kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Иу ?ц?г х?лар д?р к?м?н н?й,уым?н й? цард ницы у»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантæ:

  1. Мивдисæгæй рацыд æрмæг ныффидар кæнын.
  2. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.
  3. Ахуыр кæнын савæллæтты æмбалæн аргъ кæнын, нымайын æй, тыхст сахат йæ фарсмæ æрбалæууыныл.

  Урочы фæлгонц: интерактивон фæйнæг, дидактикон æрмæг,презентации.

Эпигрæф:

«Дунейы хæлардзинадæй хуыздæр æмæ æхсызгондæр ницы   ис     :     цардæй хæлардзинад аппар,уæд уый уаид дуне хуры рухсæй фæцух кæнынау»

Цицерон

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Иу ?ц?г х?лар д?р к?м?н н?й,уым?н й? цард ницы у»»

Ирон ёвзаджы урок

7-ём кълас

Урочы темё: «Иу ёцёг хёлар дёр кёмён нёй,уымён йё цард ницы у»

Грамматикон темё: Мивдисёг (рацыд ёрмёг ныффидар кёнын)

Урочы нысантё:

  1. Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.

  2. Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.

  3. Ахуыр кёнын савёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.


Урочы фёлгонц: интерактивон фёйнёг, дидактикон ёрмёг,презентации.

Эпигрёф:

«Дунейы хёлардзинадёй хуыздёр ёмё ёхсызгондёр ницы ис : цардёй хёлардзинад аппар,уёд уый уаид дуне хуры рухсёй фёцух кёнынау»

Цицерон

Урочы цыд:

  1. Бацёттёгёнён рёстёг.

  2. Рацыд ёрмёг зёрдыл ёрлёууын кёнын.

-Скъоладзаутё, цёмёй абоны урочы цавёр ныхасы хай фёлхат кёндзыстём, уый базонём, уый тыххёй дзуапп раттём уыци-уыцийён.


Архайд ёмё ми ёвдисын

У мёнён мё хёс,

Номдартём мёхи фёисын,

Дён сын алкёд коммёгёс.

- Цавёр ныхасы хайыл дзурдзыстём нё урочы?

- Раст . Нё зёрдыл ёрлёууын кёндзыстём сёрмагонд ныхасы хай – мивдисёг.

- Лёмбынёг ёркёсём нё урочы эпигрёфмё ёмё зёгъём, кёй кой кёндзыстём ацы урочы?

-Раст .Ацы урочы йё райдайёнёй йё кёронмё дзурдзыстём нё хёлёртты тыххёй.Фёнды мё базонын, ис уын хёлёрттё ёви нё, куыд цёрут сёмё, уё кёрёдзийён куыд аргъ кёнут… Ёппёт уыдон мё къухы куыдёй хъуамё бафтой?


( Дзуапп:Нё хёслёвёрдтё иууылдёр баст уыдзысты хёлардзинады темёимё)

- Раст. Зёгъём –ма уёдё, нё абоны урочы тёмё куыд ис схонён? Цавёр нысантё ёвёрём нё разёй?

( сывёллёттё дзурынц сё хъуыдытё)

-Раст. Хёдзармё уын лёвёрд уыд сфёлхат кёнын мивдисёгёй рацыд ёрмёг, алы скъоладзауён дёр сё зонындзинёдтём гёсгё лёвёрд уыд къухмёдётгё ёрмёгимё куыст. ( Сывёллёттё цалдёрёй дёттынц дзуёппытё).

- Интерактивон фёйнёгыл фыст сты фёрстытё рацыд ёрмёгёй. Уё хорзёхёй, бацархайём раттын раст дзуёппытё.

1. Цы хонём мивдисёг?

2. Йё арёзтмё гёсгё мивдисёг вёййы…

3. Цал хуызы ис мивдисёгён?

4. Куыд ивы мивдисёг?

5. Цал здёхёны ис мивдисёгён?

6. Цавёр къордтыл дих кёнынц мивдисджытё?

2.Текстимё куыст.

Лёвёрд цёуынц дыууё тексты.

- Скъоладзаутё, ёртёккё уын бакёсдзынён дыууё тёксты, сымах лёмбынёг байхъусут. Каст куы фёуон, уёд уём ратдзынён цалдёр фарсты.

1-аг текст

Арс, бирёгъ ёмё рувас лымёнтё скодтой ёмё бадзырдтой: ардыгёй фёстёмё цыдёриддёр ссарём, уый иумё куыд хёрём, афтё. Иубон хъазы мард ссардтой ёмё загътой:

- Цёй не’ ртёйы фаг нёу ёмё йё нё иу бахёрёд.

- Хорз,-сразы сты се’ ппёт дёр,- ёмё йё чи хъуамё бахёра?

-Гуырдёй хистёр чи уа, уый йё бахёрёд.

- Ёмё нё хистёр чи у?

Уёд бирёгъ загъта:

- Хуыцау сырдты Фёлвёрайы ёвджид куы бакодта,ёз уёд райгуырдтён.

Уыцы ныхасмё рувас кёуын байдыдта.

- Цы кодтай, цы дыл ёрбамбёлд?- фёрсынц ёй йе’ мбёлттё.

- Раст уыцы рёстёджы мёх хистёр зёрдиаг ёрбамарди, ёмё мё зёрдё суынгёг.

- Уёдё кёд знон райгуырдтён , -загъта арс,- уёддёр ёй ёз хёрын, ёмё лёг чи у, уый ёрбацёуёд,- ёмё хъазы мард смарзта.

- Ёрхъуыды кёнём сёргонд ацы текстён.

- Куыд уём фёкаст, се’хсён ёцёг хёлардзинад уыдис?

-Цёмён уём афтё фёкаст?

- Цавёр ёмбисонд кёнё ёлвёст хъуыды ёрлёууыд уё зёрдыл текст бакёсгёйё

( Ёвзёр ёмбал у аууоны хуызён: хурбон дзы нё алидздзынё, асёст бон та йё аргё не скёндзынё. …)

- Байхъусут иннё текстмё.

Иу рёстёджы скифты иу хай цёугёдон Доны фёйнёфарс ёрбынат кодтой. Уёд ёнёнхъёлёджы галиуварсы цёрджытём ныббырста ныхгёнёг.Ныббырст уыд ёнёнхъёлёджы ёмё иутё мард фесты, иннётё уацары бахаудысты, чи та Доны иннё фарсмё лидзёг фёци.

Уацайрёгтимё уыд Амизок дёр. Цыппар боны йеддёмё нёма цыд,Дандамидимё сё тугёй ард куы бахордтой,кёрёдзийё ёрдхёрдтё куы загътой, уёдёй.Амизочы куы фёцёйластой, уёд йё тыхсты ёххуысмё сидт йе’ рдхорд Дандамидмё. Уый йё ном айхъусгёйё, базыдта Амизочы хъёлёс ёмё атындзыдта йе рдхордён истёмёй баххуыс кёнынмё. Доны фаллаг фарсмё баленк кодта. Уым ёй фыдгёнджытё ёрцахстой. Сё балхонмё йё куы бакодтой, уёд дзы куырдта йе’ рдхорд Амизочы уацарёй суёгъд кёнын.Цы ратдзынё йё сёрмё, уый бёрц егъау хъёздыгдзинад дём цы ис, зёгъгё, йё куы бафарста, уёд ын дзуапп ратта: « Цыдёриддёр мём хъёздыгдзинад уыд,уыдон сымах байстат.Кёд дё фёнды, уёд мён йё бёсты бауром ёмё дё цы фёнды,уый мын кён» Уёд ын уый афтё: «Мё бон дёу бауромын нёу, тыхгёнёг нё дё, курынмё ёрбацыдтё. Цы дём ис, уыдонёй исты ныууадз ёмё де рдхорды акён»

Дандамид ёй бафарста, цы дзы куры, уымёй. Уый дзы ёркуырдта йё цёстытё.

Дандамид дызёрдыгдёр нё акодта, разыйы дзуапп радта. Йё цёстытё йын куы скъахтой, уёд ын радтой йе’ рдхорд Амизочы. Дандамид Амизокыл ёнцой кёнгёйё, иумё бацыдысты Доны былмё, стёй кёрёдзийы фёдыл- разёй Амизок, афтёмёй фаллаг фарсмё баленк кодтой.


- Ацы текстён дёр ёрхъуыды кёнём сёргонд.

-Текст уё зёрдёмё фёцыд? Цёмёй?

-Цёуыл нё ахуыр кёны? Ёцёг ёрдхёрдтё сты ёви нё?

- Тынгдёр кёцы текст фёцыд уё зёрдёмё , уый бындурыл саразём нё куыст.

- Цавёр ёмбисёндтё ёрлёууыд уё зёрдыл текст бакёсгёйё.

- Рафыссын вазыгджын мивдисджытё.

- Бёрёггонд дзырдтё баивут синонимтёй.

- Хицён къордтёй рафыссут ёргомон , бёллиццаг, бадзырдон ёмё фёдзёхстон здёхёны мивдисджытё . Сё иу аифтындзёг кёнут.

- Дыууё къордёй рафыссут цёугё ёмё ёдзёугё мивдисджытё.Фёхицён кёнут сё бындуртё.

- Фыццаг хъуыдыйадён синтаксисон ёвзёрст скёнут .

Аулёфт.

Хёс.( интерактивон фёйнёг)Ёмбисёндтён сё хёйттё баиу кён.

(Конспекты сё фыссын раст ).


Адёмы хёлардзинад зынаргъ кёмён у, уый знаджы цёвы.

Ёртхорд ёмбёлттё ёфсад сты.

Адёмты хёлардзинад- адёмы хъёздыгдзинад у.

Уарзт ёмё хёлардзинад амонд хёссынц

Хёзнатё ёмбырд кёнынёй хёлардзинад хъахъхъёнын хуыздёр у.

- Лёвёрд ёмбисёндтёй рафыссут мивдисджытё.

- Мивдисджытё цёвы, хёссы,ёмбырд кёнын сёвёрут 1-аг ц. с. аф, б. н.

Къордты куыст. Цы тексты бындурыл куыстам ацы урочы, уымён ма ёндёр кёрон ёрхъуыды кёнём ,лёвёрд дзырдтёй пайда кёнгёйё.( Алы къорд дёр кёсы йё хъуыдыйёдтё).

1 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: ёмбал, сфёнд кодта, знон, ёвиппайды, зёрдё ёхсайы.

2 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: арёхсы, хъуыды кодта, знёгтё, ёнёнхъёлёджы, цирхъ.

3 къорды ёнцойгёнён дзырдтё: Ахъуыды кодта, хёдзармё, дыууё, хидвёллойё, ёрдхорд.

- Нæ урочы эпигрæф – ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.(æрдзурын ыл)


3. Рефлекси:

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

-Сæххæст æй кодтам?

- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы ?

Урочы кæрон сывæллæттæ сæхицæн æвæрынц бæрæггæнæнтæ.

4.Хёдзармё куыст

1.Рацыд ёрмёг зёрдыл ёрлёууын кёнын

2. Сочинени- миниатюрё «Мё хуыздёр хёлар»








Получите в подарок сайт учителя

Предмет: ОРК

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 7 класс

Скачать
«Иу ?ц?г х?лар д?р к?м?н н?й,уым?н й? цард ницы у»

Автор: Чельдиева Мадина Коммунаровна

Дата: 09.05.2016

Номер свидетельства: 324945


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства