kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Сценарий мероприятия посвященный Е. Бритаеву

Нажмите, чтобы узнать подробности

 «Æз мӕхи нӕма базыдтон, нӕма равзӕрстон мӕ бынат царды. Æз разы нӕ дӕн ницӕйаг адӕймаджы хъысмӕтыл. Мӕн фӕнды царды фӕд ныууадзын. Уыцы фӕдыл цӕугӕйӕ ног фӕлтӕртӕ хъуамӕ ӕхсызгонӕй ӕмӕ сӕрыстырӕй мысой мӕн – мӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕрты разӕнгард кӕнынӕн»

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Сценарий мероприятия посвященный Е. Бритаеву»

Елбыздыхъо Бритаев

Музыка Г.Абаева «Мелодия гор»

(Голос Роберта Битаева)

«Æз мӕхи нӕма базыдтон, нӕма равзӕрстон мӕ бынат царды. Æз разы нӕ дӕн ницӕйаг адӕймаджы хъысмӕтыл. Мӕн фӕнды царды фӕд ныууадзын. Уыцы фӕдыл цӕугӕйӕ ног фӕлтӕртӕ хъуамӕ ӕхсызгонӕй ӕмӕ сӕрыстырӕй мысой мӕн – мӕхи тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕндӕрты разӕнгард кӕнынӕн»

(музыка продолжает играть тихо)

1 ведущий

Куырттаты ком… Ирыстоны рӕсугъддӕр кӕмттӕй иу…

Фыдӕлты мӕсгуытӕ, рагон цыртдзӕвӕнтау лӕууынц хохы рындзыл. Уӕлдӕф сыгъдӕг , йемыдзаг у цъӕх кӕрдӕг ӕмӕ алыхуызон дидинджыты адджын тӕфӕй. Ӕгӕрон цъӕх арвы хъӕбысы бандзыг стыр хӕххон цӕргӕс ӕмӕ цӕмӕдӕр лӕмбынӕг кӕсы зӕхмӕ. Цы дзы агуры? Уӕларвон Хурзӕрины тынтӕм йӕхи тавы? Ӕви уый дӕр дисы бафтыдта ӕрдзы рӕсугъддзинад. Кӕд Куырттаты комы рӕсугъддзинӕдты ӕхсӕнӕй уӕлдай аивдӕрӕй чи зыны нывӕфтыд ададжы арфӕй, уыцы Фыййагдоны гакъон – макъон ӕвзист уадздзаджы йӕхи уыны? Кӕд ӕй мыййаг йе знӕт уылӕнтӕ дисы ӕфтауынц, ӕви сӕрибарӕй абухгӕ, фӕйлаугӕ, фыцгӕ размӕ кӕй згъоры. Кӕд мыййаг цъитиджын хӕхтӕм нымдзаст, дис сын кӕны сӕ сӕрыстырдзинадыл. Нӕ, нӕ, уый Цопаны иунӕг бындары ӕнцойдзинад хъахъхъӕны. Уый ӕмбаргӕ, дардмӕуынаг маргъ у, хорз ӕмбары: ахӕм ӕвӕджиауы ӕрдзы хъӕбысы цы саби хъомыл кӕны, уый йӕхиау ссӕрибаруарзаг кӕй уыдзӕн, кӕй агурдзӕн сӕрибары цардмӕ, адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг. Хӕххон цӕргӕс дардмӕ фӕлгӕсы ӕмӕ уыны, кӕй бавзардзӕн бирӕ фыдӕбӕттӕ, фыдбонтӕ хуымӕтӕг хӕххон лӕппу – сӕрибарагур.

Йӕ уды хӕрзтӕ рахаста йӕ ныййарджытӕ, йӕ фыды уӕзӕгӕй. Дӕллагхъӕуы ӕвӕджиауы рӕсугъд ӕрдзы хъӕбысы федта дунейы рухс.

2 ведущий

Брытъиаты Елбыздыхъо уыд зынгӕ ӕхсӕнадон кусӕг ӕмӕ курдиатджын фыссӕг. Йӕ литературон бынтӕ сты ирон адӕмы национ ис бон. Йӕ аив драмон уацмыстӕй Елбыздыхъо фидар бындур ӕрӕвӕрдта ирон драматурги ӕмӕ театрӕн.

1 ведущий

Уый ӕхсӕнадон царды дӕр ӕмӕ сфӕлдыстады дӕр тох кодта йӕ адӕмы фарны сӕраппонд, рӕстдзинад ӕмӕ рухс фидӕны сӕрвӕлтау. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бынтӕн ис бӕлвырд историон ӕмӕ аивадон-культурон ахадындзинад. Елбыздыхъо уыд стыр курдиаты хицау, уый ӕнӕкӕрон бирӕ уарзта йӕ бӕстӕ, уыд ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕнӕнцой кусӕг йӕ адӕмӕн.





2 ведущий

Елбыздыхъо бирӕ азты удхаргӕнӕг адӕмы хъысмӕт, сӕрибар ӕмӕ царды нысаныл цы сагъӕстӕ фӕкодта, уыдон нывӕфтыд ӕрцыдысты трагедии «Амыран» - ы. Драматургы дӕсныйад афтӕ бӕрзонд схызт ӕмӕ уацмысы арӕзты нӕй хӕрз чысыл аип дӕр; йӕ поэтикон ӕвзаг афтӕ аив, афтӕ нывӕфтыд у, ӕмӕ дзы алы дзырд дӕр ӕрттивы цыкурайы фӕрдыгау.

Музыка

СЛАЙД Афиша «Амран»

1 ведущий

Бӕстыхицауы цӕрӕнуӕттӕм баирвӕзт фыййау Бесӕ. Уый банызта Амыраны цӕссыгты суадонӕй ӕмӕ ссардта ныфс. Ныфсы руаджы ракаст йӕ цӕстытӕй, йӕ зонд срухс, ӕмӕ базыдта сусӕгдзинад: Амыран у адӕмы амонд, ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгтӕ лӕгӕты бастӕй дарынц. Бесӕйы зӕрдӕйы бацыд иу бӕллиц – Амыраны суӕгъд кӕнын. Уыцы фӕндонӕн йӕхи снывонд кодта, радта йын йӕ цард.

Музыка тише

АМРАН:

Оу! Ныуудз мӕ, уарийы бырынкъ мӕ зӕрдӕйы арф сагъд куы у, ныууадз мӕ!

АМРАН:

Ӕнцад! Чи хъӕр кӕны?! Оу, ӕнусы рис…

БЕСӔ:

Чи хъӕрзы! Чи хъӕрзы! Цӕй уӕззау у йӕ хъӕрзт! Зӕххон низ нӕу, ӕвӕццӕгӕн, йӕ низ… Кӕм дӕн ай? Ацы талынг ком цӕмӕй ныррухс?.. Мӕ фос мӕ цӕст куынӕуал ахсы. Фесӕфтысты, мыййаг?.. Ӕмӕ мӕ сӕ мӕт нӕй, мӕ зӕрды сыл нӕ рисы. Уыдоныл нӕ рисы, фӕлӕ уӕдӕ цӕуыл рисы? Диссаг, мӕ уӕнг рог, уӕртӕ уыцы айнӕг иу къухӕй рафӕлдахин… Цыдӕр мыл ӕрцыд. Хорз ӕви фыд?!

НЫФС: (ӕрбацӕуы йӕм)

Стыр хорз ӕмӕ стыр фыд.

БЕСӔ: (исдугмӕ сагъдӕй аззад)

Мӕ сӕнттӕ, мӕ рухс фӕндаг! Хохы цъасмӕ ӕрра Бесӕйы йеддӕмӕ куы ничи уӕнды! Ды ам кӕцӕй дӕ? Цӕмӕн дӕ?

НЫФС:

ныртӕккӕ дын дон куы лӕвӕрдтон, уӕд мӕ нӕ федтай?



БЕСӔ:

Кӕм и уыцы стыр фыд? Стӕй цы кодтон?

АМЫРАН:

Оу, мӕлӕт! (Ныфс, Бесӕ кӕрӕдзийыл фӕхӕцыдысты)

БЕСӔ:

Гъе уый у де стыр фыд? Риссы мӕ зӕрдӕ.

НЫФС:

(суадонмӕ йӕ бакодта) Уыныс, цы банызтай уый?

БЕСӔ:

Сырх куы нӕ уыд уӕд!!!

НЫФС:

Адон сты Амыраны цӕссыгтӕ йӕ тугӕмхӕццӕ. Банызтай дзы дӕхӕдӕг, ӕмӕ Амыраны низ бафтыд дӕ зӕрды, банызтай мӕ къухӕй, ӕмӕ Амыраны ныфс бацыд де уӕнгты.

- Хъусыс, уый у Амыран, уӕ фыд, уе скӕнӕг Амыран. Йе уӕ ферох, йе йӕ нӕ зонут, ӕппӕты фыццаг уӕ чи сфӕлдыста уый. Рӕссугъд уыдыстут, рӕвдз ӕппӕтӕй дӕр, фӕлӕ уӕм зынг нӕ уыд. Арвнӕрынгӕнӕг Куырдалӕгонӕн бафӕдзӕхста, зӕххон ӕлыгӕй конд чи у, уыдонӕн зынг куыд нӕ радта, афтӕ, уый тыххӕй ӕмӕ зынгимӕ уыдон сӕ хуыддтӕ уӕларвмӕ тындзысты.

(музыка Зиммер-Уолл)

Сослан

Елбыздыхъо

Хӕрзгӕнӕг хорз йӕ афоныл нӕ ары:

Уыди йӕ фӕндаг сыгъд ӕмӕ уырыд…

Мах тар ӕхсӕвы зонды цырагъ хъуыд,

Ды нын ыссыгътай Ногбоны арт тары.



Нӕ бон нӕ уыд уӕлмонц ныхас ӕмбарын,

Пехуымпарӕн цӕмӕй ыскӕнӕм цыт?

Дӕ уды рухс ӕгӕр куырыхон уыд,





Ӕмӕ дын уый нӕ лӕмӕгъ зонд нӕ бары.

Уыдтӕ нӕ дзырды сау ӕрмадзы куырд

Ӕмӕ куыстай. Амраны туг- цӕссыгӕй

Ӕхсыстысты дӕ хъуыды ׳мӕ дӕ дзырд…



Циу кады нысан дур ӕмӕ ӕлыгӕй?

Дӕуӕн уыдзӕн ирон зӕрдӕйы цырт –

Нӕртон удӕвдз дӕ куырдадзы фӕтыгӕй.

Джыккайты Шамил.



2 ведущий

“Æгас Уӕрӕсейыл айхъуысын кодтой ирон адӕмы фыдном… Ардыгӕй хъалӕй араст вӕййынц: мах, дам, паддзахы куыстмӕ цӕуӕм… Уӕрӕсейы ӕххуырсты бацӕуынц зӕхкусджытӕм, ралли-балли кӕнынц, быдыры зилынц… адӕмы ӕфхӕрынц… Нӕ кӕмӕндӕриддӕр ахъуыды хъӕуы: афоныл нӕ фыдбылызы куы нӕ бауроомӕм, уӕд нын стыр зиан асайдзӕн…” “Æвзӕр хъуыддаг йу ракӕны, йӕ худинаг та бирӕмӕ хӕццӕ кӕны… Адӕм на исты ӕнхъӕл-уыдысты, ахуыргонд нӕ хуыдтой, размӕ тынг цӕуынц… Мах та не ‘взӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи чъизи кӕнын байдыдтам… Ницыуал нӕм баззад нӕ фыдӕлты лӕгдзинадӕй, нӕ фыдӕлты сахъхъ хъуыддӕгтӕй”.

“Ирон газет”. – 1906. 27 июль

1 ведущий

Ацы цауты фӕдыл Елбыздыхъо ныффыста йӕ фыццаг пъецӕ «Уӕрӕседзау», ӕмӕ дзы фӕдзӕхста…

Ирина В.

Лӕгӕн йӕ хорзы нысан йӕ бакаст у. Лӕг раныхас куы зона, ӕгъдауыл бацӕуын, ӕгъдауыл рацӕуын, дзӕгъӕл ныхасӕй йӕхи куы хъахъхъӕна, уӕд лӕгӕй ницы агурын хъӕуы фыццаг бакастӕн.

Ахӕм лӕгмӕ ӕгъдау кӕй ис, уый зон. Мӕнӕй уыцы митӕ куы ферох ой, уӕд мӕ не ׳гъдау рох кӕны! Ӕмӕ цӕмӕн бӕззын уӕд? Лӕгыл азтӕ куы ацӕуа, уӕд дзы нӕ ферох уыдзысты, йӕхицӕн цы хъуыдыйы уаг, цы митӕ саккаг кодта ӕмбаргӕйӕ, уыдон.

2 ведущий

Нӕ рагфыдӕлты хъайтар царды хабӕрттӕ аивадон уацмысы снывӕндынмӕ драматург фыццаг хатт бавнӕлдта йӕ трагедии «Хазби» - йы.

Уацмысы ахъаззаг идейӕ абон дӕр у ахсджиаг - ирон адӕмы иудзинад. Адӕмы фарн бирӕ у, ӕрмӕст се ׳хсӕн иудзинад куы уа, уӕд. Зӕрдиагӕй цӕуыл ныллӕуой адӕм, уый баххӕст кӕндзысты, ӕрмӕст кӕрӕдзийы ныхас куы ׳мбарой, уӕд.

1 ведущий

Адӕм ӕмзонд, ӕмвӕнд куы уой, уӕд сын знаг тых нӕ кӕны. «Хазбийы хӕсты» ирон адӕммӕ нӕ разынд уыцы иудзинад, ӕмӕ саст уымӕн ӕрцыдысты. Ноджы адӕмӕн сӕхицӕй разынд уӕйгӕнджытӕ. Мӕсыг хи дурӕй хӕлы. Ахӕмтыл фыссӕг ӕвӕры худинаджы гак.

(Хазбийы зарӕг)

1 ведущий

Куырттатӕ комы фӕсивӕд цӕрынц Елбыздыхъойы райгуырӕн зӕххыл, сӕ риуы, Елбыздыхъо цы уӕлдӕфӕй улӕфыд, уыцы уӕлдӕф ис. Елбыздыхъо цы фӕндаг срухс кодта йӕ сфӕлдыстадӕй, уыцы фӕндагмӕ тырнынц йӕ фӕдонтӕ. Уыдонӕй иу у, не скъолайы рауагъдон, дӕллагхъӕуыккаг, Цӕгат Ирыстоны драмон театры актер Уаниаты Валера.

Валера Ваниев

Музыка

(Голос Роберта Битаева)

(Музыка Г.Абаева «Мелодия гор»)

Ирон культурӕйы ахъаззагдӕр ӕнтыстытӕй иу уы Брытъиаты Елбыздахъойы сфӕлдыстад. Йӕ аивадон бынтӕ сты национ исбон. Йӕ уацмыстӕ уыдысты сӕрӕвӕрӕн ирон драмӕйӕн ӕмӕ ирон театрӕн. Елбыздыхъойы ׳хсӕнадон куыс ӕмӕ сфӕлдыстадӕй дзӕвгар фӕхъӕздыгдӕр ис нӕ монон цард. Къостайы поэзийы фӕстӕ нӕ литературӕйы ӕппӕты фылдӕр ахады Елбыздыхъойы сфӕлдыстад.

Музыка меняется на другую

Марина В.

Ды стахтӕ цӕргӕсау …

Куырттаты ӕрдхӕрӕны комы

Ды райгуырдтӕ хурмӕ бӕлгӕ;

Ӕрхаста дын булл-бул йӕ комы

Нымд зарджытӕ цинӕй кӕнгӕ.

Ды стахтӕ бӕрзондмӕ цӕргӕсау,

Ӕрвгӕрӕттӕ хаста дӕ цӕст.

Ӕргъом дыл ӕрӕнцад,

Ныууӕззау,

Дӕ астӕу нӕ тасыд ӕрмӕст.


Уыд ахстон,

Талынг - йӕ къултӕ;

Ӕмпылдтӕ,

Фыхтӕ ды мӕстӕй …

О, цас дӕ ӕфхӕрдтой фыдгултӕ,

О, цас дӕ ӕфхӕрдтой рӕстӕй!..


Дӕу азымы дардтой тызмӕгӕй,

Дӕ номыл фӕкалдтой цъыф – дон…

Ды баззадтӕ Ирӕн сыгъдӕгӕй.

Куырыхон Къостайы фӕдон.


Ды уарзтай Гыццийау нӕ бӕстӕ

Ӕхсидгӕ зӕрдӕйы тыхӕй;

Дӕ фидар ӕрхӕндӕг ныхӕстӕ –

Сылгоймаджы рисы тыххӕй.


Ды истай козбауты гӕмхудтӕ,

Рӕстдзинад мылазӕй хызтай,

Уӕрӕседзау биппытыл худтӕ,

Бӕгъатырыл тугӕй фыстай.


О, сугтӕ сӕрибары артыл

Тымыгъы ӕвӕрдта «Амран»,

«Хазби» - йӕн нӕй амӕлӕн царды,

«Дыууӕ хойы» - уарзты галуан

Тыджыты Юрий








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: Прочее

Скачать
Сценарий мероприятия посвященный Е. Бритаеву

Автор: Кудзиева Анжела Дзантемировна

Дата: 27.12.2021

Номер свидетельства: 596384


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства