kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Викторин? «Куыд зон?м Къостайы»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Викторинæ «Куыд зонæм Къостайы»

1. Кæй мысы Къоста ацы рæнхъыты:

Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Дзуапп: Дзапарты Чендзейы

2. Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.

Дзуапп: «Гино», «Скъолайы лæппу», «Фыдуаг», «Кæмæн цы», «Уасæг», «Лæгау», «Дзывылдар», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ»

(æдæппæт – 9).

3. Кæмæн фыст æрцыд поэмæ «Фатимæ»-йы бацæуæны акростих?

Дзуапп: Анна Поповайæн.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Викторин? «Куыд зон?м Къостайы»»

Викторинæ «Куыд зонæм Къостайы»


1. Кæй мысы Къоста ацы рæнхъыты:


Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.


Дзуапп: Дзапарты Чендзейы


2. Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.


Дзуапп: «Гино», «Скъолайы лæппу», «Фыдуаг», «Кæмæн цы», «Уасæг», «Лæгау», «Дзывылдар», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ»

(æдæппæт – 9).


3. Кæмæн фыст æрцыд поэмæ «Фатимæ»-йы бацæуæны акростих?


Дзуапп: Анна Поповайæн.


4. Цавæр зындгонд уырыссаг нывгæнджытæ ахуыр кодтой Къостаимæ Аивæдты академийы?


Дзуапп: Валентин Серов, Михаил Врубель.



5. Кæй сывæллæтты сурæттæ равдыста Къоста йæ зындгонд нывы «Дурсæтджытæ»?


Дзуапп: Шанаты Ибрагимы.


6. Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у æмдзæвгæ:

«О,о,! – бирæгъ загъта, -

Ма рох кæн дæ дзырд»,-

Арсы уым фæуагъта, -

Мехъ кæмдæр фæцыд…


Дзуапп: Бирæгъæн, дам, æмбисæндтæ хастой, уый та, дам, афтæ: «Ауадзут мæ, уæлæ сæгъ фæлидзы».


7. Кæд рацыдис фыццаг хатт мыхуыры Къостайы «Ирон фæндыр»? Уырыссаг культурæйы царды цавæр цауимæ баст уыд йæ рацыд?


Дзуапп: 1899 аз, 26 май. Зæронд нымадмæ гæсгæ уый уыд А.С. Пушкины райгуырды 100 азы бон.


8. Кæд æмæ кæм рацыд мыхуыры Къостайы фыццаг чиныг?


Дзуапп: Къостайы фыццаг чиныг «Мæ лæвар Иры сывæллæттæн» мыхуыры рацыд


9. Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»?


Дуапп: «Хорздзинад бæсты нæ цæуы», «Хорз ма ракæн, æмæ фыд ма ссарай»,


10. Цæмæн у Къоста нымад ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы бындурæвæрæгыл?


Дзуапп: Аив литературон æвзагыл фыццаг Къоста райдыдта фыссын.


11. Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд æрцыд?


Дзуапп: 1 апрелы, 1906 азы. Ныгæд æрцыд Лабæйы, фæлæ йæ цалдæр боны фæстæ сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ баныгæдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.


12. Цавæр бастдзинад ис се 'хсæн: грекъаг – Эзоп, французаг – Лафантен, уырыссаг – Крылов, ирон – Къоста.


Дзуапп: сæ басняты сюжеттæ сты æмхуызон. Баснятæ: «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп, «Хъазтæ».


13. Ранымайут, Къоста цы литературон жанрты фыста, уыдон.


Дзуапп: Поэмæ, басня, драмæ, лирикæ, очерк, литературон аргъау.


14. Цавæр прозаикон уацмысы æвдисы Къоста хохаг адæмы мæгуыр царды нывтæ?

Дзуапп: Радзырд «Дзæбидырдзуан».




15. Чи сарæзта Къостайыл фыццаг зарæг?


Дзуапп: Тменыхъæуккæгтæ Ногъаты Теба, Токкаты Бига, Царахаты Хъайтыхъо, Дзиуаты Гадзи.


16. Куыд баст у Къостайы ном ирон чызджыты фыццаг скъолаимæ? Ирон чызджыты скъола цы бæстыхайы уыд, уый кæм ис?


Дзуапп: 1891 азы чызджыты скъола хъуамæ æхгæд æрцыдаид. Къоста сдзырдта уыцы хъуыддаджы ныхмæ. Уый фæдыл хаст æрцыд Хъæрæсемæ фондз азы æмгъуыдмæ.

Скъолайы бæстыхай ис Маркусы уынджы. Ныртæккæ дзы ис нæ университеты физикон факультет.


17. Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ, уырыссаг æвзагыл цавæр уацмыс ныффыста?


Дзуапп: Радзырд «Дзæбидырдзуан», «Охота за турами».



18. Цавæр баснятæ ныффыста Къоста ирон æмбисæндты бындурыл?


Дзуапп: «Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Марходарæг», «Саг æмæ уызын», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Уайдзæф», «Булкъ æмæ мыд».


19. Къостайы афоризмтæ фылдæр чи ранымайдзæн.


Дзуапп:

Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз,

Дунетæй хуыздæр куы фестай, йе уæддæр дæхи уд ма стау,

Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы,

Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæ цуры бафау,

Магусайæн – цæф, цырд лæппуйæн – кæф,

Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты,

Коммæгæсы ма цæв, мастæн æй хæсдзæн»,


20. Цавæр æмбисондмæ гæсгæ у фыст басня «Марходарæг»?


Дуапп: Гæды фиумæ куы нæ ’ххæсса, уæд æй мархо хоны.


21. Цы ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц Къостайы басня «Марходарæг» æмæ Крыловы басня «Рувас æмæ сæнæфсир»?


Дзуапп: Къостайы уацмысы архайджытæ сты куыдз æмæ гæды, Крыловы басняйы архайджытæ – рувас æмæ сæнæфсир. Къоста сæнæфсиры бæсты пайда кæны фиуæй.





3




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 8 класс

Скачать
Викторин? «Куыд зон?м Къостайы»

Автор: Хайманова Эмма Ахсарбековна

Дата: 27.11.2015

Номер свидетельства: 258938


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства