kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Литературон -музыкалон композици 9 маймæ

Нажмите, чтобы узнать подробности

«Мыййаг,хœсты быдыры искуы…»

1.   Фарн   уæм   бадзурæд   æмæ   уæ   бон  хорз  нæ  буц уазджытæ!         

2.  Æгас нæм цæут  æмæ уæлахиз  ут  æдзухдæр  уæ  цард  æмæ  уæ              арфæйаг  куысты!                                 (кафт)

1.   Фæзæгъынц, зæгъгæ, цардæн аргъ кæнын хъæуы йæ дœргъвœтиндзинады тыххæй нæ, фæлæ йæ мидисы тыххæй. Ацы хъуыды ахæсгæ у Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг, 1941-1945 азты нæ  райгуырæн бæстæ немыцаг лæбурджытæй чи бахъахъхъæдта, уыцы  æрыгон  фæсивæдмæ.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Литературон -музыкалон композици 9 маймæ»

ЛИТЕРАТУРОН-МУЗЫКАЛОН КОМПОЗИЦИ
«Мыййаг,хœсты быдыры искуы…»

1. Фарн уæм бадзурæд æмæ уæ бон хорз нæ буц уазджытæ!

2. Æгас нæм цæут æмæ уæлахиз ут æдзухдæр уæ цард æмæ уæ арфæйаг куысты! (кафт)

1. Фæзæгъынц, зæгъгæ , цардæн аргъ кæнын хъæуы йæ дœргъвœтиндзинады тыххæй нæ, фæлæ йæ мидисы тыххæй. Ацы хъуыды ахæсгæ у Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг , 1941-1945 азты нæ райгуырæн бæстæ немыцаг лæбурджытæй чи бахъахъхъæдта , уыцы æрыгон фæсивæдмæ .

2. Уыдон бæрзонд систой аланты æгъдау: размæ бырсгæйæ разæй цыдысты, фæстæмæ цæугæйæ та æппæты фæстæ. Ирон хæстоны кад æмæ намысыл дзурæг сты, сæ номыл Ирыстоны зæххыл цы цыртдзæвæнтæ ис, уыдон дæр.

1. Æмæ та ралæууыд Ирыстоны зæххыл æвдайæм Уæлахизы уалдзæг!

2-аг. Æрымысæм ма æдзард хœстонты нæмттæ, кæцытæ тохы быдыры рæсугъд фидæны сæрвæлтау ноджы бæрзонддæр систой Ирон лæджы кад æмæ намыс! .

( героикон зарæг)

1-аг. Нæ ацы фембæлды мах œппæт хъœбатырты кой нæ кæндзыстæм , фæлæ нæ дзырды сæр уыдзысты суинаг фысджытæй æмæ поэттæй ирон литературæйы фыццаг къахдзæфтæ чи акодта, афтæмæй хæстмæ чи ацыд , уыцы æдзард хæстонтыл : се ’ ппæты кæстæрыл цыдис 17 азы , се ’ ппæты хистæрыл-æртын авд азы.

(радыгай сæ нымайынц )

Абайты Бекызæ, Абайты Виктор, Абайты Петя, Баситы Дзаххотт , Баситы Дзамболат , Бекъойты Амырхан, Гасситы Георги, Годжиты Георги, Джелыты Хазби, Калоты Хазби, Калоты Къола, Кочысаты Мухарбег, Магкаты Алихан, Мæргъиты Ясон, Плиты Зауыр, Тъехты Барис, Ходы Хазби, Хуадонты Иссæ, Цоциты Герсан æмæ иннæтœ.

2.Кæд къорд азтæ рацыд, уæддæр рох не сты Ирыстонæй йæ уарзон хъæбултæ. Нырыккон поэт Хъодзаты Æхсар стыр хорз хъуыддаг бакодта. Мыхуыры рауагъта æппæт зынгхуыст поэтты æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй, сæргонд та йын радта æдзард поэт Калоты Хазбийы ныхæстæй: « Хорзæй баззай , Ир!..»

1.Цал æмæ цал ныййарæг мады баззад хъæбулмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ хæсты фæстæ. Нал федта йæ мад поэт Кочысаты Мухарбеджы дæр. (зарæг)

2.Мухарбеджы ӕмдзӕвгӕтӕ мыхуыры цӕуын райдыдтой ,17 азы йыл куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Йӕ фыццаг ӕмдзӕвгӕты рӕнхъытӕй дӕр бӕрӕг уыд, Мухарбегӕн поэзийы кӕй ис йӕхи сфӕлдыстадон нысантӕ ӕмӕ поэтикон хӕс. Ӕмдзӕвгӕ «Мӕ фӕндырмӕ»-йы поэтӕн фӕндыр у поэзийы символ ӕмӕ йын ард хӕры:

«Ӕз дӕу никуы руадздзынӕн ӕгадмӕ,

Ӕз дӕу никуы акӕндзынӕн уӕй.»

1.Поэт нӕ фӕсайдта йӕ сомы. 1941 азы барвӕндонӕй хӕстмӕ куы ацыд, уӕд хӕцӕг ӕфсады уӕвгӕйӕ Мухарбег ныффыста йӕ ӕмдзӕвгӕты фылдӕр хай ӕмӕ йӕ иу ӕмдзӕвгӕ «Кавказ» зӕгъгӕ,дзуры йӕ уарзон ныййарӕг зӕхмӕ:

Кӕйдӕртау нӕ фӕлыгътӕн тохӕй,

Нӕ бамбӕхстон пыхсы мӕ сӕр,

Дӕ хъахъхъӕнӕг сау айнӕг хохау

Ӕрлӕууыдтӕн фидар ӕз дӕр.

2.Мах зонӕм, алы поэтӕн дӕр вӕййы сфӕлдыстадон идеалтӕ. Мухарбегӕн ахӕм идеалтӕ уыдысты Къоста ӕмӕ йӕ ахуыргӕнӕг фыссӕг Нигер. Мухарбег хӕстмӕ куы цыди, уӕд йӕ амӕлӕты онг йемӕ хаста Къостайы чиныг «Ирон фӕндыр». Йӕ иу хӕстон фыстӕджы Нигермӕ фыссы:

«кӕд мын литературӕйы ницы бантыст, уый хыгъд не

фсӕддон хайы нымад дӕн дзӕбӕх хӕстоныл. Саккаг мын кодтой майдан Хъӕбатырдзинады тыххӕй ,стӕй мӕ бавдыстой дыккаг хицауадон хӕрзиуӕгмӕ. Цыбыр- дзырдӕй, иугӕр куы мӕлон, уӕд-кадимӕ, ирон дзыллӕйы намыс нӕ фӕчъизи кӕндзынӕн.

( ÆМДЗÆВГÆ)

1. Хъӕбатыр ӕмӕ намысджын хӕстонӕй равдыста йӕхи ӕдзард поэт Кочысаты М. уымӕн ӕмӕ «...хӕсты цӕхӕры дӕр Мухарбег иудадзыг уыны, зынаргъ ын цы ӕмӕ чи у, уыдон: Ирыстон, сӕрибар цард, адджын адӕймӕгтӕ-мад, хо, уарзон чызг»

(“Фœстаг салам”)

2.Мухарбеджы зӕрдӕйы дзы алкӕмӕн дӕр хицӕн бынат ис, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕппӕты хӕстӕгдӕр сты ныййарӕг зӕхх, ныййарӕг мад.

Уый ныййарӕг зӕхмӕ дӕр дзуры мады номӕй, хицӕн сӕ нӕ кӕны.

(“Фыдыбœстœ” наиз.)

1.Ацы ӕмдзӕвгӕ Мухарбег ныффыста 22-аздзыдӕй 1942 азы. Чи зоны, цӕрын ын куы бантыстаид, йӕ лӕджы кармӕ куы ацыдаид, уӕд ма нын цас рӕсугьд ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыстаид. Мӕнӕ куыд фыссы Мухарбег хӕсты быдырӕй Нигермӕ:

«Ацы хӕст фесӕфта бӕстӕ. Мӕнӕ ныр адӕймаджы хуызӕн цӕрын райдайон, куыд загътон, афтӕ мӕ фӕбырын кодтой мӕ фӕндагӕй, фӕсыкк сты мӕ фӕндтӕ,мӕ хъуыры фӕбадтысты».

2. Мухарбегœн йœ къухы нал бафтыдысты йœ зœрдиаг бœллицтœ кœронмœ сœххœст кœнын,фœлœ йœ уœддœр фидарœй уырныдта рœстдзинад та кœй фœуœлахиз уыдзœн œмœ сœрибары дуг кœй ралœудзœн.

1943-œм азы поэт хœсты быдырœй фыста:

Фœуыдзœн хœст! Нœ рœстдзинады кардœй

Ызнаг œрцœудзœн тагъд рœстœджы саст.

Æмœ дœм уœд, ныййарœг мад, œз дардœй

Фœзындзынœн сœрœгасœй œваст...

1.Нœ фœсайдта Мухарбег йœ ныхас. Уый фœзынди œрмœст йœ мадмœ нœ, фœлœ - œгас Ирыстонмœ. Æмœ поэт Ходы Камал куыд зœгъы, афтœмœй “йœ хœрзаив œмдзœвгœтœ зœлынц йœ уарзон дзыллœйы хсœн. Уымœ гœсгœ нœ бон зœгъын у: ирон поэзийы арв цы стъалытœй фидауы,уыдон-œй иу у œнафоны зынгхуыст поэт Кочысаты Мухарбеджы œрттиваг курдиат”



Нœ зынаргъ уазджытœ! Ууыл нœ ныхас кœронмœ œрхœццœ. Нœ

иннœ фембœлдмœ. Бузныг.




Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 10 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Литературон -музыкалон композици 9 маймæ

Автор: Дзебисова Заира Филипповна

Дата: 06.11.2016

Номер свидетельства: 355947


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Проверка свидетельства