Сценари ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбонмæ
Литературон-музыкалон композици «Ирон фарн».
Бацæттæ йæ кодта Джызæлы санаторон скъола-интернаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дауиаты Эльзæ Сергейы чызг.
Литературон-музыкалон композици
«Ирон фарн».
Зарӕг «Мӕ Ирыстон» (кафынц лӕппуты къорд)
1дзурӕг: Мӕ Ирыстон, дӕ нӕртон фарн мӕ уды,
Мӕ рухс бӕллиц, мӕ ныфсы хох ды дӕ,
Мӕ амонд мӕм дӕ урссӕр хӕхтӕй худы,
Зын радзурӕн-цы хӕрзтӕ мын фӕдӕ…
2дзурӕг: Алы аз дӕр 15 майы Ирыстон бӕрӕг кӕны стыр ӕмӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, ахӕм бӕрӕгбон. Иннӕ адӕмты ӕхсӕн сӕрыстыр цӕмӕй стӕм, уыцы бӕрӕгбон. Ирон адӕм сӕ ирондзинад ӕмӕ сӕ кад цӕй руаджы сӕфын нӕ уадзынц, уыцы бӕрӕгбон «Ирон ӕвзаг ӕмӕ лит-йы бӕрӕгбон».
Ӕмдз.кӕсӕг: Зӕрдӕйӕн у алцыдӕр Ирыстон
Алы райсом хӕхты ˈрдӕм мӕ каст
Рагбонты мӕ хистӕртӕй цы хъуыстон,
Иууылдӕр куыд разындысты раст!
Зӕрдӕйӕн у алцыдӕр Ирыстон,
Тавы хурау мӕн Къостайы ˈвзаг.
Тугӕрхӕм ӕнустӕ йыл ныффыстой
Ирӕтты истори ӕмӕ уаг.
Уарзтивылӕн зӕрдӕйы-ӕнусон,
Амондӕн нӕ уыдзӕни кӕрон,
Цалынмӕ Къостайы ӕвзаг хъусон,
Цалынмӕ бӕрзонд хӕхтӕ уынон!
2дзурӕг: Ирыстон… Ирон адӕймаг… Ирон ӕвзаг…
Ацы Стыр кадджын дзырдтӕн мах не ˈппӕт дӕр хъуамӕ аргъ кӕнын зонӕм ӕмӕ сӕ макуы рох кӕнӕм, сӕрыстыр сӕ уӕм. Махӕй алчидӕр хъуамӕ зона, чи уыдысты нӕ фыдӕлтӕ, кӕцӕй цӕуынц нӕ уидӕгтӕ, нӕ ирон адӕмы хорз миниуджытӕ. Нӕ рагфыдӕлтӕй нӕ фӕхицӕн кæнын чи нӕ уадзы, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ нӕ чи бӕтты, уый у фыццаджыдӕр нӕ ирон ӕвзаг. Ирон ӕвзаджы фӕрцы нӕ фыдӕлты туг ӕнхъӕвзы не уӕнгты, нӕ зӕрдӕты дадзинты. Махӕй алкӕмӕн дӕр зынаргъ сты ирон аив дзырд, ирон намыс, ирон ӕгъдау.
Ӕмдз.кӕсӕг: Уадз равзӕрӕд сӕдӕ ˈвзаджы мӕ комы,
Хуыцау мын раттӕд минмырон хъӕлӕс,
Цӕмӕй дӕттон сӕдӕ нуазӕны куывды,
Цӕмӕй ныззарон булӕмаргъау ӕз.
Цӕмӕй на хӕхтӕм хорз уазӕг куы ˈрцӕуа,-
Ӕфсымӕр ын йӕхи ˈвзагыл зӕгъон.
Цӕмӕй фыдгӕнӕг мах бӕстӕм куы цӕуа,-
Йӕ ныхмӕ кард йӕхи ˈвзагыл цӕгъдон…
Фӕлӕ уӕддӕр, уӕззау тохтӕм цӕугӕйӕ,
Нӕ фыдӕлтӕ цы ˈвзагыл хордтой ард,
Цы ˈвзагыл хъусын Терчы ирд уылӕнтӕм,
Кӕй фӕрцы ис нӕ хорз ӕгъдӕуттӕн цард,
Цы ˈвзагыл кодта хъарджытӕ ныййарӕг,
Йӕ дарӕгӕй йӕм сау гӕххӕт куы ˈрцыд,
Цы ˈвзагыл дзурӕм:˝Фесгуыхт та ирон лӕг!˝-
Зӕгъут-ма, уый куыд бамыр уыдзӕн, куыд?!
1дзурӕг: Ӕвзаг у, нӕ фыдӕлтӕй нын чи баззад, ахӕм хӕзна. Ӕвзаджы, айдӕнӕй зынӕгау зынынц нӕ адӕмӕн сӕ цард, сӕ тох, сӕ зондахаст незамантӕй фӕстӕмӕ, сӕ истори, сӕ гуманизм. Уый у канд зӕронд заман ӕвдисӕг нӕ, фӕлӕ дзы зыны нӕ сомбоны цырд дӕр.
2дзурӕг: Дуне Сфӕлдисӕг ӕвзӕгтӕ куы уӕрста, уӕд нӕ рагфыдӕлтӕн, нӕрӕмон скифтӕн, сӕрмӕттӕн ӕмӕ алантӕн цӕстуарзонӕй балӕвар кодта, мах абон цы ˈвзагыл дзурӕм, уыцы алӕмӕты бӕрз уисау тасаг ирон ӕвзаг.
Ӕмдз.кӕсӕг: Ирон ӕвзаг! Алайнӕгты рӕсугъд дзырд!
Дӕ ратӕдзӕн цӕй рагон у, цӕй дард!
Кӕй-иу хуыдтой ӕцӕг ирон лӕджы фырт,
Гъе, уый, дам-иу, ӕгъдауы сӕрыл мард.
Нӕ ӕвзаджы хуымӕтӕджы нӕ баззад:
«Ӕгъдауыл мард», «Фыды уӕзӕг», «Ӕфсарм».
Цӕйнӕфӕлтау ӕгад йӕхимӕ ˈруадза,
Фӕлтау ирон лӕг ˈвзӕрстаид мӕлӕт.
Ирон ӕвзаг! Ды дугӕмдзу бӕллцон дӕ,
Ирон царды цыкурайы фӕрдыг
Ирон адӕм сӕ фидӕны фӕдонтӕн
Дӕу рахондзысты се стырдӕр мӕсыг.
Цӕудзысты азтӕ, ивдзысты фӕлтӕртӕ
Ӕнусты сӕрты хиздзӕнис ӕнус,
Фӕлӕ уӕддӕр, алайнаг дзырды зӕлтӕ,
Ирон зӕххыл сымах уыдзыстут буц.
1дзурӕг: Зӕрдӕйӕн зынаргъдӕр, удӕн адджындӕр цы у, уыцы хӕзнатӕй мах алцыдӕр абарӕм мадимӕ. Ӕмӕ алы адӕм дӕр уыцы цӕстӕй кӕсынц ӕмӕ аргъ кӕнынц се ˈвзагӕн, ӕмӕ йӕ уымӕн хонынц мадӕлон. Мадӕлон ӕвзаг мады ад кӕны, мады ӕхсыримӕ адӕймаджы уӕнгты ахъары, зӕрдӕйы ӕрфытӕм ныттӕдзы, хуры тынтау ныккӕсы йӕ къуымтӕм ӕмӕ сӕ ныррухс кӕны.
2дзурӕг: Фыды зӕхх-Ирыстон… Нӕ эрӕйы фӕндзӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ хӕхбӕстӕ сси нӕ адӕмӕн сӕ фарны мӕсыг. Кавказы уынгӕг хӕхты цы ирӕттӕ ныффидар кодтой сӕхи фыдӕлтыккон фарны уагыл, уыдоны фӕлтӕртӕ абон дзурынц мадӕлон ирон ӕвзагыл. Стыр ахадындзинад ис аив дзырды, ирон арфӕйы дзырды адӕмы рӕзтӕн. Нӕ фыдӕлтӕ ӕххӕст кодтой ӕвӕджиау номхӕссӕн ӕгъдау, цытджын уыдысты ирон удыхъӕды ӕууӕлтӕ: кад, намыс, ӕфсарм, ӕууӕнк, ӕрхъуыды, бӕрц, барон…
2дзурӕг: Ирон адӕмы хуыздӕр ӕмӕ фӕзминагдӕр миниуджытӕ ӕвдыст ӕрцыдысты нӕ символикӕйы – нӕ тырысайы: сырх, урс, бур.
Сырх – патриотизмы ӕмӕ сӕрибары нысан.
Урс – удварны сыгъдӕгдзинад.
Бур – фарны миниуджытӕ.
2дзурӕг: Фӕрнджын у Ирыстон хъӕбатыр ӕмӕ намысджын фӕсивӕдӕй. Сӕ фыдыбӕстӕ, сӕ фыды къона бахъахъхъӕнын ирон адӕмӕн уыд сӕйрагдӕр нысан. Уымӕн ӕмӕ лӕгдзинад, кад ӕмӕ намыс ирон адӕмӕн рагӕйдӕр сӕ туджы ис. Фыдӕй-фыртмӕ ирон адӕм кады зарджытӕ арӕзтой тохы хъайтартыл: Ос-Бӕгъатыртыл, Черментыл, Хазбитыл, Иссӕтыл.
1дзурӕг: Кӕд бирӕ зындзинад бавзӕрста Ирыстон, уӕддӕр ын Ирыстоны сахъгуырд фӕсиӕд кӕддӕриддӕр уыдысты ныфс, кӕцытӕ фыдӕлты фарн сӕфын нӕ бауагътой ӕмӕ нӕ бауадздзысты, уыдон кӕддӕриддӕр уыдысты ӕмӕ уыдзысты иузӕрдион Фыдыбӕстӕйыл, райгуырӕн уӕзӕгыл.
Ӕмдз.кӕсӕг: Чысыл ыстӕм, фӕлӕ ӕнӕтых не стӕм,
Ӕнӕныфсӕй нӕ бахизӕд Хуыцау.
Нырма Сослантӕ сты нӕ фӕйнӕгфӕрстӕ,
Нӕма курӕм Батразтӕ дӕр ӕфстау.
Цыбыркъабаз ирон адӕм, ӕгайтдӕр,
Дӕхи сӕрвӕлтау амӕлынӕн дӕ,
Дӕ хӕстон фырттӕ сгуыхынц та Бегатӕ
Ӕфсады ныхмӕ иуӕй дӕр цӕттӕ.
Ир не ˈлхӕны ӕндӕр рӕтты Иссӕтӕ,
Хӕстон бӕх нӕм йӕ бахъуаджы-цӕттӕ…
Гъе-ей, фыдгул, фӕсайдзӕн дӕ дӕ зӕрдӕ-
Фыды фарн Иры нˈацӕуы мӕрдтӕм.
Зарӕг «Райгуырæн зæхх».
2дзурӕг: Алы адӕмӕн дӕр тулдз бӕласау ис уидӕгтӕ, зӕнг ӕмӕ къалиутӕ. Уидӕгтӕ сты йе ˈвзаг, зӕнг-йе ˈгъдӕуттӕ, къалиутӕ-йӕ царды мидис. Бӕласӕн йӕ къалиутӕ куы ныццӕгъдой, фӕлӕ йӕ уидӕгтӕ фидар куы уой, уӕд та йӕ зӕнг ног къабузтӕ рауаддзӕн. Ахӕм хъысмӕт ис алы адӕмӕн дӕр: йӕ абон, йӕ фидӕн аразгӕ сты йӕ уидӕгтӕй, йе ˈвзаджы цардхъомдзинадӕй. Уый ӕдзухдӕр зӕрдыл дарын хъӕуы,-уӕлдайдӕр та кӕстӕр фӕлтӕрӕн.
1дзурӕг: Ӕмӕ цӕмӕй ма фесӕфӕм куыд адӕмыхатт афтӕ, уый тыххӕй та нӕ ӕппӕты фыццаг зонын хъӕуы не ˈвзаг, уымӕн ӕмӕ не ˈгъдӕуттӕ, нӕ абон, нӕ фидӕн баст у ӕвзаджы фӕрцы. Ӕвзаг у адӕмы уд, дзыллӕты фарн, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм.
Ӕмдз.кӕсӕг: Мыййаг ирон куы нал дзура иронау,
Куы рох кӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг,
Зын рӕстӕг ныл ныддаргъ уыдзӕнис бонау,
Ӕркъуырдзӕн махыл йе схъӕл къах ызнаг.
Ироны намыс фурды сӕрты ахызт,
Кӕм ма ис, кӕм йӕ дард балцӕн кӕрон.
Ирон хӕдзарӕн райдзаст уӕд йӕ агъуыст,-
Бӕрӕг куыд уа, кӕй дзы цӕры ирон.
Ирон дӕ ды, уӕд дзур, мӕ хур, иронау!
Зынаргъ нын у нӕ мадӕлон ӕвзаг!
Мӕйдар ӕхсӕв нын рухс уыдзӕнис бонау,-
Ирон ӕвзаг ирон фарнӕй у дзаг.
Мӕ уарзон Ир, нӕ уыдзынӕ гӕныстон!
Гъе, Уастырджи, фыдбылызӕй нӕ хиз!
Мӕ Ир, дӕ зӕххыл бирӕ дон фӕнызтон,
Ӕмӕ фыдрынау фесӕфтис мӕ низ.
Ирон дӕн ӕз, ӕз дзурдзынӕн иронау,
Зынаргъ мын у мӕ мадӕлон ӕвзаг.
Мӕйдар ӕхсӕв мын рухс уыдзӕнис бонау,
Ирон ӕвзаг ирон фарнӕй у дзаг.
Ӕмдз.кӕсӕг: «Ӕз дӕн ирон»,-сӕрыстырӕй фӕзӕгъын,
Цӕрын Ирӕн йӕ хъӕбысы уӕндон.
Йӕ уӕрӕх уынгты зӕрдӕрухсӕй фӕцӕуын,
Мӕ дзырд, мӕ сулӕфт-зӕрдӕйы фӕндон.
Мӕ Ирыстон! Дӕ ном ӕмӕ дӕ кадӕн
Фӕстаг сулӕфты онг ратдзынӕн мӕ цард.
Дӕуӕн, Ирыстон, куыд ныййарӕг мадӕн
Хӕссын дӕ кой ӕз дун-дунейыл дард.
Ирон дзырд у мӕ хӕцӕнгарз, мӕ хотых,
Дӕуӕй ныфсджын, ӕз намысджын куы дӕн.
Дӕуӕй цӕуынц зӕрдӕйы рухс, ӕрвон тых,
Дӕуыл мӕ фӕстаг зарӕг дӕр уыдзӕн.
«Ыстут ирон»-сӕрыстыр ӕмӕ хъалӕй
Цӕрут уӕндонӕй Иры хъарм хъӕбысы.
У уе ˈппӕтӕн фӕндагамонӕг стъалы,
Йӕ буц куывды уӕ алкӕйы фӕмысы.
2дзурӕг: Нӕ фӕсивӕд ӕвзаг куы зоной, уӕд уарздзысты сӕ аивад дӕр. Алы адӕмыхатты миддуне та базонӕн ис сӕ аивадмӕ гӕсгӕ. Аивадӕн та стыр аргъ кодтой нӕ фыдӕлтӕ. Абайты Васо афтӕ загъта:”Нарты адӕмы сӕйрагдӕр символтӕ сты кард ӕмӕ фӕндыр. Кард у ӕхсары, хъӕбатырдзинады символ, фӕндыр та-аивады символ”. Сырдон Нартӕн йӕ фӕндыр куы балӕвар кодта, уӕд Нарты адӕм загътой:”Иууылдӕр сӕфты куы фӕуӕм, уӕддӕр ацы фӕндырӕн фесӕфӕн нӕй”. Ӕмӕ, ӕцӕгӕйдӕр, Нарты гуыппырсартӕ хӕсты тызмӕг хӕстонтӕ уыдысты, хъазты та-уӕздан кафджытӕ. Бакӕсут ирон уӕздан кафтмӕ.
Хонгӕ кафт.
Ӕмдз.кӕсӕг: Мӕ цардбӕллон, мӕ рыст, хъӕбатыр адӕм.
Фӕнды мӕ уемӕ аныхас кӕнын.
Лӕгӕй-лӕгмӕ, зӕрдӕбынӕй, ӕргомӕй,-
Зын мын у уаргъ ӕнӕ сымах хӕссын.
Фӕнды мӕ раттын иунӕг фарст ӕрмӕстдӕр:
«Цы ˈвзагыл дзурыс бинонты ӕхсӕн?»
Цы ныхъхъус дӕ, цӕуылнӕ дзурыс исты?
Дӕ мадзурайӕ катайаг фӕдӕн…
У махӕн, арвау, стъалыджын нӕ дзырдуат,
Нӕ намыс –неˈвзаг, зӕрдӕтӕн-сӕ таг.
Ирӕттӕй нӕ ӕрмӕстдӕр зонынц уымӕн,
Кӕй нын ис «Нартӕ», «Симд» ӕмӕ «Къоста».
Куы нӕ уа не ˈвзаг, нал уыдзыстӕм мах дӕр,
Нӕхи сӕфтмӕ цӕмӕн бӕллӕм, зӕгъ-ма?
Фӕдисонау цӕгъдын дзӕнгӕрӕг Ирыл:
О, бахъахъхъӕнӕм не стырдӕр хӕзна!
Ӕрымысут Амыраны лӕгдзинад,-
Ӕрхаста нын уӕларв бӕстӕй цӕхӕр…
Цӕмӕй ӕнустӕм бахсида нӕ зарӕг,
Цӕмӕй мах уӕм тыхджынтимӕ ӕмсӕр…
Мӕ сыгъдӕг уд мӕ адӕмӕн нывонд у,
Нӕ уромын, куы фӕуынын йӕ зын…
Мӕ фыды хуызы бацыди Ирыстон,
Ӕмӕ йын ӕз чызджы лӕггад кӕнын.
Мӕ зӕрдӕйы цырагъдарӕн скодтон
Мӕ армыл ӕй, тӕмӕнкалгӕ хӕссын,
Ӕз ме ˈмдзӕвгӕтӕ, дидинджытау тауын,
Куы райхӕлынц,-мӕ Ирӕн сӕ дӕттын.
Куы нӕ дзурӕм нӕхи ˈвзагыл, цы уыдзӕн?..
Историйӕн ӕгъатыр у йӕ цалх…
Хуыцӕуттимӕ кӕддӕр дзырдтам иронау…
Кӕрӕдзи абон нал ӕмбарӕм мах!
1дзурӕг: Абон не ˈвзаг тӕссаг уавӕры кӕй ис, уый хорз ӕмбарынц нӕ адӕмы, нӕ интеллигенцийы хуыздӕртӕ, нӕ фысджытӕ, ирон ӕвзаджы ахуыргӕнджытӕ, мыхуыры кусджытӕ. Архайынц, цӕмӕй ног фӕлтӕртӕ сӕ мадӕлон ӕвзаг ахуыр кӕной скъолаты, дзурой йыл хӕдзары бинонты ˈхсӕн, ӕхсӕнады. Хъыгагӕн, ис ахӕм ныййарджытӕ, кӕцытӕ сӕ кӕстӕртӕм ирон ӕвзагыл нӕ дзурынц. Ӕмӕ кӕстӕртӕм цы ˈвзагыл дзурай, уыцы ˈвзагыл ахуыр кӕнынц. Ахӕм уавӕрты та ӕвзаг сӕфгӕ кӕны. Ӕвзаджы сӕфт та, адӕмы сӕфт у. Ныртӕккӕ уын цы равдисдзыстӕм, уый у нырыккон цардӕй ист цау.
Сценка.
2дзурӕг: Ирон ӕвзаджы хъысмӕт дарддӕр аразгӕ у нӕ кӕстӕр фӕлтӕрӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕзт ӕмӕ йӕ цӕрӕнбон неˈвзагӕн уыдоны къухы ис. Мах иууылдӕр хъуамӕ архайӕм ууыл, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ рӕсугъд, аив дзурой сӕ мадӕлон ӕвзагыл, ма йӕ рох кӕной, сӕрыстыр дзы уой.
«Чызджыты кафт».
1дзурӕг: Ууыл нӕ равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Стыр бузныг зӕгъӕм сеˈппӕтӕн дӕр чи нӕм ӕрбацыд ӕмӕ нӕм чи байхъуыста, уыдонӕн. Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ног ӕнтыстдзинӕдтӕ, ӕнӕниздзинад, бинонты амонд.