Темӕ: «Не взаг- нӕ хӕзна!»
 До нач. Майя Болотаева
 Нач. Р. Гаджинов 
 Фӕндыры зӕлтӕ
 
 
 1-аг амонӕг: «Ӕрцыд,ныллӕууыд уалдзӕг! 
  Ӕрцыд,ныллӕууыд май!» 
 2-аг амонӕг: -Уалдзӕджы,15(фынддӕсӕм) майы Ирыстоны адӕм бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. 
 1-аг амонӕг: -Ацы мӕйы 15-ӕм боны та йӕ уымӕн бӕрӕг кӕнынц,ӕмӕ Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр» рухсмӕ рацыд 15-ӕм майы 1889 азы. 
 2-аг амонӕг: -Уӕ бон хорз, нӕ зынаргъ, ӕмбӕлттӕ! 
 1-аг амонӕг: -Уӕ бон хорз, ӕмӕ нӕм алы бон ӕгас цӕут! Фарн уӕм бадзурӕд ӕмӕ хайджын ут Къостайы ӕвзагӕй! 
 2-аг амонӕг: -А дунейыл адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста цӕрынӕн. Цӕрынӕн та алкӕмӕндӕр ис йӕ райгуырӕн бӕстӕ, йӕхи фыдӕлты уӕзӕг, йӕхи мадӕлон ӕвзаг. 
 
 
 1-аг амонӕг: -Уалдзӕг зӕххыл дидинджытӕй гауыз куыд тауы,афтӕ мад йӕ сабийы уды тауы уарзт мадӕлон ӕвзагмӕ. 
 Ӕмдзӕвгӕтӕ: Датиева А. 6 «Г» Даурӕ «Дӕхӕдӕг дӕр цӕмӕй дӕцӕ,ирон!» Багаева С.Х
 Хосиев Э. 6 «А» «Ирон дзырд.» Цаллагова Л.В 
  Дзуцев Артур «Ирон ӕвзаг » Дзуцева С.К
  
 
 
 2-аг амонӕг: - «Уӕлдӕф ауадджын сты йӕ зӕлтӕ, 
  Сӕууон ӕртӕхау сты сыгъдӕг, 
  У царды арвӕрдын кӕстӕртӕн
  Нӕ уарзон мадӕлон ӕвзаг!» 
 
 
 Гурциев Г. Томаев Д. 8 «Д» «Ме взаг.» Бигаева С.В.
 
 
 
 
 1-аг амонӕг: - Мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ нын хъӕздыг кӕнынц нӕ удыхъӕд. 
 Карсанов 8 «Д» «Цы у ирон ӕвзаг мӕнӕн.» Бигаева С.В
 2-аг амонӕг: -Кӕд абон истӕмӕй сӕрыстыр стӕм, уӕд нӕ мадӕлон ӕвзаджы рӕвдауӕн хъӕлӕс ӕмӕ адӕмы сфӕлдыстадон дӕсныйадӕй. 
 Сакиев Михаил Малиты Г. «Федог» ; Козонов Максим –Игра на осет.гармонике. 
 1-аг амонӕг: -Ирон адӕмӕн иссрагон истори.Нӕ рагфыдӕлтӕскифтӕ-алантӕн сӕ ном ӕрвнӕрӕгау хъуыст Ази ӕмӕ Европӕйы.Уыдонимӕ рӕзгӕ цыдис не взаг дӕр. 
 2-аг амонӕг: «Нарты кадджытӕ сты аив ӕмӕцымыдисаг таурӕгътӕ,хъусӕн-ӕхцон,зӕрдӕйӕн-ӕхсызгон. (муз.оформ. Г. Абаев скрипка №4)
 1-аг амонӕг: «Сатана-бӕркадкъух.» «Сатана Нарт ӕн зонд амонӕг,ныфсдӕттӕг.» (Сатанайы ныв.)
 1-аг амонӕг: -Цард бӕллиццаг у уӕд,каддын куы кӕной,цы адӕмы ӕхсӕн цӕрыс,уыдон.Кады аккаг та уыдзынӕ уӕд,ӕмӕ куы зонай,куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг! 
 «Чызджыты кафт» 10 къл. Бутаева Ф.Б.
 2-аг амонӕг: -Адӕймаг амондджын уӕд у,куы базона аргъ кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн,йӕ фыдызӕххӕн,йӕ мадӕлон ӕвзагӕн. Гъе,уӕд ӕхсиддзӕн нӕ дадзинты ирон туг! 
 Парастаев И. Хаджеты Т. «Хъуыдыйы рис.» Бигаева С.В
 1-аг амонӕг: -Зарӕг у адӕмы зӕрдӕйы хъӕлӕс.Фыдӕлтӕй баззади куырыхон ӕмбисонд «Зарӕг-иронӕн ӕмбӕлццон.»
 Зарӕг «Амонды цин.» Хосиева Оля 8 «В» Бигаева С.В
 2-аг амонӕг: -Бирӕ намысджын адӕм уыдис,ис нӕ Ирыстоны. Ирон нывӕфтыд ныхас куы фӕзӕгъӕм,уӕд нӕ цӕстытыл ауайы Къоста,Секъа,Брытъиаты Елбыздыхъо,ДжыккайтыШамил… 
 Джыккайты Ш. «12 дзырды» Басиев В. 9 «В» Лазарова Г.А 
 1-аг амонӕг: -Историйы цыды лӕгдзинад кӕм хъуыд,уым ирон адӕм фӕсте никуы лӕууыдысты. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты равдыстой стыр хъӕбатырдзинад. Сӕ уӕндон ӕмӕ фидар удыхъӕдӕй махӕн абон сты фӕзминаг. 
 2-аг амонӕг: -Уӕлахизы 71-ӕм азы бонмӕ сын сӕ ном мысӕм. 
 Муз.оформ. Героикон зарӕг.
 Ӕмдз: Джелиева З. Плиты Грис «Салдаты цӕстысыгтӕ.» Багаева С.Х
 Гобаев Г. 5 кл. Хубецова В.Т 
 Кулаева А. «Мад»
  
 
 
 
 
 1-аг амонӕг: -Мӕ Ирыстон, диссаджы адӕм уарзон ӕй цӕрынц дӕ зӕххыл. Ирон ӕвзаг ахуыр кӕнынц бирӕ адӕмтӕ,цӕмӕй хуыздӕр базоной нӕ рагон хъӕздыг культурӕ. 
 
 
 2-аг амонӕг: - Не взаг куынӕ уа ,уӕд нӕ уыдзыстӕм мах дӕр. Уӕдӕ бахъахъхъӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг, не стырдӕр хӕзна! 
 Сценка «Сасинкъа ӕмӕ Дусинкъа.» Лазарова Г.А Джиоева Р.А
 1-аг амонӕг: -Ирон ӕвзаджы хъысмӕт аразгӕ у не ппӕтӕй дӕр ӕмӕ йыл иумӕ зӕрдиагӕй архайӕм. Абон Ирыстоны зӕххыл ӕрттивы сӕууон стъалыйау ӕмӕ мах,кӕстӕр фӕлтӕр ма бауадзӕм ацы стъалы ӕрмынӕг кӕнын!
 
 
 2-аг амонӕг: -Арфӕ уын кӕнӕм , нӕ уазджытӕ! Нӕ Ирыстон,дӕ кӕстӕртӕ рӕсугъд фӕндӕгтыл цӕуӕнт! 
 1-аг амонӕг: -Ирыстоны зӕрин хур ӕрттивӕд ӕнустӕм ӕмӕ ирон ныхас хъуыссӕд! 
 2-аг амонӕг: - Зынаргъ ӕмбӕлттӕ, байхъусӕм ирон фарны куывдмӕ. Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ кӕсы йӕ Хуытыгаты Хъазыбег. 
 Аудио запись «Ирон куывд.» 
  Танец «Симд» Джиоева Р.А 
 
 
 
 
 
 
 Ответственные за мероприятие: Лазарова Г.А Джиоева Р.А Гасиева М.З