kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

Брейн-ринг "Нартские сказания. Сырдон"

Нажмите, чтобы узнать подробности

1. Чи уыдысты Сырдоны ныййарджытæ?

         (Дзерассæ æмæ доны хицау Гæтæг)

2. Нарты  гуыппырсартæ дард балцы ацæуын куы сфæнд кодтой, уæд сæ семæ кæй акæнын бафæндыд?   (Сырдоны)

3. Цæуыл бакатай кодта Сырдон, балцы ацæуын нарты гуыппырсартимæ куы сразы, уæд?

1. Чи уыдысты Сырдоны ныййарджытæ?

         (Дзерассæ æмæ доны хицау Гæтæг)

2. Нарты  гуыппырсартæ дард балцы ацæуын куы сфæнд кодтой, уæд сæ семæ кæй акæнын бафæндыд?   (Сырдоны)

3. Цæуыл бакатай кодта Сырдон, балцы ацæуын нарты гуыппырсартимæ куы сразы, уæд?

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
«Брейн-ринг "Нартские сказания. Сырдон"»

Брейн-ринг

Нарты кадджытæм гæсгæ

(цикл «Сырдон»)


Амонæг.

Уæ бон хорз, нæ чысыл Зондабитæ! Тынг æхсызгон нын у уæ фенд ацы залы! Абон ам уыдзæн куырыхонты ерыстæ. Куыд зонæм Нарты кадджытæ? Нæ брейн-ринджы темæ у цикл «Сырдон».


Амонæг.

Хъæздыг æмæ алывæрсыг у ирон адæмон сфæлдыстад, фæлæ дзы æппæты ирддæр, кадджындæр бынат ахсынц æнæмæлгæ, æнæ ферохгæнгæ Нарты кадджытæ.


Амонæг.

Рагзаманты Нарты кадджытæ уыдысты хъомылгæнæн фæрæз; ирон адæммæ цы хуыздæр миниуджытæ уыдис, уыдоны æвæрæн: хъæбатырдзинад, уæздандзинад, рæсугъддзинад, хъару, æфсарм, лæгдзинад. Абондæр мах фæхонæм «нæртон» нæ лæгдæрты, нæ хъайтарты, фæзминæгты.


Амонæг.

Нарты кадджытæ мах онг æрхæццæ сты хицæн кадджыты хуызы, сæ сæйраг архайджытæ сты цалдæр, кæрæдзимæ хæстæгдзинадæй баст, æмæ аразынц хицæн мыггæгтæ.

Уымæ гæсгæ Нарты кадджытæ дихгонд сты авд сæйраг циклтыл: Уæрхæг æмæ йæ фырттæ.

Сатана æмæ Уырызмæг.

Сослан.

Сырдон.

Хæмыц æмæ Батрадз.

Ацæмæз.

Нарты сæфт.

Ацы циклтæй уæлдай ма ис бирæ чысыл циклтæ сæрмагондæй хицæн хъайтартимæ. Алы кадæг дæр дзы у хибар аивадон уацмыс.


Амонæг.

Нарты хъайтартæй алчидæр хайджын у йæхи сæрмагонд миниуджытæй. Тынг ирд æмæ зæрдæмæдзæугæ сты Уырызмæг, Сатана, Сослан, Сырдон, Хæмыц, Батрадз æмæ Ацæмæзы фæлгонцтæ.


Амонæг.

Нæ абоны брейн-ринг уыдзæн Сырдоны тыххæй.


Амонæг.

Ныр та рахизæм нæ куыстмæ. Куыд зонут, афтæмæй алкæцы хъазтæн дæр ис йæхи бæрæг уагæвæрд.


Нæ хъазты уагæвæрд у ахæм:

1. Амонæг фарст кæсы, æмæ командæ хъуамæ дзуапп радта æнæкъуылымпыйæ.

2. Дзуапп дæтты уыцы командæ, кæцы раздæр сисдзæн тырыса.

3. Кæд æмæ командæ раздæр сиса йæ тырыса, уæд ын нал ис дзуапп дæттыны бар.

4. Кæд æмæ раст дзуапп радта, уæд ын лæвæрд цæуы 1 балл, кæд нæ, уæд иннæ командæтæ дарддæр хъуыды кæнынц минуты дæргъы, стæй дзуапп дæттынц.

5. Кæд командæтæй иу дæр раст дзуапп нæ радта, уæд иннæ раунды тох цæудзæн иу нæ, фæлæ дыууæ балыл.

6. Хъазт цæуы æртæ баллы онг. Уыйфæстæ, чи рамбула, уыцы командæимæ хъазы иннæ командæ æмæ афтæ, цалынмæ æппæты зондджындæр командæ не сбæрæг уа, уæдмæ.


Брейн-ринджы раундты фæрстытæ.


1. Чи уыдысты Сырдоны ныййарджытæ?

(Дзерассæ æмæ доны хицау Гæтæг)


2. Нарты гуыппырсартæ дард балцы ацæуын куы сфæнд кодтой, уæд сæ семæ кæй акæнын бафæндыд? (Сырдоны)


3. Цæуыл бакатай кодта Сырдон, балцы ацæуын нарты гуыппырсартимæ куы сразы, уæд?

(Бæх æм кæй нæ уыд,ууыл)


4. Нарт фурдмæ куы бахæццæ сты, уæд Сырдон æнæ бæх куыд бацыд иннæ фарсмæ? (Уырызмæджы бæхы къæдзилыл хæцгæйæ)


5. Сырдон нарты фæсарц бадгæйæ, цы бамбæхсы? Нарты фæстæ бæхтыл

бадгæйæ Сырдон алкæмæндæр цы бамбæхста? (сæ æртытæ)


6. Кæдæм арвыста Уырызмæг йæ кæстæрты, сæ фæллад уадзынмæ куы æрлæууыдысты, уæд? (Цуаны)


7. Нарты кæстæртæ арт кæнынмæ куы рахъавыдысты, уæд цы раиртæстой?

(иуæн дæр дзы арт йæ фарсыл кæй нал ис)


8. Кæдæм арвыста Уырызмæг Сырдоны, балцы куы уыдысты, уæд? (Рухс иу ранæй калд, æмæ уырдæм арт хæссынмæ)


9. Нарт иугай, дыгай зынггур куы ацыдысты, уæд кæмæ бафтыдысты?

(Уæйгуытæм)


10. Нарты гуыппырсартæн сæ бон цæуылнæ уыд уæйгуыты стъолы цурæй фестын?

(Уæйгуытæ бандоныл бурæмæдз ныккалдтой æмæ баныхæстысты)


11. Цæмæн фыхтой уæйгуытæ стыр аджы дон?

(Хъуамæ дзы нарты ныккалой æмæ сæ сфыцой)


12. Нартæ сæ мæлæтмæ куы æнхъæлмæ кастысты, уæд Сырдон та цы куыста?

(Арт бандзæрста, саджы мардæй физонджытæ скодта æмæ йæхи хорз бафсæста)


13. Сырдон уæйгуытæм куы бацыд, нарты бандоныл бадгæ куы федта, уæд цы бамбæрста?

(Уыдон хуымæтæджы æнæзмæлгæ кæй не сты)


14. Уæйгуытæ Сырдоны нарты фарсмæ бандоныл куы бадын кодтой, уæд сын цы загъта?

(Уыдон ме ‘лдæрттæ сты, æмæ мын сæ фарсмæ бадæн нæй. Фæлæ мын æнæ бын хуыскъаг мигæнæны фæнык акæнут)


15. Куыдæй фервæзын кодта Сырдон Нарты?

(Уæйгуытыл хинæй рацыд æмæ сын кæрæдзийы ныццæгъдын кодта)


16. Цæмæн ныццагътой кæрæдзийы уæйгуытæ?

(Сырдоны ардыдæй фæбыцæу сты, куырды дзауматæй хистæр кæцы у, ууыл)


17. Нарт цæмæн бабастой Сырдоны бæласы цъупмæ?

(Мæстæй сæ мардта, раст бадын бæхтыл сæ бон кæй нал уыди, уый тыххæй)


18. Куыдæй фервæзти Сырдон бæласы цъуппæй?

(Фыййауы асайдта, бæласы цъуппæй Хуыцауы уынын, зæгъгæ, æмæ йæ йæхи бæсты бæласмæ бабаста)


19. Цæимæ æрбацыд Сырдон Нартмæ?

(Фыййауы фосимæ)


20. Нарт Сырдоны бæхæн цы бакодтой?

(йæ хæмхудтæ йын ныллыг кодой)


21. Нарт Сырдоны бæхы хæмхудтæ куы ныллыг кодтой, уæд сын уый та фыдæнæн цы бакодта?

(Сæ бæхты къæдзилтæ сын ралыг кодта)

22. Нарт цавæр хæдзар сарæзтой?

(Иумæйаг æмбырддон хæдзар)


23. Цавæр фаутæ æрхаста Сырдон Нарты иумæйаг æмбырддон хæдзармæ?

(астæуæй дзы рæхыс нæй, сылгоймаг дзы нæй)


24. Цавæр хæзнайы кой кæныУырызмæг: «Кæд нын уый хуызæн хæзна дæ цæст уарзы, уæд не ‘гасæн – æфсымæр иумæйагæй, нæ хæдзæрттæм дын фæндаг уæд æфсымæрау»?

(дыууадæстæнон фæндыр)


25. «Уыцы цад Сырдон нæ зоны, ууылты йæ арвитæм,æмæ кæд фесæфид». Цавæр цады кой кодтой Нарт?

(æнæбын цад тар хъæды астæу)


26. Куыд фервæзтис Сырдон, æнæбын цады куы ныххаудта, уæд?

(Былгæрон бæласы уидæгтыл фæхæст æмæ амæлттæй раирвæзтис цадæй)


27. Нарты аххосæй Сырдон æнæбын цады куы ныххауд, уæд сæ йæ маст куыдæй райста?

(Асайдта сæ, цады цур сындзыджын къохы диссаджы сырдтæ кæй фæдта. Нарт æд бæхтæ райсомæй сындзджын къохæй сæ туг калгæ рацыдысты)


28. Сырдон Нарты фæдыл хæтæны куы ацыдис, уæд тар хъæды цы (кæй) федта?

(æрдузы æртæ уæйыджы кæрæдзийы куыд надтой)


29. «Уæ, байрйат, къобортæ! Цы кæнут, кæрæдзийы цæуыл нæмут? Хыл кæнын хорз нæу, фæлæ худинаг у!» Кæмæ дзырдта Сырдон?

(Уæйгуытæм)


30. Цавæр дзауматыл хыл кодтой уæйгуытæ?

(Æрчъиаг, фынг, бæндæн)


31. Цавæр алæмæты миниуæг уыд æрчъиагмæ?

(Куы йыл сбадай, уæд дæ кæдæм фæнда, уырдæм дæ бахæццæ кæндзæн)


32. Цавæр алæмæты миниуæг уыд, Сырдон уæйгуытæй цы фынг расайдта, уымæн?

(Нымæтын ехсæй йæ куы ‘рцæвай, уæд хæрд æмæ нозтæй айдзаг вæййы)


33. Цавæр алæмæты миниуæг уыд, Сырдон уæйгуытæй цы бæндæн радавта, уымæн?

(Æнæхъæн хор-хос дзы куы сбæттай, уæддæр уæз нæ кæндзысты)


34. Куыдæй бафтыдысты Сырдоны къухы алæмæты æрчъиаг, фынг æмæ бæндæн?

(Сæ фæтты фæстæ куы атахтысты, уæд Сырдон æрчъиагыл абадти, фынг æмæ бæндæн йæ къухмæ райста æмæ йæ уæлхæдзар фестад)


Амонæг.

Ныр та нæ хъазтæн хатдзæгтæ скæнæм, сбæлвырд кæнæм бынæттæ.





Получите в подарок сайт учителя

Предмет: Прочее

Категория: Мероприятия

Целевая аудитория: 9 класс.
Урок соответствует ФГОС

Скачать
Брейн-ринг "Нартские сказания. Сырдон"

Автор: Битарова Светлана Шамильевна

Дата: 26.01.2020

Номер свидетельства: 537391


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства