kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг (Литературон-музыкалон композици)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг (Литературон-музыкалон композици)

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг (Литературон-музыкалон композици)»

Сцена у аивгонд скъоладзауты нывтӕ ӕмӕ къулы газеттӕй.


Ирон музыкӕ .


Ӕмдзӕвгӕ «Ныстуан».


1.Алы аз дӕр, кӕфты мӕйы, 15 боны уӕлдай ӕхсызгондзинад ӕрхӕссы ирон адӕмӕн. Бӕрӕг кӕнӕм Хетагкаты Къостайы бӕрӕгбон.

2. 15 октября исполнилось 157 года со дня рождения великого сына Оетии-Коста Левановича Хетагурова.


1. Йӕ дзыллӕйӕн стыр лӕггад чи бакодта, ахӕм адӕймагӕн мӕлӕт нӕй. Ис ын армӕст Райгуырӕн бон.


2. Сегодняшний день не запоздался: дань памяти поэту, увы, давно и безвозвратно ушедшему от нас, блистательный триумф его бессмертия.


1. Ирон адӕммӕ ис ахӕм таурӕгъ: «Цардис иу мӕгуыр лӕппу. Хъӕздыгдзинадӕй йын хуыцау балӕвар кодта ӕхсарджын зӕрдӕ. Фыдгултӕ йӕ нӕ бауарзтой, амардтой йӕ, йӕ зӕрдӕ йын стыдтой ӕмӕ йыл стыр дур ныффӕлдӕхтой. Дыккаг бон уыцы ран ӕрзади диссаджы рӕсугъд дидинджытӕ. Ӕхсӕвы та фыдгултӕ дидинджытӕн сӕ уидӕгтӕ срӕмыгътой, фӕлӕ та райсоммӕ дидинджытӕ ноджы рӕсугъддӕрӕй лӕууыдысты. Ахӕм дидинджытӕ рахуыдтой «ӕхсарджын зӕрдӕ». Балцы- иу чи цыд, уый-иу ард бахордта уыцы дидинӕгӕй.


2. Ацы таурӕгъ у Къостайыл. Цал ӕмӕ цал ирон лӕппуйы балӕвар кодта йӕ уарзон чызгӕн Къостайы ӕмдзӕвгӕты чиныг.


1. Къоста фыста: «Ӕз дӕн нывгӕнӕг, поэт, адӕмон зарӕггӕнӕг». Уӕвгӕ та уыд поэт, прозаик, драматург, нывгӕнӕг.


Ӕмдзӕвгӕ «Рагон нӕртон лӕгау …»


2. «Къоста ссис ирон адӕмӕн, ирон литературӕйӕн бындурӕвӕрӕг, йӕ цӕугӕ хох, йӕ лӕугӕ мӕсыг, ӕмӕ йын «Ирон фӕндыр» баззади цырагъдарӕй»-, фыста номдзыд ахуыргонд Абайты Васо.



1. Къостайы сфӕлдыстады ис бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, поэмӕтӕ, баснятӕ, зарджытӕ. Йӕ зӕрдӕ рысти йӕ райгуырӕн зӕхх ӕмӕ мӕгуыр адӕмы мастӕй.


Ӕмдзӕвгӕ-зарӕг «Ӕнӕ хай»:


2. Къоста фыста: «Ӕз мӕ дзырд уӕй никуы кодтон, мӕ иунӕг рӕнхъы тыххӕй дӕр иунӕг суари дӕр никуы никӕмӕй райстон»…


Ӕмдзӕвгӕ «Катай»:


  1. Къоста уыд стыр зӕрдӕйы хицау. Йӕ адӕмы рыст. Йӕ адӕмы сагъӕстӕ афтӕ хӕстӕг айста йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йын йӕ тӕгтӕй сӕрста «Ирон фӕндыр»


Ӕмдзӕвгӕ « Додой»:


  1. 1899 «Ирон фӕндыр» мыхуыры куы рацыд, уымӕй дзӕвгар раздӕр адӕм хорз зыдтой Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ. Сӕ кӕсынӕй не фсӕстысты, къухфыстӕй сӕ кӕрӕдзимӕ лӕвӕрдтой.


Ӕмдзӕвгӕтӕ «Гино», «Уасӕг», «Фыдуаг»…..


  1. Зын, фӕлӕ арфӕйаг у Къостайы цардвӕндаг. Йӕ ахуыры азты Стъараполы гимназы.

Бетъырбухы аивӕдты академийы базонгӕ уырыссаг фысджыты сфӕлдыстадимӕ. Царди Толстой, Чайковский, Некрасов, Чернышевский, Репинимӕ иу рӕстӕг.


Ӕмдзӕвгӕ «Памяти Чайковского»:


  1. Къоста йӕ уацмыстӕ фыста иронау ӕмӕ уырыссагау.


Ӕмдзӕвгӕ «Расстаться не трудно»


Зарӕг « Мӕ хуры хай»


  1. Кавказаг адӕмтӕ сарӕзтой бирӕ таурӕгътӕ, бирӕ ӕнкъард зарджытӕ сӕ уӕззау цардыл, фӕлӕ дзы Къостайы хуызӕн йӕ зарджытӕй хӕхтӕй бӕрзонддӕр ничи схызт. Ӕмӕ уыцы зондӕй ничи федта адӕмы хъыгтӕ.

  2. Къоста йӕ адӕмы рухсфидӕныл тохы никуы фӕллад. Иунӕгӕй хӕцыд паддзахы ныхмӕ, дзырдта рӕстдзинадыл, уымӕй йӕ адӕмӕн лӕвӕрдта ныфс.


Сценкӕ «Рувас ӕмӕ зыгъарӕг».


  1. Къостайы уацмысты « хъусӕм» аххормаг сидзӕрты кӕуын, уынӕм дзы сылгоймаджы цагъайраг цард.


Инсценировка «Сидзӕргӕс».



  1. Уырыссӕгтӕн Пушкин куыд у, Англисӕн- Шекспир, Немыцӕгтӕн-Гете. Мах та – ирӕттӕ, фӕзӕгъӕм Къоста. Ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кӕны сӕрыстырдзинадӕй-, фыссы Абайты Васо.




  1. Пройдут года, пройдут века. Но имя славного сына осетинского народа не померкнет, и будет сиять по- прежнему, подобно снежным вершинам Кавказа. И всегда люди буду черпать из светлого родника, каким является творчество К. Хетагурова, разумное, доброе, вечное.



Ирон музыкӕ цӕгъды .


Ӕмбӕрзӕн.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
Нæ цæугæ хох, нæ лæугæ мæсыг (Литературон-музыкалон композици)

Автор: Алборова Зарина Хазбиевна

Дата: 26.12.2018

Номер свидетельства: 492867


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства