kopilkaurokov.ru - сайт для учителей

Создайте Ваш сайт учителя Курсы ПК и ППК Видеоуроки Олимпиады Вебинары для учителей

«Балц Ирыстоны з?ххыл». Грамматикон тем?: Номдар (Урок – викторин?)

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысантæ:

1.Ахуырдзаутæ номдарæй цы базыдтой, уый ныффидар кæнын

2.Ныхасы рæзтыл бакусын

3.Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад Ирыстоны алæмæт æрдзмæ.

Цæстуынгæ æрмæг: интерактивон фæйнæг, презентаци, Ирыстоны картæ, ахуыргæнæн  чингуытæ, хъæлдзæг музыкæ.

Урочы эпигрæф:

                                                  Фыдыбæстæ, нæ удлæууæн бынат дæ,

                                                        Ам сулæфæм фыццаг уæлдæфы цъыртт…

                                                  Фыдыбæстæ, нæ фыд æмæ нæ мад дæ,

                                                 Дæуæй зонæм ныййарæджы рæвдыд.

Икъаты Владимир

Вы уже знаете о суперспособностях современного учителя?
Тратить минимум сил на подготовку и проведение уроков.
Быстро и объективно проверять знания учащихся.
Сделать изучение нового материала максимально понятным.
Избавить себя от подбора заданий и их проверки после уроков.
Наладить дисциплину на своих уроках.
Получить возможность работать творчески.

Просмотр содержимого документа
««Балц Ирыстоны з?ххыл». Грамматикон тем?: Номдар (Урок – викторин?)»

Ирон ёвзаджы урок 6-ём къласы

Темё: «Балц Ирыстоны зёххыл».

Грамматикон темё: Номдар

(Урок – викторинё)

Урочы нысантё:

1.Ахуырдзаутё номдарёй цы базыдтой, уый ныффидар кёнын

2.Ныхасы рёзтыл бакусын

3.Скъоладзауты зёрдёты гуырын кёнын уарзондзинад Ирыстоны алёмёт ёрдзмё.


Цёстуынгё ёрмёг: интерактивон фёйнёг, презентаци, Ирыстоны картё, ахуыргёнён чингуытё, хъёлдзёг музыкё.

Урочы эпигрёф:

Фыдыбёстё, нё удлёууён бынат дё,

Ам сулёфём фыццаг уёлдёфы цъыртт…

Фыдыбёстё, нё фыд ёмё нё мад дё,

Дёуёй зонём ныййарёджы рёвдыд.

Икъаты Владимир


Урочы цыд:

I.Бацёттёгёнён рёстёг:

1.Ахуыргёнёджы разныхас

Скъоладзаутё, абоны урочы ёрдзурын нё гыццыл Ирыстоны ёрдзы тыххёй. Фёнды мё базонын куыд зонут Ирыстоны хёхтё, дёттё, суартё…

Уалдзёг ёрцыд ёмё йемё райхъал дуне : бёлёстё, кёрдёг, дидинджытё , афтёмёй нё райгуырён бёстё у ноджы рёсугъддёр ёмё адджындёр. Уымё гёсгё абоны урок хуымётёг нёу, мах ёй сараздзыстём викторинёйы хуызы. Хъазты хуызы ёз сбёрёг кёндзынён уё зонындзинёдтё рацыд ёрмёгёй. Мён уырны, иттёг хорз дзуёппытё кёй ратдзыстут, уый. Цавёр ныхасы хайы кой кёндзыстём, уый мын зёгъдзыстут уёхёдёг мё фарстён дзуапп куы раттат , уёд.

- Ныхасы хёйттён сё сёйрагдёр , сё паддзах, сё раздзог ? (Номдар)

- Раст. Уёдё ацы урочы мах нё зёрдыл ёрлёууын кёндзыстём, номдарёй цы базыдтам, уый ( Скъоладзаутё дыууё къордыл адих сты, равзёрстой раздзогтё).

- Нё викторинё конд у цёлхдуртёй. Хъуамё цёлхдурты сёрты ахизат уё зонындзинёдтё ёвдисгёйё.

II.Рацыд ёрмёг зёрдыл ёрлёууын кёнын.

Викторинё

I-аг цёлхдур- фёрстытён дзуапп раттын.

1-аг къорд

  1. Ранымайын сёрмагонд ныхасы хёйттё.

  2. Цы хонём номдар?

  3. Цавёр дыууё къордыл дих кёнынц номдартё?

  4. Цал хауёны ис номдарён?

2-аг къорд

1)Хъуыдыйады уёнгтём гёсгё номдар вёййы…

2)Цал нымёцы ис номдарён?

3)Цёй фёрцы ёрцёуынц арёзт ног номдартё?

4)Хъуыды кёронмё ахёццё кёнут.

Вазыгджын номдартё арёхдёр арёзт цёуынц …

II-аг цёлхдур. Лёвёрд дзырдты къордтёй хъуыдыйёдтё сараз. Хицёнёй рафыссын номдартё.

А) Хёхтё,бёрзонд,фидыц,ёрдз,нё, сты.

Ё) Уёлдёфёй, сыгъдёг,лёппу,донёй, цъитийы,тад,нуёзта, хёххон,улёфыд.( Лёппу улёфыд сыгъдёг хёххон уёлдёфёй, нуёзта тад цъитийы донёй)

Б)Фёзуат,Ирыстон,дих,у,конд,район,административон,аст.

В)Хурёй,нё ,Зёхх,ранымайгёйё,гуыр (тело),ёртыккаг,у,космосон.

Г)Уёвгёйё,цёст,адёймаджы,суартыл,диссаджы,нё,Ирыстоны,хёхбёсты,Цёгат,ёрхёцы. ( Цёгат Ирыстоны хёхбёсты уёвгёйё, адёймаджы цёст ёрхёцы нё диссаджы суартыл)

III-аг цёлхдур.Лёвёрд хъуыдыйады сёвёрын хъёугё ёрхёцён нысёнттё

1-аг къорд .Ирыстоны суартё сты Зёрёмёг Тиб 1 Тиб 2 Бёгъиатё Заманхъул Урсдон Бухар- дон Хилак Хъёрмёдон ёмё бирё ёндёр суартё. ( Ирыстоны суартё сты: «Зёрёмёг», «Тиб-1» , «Тиб-2» , «Бёгъиатё», «Заманхъул», «Урсдон» , «Бухар-дон» , «Хилак» , «Хъёрмёдон» ёмё бирё ёндёр суартё.)

2-аг къорд. Тиб хорз у уыргтён Къора йы дон ахсёнён Хилак ы дон хорз у ахсёнён тъёнгты ёмё игёры низтён. ( «Тиб» хорз у уыргтён, «Къора»-йы дон – ахсёнён, «Хилак»- ы дон хорз у ахсёнён, тъёнгты ёмё игёры низтён)

IV- ём цёлхдур Базон уыци-уыци. Цавёр ныхасы хаймё хауы йё дзуапп?

1-аг къорд.

Нёй йын къухтё, нёй йын сёр,

Афтёмёй ныммёрзы кёрт,

Русён дёр ныккёны дзёхст.

Иу уысм ёй нё ахсы цёст,

Бирёгъау нынниуы комы,

Ахсын иуён дёр нё комы. (дымгё)

Комыдзаг улёфы зёхх,

Быдыр гёзёмё фёцъёх.

Мит ма цёгат фёхстыл баззад,

Зымёгсур басгуыхт ахъаззаг!

(Уалдзёг)


2-аг къорд

Ферттывта! Кёны гуыр-гуыр,

Сёх-сёх фемёхсдзёни ныр!

(Ёрвёрттывд,ёрвнёрд ёмё уарын)

Ёрвнёрды хыл-гыбар-гыбур,

Сыфтёрты зард- сыбар-сыбур,

Ысси та кёрт цъыбар-цъыбур,

Ёнтёф хурбон- тыбар-тыбур.

(Сёрд)


V-ём цёлхдур.Интерактивон фёйнёгыл куыст.

Лёвёрд дзырдтё адих кёнын дыууё къордыл: сёрмагонд ёмё иумёйаг.

1-аг къорд. Кёрдёг, хох, Арсен, Алагир, уёрдон, цъити , хъёу,номдар, цёгатаг, Нузал.

2-аг къорд. Елхот,Зынцъар , чиныг, къёдзёх, Гёмёт,ёрдз, Терк, Хестантё, Црау, хистёртё.


Аулёфт.Ёз уын дзурдзынён сёрмагонд кёнё иумёйаг номдартё. Кёд цы дзырд загътон, уый уём кёсы сёрмагонд номдар, уёд сгёпп кёнут, кёд иумёйаг, уёд ёрбадут.(Хъуысы хъёлдзёг музыкё)

VI-ём цёлхдур Лёвёрд номдартё сёвёрын бирёон нымёцы.

1-аг къорд. Ёмгар, кард, ёхсаргард, къай, ком, хох, чызг,ахуыргёнёг, зёрватыкк, куыст.

2-аг къорд. Ёмбисонд, хёдон, дзуар, дзырдбыд, къай, хёринаг, дон, аргъау, дидинёг, тёрхъус.

VII-ём цёлхдур. Баххёст кёнын ёмбисёндтё. Бахахх кёнын номдартё. Хицёнёй рафыссут антонимтё.

1-аг къорд.

1) Уазёг –цёттё…( фысым- ёдзёттё).

2) Гала мёла-фыд …(уёрдон асётта-суг)

3) Дзурын зонын кад у …(ёгёр дзурын ёгад у)

4)Хорз ёмбалён…(аргъ нёй)

5) Бёлас куы акёлы, уёд…(йё сыхагыл банцайы)

2-аг къорд

  1. Куыстён йё сёр- сындз…(йё бын-сой)

  2. Ёнё фыдёбонёй…(ницы ис).

  3. Чи цас федта…(уыйбёрц зоны)

  4. Ёдыды хъёдмё …(дыууё цыды кёны)


VIII-ём цёлхдур.Сраст кён рёдыдтытё, кёд дзы ис, уёд.( Дзырдты

иу хай раст фыст сты,иннётё рёдыдтытимё) Бамбарын кёнын сё растфыссынад.(орфограммётё зёрдыл ёрлёууын кёнын)

1-аг къорд

Ымбырд, ёфсургъ, хёхон,Хётёлдон, лёг дзинад, ёвёцёгён, саусауид, хъуыдыйёттё, хъёууон, уёздандзинад.

2-аг къорд

Зёхытё,фёсивёд,нёлгоймёктё,Урсдон, суадаг, ёмдзёвгё «Мёгуыры зарёг, хёдзёрттё, кёмдтё, ёвипайды.

IX-ём цёлхдур. Лёвёрд номдартё сёвёрут бирёон нымёцы.Ссарын уёлдай дзырд.

1-аг къорд.

Фырт- , зёхх- , суар- , зды- , кёрдёг- ,ахуыргёнёг- , тетрад- ,ёгънёг- , хёрёфырт- , Ёхсар- .

2-аг къорд.

Хистёр- ,ёххуырст- , номдар- ,хай- ,байраг- ,Хъусой- ,къуту- ,мыггаг- ,рон- хъёд- .

X-ём хёслёвёрд. Лёвёрд хъуыдыйадён скёнын синтаксисон ёвзёрст.

1-аг къорд.

Фёмил вёййынц хёхтё,фёбур вёййы дон, ёртёхынц нём мёргътё,фётынг вёййы бон.

2-аг къорд.

Ирыстоны хёхты цъуппытё урс-урсид адардтой.

XI-ём хёслёвёрд . Хъазт «Дзырд басгарём». Дзырд «къахвёндаг»- ы ссарут ёмбёхст дзырдтё. (ёндах,къах,къёвда,ад,кад,аг,гёнах,авдён,къахвёд...)


III Урочы кёронбёттён.


Рефлексия

  1. Цавёр ныхасы хай ёрлёууын кодтам нё зёрдыл?

  2. Нё урок райдианёй- кёронмё баст уыди…

  3. Урок нё зёрдёмё фёцыд, уымён ёмё…



IX.Хёдзармё куыст.

1.Ныффыссын сочинени- миниатюрё «Ёрдз ёмё адёймаг»

2.Райгуырён бёстёйы темёйыл иллюстрацитё скёнын.


Получите в подарок сайт учителя

Предмет: ОРК

Категория: Уроки

Целевая аудитория: 6 класс

Скачать
«Балц Ирыстоны з?ххыл». Грамматикон тем?: Номдар (Урок – викторин?)

Автор: Чельдиева Мадина Коммунаровна

Дата: 09.05.2016

Номер свидетельства: 324947


Получите в подарок сайт учителя

Видеоуроки для учителей

Курсы для учителей

ПОЛУЧИТЕ СВИДЕТЕЛЬСТВО МГНОВЕННО

Добавить свою работу

* Свидетельство о публикации выдается БЕСПЛАТНО, СРАЗУ же после добавления Вами Вашей работы на сайт

Удобный поиск материалов для учителей

Ваш личный кабинет
Проверка свидетельства