kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Композиция "Ныййараг мад".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Это план проведения мероприятия о дне матери.

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Композиция "Ныййараг мад".»

Уæ бонтæ хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ, уазджытæ, хæлæрттæ.


Абон нæ бæрæгбон,

Абон нæ цины бон,

Абон ныййарæгæн

Арфæ кæнæм!


Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн. Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис. Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы зæрдæйы рисс.

Мад! Уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ, нæ зæрдæты æхсызгондæр мысинæгтæ. Кæд зæххыл нæй, фæлæ, уый буц даргæйæ, уымæн ирон рæсугъд æгъдау дæтгæйæ, бамбарæн ис, цы у амонд. Тæхудиаг у уыцы кæстæр, йæ хистæры буц дарын чи зоны æмæ афтæмæй адæмы æхсæнмæ рухс цæсгомæй чи цæуы.

Æмдзæвгæ: «Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст».

Ехх уæдæ, удæн куыд вæййы æнцон,

Хур ныл куы скæсы дзæбæхæй.

Æмæ куыд хорз у, дæ уарзон бæлццон

Кæрты куы рхиза йæ бæхæй

Цæстытысыгæн цæй уромæн ис ?!

Зæрдæ куы рухс кæна иугæр

Мады фæндиагæй ма фенут низ

Мадæй уæ ма схъыг уæд уæ иу дæр !

Судзгæ цæссыгтæй , мæ хуртæ, ут хызт

Макуы мын фенут зæрдæниз.

Иугæр ыстыр цинад риуы ныххызт,

Уый та æнустæм цæрдзæнис.

Иунæг цæстысыг дæр мастæн у фаг,

Мады зæрдæйæн æгæр у.

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад ма сымахæй кæмæн у æгас,

Уымæ куыд кæнын тæхуды.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст,

Æмæ дам мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст.

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе 'ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!


Мад – царддæттæг. Хæрзконд, фæлмæнзæрдæ, уды рæсугъддзинад. Уыдон иууылдæр мады лæвæрттæ сты. Мад сæ куы нæ ратта, уæд уыцы хорздзинæдтæ тыгъд быдыры ссаргæ не сты. Мады уарзондзинадæй сæ удтæ хъæздыг кæмæн сты, уыдонæй рæсугъд у цард дæр.

Зарæг: «Мадæн аргъ нæй».

Мад! Цæй диссаг дзырд у æвæдза. Адæймаджы уæнгты бауадзы ныфс, хъару. Сывæллонæн йæ фыццаг ныхас вæййы - «мамæ».

Царды рухс ын фенын кæны мад. Цас æнæхуыссæг æхсæвтæ æрвиты, цас . Нæ ног æмбæлттæ. Зарæг «Базонгæ уæм»

4-6. Уазæгуаты Хъилхъусмæ. Зарæг «Салам»

7-9. Уазæгуаты Къæбæдамæ

10-12. Чи цы уарзы? Зарæг «Къæбæда»

13-15. Хъилхъус æмæ Къæбæдайы сыхæгтæ. Зарæг «Хъуг æмæ род»

16-18. Хъæдхой – хъæды дохтыр. Зарæг «Хъæдхой»

19-21. Адджын хъæлæрдзы. Зарджытæ «Хъæлæрдзы», «Дыргъдоны»

22-24. Фæндагыл. Зарджытæ «Балцы», «Хъæды ис бæлæстæ»

25-27. Кæдæм цæут?

28-30. Æз зонын ленк кæнын. Зарæг «Хæдзарон мæргътæ»

31-33. Цы загътай? Зарæг «Зæрватыкк»

34-36. Кæс, хъус, хъаз!

37-39. Хистæртæн кад кæнут!

40-42. Бын, раз, фæстæ, цур – махимæ сæ ды дæр дзур!

43-44. Фæлхат кæнæм

45. Цы зонæм, уый бæрæг кæнæм (тесттæ)

уарзондзинад ратты йæ хъæбултæн, йе' суинаг стъалытæн. Фæлæ, хъыгагæн, ныййарджыты зындзинæдтæ цотæй иутæ нæ бамбарынц, аккаг аргъ ын не скæнынц йæ фыдыбонæн.

Сценкæ: «Ныййарæджы тæрхон».

Бæласы бын бады Азау æмæ кæсы роман «Уарзт æмæ денджыз». Йæ рæзты рацæуы Зæлинæ. Куы йæ федта, уæд æрлæууыд, салам ын радта. Чиныгмæ фæкомкоммæ, йæ цæстытæ цины рттывд фæкодтой.

Зæлинæ: - Æвæдза куыд хорз равдыста, ныййарæджы сурæт, ныййарæджы уарзт хъæбулмæ! Ныййарæджы зæрдæйы уидæгтимæ баст у дунейы æппæт дæр: сывæллоны фыццаг цъæхахст, хъæбулы фыццаг бахудт, авдæны фæлмæн зарæг…Уæд йæ цин та! А-зæххыл ныййарæджы хуызæн ничи зоны цин кæнын. Уый цæстыты хуызæн дам никæй цæстытæ бахуддзысты, ныййарæджы цæстæнгас дæ куыд барæвдауа, йæ мидбылхудт дæ куыд батава, афтæ никæй æмæ ничи. Зæрдæйы хъæдгом байгас кæнынмæ дæр уымæй дæсныдæр ничи у «Дæ сæрыл хаст фæуон», «цард дын фестон», «дзыцца дæ рынтæ ахæра».

Кæй арфæтæ сты уыдон. Чи нын фæисы йæхимæ нæ рис, нæ тухитæ? Чи 'рхæссы нæ сæрыл йæ сæр нывондæн! Мад! Ныййарæг мад! Бæстыл æмбал кæмæн нæй, уыцы фæлмæнзæрдæ мад! (Сæ рæзты æрбахызтысты цалдæр æрыгон адæймаджы цыдæр æнахуыр дарæсы æмæ бацыдысты сыхæгты хæдзармæ. Уалынмæ райхъуыст цавæрдæр фæсарæйнаг музыкæ. Зæлинæ джихауæй аззад, стæй цымыдисæй Азаумæ бакаст).

Зæлинæ: - Мæ хæдзар! Уый та цавæр музыкæ у?

Азау: - Ма тæрс, дæ хуыз куы аныхъуырдтай. Уый мæнæ нæ сыхæгтæ сты, Гуыдзиаты ахболы сахъгуырд Азанбеджы музыкæ та у.

Ацы Гуыдзиаты диссаджы хорз бинонтæ уыдысты, æгъдауджын, кадджын куыстуарзаг. Адæм-иу сæм хæлæг кодтой. Сæ чызг æмæ хистæр лæппу – адæмæн уарзон, фæлæ йæ кæстæр Азæмæт куы рахъомыл, уæдæй нырмæ сæ Хуыцау ралгъыста, арвæй сæм иу хъугдзармы бæрц нал зыны. Сæ маст сæ сæрты кæлы, сæ цард зындон фестад.

Зæлинæ æмæ Азау ацыдысты. Азæмæты музыкæ дардыл нæры. Йе 'мбæлттимæ йæ рæстæг æрвиты, сæ разы хæринаджы дзæбæх, равзæргæ нозт, пъæртт кæнынц хъылма, ныххæцыдысты æнæгъдау митыл…

Иу афон уыцы «æрхонгæ уазджытæ» дæр ацыдысты. Азæмæт афтид æвгтæ æддæмæ – рахаста, стæй сынтæджы йæхи æруагъта.

Ахбол (бады кæрты бандоныл):

  • О, Фæрнион! (Уый йæм æрбаввахс) Мæнæ цы диссаджы уавæры стæм! Цы ракодтам Хуыцауæн? Цæмæн нын радта ахæм фырты? Куы нæ худинаг кæны, адæммæ акæсын куынæуал уæндæм, уæд афтæмæй куыд цæрдзыстæм?

(Фæрнион фæхъуыста йæ лæгмæ, стæй йæ сæр аххосджынау дæлæмæ æруагъта. Иу афон Азанбег кæртмæ рахызт, фыд дæр бадти уым).

Ахбол: - О, мæ фырт, æввахс ма мæм рацу. Уый цавæр цардыуаг у? Хорз æмæ æвзæр æппын нал хицæн кæныс? Худинаджы къубал бынтон аскъуыдтой æви? Ацы дæлимонтимæ дæхи цæмæн сбастай? Кæм сæ ссардтай? Цæмæн цæуынц ардæм, мæ хæдзар хынджылæггаг у? Цы ми ма дын бакæнон, цы дын нæ фаг кæны, зад хуымы дын хизын нæ фидауы?! Уæдæ ахæстоны дæр бадтæ, уæд дын бамбарын афон нæма у? Ныууадз дæ нуазт, адæмы хъæр бамбар!

Азамбег: - Чи дæ фæрсы! Цæуыл дзурыс?! Дæ къус кæм нæй, уым дæ уидыг ма тъысс, науæд…

(Азамбег йæ къух фæхъил кодта. Æрцыд йæ фæдыл).

Фæрнион: - Мæ къона куыд байхæлд!

Азамбег: - Æна, æнцад, куы нæ лæууай, уæд дзы дæуыл дæр æрхаудзæн! (Азамбег йæ къухтæ кæрæдзийыл ацагъта æмæ уатмæ бахызти йæхицæй разыйæ).

Фæрнион: - Мæнæ цы дыссæгтæ уынын, мæнæ мæ сæр зæронды 'рдæм цытæ баййæфта! Мæнæ калмы мæ зæрдæйы бын куыд фæхастон! Мæнæ цы фыдбылыз схъомыл кодтон! Мæ хæдзар фехæлд! Мæ фыртыл фæтых сты арахъ æмæ цавæрдæр хъылма, уыдон махæй тыхджындæр разындысты.

Мæнæ стыр диссæгтæ!

Куыд ис уый гæнæн æмæ фырт йæ къух сиса йæ фыртмæ! (Фехъус ис, стæй арф ныуулæфгæйæ): - Нæ, нæ, а-зæххыл дæуæн цæргæйæ нал у. Ничи мын æй ныббардзæн, лæгмары, мæ фæстæ ныууадзон, уый. (Мад æдзынæгæй алæууыд, стæр зыр-зыргæнгæ хъæлæсы уагæй загъта).

  • Мæ хъæбул «… æз дæ ныййардтон, хуры рухс дын æз фенын кодтон æмæ дын æй дæуæн бынат нал ис, мæ къухæй хъуамæ уатмæ. Фæзынд Зæлинæ».

Зæлинæ: - Ахæм карз тæрхон рахаста мад йæ фыртæн. Уый ныййарæджы тæрхон у æмæ раст тæрхон у. Йæ фыдмæ йæ къух чи систа, йæ фыды мæрдтæм чи барвыста, уыцы хъæбул æмæ уый хуызæттæ а-зæххыл хъуамæ ма цæрой.

Æппæт ныййарджытæ, æппæт адæм дæр уыцы фарстамæ хъуамæ иухуызон цæстæй кæсой. Арф хъуамæ ныхъхъуыды кæной, кæй æмæ цæй аххосæй слæууыдысты нæ фæсивæд уыцы фæндагыл, ууыл. Æмæ сæ ныхмæ расидой тох.

Раст у ирон æмбисонд: Йæ ныййарæджы чи нæ уарзы, уый никæй бауарздзæн. Мад у æппæт хæрзты райдайæн, дунейы царддæттæг. Уымæн йæ зынтæ авдæнæй райдайынц. Уыцы уавæр, æвæццæгæн, Ирыстоны Хетæгкаты Къостайæ хуыздæр ничи бамбæрста. Уымæн снывæста йæ зæрдæйы æлвæст тæгтæй мады æвидигæ фæлгонц.

Бирæ поэттæ скодтой зарджытæ мадыл. Уыдонæй сæ иу уыди, хæсты быдыры хæрз æрыгонæй чи баззади, уыцы ирон лæппу Кочысаты Мухарбег.


О, уарзон ныййарæг!

О, ме схæссæг мад!

Кæд арæх æнæ мæн

Фæкæныс æнкъард.

Куы 'рбайхъуысы уынгæй

Къæхты хъæр, ныхас

Æрхæццæ мæ хъæбул,

Фæзæхыс, æваст!

    1. Æмдзæвгæ: «Ныййарæг мад!»

Ехх, куы зонис, буц ныййарæг мад!

Байдыдтон æнкъард кæнын дæ фæстæ.

Цыма ныр кæд фæуаин нымад.

Мады фæллой, мады бирæ хæрзтæ

Мады зæрдæ хъæбултæм – тæнæг,

Мад фæдзуры: «Бахæрон дæ низтæ!».

Мадæлтæн куыд адджын у зæнæг.

Уымæн ныл зæрдæйæ кæнынц рисгæ

Буц хъæбулы афæрсы йæ мад:

Цæй куыд дæ, мæ рахиз цæст «мæ зæрдæ»

Сты мæнмæ кæддæриддæр нымад

Мады лæггад, удхайраг изæртæ.

Мад, дæ зæрдæ хсайаг у фæлмæн

Буц хъæбултæм мидбылхудгæ кастæ

Ныр, зæгъ-ма, куыд кæнгæ у мæнæн?

Мады комдзаг, мады хсырæй хаст дæн.

Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз

Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис.

Мад ныййарæг, фыд – схæссæг

Цæстыгагуыйау сæ хъахъхъæнын хъæуы.

Фæлæ мæнæ куыд загъдæуы иу таурæгъы.


Таурæгъ: «Мады зæрдæ».

Раджы кæддæр иу хъæуы царди сидзæргæс ус. Йæ лæг амард, æмæ царди йæ дыууæ æнахъом лæппуимæ. Йæ лæджы амарды фæстæ уый адджын хæринаг никуыуал бахордта, йæ хуыссæн никуыуал схъарм кодта, йæ цонг лæгъз дарæсы никуыуал атъыста: уæдæ мын макæмæ бахæлæг кæной, къулбæрзæйæ мын макæмæ бакæсой, иннæ сывæллæттæй æнæрæвдыддæр ма уой. Æмæ цынæ куыст кодта сидзæргæс ус: хъæдæй суг хастæ, хуым кодта, хос карста.

Лæппутæ бахъомыл сты, уæдæ цы! Æрцыди сын бинонтæ хъуыддаг кæнын афон дæр. «Кæдæй-уæдæй» уæ мæгуыр хæдзарæй дæр фæндыры цагъд æмæ цины зард райхъуысдзæн. Ныр кæд уæ мæгуыр мад цардæй исты фенид, кæд йæ арм чысыл фæрогдæр уаид!»…

Фæлæ æнцон цæрдтытæ кæнынæн нæ райгуырди сидзæргæс. Цæрæнбонты амонд хæстæг никуы æрцыд.

Чындзытæ нæ фæрæстмæ сты: æфсины нæ бауарзтой æмæ йын алы æвзæр митæ кæнын райдыдтой. Сæ бæсты йæ кусын кодтой, хæринаг ыл нæ лæвæрдтой.

Ноджы-ма йыл сæ лæгты дæр ардыдтой кæнæ, зæгъы, уæ мады фесафут кæнæ та мах нæ хæдзæрттæм ауадзут. Лæппутæ фыццаг сæ устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дуг дæр хуынкъ кæны. Куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой ,фæлæ сæ иу устыты ныхæстæ ницæмæ дардтой. Фæлæ, фыдæлты загъдау, нывæрзæн здахаг у, доны ртах та дур дæр хуынкъ кæны. куыдфæстæмæ сæ мадмæ мæсты кæнын райдыдтой. Байхъуыстой сæ устытæм æмæ фыдгæнды къахыл ныллæууыдысты: «Цæй, æмæ йæ амарæм, тасчъы йæ нывæрæм, тар хъæдмæ, йæ фæхæссæм æмæ йæ уым боныгæнæм».

Куыд бадзырдтой, кæнгæ дæр афтæ бакодтой. Фæхæссы йæ кæстæр фырт тæсчъы мидæг хъæдмæ. Цæуы тæрсгæризгæйæ, алырдæм фæкæс-фæкæс кæны, мачи мæ фенæд, зæгъгæ.

Фæлæ æхсæвыгон тар хъæды чи хъуамæ уыдаид? Чысыл раздæр стъалытæ ныр фæныкъул – фæныкъул кæнын байдыдтой, цыма мады тæригъæдæй сæ цæстысыгтæ балæмарынц. Кæрæдзимæ тæхынц, цыма зæххыл чи не 'рцыд, ахæм æвирхъау хабар хъусын кæнынц кæрæдзийæн.

Фæлæ лæппу уыдæттæ ницæмæ дары. Размæ тындзы йæ чъизи фæнд сæххæст кæнынмæ.

Уæртæ ма уыцы стыр тулдз бæласы онг цæуы, стæй йæ уый бын баныгæндзæн. Бирæ йæ нал хъуыди бæласы бынмæ, афтæ йæ къах къудзийыл скъуырдта æмæ былтæ размæ бахаста. Сыстынмæ хъавы, фæлæ йæ бон нал у… «Дæхи ныццавтай, мæ хур?» - æрдзырдта йæм уæд мады уд кæцæйдæр.

Æмдзæвгæ: «Мады зæрдæ».

Зæххон дунейы мад дæр нæу æнусон.

Хъæбул, мæн иу бон нал уыдзæн дæ цæст.

Куынæуал у ныфсæвæрæн дæ ныфсæн.

Уæд бамбардзынæ мады фарн æрмæст.


Дæ зынты сæрмæ базыртыгъд цæргæсау

Куы нæуал лæууа удуæлдайæ мад.

Дæ цæрайæн йæ цард куы ничи хæсса

Ныййарæджы ад бамбардзынæ уæд.


Куы рцæуай искуы урссæрæй нæ къæсмæ.

Куынæ рхæссон дæ сæры хилтыл м 'арм

Куынæ зæгъон куыд асурс дæ, æркæс ма,

Уæд зондзынæ циу мады къухты хъарм.


Куы нæ дын уæ цæджындз æмбал дæ хъыджы

Мæ уæлмæрдæн куы дзурай иу дæ маст

Дæ цæссыгæй куы ныхъхъæрза мæ сыджын

Уæд бамбардзынæ мады зæрдæ 'рмæст.

муз. В.Мамиева.

сл. З.Хостикоевой.


Цард æгъатыр у Арвæй, дам, цы дур æрхауы уый бауромы зæхх. Уæдæ бæркадхæссæг фæззæг нæ Ирæн цы сау бон æрхаста, уый куы нæ уромы.

«Зындонæй нал тæрсæм» - афтæ зæгъынц, Бесланы фыдбæллæхы рæстæг амынæты бахауæг адæмæй ма мæлæты дзæмбытæй чи аирвæзт, уыцы ныййарджытæ. Беслайнаг, Мелыккаты Фатимæ уыцы афтæ фыдбоны бавзæрста йæ хъæбултимæ. Ныййарæг мады сгуыхтдзинад хъæбулы сæраппонд, уый. Уый у абоны трагедийы сæйраг фæстиуæг.

  • Спортивон залы уыйбæрц уыдыстæм, - зæгъы Фатимæ, - æмæ ныл цæст нæ хæцыд. Уæлдæф нын нæ фаг кодта, сабитæ дойныйæ мардысты. Фыццаг срæмыгъд афтæ æнæнхъæлæджы уыд, æмæ зал иууыл хъæр æмæ цъæхахст 'сси.

Срæмыгъдæй мæ хъустæ цыдæр кодтой, мæ цæстытæ атартæ сты. Куы ракастæн уæд дуарæрдыгæй ауыдтон кæйдæр сабиты, сæхи къулмæ нылхъывтой. Нæ зонын кæцæй мæм разынд ахæм хъару, фæлæ сыстадтæн, æмæ сæ мæ хъæбысы æмбæхсгæйæ, тагъд-тагъд ракодтон. Кæй сабитæ уыдысты, уый нæ зонын фæлæ цы уæлдай уыд, æппæт дæр нæхи нæ уыдысты.

Мад! Уый диссаг у! Уый йæ хъæбулы улæфт дардмæ хъусы. Йæ хъæбул та зæры-зæрондмæ куы фæцæра, уæддæр æй сывæллон хоны, æмæ йын хур бон хуры тæвдæй тæрсы, къæвда бон – суазалæй.

Мады зæрдæ, сызгъæрин фестай!








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 8 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Композиция "Ныййараг мад".

Автор: Кочиева Анжелика Анатольевна

Дата: 12.11.2016

Номер свидетельства: 357980


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства