстæ!

Кæс æнхъæлмæ, райгуырæн хъæу Нар!

Мæн уырны, кæй уыдзыстут мæ фæстæ

Сымах æнæмæнг рухс æмæ хæдбар.



1 Амонæг:

Уый раджы уыд… Нары комы… Хетæгкаты Леуаны хæдзары райгуырдис фидæны номдзыд поэт. Цины хабар айхъуысти æппæт Хетæгкаты мыггагыл. Арфæтæй байдзаг ис бæстæ. Куыд нæ цин кодтаид йæ фыд Леуан, йæ хæдзары бындар фæзынд! Фæлæ… сæ цин бирæ нæ ахаста…


Сценкæ.

Хæххон хъæу. Иу хæдзары рауай – бауай кæнынц сылгоймæгтæ. (Тыхстхуызæй). Уалынмæ райхъуыст хабар Хетæгкаты Леуанæн лæппу райгуырди! Нар сæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг цæуынц.

Амонæг:

- Куыддæр æрбарухс, афтæ Гуыбатæм уæззау хабар хæссæг фесты Нары фæсивæд. Гуыбаты чызг ахицæн йæ цардæй!

Амонæг:

- Сывæллонæн йæ мæй йæхи куыддæр фæци, афтæ Нар сæ ныхасмæ æрæмбырд сты. (Хистæртæ ныхасы бадынц)

Хъугърион:

- Чи амард, уый рухсаг уæд. «Нæ хицæуттæ, уæ сидзæр сабийыл ном сæвæрын хъæуы. Уæдæ куывдæн дæр æнæ скæнгæ нæй. Леуаны сæр дæр нымайын хъæуы. Нæ хицæуттæн хъуамæ æдзух сæ хъусы гукк кæнай, кæннод уыцы зæхмæ хъусгæйæ лæууынц». Гуыбаты хæрæфырт æнæ мадæй кæй баззад, уый йын æгъгъæд фæуæд. Уæ сидзæр сывæллонæн куывд скæнут.

Амонæг:

(Елберд æмæ Къобер дæр бацыдысты ныхасмæ. Нар иннæ хæттытау хъисфæндырæй нæ цагътой, фæлæ сыл цыма тæдзгæ кодта, уыйау æнкъардæй бадынц).

Къобер:

- Фарн уæ ныхасы уæд, Нарыхъæу, уæ зынтæ абонæй фæстæмæ цинтæй куыд иват.

Æрбадтысты.

Ныхасы бадджытæ:

- Уæ хъæбатыр æмæ домбай Гоцъитæ, уæ сидзæр лæппуйæн æгъгъæд фæуæд æнæ номæй. Сабæттаг нæу, Хуыцауы буц лæвар у. Сабаты гуырдæн, дам, афæдзмæ куывд нæ фæкæнынц. Махæн нæ лæппу цыппæрæмæхсæв куы райгуырди.

Амонæг:

- Нар сæ ныхасы бауынаффæ кодтой, сæ æхсæны фæллойæ куывд куыд скæной.

(Тæрхон кæнынц цавæр ном ыл сæвæрой)

Сауджын:

- Къоста йыл сæвæрæм! (Къоста ном тынг фæцыд Нарæн.)

Ныхасы бадджытæй иу:

- Кæд æнæ мадæй баззадтæ, Къоста, уæддæр амондимæ бахъомыл у. Леуаны худ –иу хæсс, дæ æхсæзæймаг фыды фыд Гоцъийы номæй хайджын куыд фæуай, йæ домбай тыхæй дæм фаг куыд æрцæуа! Хетæгау дæм зæдтæ æмæ дауджытæ æргом куыд цæуой! Зондæй къæдзæх куыд уай! Дæ амонд къуыбырыл куыд нæ барай, фæлæ йæ уæлæ бæрзонд хохыл куыд барай! Нары хæхтæй уæлæ Лиайы хохæй бæрзонддæр æмæ кадджындæр хох нæй – Лиайы хохыл нымад æрцу! Цалынмæ Лиайы хох йæ бынат ива, уæдмæ дæ кой, дæ ном дæ уарзон адæмтæ куыд кæной! ( Сауджын лæвар кæны дзуар Къостайæн. Сценæйыл авдæн сывæллонимæ).

Сауджын:

- Ацы дзуар æз лæвар кæнын ацы сидзæр лæппуйæн, йæ кад, йæ кой сызгъæринæй кадджындæр куыд уа! Амондджын гуырд, амондджын æмæ амондджын! Нар, уæ кой, уæ ном уын хæссын куыд фæраза! (Нар сæ куывд фондз бонмæ нæ райхæлдтой).


2 Амонæг:

Ноггуырд дунейы рухсæн йæ рæсугъд ахорæнтæ нæма федтæ, нæма банкъардта йæ алфамбылайы æрдзы рæсугъддзинад, нæ бафсæст йæ мады хъæбысы хъармæй, афтæ сидзæрæй аззад.



1 Амонæг:

Цыдысты азтæ. Къоста рæзыд хъæлдзæг æмæ зæрдæргъæвд сывæллонæй. Ам, Нары хъæуы, арвыста йæ сабийы бонтæ. Ам акодта фыццаг къахдзæфтæ, фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Ам йæхи цæстытæй федта мæгуыр æмæ æфхæрд хæххон адæмы уæззау цард æмæ сæ йæ амæлæты бонмæ нæ ферох кодта.


Скъоладзау:

ЧИ ДÆ?

Мыггагæй мæ ма фæрс, —
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс,
Нæ бæззын чызгæн.

Мæ хæдон — четæнæй,
Мæ куырæт — кæттаг,
Мæ цухъхъа — цъæх тынæй —
Нæхи хохбæстаг.

Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæронбаст — уæрдæх…
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!..

Æз райгуырддæн хохы…
Нæ хъæдкъул ыскъæт, —
Ныр дæр мæ нæу рохы, —
Æвгъæддон уыд уæд…

Рæстмæйы хъуыддагæн
Сыгъдæгдæр ран хъуыд,
Фæлæ дзы мæ мадæн
Хуыздæр ран нæ уыд.

Æлгъыстæн мын баззад…
Тæрсын дзы ныр дæр…
Рынчынæн «æгæссад
Дæ уæд» зæгъ, æндæр

Йæ бахъуыд-сахатæн
Мæгуыры бон циу? —
Нæ фæци мæ мадæн
Нæ файнуст, нæ тиу.

Нæ йæм уыд фæкæсæг…
Йæ мой йæм кæм бадт! —
Æмæ йæ фыдвæззæг
Фæкодта мæ мад.

Мæн иу ус фæхаста…
Сываеллонахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта, уыйас —
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцарддæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыггаг.

Фæхъомыл дæн афтæ, —
Æдæрсгæ цыддæн…
Кæм заргæ, кæм кафгае
Æмбырдтыл зылддæн…

Чысыл ма йæ зонын
Мæ фыды… Хæмæт, —
Йæ номæй йæ хонын, —
Кæм кодта мæ мæт!

Дыггаг ус æрхаста…
Æркодтой мæн дæр…
Мæ «чындз» мае нæ уарзта, —
Фыдсыл уыд кæмдæр!

Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр — над,
Йæ «цу-ма» рæхуыстæй, —
Гъеуый дам дын — мад!

Мæ фыд-иу къуыригай
Дзæбидырдзуан цыд,
Йæ ус та æригай
Хæдзар-хæдзар зылд.

Цуанон лæг мæрдтæм
Хæстæгдæр цæры,
Йæ мард та уæлмæрдтæм
Нæ хæддзæкæны!..

Фаедзурынц æй алхатт, —
Мæ фыдæй хуыздæр
Лæг цуаны нæ ахатг.
Ныххæррæгъ кæмдæр!

Ус хистытæ кодта,
Фæуæйкодта зæхх,
Цы ардта, уый хордта
Æввонгæй, дзæбæх.

Ныр дæр ма æрра дæн,
Сывæллонау, сонт, —
Уæд та?… Цæй, йæ мадæн
Чи амоны зонд?

Хæрз дзæгьæл кæй зайын,
Уый базыдтон… Ку!
Кæуынæй кæй сайын? —
Дæсаздзыд лæг у!

Ус афæдзы бонмæ
Йæхиуыл хæцыд, —
Уæлладжыры коммæ
Чындзы та фæцыд.

Мæн кьæйыл ныууагъта…
Йе амæл, йе рæз, —
Æвæдздзæгæн загъта:
Куыст — цардæн фæрæз!

Цы куыстæн бæззыддæн
Дзæбæхдæр мыздыл? —
Уæлыгæс фæцыддæн
Гуыбыныхæрдыл.

Мæ фысымтæ радæй,
Мæ хуыссæн — лыстæн,
Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»
Куы ныззарыддæн!

Уæлыгæс — бынхорæй
Фыййау дæр ысдæн, —
Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн.

Фыййауæн — уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр — æнæвгъау, —
Йæ куыст нæу уæд зын.

Æлгъыстæй, уæд надæй
Цы нæ бавзæрстон!
Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»
Куы ныццæлхъластон!

Æхсæрдæсæмаздзыд —
Лæджы бындзæфхад, —
Æгæр дæр фæхъазыд,
Æгæр дæр фæбадт!

Йæхицæн ныссадзы
Ысхъæлфындз цæвæг,
Уыгæрдæнтæ дасы, —
Иæ риуыгъд — бæрæг!

Цы цæнгтæ мыл разад,
Цы хосдзау уыддæн!
Фæлæ ма кæм баззад
Уыгæрдæн мæнæн! —

Гæппæл дæр мын нал уыд.
Цы фæци мæ зæхх? —
Хæрнæгæн дам бахъуыд.
Цу, исты цын зæгъ!

Ыссæдз азмæ азгай
Æххуырсты цыддæн…
Цы нæ кодтон радгай,
Цы нæ-иу уыддæн?

Мæ архайд, мæ тыхмæ
Лæг кодта хæлæг;
Æккойæ мæ ныхмæ
Кæм лæууыд хæрæг!

Мæхи та дын стауын, —
Нæ дын зыдтон, цы.
Тын уæрдын, тын уафын,
Хæрдгæйæ — дæсны;

Æрцындзæй, хæсгардæй —
Хæрзарæхст, чызгау…
Гъеуæддæр «дæ-да-дæй»
Чи зарыд мæнау?

Йæ бонæй уа зæрдæ! —
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ-ма йын: æвзæр дæ, —
Уырны йæ бæгуы!

Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
Æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.

Кæцæй йæм фæсиды
Сæрибары дуг?
Цæмæн дзы æхсиды
Цæдæджинагау туг?

Йæ бонæй уа, уастæн,
Дæргъæрфыг рæсугъд!
Кæм лæууы йæ хъазтæн
Лæппуйы тæппуд!

Куыд уыди йæ фыддзаг?
Куыд разылд мæ сæр?
Куыд уыдзæн йæ фæстаг?
Нæ зонын ныр дæр…

Йæ уындæй куы райди
Мæ зæрдæ, куы та,
Цыма йæ фæсайди, —
Йе сæфт дзы уыдта…

Куыддæр-иу ныхъхъус дæн,
Фæлыгътæн-иу дард…
Аргъ нал уыд мæ куыстæн,
Ысуæлдай мæ цард…

Быцæугонд хъæуимæ…
Æмгартæй тæрсын…
Гъей, зæрдæ, дæуимæ
Кæй бон у хæцын?!.

Цæмæн-иу мæм касти
Мæ сæфт хуры хай?
Цæмæн-иу фæраст и 
Мæ рæзты чызгай?

Цæмæн-иу мæм бахудт
Хъуызгæ-мидбылты?
Цæмæн мæ хъуыд агъуд, —
Ливорджын дæн цы?

Ныббар мын, кæд дардæй
Мæ ныхас хæссын, —
Мæстджынæй, æнкъардæй
Мæ сæнттæ мысын…

Нæ зымæг ингæн у, —
Иæ зæйтæ — нæ мæт;
Нæ фæззæг куыстæн у,
Нæ уалдзæг — дзæнæт.

Хур арæхдæр тавы,
Ысулæфы зæхх,
Сæгъ хъæмпæй нæ давы, —
Нæ хуссæртгæ — цъæх.

Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæбур вæййы дон,
Æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон.

Фæзыны гæлæбу…
Зынг фесты зæрдæ…
Гъе, мардзæ, нæ лæппу! —
Цы фæдæ, кæм дæ?!.

Дæ хъару нын равдис! —
Куыддæрфæнды уæд, —
Ирæдисæн бар ис:
Йе — фыр, йе — рæуæд.

Мæ ирæд цæттæ у…
Æххуырсты мыздæй
Æрымбырд… Цы хъæуы, —
Æппæт дæр хыгъдæй.

Мæ фосæн цын дардтон
Мæхи армæй цæхх,
Сæ мадæн цын ссардтон
Дыууæ галæй бæх.

Æнæуый, цы зæгъай, —
Æппæтæй рæвдыд…
Мæ сагъæс, мæ катай —
Чызгайæн йæ фыд.

Мæгуыр лæгмæ — схъæлдзырд,
Æнæбарвæссон;
Хъæубæсты — хъæды сырд,
Хæдзары — Сырдон.

Дзырды бар кæй уадзы,
Кæй фæрсы фæндæй?
Чызг тайы, дзыназы,
Мад судзы мæстæй…

Æмвæнд ыстæм рагæй…
Мад циу? Мад нæ фарс
Хæцдзæнис дæндагæй…
Фыд… Фыд у цъæх арс!

Фæкодтон нывæндтæ, —
Мæ куывд мын Хуыцау
Нæ исы… Мæ зæрдæ
Ысдзæгъæл, ыссау…

Кæй барвитон курæг?
Кæй та равдæла?
Цæй мæгуыр дæ, иунæг.
Дæ мад амæла!

Кæй барвитон курæг?
Æфсæрмлæг кæм и?
Мæ лæгтæм лæбурæг
Куы скæна йæхи?

Мæхæдæг фæцæуон, —
Уæд ноджы фыддæр, —
Куы нæ йæм фæлæууон,
Куы сдзурон æз дæр!..

Кæй та цын æй курынц
Уый ацы сахат
Сæхуыддæг дæр дзурынц.
Нæ йæ дæтты мад.

Иæ чызг дæр кæм комы?!.
Фæкъæйных цæм и, —
Йæ дзыккутæ тоны,
Æргæвды йæхи…

Æрвиты мæм ал-хатт:
«Цы фæдæ, кæм дæ?
Мæлынмæ мæ ма радт,
Фæзын, кæд лæг дæ!»

Гъеуый дын мæ митæ, —
Куыдфæнды цæ дом!
Фæрсыс ма мæ: чи дæ? —
Уæд иунæг — мæ ном!


2 Амонæг:

Иухатт Чендзе Къостайæн бацамыдта йæ мады ингæн. Уæдæй фæстæмæ алы бон дæр цыдис уæлмæрдтæм. Хаттæй- хатт иу афтæ бафæллад кæуынæй, æмæ – иу йæ мады ингæныл бафынæй.


Сценкæ.


1 Амонæг:

Абон мах тынг фæнды æмæ зæрдиагæй архайæм, цæмæй Къостайы ном ма уа рох Ирыстоны зæххыл!



2 Амонæг:

Мах фæнды, цæмæй фидæны æрлæууæм, Ирыстонæн кад чи хæссы, уыцы фæсивæды æмрæнхъ! Ма рох кæнæм не взаг, не гъдау, нæ кадджын хистæрты.


1 Амонæг:

Уæдæ ма байхъусæм Ирыстоны кадджын хистæр Цгъойты Хазби куыд иртасы ирон адæмон табуйаг дзырдтæ:

Æфсарм.

Намыс.

Æгъдау.

Бынаты бардуаг.


2 Амонæг:

Алцы базонæн нæй, фæлæ адæймаг хъуамæ тырна фылдæрмæ. Сывæллæттæ, нæ фембæлды кæрон Цгъойты Хазбимæ уæ бон у раттын фарстатæ.

Ирон кафт.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 8 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Внеклассное мероприятие на тему: "Фæлтæрæй - фæлтæрмæ".

Автор: Рубаева Зарина Шамильевна

Дата: 15.02.2019

Номер свидетельства: 499896


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства